БИОГРАФИ
Ӕз ахур кодтон хуарз цӕветтонтӕбӕл, ӕма мин Йеговӕ райарфӕ кодта
ӔРИГОНӔЙ мин зинтӕй уадӕй хуарз хабар игъосун кӕнун. Фӕстӕдӕр ба мин уӕхӕн гъуддӕгтӕ баихӕс кӕниуонцӕ, ӕма ми не ’руагӕс кодта, исӕнхӕст кӕнун сӕ мӕ бон ке уодзӕй, е. Фӕндуй мӕ радзорун, еузӕрдон киристӕнтти цӕветтонтӕ мин куд банхус кодтонцӕ, цӕмӕй тӕрсгӕ ма кодтайнӕ ӕма Йеговӕн ӕнхӕстрӕстӕг цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кодтайнӕ 58 анзей дӕргъи.
Ӕз райгурдтӕн Канади, горӕт Квебеки. Еци горӕт ци провинций ӕй, е дӕр хуннуй Квебек ӕма си фулдӕр адӕн французагау дзорунцӕ. Мӕ ниййергутӕ Луи ӕма Зелийӕ мӕ уарзгӕй гъомбӕл кодтонцӕ. Мӕ фидӕ ӕфсӕрмигӕнагӕ лӕг адтӕй, удта кӕсун уарзта. Мӕн зӕрдӕмӕ ба цудӕй финсун ӕма мӕ фӕндадтӕй журналист исун.
12 анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд нӕмӕ мӕ фиди ӕмкосӕг Рудольф Суси е ’мбали хӕццӕ ӕрбацудӕй. Сӕ дууӕ дӕр адтӕнцӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ. Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй берӕ нӕ зудтон, удта цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уобӕл дӕр некӕд сагъӕс кодтон. Фал мин мӕ фарстатӕбӕл Библийӕй дзуапп куд лӕвардтонцӕ, е ба мӕмӕ дессаг фӕккастӕй. Мӕ ниййергути зӕрдӕмӕ дӕр е хъӕбӕр фӕццудӕй ӕма Библи ахур кӕнунбӕл исарази ан.
Ӕз ахур кодтон католикон скъолай ӕма Библи ахур кӕнгӕй ци базонинӕ, уой ме ’мкъласонтӕн радзоринӕ. Еу афони уой мӕ ахургӕнгутӕ балӕдӕрдтӕнцӕ. Етӕ ба саугинтӕ адтӕнцӕ. Ӕма сӕмӕ раст кӕми нӕ фӕккастӕн, уой мин Библий фӕрци балӕдӕрун кӕнуни бӕсти мӕ сӕ еу ӕгас къласи рази змӕнтӕг исхудта! Уӕхӕн цӕстӕй мӕмӕ ке ракастӕнцӕ, е мин зин адтӕй, фал ӕй уой фӕрци балӕдӕрдтӕн, скъолай нин ци дини ахурӕдтӕ амудтонцӕ, уонӕн Библий хӕццӕ еумӕйагӕй ке неци адтӕй. Ба ’й лӕдӕрдтӕн, еци скъолай мӕнӕн ке неци кустаг ес, ӕма ӕндӕр скъоламӕ рахизтӕн, мӕ ниййергути бафарстон, уотемӕй.
МӔ ЛӔГГАДӔ КУД БАУАРЗТОН
Ӕз идарддӕр дӕр Библи ахур кодтон, фал къахдзӕфтӕ ба нӕ кодтон, уомӕн ӕма хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнунӕй хъӕбӕр тарстӕн. Католикон аргъауӕнӕн берӕ бартӕ адтӕй, ӕма нӕ игъосун кӕнуни гъуддаги нихмӕ карзӕй цудӕнцӕ. Квебеки премьер-министр Морис Дюплеси аргъауӕни фарс
адтӕй ӕма адӕни Йегови Ӕвдесӕнти нихмӕ ахъилдта. Еци рӕстӕг Ӕвдесӕнти хуарз хабар хӕссунмӕ устур нифсхастдзийнадӕ гъудӕй.Галаади скъолай 9 кълас ка фӕцӕй, еу уӕхӕн ӕнсувӕр Джон Рей мин хъӕбӕр банхус кодта, ӕма тӕрсгӕ нӕбал кодтон. Джон берӕ фӕллӕггадӕ кодта, фал уӕддӕр адтӕй бонзонгӕ, уӕздан ӕма хумӕтӕг адӕймаг. Бараст кӕнун мӕ ку гъӕуидӕ, уӕд мин ӕй комкоммӕ ефстагмӕ фӕззӕгъидӕ, фал ин ӕ гъуддӕгтӕмӕ кастӕн ӕма уотемӕй ахур кодтон. Джон французагау лӕгъуз ке дзурдта, уомӕ гӕсгӕ мӕн арӕх райсидӕ ӕ хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ. Джони хӕццӕ рӕстӕг ке ӕрвистон, уой фӕрци фӕннифсгундӕр дӕн ӕма мӕ бафӕндадтӕй Йегови Ӕвдесӕн исун. Уомӕ гӕсгӕ 1951 анзи 26 маййи донаргъуд райстон. Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ фиццаг хатт кӕдӕй фембалдтӕн, уӕдӕй донаргъуди бони уӕнгӕ рацудӕй дӕс анзи.
