Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

2 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ бон ӕй, иннетӕн «устур ӕнхус ӕма нифси хуасӕ» ун

Дӕ бон ӕй, иннетӕн «устур ӕнхус ӕма нифси хуасӕ» ун

«Ӕрмӕстдӕр етӕ ӕрбалӕудтӕнцӕ мӕ фарсмӕ Хуцауи паддзахади гъуддаги, етӕ мин иссӕнцӕ устур ӕнхус ӕма нифси хуасӕ» (КОЛ. 4:11).

90 ЗАР Кӕрӕдзей федар кӕнӕн

РАЗДЗУРД *

1. Йегови лӕггадгӕнгутӕй беретӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕ ӕвзарунцӕ?

ӔГАС дуйнебӕл дӕр Йегови лӕггадгӕнгутӕй беретӕ зиндзийнӕдтӕ ӕвзарунцӕ ӕма уой туххӕй хатгай сӕ нифс дӕр басӕттуй. Ӕвӕдзи, дӕу ӕмбурди дӕр ес уӕхӕнттӕ. Кадӕртӕ уӕззау нези хӕццӕ фӕттох кӕнунцӕ, кӕмӕндӕр ба ӕ уарзон хеуон рамӕлуй. Кӕмӕндӕр ба ӕ нифс басӕттуй, ӕ хеуӕнттӕй кадӕр рӕстдзийнадӕ ке ниууагъта, уой туххӕй. Ес ма ӕрдзон бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уӕхӕнттӕ дӕр. Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ еугурӕйдӕр уодӕнцойнӕ гъӕуагӕ ’нцӕ. Цума син нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун?

2. Хатгай апостол Павел уодӕнцойнӕ гъӕуагӕ цӕмӕн уидӕ?

2 Апостол Павел тӕссаг уавӕри еу ӕма дууӕ хатти нӕ бахаудтӕй (2 Кор. 11:23–28). Уомӕй уӕлдай ма гъезӕмарӕ кодта, ӕ «бауӕри [ци] синдзӕ нахст ӕрцудӕй», уой туххӕй дӕр (2 Кор. 12:7). Е, ӕвӕдзи, адтӕй цӕхуӕндӕр нез. Удта ма ескӕмӕй фӕффудӕнгъӕл уо, е ци ӕй, уой дӕр зудта. Еу рӕстӕги ке хӕццӕ лӕггадӕ кодта, еци ӕнсувӕр Димас ӕй ниууагъта, аци дуйне ке бауарзта, уой туххӕй (2 Тим. 4:10). Павел адтӕй нифсгун исӕрст киристон ӕма иннетӕн банхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ адтӕй. Фал уомӕн дӕр хатгай ӕ нифс басӕттидӕ (Ром. 9:1, 2).

3. Павел уодӕнцойнӕ кутемӕй иссирдта?

3 Фал Павел уодӕнцойнӕ иссирдта. Цума кутемӕй? Йеговӕ ’й ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци бафедар кодта (2 Кор. 4:7; Фил. 4:13). Удта ма Йеговӕ иннӕ киристӕнттӕй дӕр испайда кодта, цӕмӕй ӕй бафедар кодтайдӕ. Павел еци киристӕнтти туххӕй загъта, «етӕ мин иссӕнцӕ устур ӕнхус ӕма нифси хуасӕ», зӕгъгӕ (Кол. 4:11). Ке кой кодта, уони астӕу адтӕнцӕ Аристарх, Тихик ӕма Марк. Еци ӕнсувӕртӕ зин рӕстӕгути Павели фарсмӕ балӕудтӕнцӕ. Цума сӕ уомӕ цӕхуӕн менеугутӕ разӕнгард кодтонцӕ? Ӕма сӕ нӕ бон куд ӕй фӕнзун, еске бафедар кӕнун нӕ фӕндӕуа, уӕд?

АРИСТАРХИ ХУЗӔН ЕУЗӔРДОН

Аристархи хузӕн мах бон дӕр ӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕвдесун ӕцӕг ӕмбӕлттӕ син ке ан, «зин сахат» сӕ фарсмӕ ку балӕууӕн, уӕд (кӕсӕ 4 ӕма 5 абзацтӕ) *

4. Аристарх куд бавдиста, Павелӕн еузӕрдон ӕмбал ке адтӕй, уой?

