АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 48
«Уотӕ сугъдӕг»
«Алли гъуддаги дӕр уотӕ сугъдӕг» (1 ПЕТ. 1:15).
34 ЗАР Цӕрун рӕстӕй
РАЗДЗУРД *
1. Апостол Петур киристӕнттӕн ци ниффӕдзахста, фал кадӕртӕ уой туххӕй ци гъуди кӕнунцӕ?
АПОСТОЛ Петур ӕ фиццаг финстӕги киристӕнттӕмӕ уӕхӕн дзурдтӕ ниффинста: «Ӕма уӕ ка ӕрхудта, е Сугъдӕг Хуцау ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ сумах дӕр алли гъуддаги дӕр уотӕ сугъдӕг. Финст дӕр уотӕ ’й: „Уотӕ сугъдӕг, уомӕн ӕма ӕз дӕн сугъдӕг“» (1 Пет. 1:15, 16). Кӕд фиццагидӕр исӕрст киристӕнттӕмӕ финста, уӕддӕр ӕ дзурдтӕ махӕй алкӕмӕндӕр пайда уодзӕнцӕ. Аци дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, нӕ бон ке ӕй, ӕ алли гъуддагӕй дӕр сугъдӕг ка ӕй, еци Хуцау Йегови фӕнзун, ӕма ни уой ӕхуӕдӕг агоруй. Фал кадӕр ба зӕгъдзӕй, уомӕн гӕнӕн нӕййес, уомӕн ӕма ӕнӕнхӕст ан. Апостол Петур дӕр ӕнӕнхӕст адтӕй, удта еу ӕма дууӕ хатти нӕ рӕдудӕй, фал Йегови цӕсти уӕддӕр сугъдӕг адтӕй. Мадта мах бон дӕр исуодзӕй.
2. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
2 Аци статьяй ӕркӕсдзиан цуппар фарстайемӕ: 1) Сугъдӕг ун ци нисан кӕнуй? 2) Библий Йегови сугъдӕгдзийнади туххӕй ци финст ес? 3) Нӕ бон куд ӕй нӕ алли гъуддаги дӕр сугъдӕг ун? 4) Йегови ӕмбал ун ке фӕндуй, етӕ сугъдӕг цӕмӕн гъӕуама уонцӕ?
СУГЪДӔГ УН ЦИ НИСАН КӔНУЙ?
3. Сугъдӕг адӕймаг цӕхуӕн фӕууй, уой туххӕй беретӕ ци гъуди кӕнунцӕ ӕма ӕцӕгӕй куд ӕй, уой нӕ бон кӕцӕй ӕй базонун?
3 Адӕн сугъдӕгутӕбӕл ке фӕннимайунцӕ, уони ку фӕххузӕ кӕнунцӕ, уӕд сӕ арӕх искӕнунцӕ цидӕр сау хъӕппӕлти, сӕ цӕсгӕнттӕ ба фӕуунцӕ тар ӕма мургъуз. Фал цума ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й? Йеговӕ ӕй сугъдӕг, ӕма Библий финст ӕй, «амондгун Хуцау [ке] ӕй» (1 Тим. 1:11). Уомӕй уӕлдай ма си финст ӕй: «Амондгун ӕнцӕ еци адӕн, сӕ Хуцау Йеговӕ кӕмӕн ӕй!» (Пс. 144:15). Киристе дӕр зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд арӕх бауайдзӕф кӕнидӕ, рӕстгӕнӕг ке ӕй, уой ӕ уӕледарӕсӕй равдесунбӕл ка архайдта, уонӕн (Матф. 6:1; Мар. 12:38). Мадта ’й ӕцӕг киристӕнттӕ Библий фӕрци лӕдӕрунцӕ, сугъдӕг адӕймаг цӕхуӕн гъӕуама уа, уой. Мах ӕй федарӕй зонӕн, нӕ Хуцау Йеговӕ нӕ берӕ ке уарзуй ӕма, нӕ бон ци нӕй, уой ни ке некӕд байагордзӕй. Ӕма нин кӕд ӕхуӕдӕг фӕдзӕхсуй, цӕмӕй сугъдӕг уӕн, уӕд уомӕн ӕцӕгӕйдӕр ес гӕнӕн. Фал цӕмӕй нӕ бон уа алли гъуддаги дӕр сугъдӕг ун, уой туххӕй гъӕуама хуарз лӕдӕрӕн, уомӕ ци хауй, уой.