Квебеки нин ци минкъий ӕмбурд адтӕй, уоми сӕ фулдӕр пионертӕ адтӕнцӕ, ӕма уонӕмӕ кӕсгӕй мӕн дӕр бафӕндадтӕй, пионер исун. Еци рӕстӕг нӕмӕ нецӕхуӕн литературӕ адтӕй ӕма игъосун кодтан ӕрмӕстдӕр Библий фӕрци. Уомӕ гӕсгӕ нӕ гъудӕй Библийӕй арӕхстгунӕй пайда кӕнун. Ӕз архайдтон, рӕстдзийнади сӕрбӕл дзорунмӕ мин ка банхус кодтайдӕ, уӕхӕн стихтӕ нигъгъуди кӕнунбӕл. Фал кӕмӕн игъосун кодтан, уонӕй берети нӕ фӕндадтӕй, католикон аргъауӕни нисан кӕбӕл н’ адтӕй, уӕхӕн Библи кӕсун.
1952 анзи не ’мбурди еу еузӕрдон хуӕри, Симоне Патрий, ракурдтон ӕма Монреальмӕ ралигъдан. Анзи фӕсте ба нин райгурдӕй кизгӕ, Лизӕ. Кӕд нӕ киндзӕхсӕвӕри размӕ пионерӕй нӕбал лӕггадӕ кодтон, уӕддӕр Симони хӕццӕ архайдтан хумӕтӕг цард кӕнунбӕл, цӕмӕй нин ӕмбурди гъуддӕгтӕн фулдӕр рӕстӕг адтайдӕ.
Дӕс анзей фӕсте нӕуӕгӕй лӕмбунӕг расагъӕс кодтон, фулдӕр лӕггадӕ кӕнун мӕ бон куд ӕй, уобӕл. 1962 анзи еу мӕйи дӕргъи Канади Вефили ахур кодтон Бӕрнон ӕнсувӕрти скъолай, ӕма си цардтӕн еу ӕнсувӕри хӕццӕ, Камиль Уэллет, зӕгъгӕ. Камиль хъӕбӕр зингзӕрдӕй лӕггадӕ кодта, ӕма мӕмӕ е дессаг фӕккастӕй, уомӕн ӕма ин уосӕ дӕр ӕма сувӕллӕнттӕ дӕр адтӕй. Еци рӕстӕг ба сувӕллӕнттӕ кӕмӕн адтӕй, еци киристӕнттӕй пионерӕй неке лӕггадӕ кодта. Фал Камили фӕндадтӕй ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнун. Мӕн дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй мӕ уавӕртӕбӕл хуӕздӕр расагъӕс кодтайнӕ. Гъема цалдӕр мӕйи
фӕсте балӕдӕрдтӕн, мӕ бон ке ӕй нӕуӕгӕй пионерӕй лӕггадӕ кӕнун. Уӕхӕн унаффӕ ке рахастон, е кӕмӕдӕрти раст нӕ фӕккастӕй, фал ӕй ӕз федарӕй зудтон, Йеговӕ мин ке банхус кӕндзӕй.КВЕБЕКМӔ РАЗДАГЪДАН СӔРМАГОНД ПИОНЕРТӔЙ
1964 анзи нӕ сӕрмагонд пионертӕй иснисан кодтонцӕ нӕ райгурӕн горӕт Квебекмӕ. Уӕди рӕстӕгмӕ игъосун кӕнун ӕнцондӕр адтӕй, фал ма уӕддӕр нӕ нихмӕ кадӕртӕ цудӕнцӕ.