4 Аристарх адтӕй Македоний Фессалоникӕй ӕма адтӕй Павели еузӕрдон ӕмбал. Ӕ кой Библий фиццаг хатт цӕуй, Павел е ’ртиккаг балций рӕстӕг Ефеси ку адтӕй, уӕд. Аристархи ахӕсгӕ дӕр гъе уӕд никкодтонцӕ (Гъуд. 19:29). Уой фӕсте ӕй ку исуӕгъдӕ кодтонцӕ, уӕд ӕхе ӕдасдӕр рауӕнмӕ нӕ раиста, фал Павели хӕццӕ байзадӕй. Цалдӕр мӕйи фӕсте дӕр ма ӕ хӕццӕ адтӕй, Греций ку адтӕнцӕ, уӕд. Ӕма Павели марунмӕ ке агурдтонцӕ, уомӕй дӕр нӕ фӕттарстӕй (Гъуд. 20:2–4). Нӕ эри еу 58 анзи, Павел ахӕст адтӕй, уотемӕй ӕй Роммӕ рарвистонцӕ. Еци идард балций дӕр Аристарх ӕ хӕццӕ адтӕй. Науӕ дӕр сӕбӕл гъе уӕд ниппурхӕ ’й (Гъуд. 27:1, 2, 41). Роми дӕр ма цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг ӕ хӕццӕ фӕцӕй (Кол. 4:10). Мадта дессаг нӕй, Павелӕн е ’мбал уодӕнцойни хуасӕ ке адтӕй.

5. Ӕмбесӕндти 17:17 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ бон куд ӕй еузӕрдон ӕмбӕлттӕ ун?

5 Аристархи хузӕн мах бон дӕр ӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн еузӕрдон ӕмбӕлттӕ ун, айдагъ цийни рӕстӕг нӕ, фал «зин сахат» дӕр. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 17:17.) Зӕгъӕн, ести лӕгъуз хабар сӕбӕл ку ’рцӕуй, уӕд дӕр ма дзӕвгарӕ рӕстӕг фӕуунцӕ уодӕнцойнӕ гъӕуагӕ. Ӕртӕ мӕйей медӕг ӕ мадӕ ӕма ӕ фидӕ кӕмӕн рамардӕнцӕ, еу уӕхӕн хуӕрӕ Франсес * зӕгъуй: «Ести лӕгъуз хабар ку ӕрцӕуй, уӕд ма уой фӕсте дӕр адӕймаг дзӕвгарӕ рӕстӕг фӕууй нифссаст. Ӕма ӕз ме ’мбӕлттӕй хъӕбӕр боз дӕн, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрунцӕ, нур дӕр ма мӕ ниййергутӕбӕл мӕ зӕрдӕ ке ресуй».

6. Еузӕрдондзийнадӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнуй?

6 Еузӕрдон ӕмбӕлттӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти туххӕй сӕ рӕстӕг ӕма сӕ хъауритӕ нӕ февгъау кӕнунцӕ. Зӕгъӕн, ӕнсувӕр Питермӕ разиндтӕй цубур рӕстӕгмӕ адӕймаг кӕмӕй ӕрбамӕлуй, уӕхӕн нез. Ӕ бийнойнаг Кетрин зӕгъуй: «Не ’мбурдӕй нӕ еу лӕг ӕма уосӕ дохтирмӕ фӕлластонцӕ ӕма Питерӕн ӕ нез гъе уӕд исбӕрӕг кодтонцӕ. Еци бийнонтӕ нин зӕрдӕ байвардтонцӕ, алкӕддӕр нӕ фарсмӕ ке уодзӕнцӕ, цӕмӕй еци нези хӕццӕ еумӕ тох кӕнӕн. Удта нин загътонцӕ, ести уӕд сӕмӕ цийфӕнди афони дӕр нӕ бон ке ӕй бадзорун». Зиндзийнӕдти рӕстӕг уӕхӕн ӕмбӕлттӕ адӕймагӕн устур уодӕнцойнӕ хӕссунцӕ!

ТИХИКБӔЛ ЗӔРДӔ ДАРӔН АДТӔЙ

Тихикки хузӕн мах бон дӕр ӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн зӕрдӕ дарӕн кӕбӕл ес, уӕхӕн ӕмбӕлттӕ ун (кӕсӕ 7–9 абзацтӕ) *

7, 8. Колоссӕгтӕмӕ 4:7–9 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Тихик куд бавдиста, зӕрдӕ дарӕн ибӕл ке адтӕй, уой?

