Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

37 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Дӕ къохтӕн уолӕфт ма дӕттӕ»

«Дӕ къохтӕн уолӕфт ма дӕттӕ»

«Сӕумӕй байтауӕ дӕ хумӕ ӕма изӕрмӕ дӕр дӕ къохтӕн уолӕфт ма дӕттӕ» (ЕККЛ. 11:6).

68 ЗАР Итауӕн Паддзахади муггаг

РАЗДЗУРД *

1, 2. Екклесиасти 11:6 финст дзурдтӕ игъосун кӕнуни гъуддагмӕ куд хаунцӕ?

КӔЦИДӔР бӕстити адӕн хуарз хабар ку фегъосунцӕ, уӕд сӕ фӕффӕндуй фулдӕр базонун. Иннӕ бӕстити ба Хуцау ӕма Библий туххӕй базонун ке фӕндадтайдӕ, уӕхӕн адӕн берӕ нӕййес. Ду кӕми цӕрис, уоми ба уавӕр куд ӕй? Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр Йегови фӕндуй, цӕмӕй идарддӕр дӕр игъосун кӕнӕн, цалинмӕ ӕхуӕдӕг нӕ зӕгъа, фагӕ ’й, зӕгъгӕ, уӕдмӕ.

2 Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕнуни гъуддаг кӕд фӕууодзӕй, уой Йеговӕ рагацау исбӕрӕг кодта. Ӕма еци гъуддаг ку фӕууа, «уӕд ӕрцӕудзӕй кӕрон» (Матф. 24:14, 36). Еци бонмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсгӕй ба нӕ бон куд ӕй аци унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун: «Дӕ къохтӕн уолӕфт ма дӕттӕ»? * (Бакӕсӕ Екклесиаст 11:6.)

3. Аци статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

3 Айразиккон статьяй радзурдтан, нӕ бон куд ӕй ӕнтӕстгун игъосунгӕнгутӕ исун, уобӕл (Матф. 4:19). Аци статьяй ба базондзиан ци нин банхус кӕндзӕй цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлгӕй дӕр нифсгунӕй игъосун кӕнун. Ӕркӕсдзиан ӕртӕ гъуддагемӕ: 1) царди ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой цӕмӕн гъӕуама ма иронх кӕнӕн, 2) фӕразон цӕмӕн гъӕуама уӕн ӕма 3) не ’ууӕндундзийнадӕ цӕмӕн гъӕуама федар кӕнӕн.

ЦАРДИ ӔХСИДЗГӔДӔР ЦИ ӔЙ, УОЙ МА ИРОНХ КӔНӔ

4. Йеговӕ нин ци гъуддаг баихӕс кодта, уомӕй ӕхсидзгӕдӕр ке неци ес, уой алкӕддӕр нӕ гъудий цӕмӕн гъӕуама дарӕн?

4 Киристе дзурдта, фӕстаг бӕнтти цӕхуӕн хабӕрттӕ цӕудзӕй, уой туххӕй. Е ӕй зудта, еци хабӕрттӕ ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн игъосун кӕнуни гъуддаги къулумпий хуасӕ ке уодзӕнцӕ, ӕма сӕ уомӕ гӕсгӕ бафӕдзахста: «Ма бафунӕй уотӕ» (Матф. 24:42). Ной ци хабар игъосун кодта, уомӕ байгъосунмӕ адӕни берӕ цидӕртӕ хъор кодта. Ӕма еци цидӕртӕ, гӕнӕн ес, ӕма махӕн дӕр къулумпий хуасӕ исуонцӕ (Матф. 24:37–39; 2 Пет. 2:5). Уомӕ гӕсгӕ гъӕуама алкӕддӕр нӕ гъудий дарӕн, Йеговӕ нин ци гъуддаг баихӕс кодта, уомӕй ӕхсидзгӕдӕр ке неци ес, уой.

5. Гъуддӕгти 1:6–8 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Паддзахади туххӕй хуарз хабар куд рапарахат уодзӕй?