Еу хатт сабати, Квебекмӕ хӕстӕг ка адтӕй, еу уӕхӕн минкъий горӕти, Сент-Марий, игъосун кодтон ӕма мӕ уоми ӕрахӕстонцӕ. Полиций участокмӕ мӕ фӕлластонцӕ ӕма мӕ исбадун кодтонцӕ, ӕнӕ барлӕвӕрдӕй хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ ке игъосун кодтон, уой туххӕй. Фӕстӕдӕр мӕ ӕрлӕуун кодтонцӕ, айдагъ ӕ бакастӕй дӕр тас ка ’фтудта, уӕхӕн тӕрхонгӕнӕги рази. Ӕ муккаг адтӕй Баййаржон. Е мӕ бафарста: «Дӕ адвокат ка ӕй?» Ӕма ин загътон: «Глен Хау» *. Тӕрхонгӕнӕг ракуддӕр ӕй ӕма уотӕ фӕккодта: «О мӕнӕ дессаг! Е бабӕй ӕй!» Ӕнсувӕр Глен Хау Йегови Ӕвдесӕнти сӕрбӕл ӕнтӕстгунӕй дзурдта ӕма ’й беретӕ зудтонцӕ. Минкъий фӕстӕдӕр мин ӕй фегъосун кодтонцӕ, тӕрхондонӕ мӕ фудгинбӕл ке нӕбал нимайунцӕ.
Квебеки нӕ нихмӕ ке цудӕнцӕ, уой туххӕй нин ӕнцон н’ адтӕй, не ’мбурдтӕ кӕми уагътайанӕ, уӕхӕн бунат байхуӕрсун. Нӕ минкъий ӕмбурдӕн иссирдтан ӕрмӕстдӕр еу зӕронд минкъий гараж. Зумӕги нӕмӕ хъӕбӕр уазал уидӕ, ӕма цӕмӕй ма ниссалдайанӕ, уой туххӕй си ӕнсувӕртӕ ниввардтонцӕ, сойнӕй ка куста, уӕхӕн радиатор. Арӕх ӕмбурдмӕ цалдӕр сахатти раздӕр ӕрбацӕуианӕ, еци радиаторбӕл ӕрӕмбурд уайанӕ ӕма нӕбӕл игъосун кӕнгӕй ци цаутӕ цудӕй, уони дзурдтан.
Нӕ игъосун кӕнуни гъуддаг ци тиллӕг ӕрхаста, уомӕ кӕсгӕй нӕ зӕрдӕ цийнӕй байдзаг уй. 1960-аг ӕнзти Квебеки региони Кот-Нор ӕма сакъадах Гаспей адтӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕр минкъий ӕмбурди. Абони ба си ес дууӕ райони, ӕмбурдтӕ ба си уадзунцӕ рӕсугъд залти.
ЦӔУӔГ ЦӔСТӔДАРӔГӔЙ ЛӔГГАДӔ КӔНУН
1970 анзи мӕ районон цӕстӕдарӕгӕй иснисан кодтонцӕ, 1973 анзи ба – облӕстон цӕстӕдарӕгӕй. Еци ӕнзти фӕлтӕрдгун ӕнсувӕртӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур дӕн. Еци ӕнсувӕртӕй сӕ еу адтӕй Лорье Сомюр * иннӕ ба Дейвид Сплэйн *. Сӕ дууӕ дӕр лӕггадӕ кодтонцӕ цӕуӕг цӕстӕдаргутӕй. Алли конгресси фӕсте дӕр Дейвиди хӕццӕ дзорианӕ, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕнтӕстгундӕрӕй ахур кӕнун нӕ бон куд ӕй, уобӕл. Дейвид мин еу хатт загъта: «Леонс, дӕ фӕстаг радзубанди мӕ зӕрдӕмӕ фӕццудӕй. Хуарз ибӕл байархайдтай, фал дин си уойбӕрцӕ гъудитӕ адтӕй, ӕма мӕнӕн, ӕвӕдзи, еу ӕртӕ радзубандий фагӕ адтайуонцӕ!» Мӕ радзубандий ӕгӕр берӕ цидӕртӕ радзоринӕ ӕма мӕ гъудӕй хумӕтӕгдӕр дзорун.