7 Тихик адтӕй Роми провинци Азийӕй. Е дӕр Павели еузӕрдон ӕмбал адтӕй (Гъуд. 20:4). Нӕ эри еу 55 анзи Павел, Иуди ка цардӕй, еци киристӕнттӕн банхус кӕнунмӕ ӕхца ӕмбурд кодта ӕма ин еци ӕхсидзгӕ гъуддаги, ӕвӕдзи, Тихик ӕнхус кодта (2 Кор. 8:18–20). Фӕстӕдӕр Павел Роми фиццаг хатт ахӕст ку адтӕй, уӕд Тихиккӕн баихӕс кодта, цӕмӕй ин ӕ финстӕгутӕ Азий ӕмбурдтӕмӕ хъӕртун кодтайдӕ, удта ӕнсувӕрти нифс федар кодтайдӕ (Кол. 4:7–9).

8 Тихик Павелӕн алкӕддӕр адтӕй, ӕ зӕрдӕ кӕбӕл дардта, уӕхӕн ӕмбал (Тит. 3:12). Еци рӕстӕги ин алке нӕ банхус кодтайдӕ. Нӕ эри еу 65 анзи, Павели дуккаг хатт ку ниййахӕстонцӕ, уӕд си Азий ӕнсувӕртӕй беретӕ сӕхе еуварс дарун райдӕдтонцӕ, ӕвӕдзи, знӕгтӕй ке тарстӕнцӕ, уой туххӕй (2 Тим. 1:15). Фал Тихикбӕл ба ӕ бон адтӕй ӕ зӕрдӕ дарун ӕма ма ин еу гъуддаг дӕр баихӕс кодта (2 Тим. 4:12). Дзурд дӕр ибӕл нӕййес, Павел Тихиккӕй хъӕбӕр боз адтӕй.

9. Нӕ бон куд ӕй Тихикки фӕнзун?

9 Махӕн дӕр нӕ бон ӕй Тихикки фӕнзун. Зӕгъӕн, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхусӕй зӕрдӕ ку байвӕрӕн, уӕд гъӕуама нӕ дзурдӕн хецау уӕн (Матф. 5:37; Лук. 16:10). Адӕймаг ӕй ку зона, ӕ бон нӕбӕл ӕ зӕрдӕ дарун ке ӕй, уой, уӕд ин айдагъ уомӕй дӕр ӕ нифс федар кӕндзиан. Уотӕ цӕмӕн ӕй, уой еу хуӕрӕ балӕдӕрун кодта: «Цӕмӕйдӕр дин зӕрдӕ ка байвардта, е ӕ дзурд ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уой ку зонай, уӕд дӕ зӕрдӕ сабур ӕй».

10. Ӕмбесӕндти 18:24 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ зиндзийнӕдтӕ ка ӕвзаруй кенӕ фудӕнгъӕл ка фӕцӕй, уони ке бон ӕй бафедар кӕнун?

10 Зиндзийнӕдтӕ ка ӕвзаруй кенӕ фудӕнгъӕл ка фӕцӕй, уӕхӕн адӕймагӕн ӕ бон ку уа, ӕ хуарз ӕмбалбӕл ӕ зӕрдӕ дарун, уӕд ин айдагъ е дӕр уодӕнцойнӕ хӕсдзӕй. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 18:24.) Биджей хъӕбӕр тухст адтӕй, ӕ фурти ин ӕмбурдӕй ку рацох кодтонцӕ, уӕд, ӕма загъта: «Мӕ сагъӕстӕ мӕ ескӕмӕн радзорун фӕндадтӕй, мӕ зӕрдӕ кӕбӕл дардтон, уӕхӕн адӕймӕгӕн». Карлос ба цидӕр рӕдуд ке искодта, уой туххӕй ӕй ӕмбурди ӕ ихӕстӕй исистонцӕ. Карлос зӕгъуй: «Фӕндадтӕй мӕ, цӕмӕй мӕ рази адтайдӕ, мӕ зӕрдӕ кӕбӕл дардтайнӕ, мӕ бон радзорун ке хӕццӕ адтайдӕ ӕма мӕ уайдзӕфти буни ка нӕ фӕккодтайдӕ, уӕхӕн ӕмбӕлттӕ». Карлосӕн уӕхӕн ӕмбӕлттӕ иссӕнцӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕма ин етӕ ӕнхус кодтонцӕ. Еци ӕнхус ин устур уодӕнцойнӕ адтӕй, уомӕн ӕма ’й зудта, хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ци радзоруй, уой ке некӕмӕн радзордзӕнцӕ.