5 Абони нин уӕлдай ӕхсидзгӕдӕр ӕй Паддзахади хабар игъосун кӕнун. Киристе загъта, ӕ мӕлӕти фӕсте ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ еци хабар идард рауӕнти дӕр ке игъосун кӕндзӕнцӕ (Иоан. 14:12). Фал Йесо ку рамардӕй, уӕд ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕй беретӕ сӕ кӕсалгӕ ахӕссуни кустмӕ раздахтӕнцӕ. Ӕма ку райгас ӕй, уӕд син дессаги хузи берӕ кӕсалгӕ ниййахӕссунмӕ банхус кодта. Уӕд син балӕдӕрун кодта, «уодӕгас адӕймӕгти ахӕссунӕй» ӕхсидзгӕдӕр куст ке нӕййес (Иоан. 21:15–17). Уӕлӕрвтӕмӕ иссӕуни размӕ ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта, ӕхуӕдӕг ке райдӕдта, еци игъосун кӕнуни гъуддаг, айдагъ Израили нӕ, фал зӕнхи кӕрӕнттӕмӕ дӕр ке бахъӕртдзӕй. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 1:6–8.) Ӕнзтӕ фӕстӕдӕр Йесо апостол Иоаннӕн цӕстӕбӕлуайӕни фӕууинун кодта, «Хецау Йесой бон» ци хабӕрттӕ цӕудзӕй, уони *. Иоанн ци фӕууидта, е ӕй устур деси бафтудта: изӕд «ӕносон хуарз хабар» игъосун кодта «алли адӕнӕн, алли муггагӕн, алли ӕвзагӕн ӕма алли адӕнихаттӕн» (Рарг. 1:10; 14:6). Мадта бӕрӕг ӕй, абони Йегови фӕндон уой медӕг ке ӕй, цӕмӕй хуарз хабар ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр игъустгонд цӕуа, цалинмӕ еци гъуддаг кӕронмӕ нӕ фӕууа, уӕдмӕ.

6. Игъосун кӕнуни гъуддаг куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой цӕмӕй ма иронх кӕнӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй?

6 Игъосун кӕнуни гъуддаг куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой цӕмӕй ма иронх кӕнӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй? Гъӕуама сагъӕс кӕнӕн, Йеговӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, уобӕл. Зӕгъӕн, не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ нин алцидӕр дӕттуй: ӕнӕуой ӕма электронон публикацитӕ, аудио ӕма видеоӕрмӕг, удта интернет-телеуинунадӕ. Расагъӕс кӕнӕ, нӕ сайти ӕрмӕг иссерӕн ес еу 1 000 ӕвзагемӕй фулдӕрбӕл (Матф. 24:45–47). Аци дуйне политикӕ, динтӕ ӕма экономикӕ ниддехтӕ кодта. Фал Хуцауӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, еци адӕн ба ӕнцӕ 8 милиуанемӕй фулдӕр, ӕма кӕд зӕнхӕбӕл алли рауӕнти цӕрунцӕ, уӕддӕр сӕ астӕу ес еудзийнадӕ. 2019 анзи 19 апрели Йегови Ӕвдесӕнтӕ бакастӕнцӕ, еци бони стих ӕвзурст кӕми цудӕй, уӕхӕн программӕмӕ. Изӕрӕй ба Киристей мӕлӕт имисӕн изӕрмӕ ӕрбацудӕй 20 919 041 адӕймаги. Уӕхӕн дессаги хабӕрттӕ ке уинӕн, уомӕ гӕсгӕ нӕ фӕндуй, Паддзахади гъуддаги идарддӕр дӕр зингзӕрдӕй архайун, ӕма уой нӕхецӕн устур кадӕбӕл нимайӕн.

