Кӕсгути фарстатӕ
Левити 19:16 ес уӕхӕн фӕдзӕхст: «Инней тог ма никкалун кӕнӕ». Аци дзурдтӕ цӕмӕ амудтонцӕ ӕма си киристӕнттӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?
Йеговӕ израилӕгтӕй агурдта, цӕмӕй сугъдӕг адӕн адтайуонцӕ, ӕма син уомӕ гӕсгӕ уӕхӕн фӕдзӕхст равардта: «Дӕ адӕнбӕл ма разелӕ-базелӕ кӕнӕ ӕма иннети фудкой ма кӕнӕ. Инней тог ма никкалун кӕнӕ. Ӕз дӕн Йеговӕ» (Лев. 19:2, 16).
Дзиуиттаг дзурдбаст, «инней тог ма никкалун кӕнӕ», зӕгъгӕ, комкоммӕ ӕнгъезуй уотӕ ратӕлмац кӕнун: «Тогбӕл ма лӕууӕ». Аци дзурдбастӕн ӕ гъуди цӕй медӕг ӕй, уой балӕдӕрун уотӕ ӕнцон нӕй.
Еуӕй-еу ахургӕндти гъудимӕ гӕсгӕ аци стихи гъуди баст ӕй Левит 19:15 хӕццӕ: «Хӕран тӕрхон ма кӕнтӕ. Мӕгур адӕймаги ма гъолон кӕнтӕ ӕма кадгин адӕймаги фарс ма уотӕ. Иннетӕн рӕстӕй тӕрхон кӕнтӕ». Гъома, сӕ гъудимӕ гӕсгӕ, фӕдзӕхст «инней тог ма никкалун кӕнӕ» нисан кӕнуй, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ рӕстӕй ке гъӕуама архайонцӕ тӕрхондони, ӕхцай хӕццӕ баст гъуддӕгти ӕма сӕ бийнонти астӕу дӕр. Удта, раст ци ӕй, уой сӕхе пайдайӕн гъӕуама ма усхъуммӕ кӕнонцӕ. Аци гъуди дӕр раст ӕй, фал Левити 19:16 минкъий ӕндӕрхузи лӕдӕргӕ ӕй.
Нӕ гъос ӕрдарӕн 16 стихи фиццаг хаймӕ. Финст си ес: «Иннети фудкой ма кӕнӕ». Адӕймаг еске кой ку фӕккӕнуй, уӕд, е дӕр хуарзӕй нецӕмӕ ӕркӕнуй. Фал еске кой кӕнун ӕма фудкой кӕнун еу нӕ ’нцӕ (Ӕмб. 10:19; Еккл. 10:12–14; 1 Тим. 5:11–15; Иак. 3:6). Фудкойгӕнӕг адӕймаги туххӕй мӕнгӕттӕ радзоруй, цӕмӕй ин ӕ хуарз ном фегадӕ кӕна. Кенӕ ба ма тӕрхондони дӕр мӕнгӕ ’вдесӕнӕй ниллӕудзӕй, цӕмӕй еци адӕймагӕн мӕлӕти тӕрхон рахӕссонцӕ. Навуфеййи хабар дӕр уотӕ рауадӕй. Мӕнгард адӕн си мӕнгӕттӕ фӕдздзурдтонцӕ ӕма ’й уони туххӕй рамардтонцӕ (1 Пад. 21:8–13). Мадта зӕгъӕн ес, ӕма фудкойгӕнӕг инней тог никкалун кӕнуй, Левити 19:16 куд финст ӕй, уотӕ.
Уомӕй уӕлдай ма, адӕймаг арӕх еске фудкой кӕнун райдайуй, е ’сӕфт си ке уинуй, уой туххӕй. 1 Иоанни 3:15 финст ӕй: «Е ’нсувӕрӕй е ’сӕфт ка уинуй, е ӕй лӕгмар. Сумах ба ӕй зонетӕ: лӕгмарӕн ӕносон цардӕй хай нӕййес». Ӕма Хуцау уотӕ ку загъта, «инней тог ма никкалун кӕнӕ», зӕгъгӕ, уӕд, уой хуӕдфӕсте дзӕгъӕли нӕ загъта: «Де ’нсувӕрмӕ дӕ зӕрди маст ма дарӕ» (Лев. 19:17).
Мадта Левити 19:16 финст фӕдзӕхст киристӕнттӕмӕ дӕр хауй. Гъӕуама лӕгъуз цӕстӕй макӕмӕ кӕсӕн ӕма иннети фудкой ма кӕнӕн. Адӕймаг фудкой фӕккӕнуй, ӕ зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй кенӕ соцъа кӕмӕ фӕккӕнуй, уомӕй. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма си е ’сӕфт уинуй. Фал киристӕнттӕ ескӕмӕй се ’сӕфт уинонцӕ, уой кой сӕмӕ уогӕ дӕр гъӕуама ма уа (Матф. 12:36, 37).