11. Цӕмӕй нӕ иннетӕ хуарз ӕмбалбӕл нимайонцӕ ӕма нӕбӕл сӕ зӕрдӕ даронцӕ, уой туххӕй ци гъӕуй?

11 Цӕмӕй дӕ иннетӕ хуарз ӕмбалбӕл нимайонцӕ ӕма дӕбӕл сӕ зӕрдӕ даронцӕ, уой туххӕй дӕ фӕразондзийнадӕбӕл косун гъӕуй. Жанни ӕ лӕг ку ниууагъта, уӕд е ’мбӕлтти фӕрци уодӕнцойнӕ иссирдта, уомӕн ӕма син ӕ зӕрди рист дзурдта. «Фӕразонӕй мӕмӕ игъустонцӕ,– зӕгъуй Жаннӕ,– еци еу хабар цалдӕр хатти ку фӕдздзоринӕ, уӕддӕр». Игъосун ку зонай, уӕд дӕуӕй дӕр хуарз ӕмбал рауайдзӕй.

МАРКИ ХУЗӔН ИННЕТӔН БАЛӔГГАДӔ КӔНУНМӔ ЦӔТТӔ УО

Марки хуарз гъуддӕгтӕ Павелӕн хъӕбӕр банхус кодтонцӕ федарӕй фӕллӕуунмӕ. Мах бон дӕр ӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун, бӕллӕхи ку бахаунцӕ, уӕд (кӕсӕ 12–14 абзацтӕ) *

12. Марк ка адтӕй ӕма иннетӕн ӕнхус кӕнунмӕ цӕттӕ ке адтӕй, уой куд ӕвдиста?

12 Марк дзиуиттаг киристӕнттӕй адтӕй ӕма цардӕй Йерусалими. Варнави хӕццӕ ба хеуӕнттӕ адтӕнцӕ. Уӕди рӕстӕги Варнавӕ зундгонд миссионер адтӕй. Библийӕй куд зиннуй, уотемӕй Марк гъӕздуг бийнонтӕй адтӕй, фал ин мулк ӕма ӕхцатӕ фиццаг бунати некӕд адтӕнцӕ. Е ’гас цард дӕр Марк иннетӕн зӕрдиагӕй ӕнхус кодта. Зӕгъӕн, еу рӕстӕги апостол Павели ӕма апостол Петури хӕццӕ ку лӕггадӕ кодта, уӕд син, ӕвӕдзи, хуӕруйнаг ӕлхӕнунмӕ, ӕхсӕвеуатӕн бунат иссерунмӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн гъуддӕгти Марк ӕнхус кодта (Гъуд. 13:2–5; 1 Пет. 5:13). Марк дӕр адтӕй, Павел уотӕ кӕмӕй загъта, «етӕ ӕрбалӕудтӕнцӕ мӕ фарсмӕ Хуцауи паддзахади гъуддаги», зӕгъгӕ, уонӕй сӕ еу (Кол. 4:10, 11).

13. 2 Тимофеймӕ 4:11 финст дзурдтӕй куд зиннуй, Павел Марки хуарздзийнӕдтӕн аргъ ке кодта, е?

13 Марк Павелӕн иссӕй ӕ хуарз ӕмбал. Нӕ эри еу 65 анзи Павел фӕстаг хатт Роми ахӕст ку адтӕй, уӕд Тимофеймӕ ӕ дуккаг финстӕг ниффинста. Еци финстӕги ин Павел загъта, цӕмӕй имӕ Роммӕ ӕрцудайдӕ ӕма Марки дӕр ӕ хӕццӕ райстайдӕ (2 Тим. 4:11). Дзурд дӕр ибӕл нӕййес, Павел Марки хуарздзийнӕдтӕн устур аргъ кодта ӕма ’й уой туххӕй фӕндадтӕй, цӕмӕй еци уӕззау рӕстӕги ӕ фарсмӕ адтайдӕ. Марк Павелӕн гъуддагӕй ӕнхус кодта. Ӕвӕдзи ин хуӕруйнаг ӕрбахӕссидӕ, удта ’й финсунмӕ ка гъудӕй, уӕхӕн дзаумӕуттӕ дӕр. Ӕ хӕццӕ ке адтӕй ӕма ’й федар ке кодта, уой фӕрци Павелӕн ӕ бон иссӕй ӕ мӕлӕти уӕнгӕ дӕр Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзайун.