Йесо ӕхе еуварс дардта, игъосун кӕнуни гъуддаги ӕй ци бакъулумпи кодтайдӕ, уӕхӕн цӕмӕйдӕрти (кӕсӕ 7 абзац)

7. Цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаг куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой ма иронх кӕнӕн, уой туххӕй нин Йесой цӕветтон куд ӕнхус кӕнуй?

7 Цӕмӕй, игъосун кӕнуни гъуддаг куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой ма иронх кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуй Йесой фӕнзун. Йесо ӕхе еуварс дардта, еци гъуддаги ӕй цидӕриддӕр бахъор кодтайдӕ, уомӕй (Иоан. 18:37). Сайтан ин «дуйней ӕгас паддзахӕдтӕ» ку лӕвардта, уӕд не ’сарази ӕй. Адӕн ӕй паддзахӕй исӕвӕрунмӕ ку гъавтонцӕ, уӕддӕр си ӕхе райеуварс кодта (Матф. 4:8, 9; Иоан. 6:15). Йесо ӕхецӕн гъӕздуг цард нӕ агурдта, удта адӕн ӕ нихмӕ карзӕй ке цудӕнцӕ, уомӕй дӕр нӕ тарстӕй (Лук. 9:58; Иоан. 8:59). Фӕлварӕни ку бахауӕн, уӕд нин апостол Павели унаффӕ банхус кӕндзӕй, цӕмӕй царди сӕйраг ци ӕй, уой ма иронх кӕнӕн. Е киристӕнтти разӕнгард кодта Йесой фӕнзунмӕ, цӕмӕй, дан, «ма бафӕллайайтӕ ӕма уӕ нифс ма басӕтта» (Дзиуит. 12:3).

ФӔРАЗОН УОТӔ

8. Фӕразон адӕймаг цӕхуӕн фӕууй ӕма нӕ еци менеуӕг нур уӕлдай хъӕбӕрдӕр цӕмӕн гъӕуй?

8 Фӕразон адӕймаги бон ӕй сабурӕй бангъӕлмӕ кӕсун, уавӕр кӕд раййевдзӕй, уомӕ. Еци менеуӕг фӕгъгъӕуй, зӕгъӕн, цӕхуӕндӕр гъуддаг кӕд ниллух уодзӕй кенӕ ба хъӕбӕр цӕмӕ бӕллӕн, е кӕд исӕнхӕст уодзӕй, уомӕ ку фенгъӕлмӕ кӕсӕн, уӕд. Пахампар Аввакум ӕнгъӕлмӕ кастӕй, Иуди фуддзийнадӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕй, еци рӕстӕгмӕ (Ав. 1:2). Йесой ахуркӕнуйнӕгтӕ дӕр ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, Хуцауи Паддзахадӕ сӕ Роми хецаудзийнадӕй кӕд исуӕгъдӕ кӕндзӕй (Лук. 19:11). Мах ба ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, Хуцауи Паддзахадӕ зӕнхӕбӕл ӕгас фуддзийнадӕн дӕр кӕрон кӕд искӕндзӕй ӕма нӕуӕг цард кӕд ралӕудзӕй, еци рӕстӕгмӕ (2 Пет. 3:13). Фал, Йеговӕ ци рӕстӕг иснисан кодта, уомӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсгӕй гъӕуама фӕразон уӕн. Ӕркӕсӕн, Йеговӕ нин еци гъуддаги ӕхуӕдӕг фӕнзуйнаг куд ӕй, уомӕ.