Квебеки хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ мӕ хуарз зудтонцӕ ӕма уони ’рдиги ку уинӕ, уӕд сӕ арӕх
фӕндидӕ мӕ хӕццӕ ралӕггадӕ кӕнун. Мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй сӕ хӕццӕ лӕггадӕ кӕнун, фал мин уой туххӕй районон цӕстӕдарӕг иронхуати байзайидӕ. Уотемӕй ба облӕстон цӕстӕдарӕгӕн ӕ сӕйраг ихӕс адтӕй районон цӕстӕдарӕги федар кӕнун. Еу хатт мин сӕ еу фӕлмӕнӕй загъта: «Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ уойбӕрцӕ рӕстӕг ке ӕрветис, е хуарз ӕй, фал аци къуӕре мӕн ке ӕй, уой ма иронх кӕнӕ. Мӕн дӕр федар кӕнун гъӕуй!» Еци загъд мин банхус кодта, цӕмӕй сӕйраг ци ӕй, уой ма иронх кодтайнӕ.1976 анзи мӕбӕл зиан ӕрцудӕй. Мӕ хъазар бийнойнаг Симоне ӕвваст фӕссӕйгӕ ’й ӕма рамардӕй. Симоне мин хъӕбӕр хуарз цардӕмбал ӕма ӕмкосӕг адтӕй, уомӕн ӕма уодуӕлдай адӕймаг адтӕй, удта Йегови дӕр берӕ уарзта. Берӕ ке лӕггадӕ кодтон, уой фӕрци мин ӕнцондӕр адтӕй ӕма Йеговӕй хъӕбӕр боз дӕн, еци зин рӕстӕг мӕ фарсмӕ ке адтӕй, уой туххӕй. Фӕстӕдӕр нӕуӕгӕй мӕ цард бейеу кодтон еу зингзӕрдӕ пионер хуӕри, Кэролин Эллиотти, хӕццӕ. Кэролин англисагау дзурдта ӕма фулдӕр лӕггадӕ кӕнуни туххӕй Квебекмӕ ӕрцудӕй. Кэролин хӕларзӕрдӕ адӕймаг ӕй, уӕлдайдӕр ба ӕфсӕрмигӕнагӕ ка ӕй, уонӕмӕ. Мӕ лӕггади мин хъӕбӕр ӕнхус кодта.
ӔХСИДЗГӔ АНЗ
1978 анзи, январи мин баихӕс кодтонцӕ Квебеки фиццаг пионерти скъола рауадзун. Гъуди ма ’й кӕнун, хъӕбӕр ке тухстӕн, уомӕн ӕма мин уӕхӕн гъуддаг некӕдма баихӕс кодтонцӕ, удта си ахур ка кодта, уонӕн дӕр е нӕуӕг цидӕр адтӕй. Мӕ амондӕн си берӕ фӕлтӕрдгун пионертӕ ахур кодта ӕма кӕд ӕз сӕ ахургӕнӕг адтӕн, уӕддӕр уони фӕрци мӕхуӕдӕг дӕр берӕ цӕбӕлдӕрти исахур дӕн!
Еци анз фӕстӕдӕр Монреали Олимпийаг стадиони рацудӕй ӕхсӕнадӕмон конгресс, хундтӕй «Уӕлахезмӕ кӕнӕг ӕууӕндундзийнадӕ». Квебеки уомӕй устурдӕр конгресс некӕд адтӕй. 80 000 адӕймаги ӕрбацудӕй. Ӕз си дзуапп лӕвардтон пресс-службӕбӕл ӕма берӕ журналистити хӕццӕ радзурдтон. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн мин адтӕй фӕууинун, мах туххӕй берӕ хуарз цидӕртӕ ке ниффинстонцӕ, уой. Телевизори ӕма радиой мах туххӕй ӕдеугурӕй фӕдздзурдтонцӕ
еу 20 сахаттемӕй фулдӕр, удта газзетти дӕр цалдӕр сӕдӕ статьяй ниммухур кодтонцӕ. Еци хабар дуйне адӕн фегъустонцӕ!ӔНДӔР ӔВЗАГБӔЛ ДЗОРӔГ ТЕРРИТОРИЙ ЛӔГГАДӔ КӔНУН
1996 анзи мӕ цард цӕхгӕрмӕ раййивта. Донаргъуди фӕсте Квебеки алкӕддӕр французагау игъосун кодтон, нур ба мӕ иснисан кодтонцӕ Торонтомӕ, англисаг терриротимӕ. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма ӕз уоми лӕггадӕ кӕнунмӕ нӕ бӕззун. Мӕ къумух англисагбӕл радзубандитӕ куд дзордзӕн, уобӕл ку расагъӕс кӕнинӕ, уӕд мӕ нецибал гъӕуидӕ. Никки арӕхдӕр мӕ гъудӕй Йеговӕмӕ ковун ӕма ибӕл мӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр дарун.