14, 15. Иннетӕн ӕнхус кӕнуни туххӕй Матфеййи 7:12 финст дзурдтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

14 Бакӕсӕ Матфеййи 7:12. Зин рӕстӕгутӕ ку февзарӕн, уӕд хъӕбӕр боз фӕууӕн, гъуддагӕй банхус кӕнунмӕ нин цӕттӕ ка фӕууй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй. Ӕ фидӕ фидбилизи кӕмӕн фӕммардӕй, еу уӕхӕн ӕнсувӕр Райӕн зӕгъуй: «Зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уӕхӕн адӕймагӕн хатгай ӕнӕуой куститӕ кӕнун дӕр ӕ бон нӕ фӕууй. Ӕма ин еске еу минкъий ку банхус кӕнуй, уӕд уомӕй дӕр бафедар уй».

15 Лӕмбунӕг ку уӕн, уӕд ӕй хуӕздӕр балӕдӕрдзиан, адӕймагӕн нӕ бон банхус кӕнун куд ӕй, уой. Ӕркӕсӕн, еу хуӕрӕ, уӕлдӕр ке кой кодтан, еци Питер ӕма Кэтринӕн куд банхус кодта, уомӕ. Сӕ дууей бон дӕр нӕбал адтӕй машинӕ тӕрун ӕма еци хуӕрӕ график искодта ӕма си ниффинста, сӕйгӕдонӕмӕ сӕ раласӕ-баласӕ кӕнун ке бон адтайдӕ, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нӕмттӕ. Цума син е ести ӕнхус фӕцӕй? Кэтрин загъта: «Раст цума нӕ рагъӕй уаргъ рахаудтӕй, уотӕ». Мадта дӕмӕ уотӕ ма кӕсӕд, ӕма минкъий ӕнхус некӕми фӕббӕрӕг уодзӕй. Уӕхӕн гъуддӕгтӕ адӕймаги нифс хъӕбӕр бафедар кӕнунцӕ.

16. Марки цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

16 Марк Хуцауи гъуддӕгти берӕ архайдта. Адтӕй ин берӕ ихӕстӕ, удта ма финста, ӕ ном ин ка хӕссуй, еци Евангели дӕр. Фал уӕддӕр Марк Павели бафедар кӕнунмӕ рӕстӕг иссеридӕ. Ӕма ’й Павел дӕр зудта, ӕ бон ибӕл ӕ зӕрдӕ дарун ке ӕй, уой. Анжелӕн ӕ нанай фудгӕнгутӕ рамардтонцӕ ӕма еци уӕззау рӕстӕги хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕ фарсмӕ ке адтӕнцӕ, е ин устур уодӕнцойнӕ ӕрхаста. Анжелӕ зӕгъуй: «Де ’мбӕлтти зӕрдиагӕй ку фӕндӕуа банхус кӕнун, уӕд си ӕнхус ракорун ӕнцондӕр ӕй. Лигъстӕ кӕнун син некӕд фӕгъгъӕуй». Мадта дӕхе бафӕрсӕ: «Иннетӕн банхус кӕнунмӕ цӕттӕ ка ӕй, уӕхӕн адӕймагӕй мӕ зонунцӕ?»

ИННЕТИ ФЕДАР КӔНУНМӔ ЦӔТТӔ УО

17. 2 Коринфӕгтӕмӕ 1:3, 4 финст дзурдтӕ нӕ иннетӕн уодӕнцойнӕ хӕссунмӕ куд разӕнгард кӕнунцӕ?

17 Бафедар кӕнун ке гъӕуй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти иссерун зин нӕй. Ка ’й зонуй, нӕхе нин кӕддӕр куд бафедар кодтонцӕ, мах дӕр сӕ уотӕ бафедар кӕндзиан. Ӕ нана кӕмӕн фӕззиан ӕй, еу уӕхӕн хуӕрӕ Нино зӕгъуй: «Йегови бон ӕй мах фӕрци иннети бафедар кӕнун, фал ин уой туххӕй гъӕуама барӕ раттӕн». (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 1:3, 4.) Минкъий раздӕр ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Франсес загъта: «Ӕз арази дӕн 2 Коринфӕгтӕмӕ 1:4 финст дзурдти хӕццӕ. Нӕ бон ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн уодӕнцойнӕ хӕссун, нӕхецӕн нин уодӕнцойнӕ ци ’рхаста, уомӕй».