9. Йеговӕ фӕразон ке ӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

9 Йеговӕ фӕразондзийнадӕ ӕнхӕстӕй ӕвдесуй, ӕма нин уомӕй фӕнзуйнаг ӕй. Зӕгъӕн, Ноййӕн фагӕ рӕстӕг равардта, цӕмӕй науӕ дӕр исаразтайдӕ ӕма адӕнӕн дӕр фегъосун кодтайдӕ, ци сӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой (2 Пет. 2:5; 1 Пет. 3:20). Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕ Аврааммӕ дӕр фӕразонӕй байгъуста, Содом ӕма Гоморрӕн ци тӕрхон рахаста, уобӕл ӕй ку фарста, уӕд (Райд. 18:20–33). Мадта ӕнӕбастгӕ израилӕгтӕн дӕр ӕности дӕргъи бухстӕй, еу хаттӕй иннӕ хатмӕ ибӕл гадзирахаттӕй ку рацӕуиуонцӕ, уӕд (Неем. 9:30, 31). Абони дӕр Йегови фӕразондзийнадӕ уинӕн, ӕхемӕ ке ӕрбакӕнуй, еци адӕнӕн ӕрфӕсмон кӕнунмӕ рӕстӕг ке дӕттуй, уомӕй (2 Пет. 3:9; Иоан. 6:44; 1 Тим. 2:3, 4). Мах дӕр фӕндуй игъосун кӕнгӕй ӕма адӕни ахур кӕнгӕй Йегови хузӕн архайун. Йеговӕ ма нӕ фӕразондзийнадӕбӕл ахур кӕнуй, ӕ Дзурд Библий ке ниффинсун кодта, еу уӕхӕн цӕветтони фӕрци.

Зӕнхикустгӕнӕги хузӕн мах дӕр гъӕуй косун ӕма фӕразон ун, цӕмӕй нӕ хъиамӕт ци тиллӕг ӕрхӕсдзӕй, уой фӕууинӕн (кӕсӕ 10 ӕма 11 абзац)

10. Иакови 5:7, 8 финст ка ӕй, еци зӕнхикустгӕнӕги цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

10 Бакӕсӕ Иакови 5:7, 8. Мах дӕр гъӕуама зӕнхикустгӕнӕги хузӕн фӕразон уӕн. Еуӕй-еу зайӕгойтӕ тагъд ферӕзунцӕ. Фал тиллӕг ка дӕттуй, еци зайӕгойти ба арӕх фулдӕр рӕстӕг фӕгъгъӕуй. Зӕнхи куст кӕнуни афонӕ Израили еу ӕхсӕз мӕйи дӕргъи цӕуидӕ. Фӕззӕги рагуарунти фӕсте зӕнхикустгӕнӕг ӕ будуртӕ байтауидӕ, уалдзӕги ба фӕстаг уарунти фӕсте ӕ тиллӕг рамбурд кӕнидӕ (Мар. 4:28). Мах дӕр зӕнхикустгӕнӕги хузӕн гъӕуама фӕразон уӕн. Фал е аллихатт ӕнцон нӕ фӕууй.

11. Фӕразондзийнадӕ нин нӕ лӕггади куд ӕнхус кӕнуй?

11 Ӕнӕнхӕст адӕймаги алкӕддӕр уотӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй ӕ хъиамӕт тагъддӕр рабӕрӕг уа. Фал цӕмӕй зӕнхӕ тиллӕг ратта, уой туххӕй ӕй гъӕуй бахумӕ кӕнун, муггӕгтӕ си байтаун, дон сӕбӕл кӕнун ӕма сӕ ӕхсӕдун. Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг дӕр гъе уотӕ ’й. Цӕмӕй Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уонӕн банхус кӕнӕн сӕ зӕрдӕй хъамилти хузӕн ка ӕй, уӕхӕн менеугутӕ истонунмӕ, уой туххӕй нӕ, ӕвӕдзи, берӕ рӕстӕг багъӕудзӕй. Фӕразондзийнадӕ нӕмӕ ку уа, уӕд нӕ къохтӕ не ’руадздзиан, адӕн нӕмӕ ку нӕ игъосонцӕ, уӕд. Игъосгӕ нӕмӕ ку кӕнонцӕ, уӕддӕр нӕ еци менеуӕг багъӕудзӕй, уомӕн ӕма Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уой Йеговӕмӕ туххӕй не ’рбахӕстӕг кӕндзиан. Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ дӕр ӕй хатгай нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, цӕбӕл сӕ ахур кодта, уой (Иоан. 14:9). Мадта мах ӕрмӕстдӕр аразгӕ кӕнӕн, удта дон ӕвгӕнӕн, ирӕзун ба Хуцау кӕнуй (1 Кор. 3:6).