Фал Торонтой ци дууӕ анзи ралӕггадӕ кодтон, етӕ мӕ зӕрди ку ӕрӕфтуйунцӕ, уӕд мӕ бон фӕууй федарӕй зӕгъун, е дессаги рӕстӕг ке адтӕй. Кэролин мин фӕразонӕй ӕнхус кодта, цӕмӕй англисагау дзорунмӕ ма ’фсӕрми кодтайнӕ, удта мин ӕнсувӕртӕ дӕр хъӕбӕр ӕнхус кодтонцӕ. Уоми нин хъӕбӕр берӕ нӕуӕг ӕмбӕлттӕ фӕззиндтӕй.
Алли майрӕнбони дӕр районон конгресси хӕццӕ баст гъуддӕгтӕ кӕнинӕ, фал изӕрӕй ба уӕддӕр еу сахат рацӕуинӕ хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнунмӕ. Кадӕр загътайдӕ: «Цӕмӕ гъӕуй тӕккӕ конгресси размӕ дӕхе уотӕ тухсун кӕнун?» Фал мин еске хӕццӕ дзӕбӕх дзубанди ку рауайидӕ, уӕд мӕмӕ фулдӕр хъауритӕ фӕззиннидӕ. Нур дӕр ма хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ ку фегъосун кӕнун, уӕд ми нӕуӕг хъауритӕ бацӕуй.
1998 анзи нӕ Кэролини хӕццӕ иснисан кодтонцӕ сӕрмагонд пионертӕй Монреальмӕ. Цалдӕр анзи, берӕ адӕн кӕми фӕууй, уӕхӕн рауӕнти игъосун кӕнунмӕ ӕнхус кодтон, удта журналистити хӕццӕ ӕмгуст кодтон, цӕмӕй адӕнмӕ Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй ци рӕдуд гъудитӕ адтӕй, уони ӕргом кодтайнӕ. Нур Кэролини хӕццӕ игъосун кӕнӕн Канадӕмӕ ӕрӕги ка ӕрлигъдӕй, еци ӕндӕрбӕстӕгтӕн. Берети си фӕндуй Библий туххӕй фулдӕр базонун.
Кӕдӕй донаргъуд райстон, уӕдӕй нурмӕ рацудӕй 68 анзи. Фӕстӕмӕ ракӕсгӕй ӕй уинун, мӕ царди берӕ дессаги хабӕрттӕ ке адтӕй ӕма берӕ арфӕдзийнӕдтӕй ке исхайгин дӕн. Ӕз хъӕбӕр амондгун дӕн, уомӕн ӕма исахур дӕн игъосун кӕнуни гъуддаг цийнӕгӕнгӕй ӕнхӕст кӕнун, удта беретӕн рӕстдзийнадӕ базонунмӕ банхус кодтон. Мӕ кизгӕ Лизӕ ӕма ӕ сӕрихецау дӕр пионертӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтонцӕ, сӕ цӕуӕт ку исустур ӕнцӕ, уӕд. Етӕ зӕрдиагӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ ӕма сӕмӕ мӕ зӕрдӕ хъӕбӕр рохс кӕнуй. Ме ’мбӕлттӕй дӕр хъӕбӕр боз дӕн, уомӕн ӕма уони фӕрци ирӕзтӕн ӕма Йегови гъуддаги берӕ аллихузи ихӕслӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кодтон. Ба ’й лӕдӕрдтӕн, Йегови организаци нин ци гъуддӕгтӕ баихӕс кӕнуй, уони ӕнхӕст кӕнунмӕ гъӕуй Йегови сугъдӕг хъаурӕ (Пс. 51:11). Йеговӕн алкӕддӕр райарфӕ кӕнун, уӕхӕн кадӕй мӕ ке исхайгин кодта ӕма ин мӕ бон ке ӕй ӕ номӕн кадӕ хӕссун! (Пс. 54:6).
^ 16 абз. Глен Хауи биографи бакӕсӕн ес статьяй «Не ваша война, а Божия», 2000 анзи 22 апрели уагъд журнали «Пробудитесь!».
^ 20 абз. Лорье Сомюри биографи бакӕсӕн ес 1976 анзи 15 ноябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» (англ.).
^ 20 абз. Дейвид Сплэйн лӕггадӕ кӕнуй Йегови Ӕвдесӕнти Разамонӕг совети.