4. Дзурдтӕ «сугъдӕг» ӕма «сугъдӕгдзийнадӕ» Библий арӕхдӕр цӕмӕ фӕййамонунцӕ?
4 Сугъдӕг уай, е куд лӕдӕргӕ ’й? Дзурдтӕ «сугъдӕг» ӕма «сугъдӕгдзийнадӕ» Библий арӕхдӕр фӕййамонунцӕ, кадӕр хуӕрзӕгъдау цард ке кӕнуй ӕма мӕнгӕ дини ӕгъдӕуттӕй ӕхе идард ка даруй, уонӕмӕ. Уомӕй уӕлдай ма фӕййамонунцӕ, кадӕр Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ хецӕнгонд ке ӕрцудӕй, уомӕ. Мадта цӕмӕй Хуцауи цӕсти сугъдӕгбӕл нимад уӕн, уой туххӕй гъӕуама хуӕрзӕгъдау цард кӕнӕн, удта Хуцауӕн, куд ӕй фӕндуй, уотӕ ковӕн ӕма е ’мбӕлттӕ уӕн. Сугъдӕг Хуцау Йегови ӕмбал уай, айдагъ еци гъудийӕй дӕр адӕймагӕн ӕ бауӕр ниббизирттӕ уй!
«СУГЪДӔГ, СУГЪДӔГ, СУГЪДӔГ ӔЙ... ЙЕГОВӔ!»
5. Изӕдти дзурдтӕй Йегови туххӕй ци ес базонӕн?
5 Йеговӕ Хуцау алцӕмӕйдӕр ӕй сугъдӕг. Е бӕрӕг ӕй, серафимтӕ Йегови туххӕй ци дзурдтонцӕ, уомӕй: «Сугъдӕг, сугъдӕг, сугъдӕг ӕй ӕфсӕдти хецау Йеговӕ!» (Ис. 6:3). Серафимтӕ ӕнцӕ изӕдтӕ ӕма лӕуунцӕ Йегови паддзахбадӕни рази. Цӕмӕй Йеговӕмӕ уотӕ хӕстӕг уонцӕ, уой туххӕй гъӕуама сӕхуӕдтӕ дӕр сугъдӕг уонцӕ. Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, изӕд ескӕми ку фӕззиннидӕ, уӕд еци бунат дӕр сугъдӕг исуидӕ. Зӕгъӕн, уотӕ адтӕй, Моисей содзгӕ къотӕри рази ку лӕудтӕй ӕма имӕ изӕд ку фӕззиндтӕй, уӕд (Рац. 3:2–5; Йес. Н. 5:15).
6, 7. а) Моисей Йегови сугъдӕгдзийнади туххӕй ци загъта? (Рацуд 15:1, 11). б) Йеговӕ сугъдӕг Хуцау ке ӕй, уой израилӕгтӕ кӕцӕй гъӕуама зудтайуонцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
6 Израилӕгтӕ Сурх денгизбӕл ку бацудӕнцӕ, уӕд син Моисей загъта, сӕ Хуцау Йеговӕ сугъдӕг ке ӕй. (Бакӕсӕ Рацуд 15:1, 11.) Египети хуцӕуттӕн ка кувта, еци адӕни сугъдӕг исхонӕн н’ адтӕй. Ӕма Ханаани хуцӕуттӕн ка кувта, етӕ дӕр хуӕздӕр н’ адтӕнцӕ, уомӕн ӕма сӕ хуцӕуттӕн ковгӕй сӕ сувӕллӕнтти нивондӕн хастонцӕ, удта аллихузи ӕнӕгъдау миутӕ кодтонцӕ (Лев. 18:3, 4, 21–24; Дук. з. 18:9, 10). Еци ихӕлд миутӕ Йегови цӕсти хъӕбӕр илгъаг адтӕнцӕ, ӕма ’й нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй ӕ адӕн дӕр еци гъуддӕгтӕбӕл бафтудайуонцӕ. Йеговӕ алцӕмӕйдӕр сугъдӕг ӕй, ӕма цӕмӕй израилӕгтӕ уой макӕд иронх кодтайуонцӕ, уой туххӕй хестӕр саугини сарӕхъбӕл ци сугъзӕрийнӕ гӕбазӕ адтӕй, уобӕл ниффинсун кодта: «Йеговӕ ӕй сугъдӕг» (Рац. 28:36–38).