12. Хӕстӕгутӕн игъосун кӕнгӕй нӕ бон куд ӕй фӕразон ун?

12 Нӕ хӕстӕгутӕн игъосун кӕнгӕй уӕлдай зиндӕр фӕууй фӕразон ун. Уӕхӕн уавӕри нин банхус кӕндзӕй Екклесиасти 3:1, 7 финст уагӕвӕрд: «Ес рӕстӕг гъосӕй лӕуунмӕ ӕма рӕстӕг дзорунмӕ». Нӕхе раст ку дарӕн, уӕд сӕ, ка ’й зонуй, еу афони бафӕнддзӕй, ци дзорӕн, уомӕ байгъосун. Уомӕ гӕсгӕ ба алкӕддӕр гъӕуама цӕттӕ уӕн Йегови туххӕй радзорунмӕ (1 Пет. 3:1, 2). Игъосун кӕнуни гъуддаги нӕ зингзӕрдӕй фӕндуй архайун, фал ӕй гъӕуама ма иронх кӕнӕн алке хӕццӕ дӕр фӕразон ке гъӕуама уӕн, фӕнди нӕ хӕстӕгути хӕццӕ дзорӕн, фӕнди ӕндӕр еске хӕццӕ.

13, 14. Фӕразондзийнадӕбӕл нӕ ка ахур кӕнуй, уӕхӕн хабӕрттӕ радзорӕ.

13 Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгути хабӕрттӕй дӕр нӕ бон ӕй фӕразондзийнадӕбӕл ахур кӕнун. Зӕгъӕн, пахампар Аввакуми хъӕбӕр фӕндадтӕй, цӕмӕй фуддзийнадӕн тагъддӕр кӕрон ӕрцудайдӕ. Фал фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кастӕй ӕма загъта: «Ӕз лӕудзӕн мӕ гъӕуайгӕнӕн бунати... ислӕудзӕн ӕма лӕмбунӕг кӕсдзӕн» (Ав. 2:1). Павели дӕр хъӕбӕр фӕндадтӕй ӕ ихӕс кӕронмӕ исӕнхӕст кӕнун ӕма ӕ уӕларвон хуӕрзеуӕг тагъддӕр райсун. Фал фӕразон адтӕй ӕма «хуарз хабар адӕнӕн бӕстон игъосун кодта» (Гъуд. 20:24).

14 Ӕркӕсӕн, Галаади скъола ка фӕцӕй, еу уӕхӕн лӕг ӕма уоси хабармӕ. Ци бӕстӕмӕ сӕ иснисан кодтонцӕ, уоми Йегови Ӕвдесӕнтӕ берӕ н’ адтӕй, удта си фулдӕр адӕн киристон динбӕл хуӕст н’ адтӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ си Библи ахур кӕнунбӕл, зӕгъӕн ес, ӕма неке арази кодта. Галаади ке хӕццӕ ахур кодтонцӕ, ӕма ӕндӕр бӕститӕмӕ ке иснисан кодтонцӕ, етӕ ба Библи дуйне адӕни хӕццӕ ахур кодтонцӕ ӕма си сӕ фулдӕр донаргъуд райстонцӕ. Фал аци лӕг ӕма уосӕ идарддӕр дӕр фӕразонӕй игъосун кодтонцӕ, кӕд сӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма сӕ лӕггадӕй неци пайда ес, уӕддӕр. Фал аст анзей фӕсте сӕ хъиамӕттӕ рабӕрӕг ӕнцӕ – Библи ке хӕццӕ ахур кодтонцӕ, уонӕй еу силгоймаг донаргъуд райста. Пахампар Аввакум, апостол Павел ӕма аци лӕг ӕма уоси хабӕрттӕ ӕмхузӕн цӕмӕй ӕнцӕ? Цийфӕнди уавӕрти дӕр, сӕ ихӕс ци адтӕй, уой кодтонцӕ ӕма сӕ къохтӕн уолӕфт нӕ лӕвардтонцӕ. Ӕма син Йеговӕ райарфӕ кодта. Мадта мах дӕр гъӕуама фӕнзӕн, «Хуцау се ’ууӕндундзийнадӕ ӕма сӕ фӕразондзийнади туххӕй хуарздзийнӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн байвардта, уони» (Дзиуит. 6:10–12).

ДЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ФЕДАР КӔНӔ

15. Ӕууӕндундзийнадӕ хуарз хабар игъосун кӕнунмӕ куд разӕнгард кӕнуй?

15 Ци хабар игъосун кӕнӕн, уобӕл нӕхуӕдтӕ дӕр ӕууӕндӕн, ӕма нӕ уомӕ гӕсгӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕй никки фулдӕр адӕн фегъосонцӕ. Мах Хуцауи Дзурди зӕрдӕвӕрдтӕбӕл федарӕй ӕууӕндӕн (Пс. 119:42; Ис. 40:8). Абони ӕй нӕхе цӕститӕй уинӕн, Библий пахампарӕдтӕ куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, удта Библий фӕрци адӕнӕн сӕ цард хуӕздӕрӕрдӕмӕ куд раййевуй, уой дӕр. Бӕрӕг ӕй, Паддзахади хабар алкӕмӕндӕр фегъосун кӕнун ке гъӕуй.

16. Псаломи 46:1–3 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕбӕл ӕма Йесобӕл ке ӕууӕндӕн, е нӕ игъосун кӕнунмӕ куд разӕнгард кӕнуй?

16 Мах ӕууӕндӕн, Паддзахади хабар кӕмӕй цӕуй, еци Хуцау Йеговӕбӕл, удта еци Паддзахади сӕргъи ке исӕвардта, уобӕл – Йесо Киристебӕл (Иоан. 14:1). Нӕ алливарс цийфӕнди хабӕрттӕ ма цӕуа, уӕддӕр Йеговӕ уодзӕй «нӕ римӕхсӕн бунат ӕма нӕ хъаурӕ». (Бакӕсӕ Псалом 46:1–3.) Уомӕй уӕлдай ма ӕууӕндӕн, Киристе, Йеговӕ ин ци хъаурӕ ӕма бартӕ равардта, уони фӕрци уӕлӕрвтӕй игъосун кӕнуни гъуддагӕн разамунд ке дӕттуй (Матф. 28:18–20).

17. Идарддӕр дӕр нӕ игъосун кӕнун ке гъӕуй, е цӕхуӕн хабарӕй бӕрӕг ӕй?

17 Ӕууӕндундзийнадӕ нӕмӕ ку уа, уӕд нӕ гурусхӕ кӕндзиан, Йеговӕ нин нӕ хъиамӕттӕн ке райарфӕ кӕндзӕй, уобӕл. Хатгай ба нин райарфӕ кӕнуй, ӕнгъӕл дӕр ӕй куд нӕ фӕууӕн, уотӕ (Еккл. 11:6). Зӕгъӕн, алли бон дӕр нӕ стендти рӕзти рацӕуй мингай адӕн. Цума е хуарз мадзал ӕй игъосун кӕнунмӕ? Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес. 2014 анзи ноябри «Нӕ игъосун кӕнуни гъдуддаги» сифи финст адтӕй, Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй реферат ниффинсун ке фӕндадтӕй, еу уӕхӕн студент кизги туххӕй. Паддзахади зал иссерун ӕ бон н’ адтӕй, фал сӕ университетмӕ хӕстӕг рауидта стъол нӕ публикацити хӕццӕ, ӕма ин Йегови Ӕвдесӕнтӕ равардтонцӕ, реферат ниффинсунмӕ ’й ка гъудӕй, уӕхӕн публикацитӕ. Рӕстӕг рацудӕй ӕма еци кизгӕ Йегови Ӕвдесӕн иссӕй ӕма нур пионерӕй лӕггадӕ кӕнуй. Уӕхӕн хабӕрттӕ нӕ идарддӕр игъосун кӕнунмӕ разӕнгард кӕнунцӕ. Уонӕй бӕрӕг ӕй, Паддзахади хабар фегъосун кӕнун кӕмӕн гъӕуй, уӕхӕн адӕн ма ке ес.