18. а) Еуӕй-еуетӕ адӕймаги бафедар кӕнунмӕ сӕ нифс цӕмӕннӕ фӕххӕссунцӕ? б) Цӕмӕй адӕймагӕн уодӕнцойнӕ ӕрхӕссӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

18 Мах гъӕуама иннети федар кӕнӕн, нӕ нифс ку нӕ хӕссӕн, уӕддӕр. Ка ’й зонуй, истухсӕн, лӕгъуз хабар кӕбӕл ӕрцудӕй, уӕхӕн адӕймагӕн ци зӕгъдзиан, кенӕ нӕхе куд дардзиан, уой ке нӕ зонӕн, уой туххӕй. Еу хестӕр нӕлгоймаг Пол радзурдта, ӕ фидӕ ку рамардӕй, уӕд ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ бафедар кӕнунбӕл куд архайдтонцӕ, уой. Пол зӕгъуй: «Ӕвӕдзи син ӕнцон н’ адтӕй гъӕугӕ дзурдтӕ иссерун. Фал си уӕддӕр хъӕбӕр боз дӕн, тухсгӕ мӕбӕл ке кодтонцӕ, айдагъ уой туххӕй дӕр». Устур зӕнхинкъусти ка фӕййервазтӕй, еу уӕхӕн ӕнсувӕр Таджон ба загъта: «Раст зӕгъгӕй ӕй нӕ гъуди кӕнун, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ мӕмӕ ци финстонцӕ кенӕ мин ци дзурдтонцӕ, уой. Фал фӕййервазтӕн ӕви нӕ, уобӕл куд тухстӕнцӕ, уой ба хуарз гъуди кӕнун». Цӕмӕй адӕймагӕн уодӕнцойнӕ ӕрхӕссӕн, уой туххӕй ин гъӕуама бавдесӕн, ке ибӕл тухсӕн, уой.

19. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн «устур ӕнхус ӕма нифси хуасӕ» цӕмӕн гъӕуама уӕн?

19 Кӕрон куд хӕстӕгдӕргӕнгӕ цӕуй, уотӕ дуйней уавӕртӕ дӕр фуддӕр кӕндзӕнцӕ, удта нӕ цард дӕр зиндӕр кӕндзӕй (2 Тим. 3:13). Ӕма нӕ идарддӕр дӕр гъӕудзӕй нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти ӕнхус, уомӕн ӕма ӕнӕнхӕст ан ӕма рӕдуйгӕ кӕнӕн. Апостол Павелӕн дӕр е ’мбӕлттӕ ӕ фарсмӕ адтӕнцӕ ӕма уони фӕрци дӕр Хуцаубӕл кӕронмӕ еузӕрдонӕй байзадӕй. Мадта мах дӕр Аристархи хузӕн еузӕрдон уӕн, Тихикки хузӕн нӕбӕл зӕрдӕ дарӕн уӕд ӕма Марки хузӕн цӕттӕ уӕн банхус кӕнунмӕ. Уотӕ ку архайӕн уӕд нӕ бон уодзӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй идарддӕр дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнонцӕ (1 Фес. 3:2, 3).

111 ЗАР Нӕ цийнӕдзийнадӕ

^ 5 абз. Апостол Павел ӕ царди берӕ зиндзийнӕдтӕ бавзурста. Фал уӕззау рӕстӕги ӕнсувӕртӕ ӕ фарсмӕ ӕрбалӕууиуонцӕ. Аци статьяй базондзиан, еци ӕнсувӕрти Павели нифс федар кӕнунмӕ цӕхуӕн ӕртӕ менеуӕги разӕнгард кодтонцӕ. Удта ма базондзиан нӕ бон куд ӕй еци ӕнсувӕрти фӕнзун.

^ 5 абз. Аци статьяй кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.

^ 56 абз. ХУЗӔ. Аристарх ӕма Павел ци науӕбӕл цудӕнцӕ, е ниппурхӕ ’й.

^ 58 абз. ХУЗӔ. Павел Тихиккӕн баихӕс кодта, цӕмӕй ӕ финстӕгутӕ ӕмбурдтӕмӕ бахъӕртун кодтайдӕ.

^ 60 абз. ХУЗӔ. Марк Павелӕн гъуддагӕй ӕнхус кодта.