7 Еци финст ка фӕууинидӕ, уомӕн ӕ зӕрдӕбӕл гъӕуама ӕрлӕудтайдӕ, Йеговӕ сугъдӕг Хуцау ке ӕй. Фал хестӕр саугини хӕстӕгмӕ фӕууинун алке бон н’ адтӕй. Цума уонӕн ба сӕ хабар куд адтӕй? Моисеййи закъон гъӕрӕй ку кастӕнцӕ, уӕд уомӕ ӕгас израилӕгтӕ дӕр игъустонцӕ: нӕлгоймӕгтӕ дӕр, силгоймӕгтӕ дӕр ӕма сувӕллӕнттӕ дӕр (Дук. з. 31:9–12). Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, цума ду дӕр еци адӕни астӕу лӕууис ӕма игъосис: «Ӕз дӕн Йеговӕ, уӕ Хуцау. Уотӕ сугъдӕг, уомӕн ӕма ӕз дӕн сугъдӕг»; «Гъӕуама... уайтӕ сугъдӕг, уомӕн ӕма ӕз дӕн сугъдӕг» (Лев. 11:44, 45; 20:7, 26).
8. Левити 19:2 ӕма 1 Петури 1:14–16 финст дзурдтӕй ци ес базонӕн?
8 Ӕркӕсӕн, Левити 19:2 ци фӕдзӕхст финст ес, уомӕ. Йеговӕ Моисеййӕн загъта: «Израили фурттӕн, еугур адӕнӕн дӕр, уотӕ зӕгъӕ: „Уотӕ сугъдӕг, уомӕн ӕма ӕз дӕн сугъдӕг Хуцау – ӕз, уӕ Хуцау Йеговӕ“». Апостол Петур дӕр ӕ фиццаг финстӕги, ӕвӕдзи, аци фӕдзӕхсти кой кодта. (Бакӕсӕ 1 Петури 1:14–16.) Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, киристӕнтти Моисеййи закъон ӕнхӕст кӕнун нӕ гъӕуй, фал бӕрӕг ӕй, аци фӕдзӕхст махӕй алкӕмӕдӕр ке хауй. Йеговӕ ӕй сугъдӕг ӕма ’й ка уарзуй, етӕ дӕр гъӕуама ӕгас хъауритӕй архайонцӕ, цӕмӕй уонцӕ сугъдӕг, фӕнди син уӕлӕрвти цӕруни нифс уа, фӕнди – зӕнхӕбӕл (1 Пет. 1:4; 2 Пет. 3:13).
«АЛЛИ ГЪУДДАГИ ДӔР УОТӔ СУГЪДӔГ»
9. Левити 19 сӕрмӕ ӕркӕсун нин пайда цӕмӕй уодзӕй?
9 Мах фӕндуй нӕ сугъдӕг Хуцау Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун, ӕма нӕ уомӕ гӕсгӕ фӕндуй базонун, ци нӕ гъӕуй кӕнун, цӕмӕй сугъдӕг уӕн. Йеговӕ нин уой фӕдбӕл дӕттуй хуарз унаффитӕ Левити киунуги 19 сӕри. Дзиуиттаг ахургонд Маркус Калиш ниффинста: «Еци сӕри ес дессаги гъудитӕ. Библий фиццаг фондз киунугеми ци сӕртӕ ес, уонӕй Левити 19 сӕр, ӕвӕдзи, се ’гасемӕй ӕхсидзгӕдӕр ӕй». Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн 19 сӕри цалдӕр стихемӕ ӕма радзубанди кӕнӕн, ци унаффитӕ си ес, уонӕмӕ гӕсгӕ нӕ бон куд ӕй архайун, уобӕл. Ӕма дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, аци сӕри райдайӕни ке ес уӕхӕн дзурдтӕ: «Уотӕ сугъдӕг».