ИДАРДДӔР ДӔР ДӔ КЪОХТӔН УОЛӔФТ МА ДӔТТӔ

18. Игъосун кӕнуни гъуддаг ӕ афони ке фӕууодзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндун нӕ бон цӕмӕн ӕй?

18 Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, игъосун кӕнуни гъуддаг ӕ афони ке фӕууодзӕй. Ӕргъуди кӕнӕн Ноййи рӕстӕгутӕ. Йеговӕ бавдиста, алцӕмӕндӕр ин ӕхе рӕстӕг ке ес. Дони хъиамӕтӕй еу 120 анзи раздӕр исбӕрӕг кодта, еци хабар кӕд райдайдзӕй, уой. Берӕ ӕнзтӕ фӕстӕдӕр ба Ноййӕн баихӕс кодта науӕ искӕнун. Цӕмӕй Ной еци науӕ искодтайдӕ, уой туххӕй ӕй гъудӕй еу 40–50 анзи хъиамӕт кӕнун. Кӕд имӕ адӕн нӕ игъустонцӕ, уӕддӕр син дзурдта ци сӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой, цалинмӕ Йеговӕ цӕрӕгойти науӕмӕ нӕ бакодта, уӕдмӕ. Уой фӕсте ба, ци бон иснисан кодта, еци бон сӕбӕл «дуар нихгӕдта» (Райд. 6:3; 7:1, 2, 16).

19. Нӕ къохтӕн уолӕфт ку нӕ дӕттӕн, уӕд нӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?

19 Тагъд рӕстӕги Йеговӕ фегъосун кӕндзӕй, игъосун кӕнуни гъуддаг ке фӕцӕй. Уой фӕсте ба Сайтани дуйне фесафдзӕй ӕма ралӕудзӕй, ӕгас адӕн дӕр Хуцаумӕ кӕми игъосдзӕнцӕ, уӕхӕн цард. Уӕдмӕти ба бал нӕ гъӕуй, Ной, Аввакум ӕма Хуцауи ӕндӕр еузӕрдон лӕггадгӕнгути хузӕн нӕ къохтӕн уолӕфт ма дӕттун. Мадта, нӕ царди ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой ма иронх кӕнӕн, фӕразон уӕн ӕма, Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уобӕл федарӕй ӕууӕндӕн.

75 ЗАР «Мӕнӕ ӕз! Мӕн рарветӕ!»

^ 5 абз. Айразиккон статья, Библи ка ахур кӕнуй ӕма ӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕ ка искодта, уони разӕнгард кодта хуарз хабар игъосун кӕнун райдайунмӕ. Аци статьяй ба ӕркӕсдзиан, нӕугутӕн дӕр ӕма фӕлтӕрдгунтӕн дӕр ци банхус кӕндзӕй Паддзахади хабар идарддӕр дӕр зингзӕрдӕй игъосун кӕнун, цалинмӕ Йеговӕ нӕ зӕгъа, фагӕ ’й, зӕгъгӕ, уӕдмӕ.

^ 2 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Аци статьяй дзурдтӕ «дӕ къохтӕн уолӕфт ма дӕттӕ» уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма гъӕуй идарддӕр дӕр игъосун кӕнун, цалинмӕ Йеговӕ нӕ зӕгъа, еци куст ке фӕцӕй.

^ 5 абз. «Хецау Йесой бон» райдӕдта 1914 анзи, Паддзах ку иссӕй, уӕд ӕма фӕууодзӕй ӕ Минанзон хецаудзийнади кӕрон.