10, 11. Левити 19:3 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ци гъӕуама кӕнӕн ӕма е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
10 Йеговӕ израилӕгтӕн ку ниффӕдзахста, уотӕ сугъдӕг, зӕгъгӕ, уӕд ма син загъта: «Алкедӕр уи гъӕуама тӕрса ӕ мадӕ ӕма ӕ фидӕй... Ӕз дӕн Йеговӕ, уӕ Хуцау» (Лев. 19:2, 3).
11 Аци фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕййес. Еухатт Киристей еу ӕригон нӕлгоймаг бафарста: «Хуарзӕй мӕ ци гъӕуй кӕнун, цӕмӕй ӕносон цардӕй хайгин уон?» Ӕма ин Йесо ранимадта, цӕхуӕн фӕдзӕхститӕ гъӕуама ӕнхӕст кӕна, уони. Уонӕмӕ хаудтӕй фӕдзӕхст: «Нимайӕ дӕ фидӕ ӕма дӕ мади» (Матф. 19:16–19). Уомӕй уӕлдай ма Киристе фарисейтӕ ӕма киунугидӕснитӕн бауайдзӕф кодта, еци ихӕсӕй сӕхе ке исуӕгъдӕ кодтонцӕ, уой туххӕй. Уотемӕй, дан, Хуцауи Дзурд уӕхе ӕгъдӕуттӕй баййивтайтӕ (Матф. 15:3–6). Хуцау ӕ адӕнӕн ци Дӕс фӕдзӕхсти равардта, уонӕй фӕндзӕймаг адтӕй фидӕ ӕма мади нимайуни туххӕй. Ӕма е дӕр, удта Левити 19:3 ци фӕдзӕхст ес, е дӕр «Хуцауи дзурдмӕ» хаудтӕнцӕ (Рац. 20:12). Ӕма бабӕй нӕуӕгӕй нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, 3 стихи ци фӕдзӕхст ес, е мӕнӕ аци дзурдти хуӕдфӕсте загъд ке адтӕй: «Уотӕ сугъдӕг, уомӕн ӕма ӕз дӕн сугъдӕг Хуцау – ӕз уӕ Хуцау Йеговӕ».
12. Левити 19:3 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕ бон цӕбӕл ӕй расагъӕс кӕнун?
12 Дӕхе бафӕрсӕ: «Ӕз ба мӕ ниййергути нимайун?» Кӕд ӕй балӕдӕрдтӕ, фагӕ хуарз син ке нӕ фӕдтӕ, уӕддӕр дӕ къохтӕ ма ’руадзӕ. Ци адтӕй, е адтӕй. Фал дӕ бон ӕй абонӕй фӕстӕмӕ гъуддаг раййевун. Дӕхе бафӕрсӕ: «Мӕ бон н’ адтайдӕ сӕ хӕццӕ фулдӕр рӕстӕг ӕрветун? Фӕккӕсун сӕмӕ нецӕмӕй гъӕуй, зӕгъӕн, ӕхцайӕй кенӕ ба син се ’ууӕндундзийнадӕ, удта сӕ нифс бафедар кӕнун?» Уотӕ ку архайай, уӕд Левити 19:3 финст фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕндзӕнӕ.
13. а) Левити 19:3 ма цӕхуӕн фӕдзӕхст ес? б) Нӕ бон куд ӕй Киристей хузӕн архайун? (Лукай 4:16–18).
13 Левити 19:3 Йеговӕ израилӕгтӕн загъта, ци ма сӕ кӕнун гъӕуй, цӕмӕй сугъдӕг уонцӕ: «Сабатбони туххӕй уин ци закъон равардтон, уой ӕнхӕст кӕнтӕ». Киристӕнттӕ Моисеййи закъони дӕлбарӕ нӕ ’нцӕ ӕма сӕ сабатбони туххӕй закъон дӕр ӕнхӕст кӕнун нӕ гъӕуй. Фал гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, израилӕгтӕ еци закъон ке ӕнхӕст кодтонцӕ, е син ци пайда хаста, уомӕ. Сабатбони израилӕгтӕ сӕ куститӕй уолӕфтӕнцӕ ӕма еци рӕстӕг Йегови гъуддӕгтӕбӕл харз кодтонцӕ *. Уомӕ гӕсгӕ Киристе дӕр еци бон ӕ райгурӕн горӕт Назарети ӕмбурдгӕнӕнмӕ бацудӕй ӕма адӕни рази Хуцауи Дзурд кастӕй (Рац. 31:12–15; бакӕсӕ Лукай 4:16–18). Мадта Левити 19:3 финст фӕдзӕхст мах дӕр разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй Йегови гъуддӕгтӕн аллибон дӕр фагӕ рӕстӕг хецӕн кӕнӕн. Еци гъуддаги ба дӕ зӕрдӕ нецӕмӕ дзоруй? Йегови гъуддӕгтӕн дӕ царди аккаг бунат ку уа, уӕд имӕ хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ. Ӕнӕ уомӕй ба сугъдӕг неци хузи уодзӕнӕ.
ЙЕГОВӔМӔ ХӔСТӔГДӔР КӔНӔ
14. Левити 19 сӕри цалдӕр хатти цӕхуӕн ӕхсидзгӕ гъуди финст ӕй?
14 Левити 19 сӕри цалдӕр хатти ӕмбӕлуй еу ӕхсидзгӕ гъуди. Еци гъуди ку лӕдӕрӕн, уӕд нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй уӕн сугъдӕг. 4 стих фӕууй уӕхӕн дзурдтӕй: «Ӕз дӕн Йеговӕ, уӕ Хуцау». Аци гъуди 19 сӕри ӕмбӕлуй 16 хатти ӕма нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй Дӕс фӕдзӕхстемӕй фиццаг: «Ӕз дӕн дӕ Хуцау Йеговӕ. [...] Мӕнӕй уӕлдай дин ӕндӕр хуцӕуттӕ ма уӕд» (Рац. 20:2, 3). Сугъдӕг ун ке фӕндуй, еци киристон неци хузи бауадздзӕй, цӕмӕй ин еске кенӕ ести Хуцауӕй ӕхсидзгӕдӕр исуа. Удта Йегови ном ке хӕссӕн, уомӕ гӕсгӕ ӕгас хъауритӕй архайдзиан, цӕмӕй ин ӕ ном ма фегадӕ кӕнӕн (Лев. 19:12; Ис. 57:15).
15. Левити 19 сӕри нивӕндти туххӕй ци амундтӕ ес, етӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ?
15 Йеговӕ израилӕгтӕн цидӕриддӕр закъӕнттӕ равардта, уони ку ӕнхӕст кодтайуонцӕ, уӕд бавдистайуонцӕ, сӕ Хуцаубӕл ӕй ке нимайунцӕ. Левити 18:4 финст ӕй: «Ӕнхӕст кӕнтӕ мӕ тӕрхӕнттӕ ӕма мин мӕ закъӕнттӕмӕ игъосетӕ, уонӕмӕ гӕсгӕ цӕретӕ. Ӕз дӕн Йеговӕ, уӕ Хуцау». Еци закъӕнттӕй кӕцидӕртӕ финст ӕнцӕ Левити 19 сӕри дӕр. Зӕгъӕн, 5–8, 21 ӕма 22 стихти ес амундтӕ фонси нивӕндти туххӕй. Ӕма израилӕгтӕ еци амундтӕй ескӕци ку фехалдтайуонцӕ, уӕд табуйаг ци адтӕй, уой фегадӕ кодтайуонцӕ. Аци стихтӕ мах ба цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ? Цӕмӕй Йеговӕн кади нивӕндтӕ хӕссӕн (Дзиуит. 13:15 ). Уотемӕй ин ӕ зӕрдӕ рохс кӕндзиан.
16. Левити 19 сӕри цӕхуӕн уагӕвӕрдӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ иннетӕй ке гъӕуама хецӕн кӕнонцӕ?
16 Цӕмӕй Хуцауи цӕсти сугъдӕг уӕн, уой туххӕй нӕ гъӕуама фӕндӕуа, ка ин нӕ лӕггадӕ кӕнуй, еци адӕнӕй хецӕн кӕнун. Фал е алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Гӕнӕн ес, ӕма нин скъолай, кусти кенӕ хеуӕнттӕй еске, Хуцауи зӕрдӕмӕ ци нӕ цӕуй, уӕхӕнӕй ести кӕнун кӕнонцӕ. Гъе уӕд нӕ фӕгъгъӕуй ниллух кӕнун, куд бакӕндзиан, уой. Цума нин раст унаффӕ рахӕссунмӕ ци банхус кӕндзӕй? Левити 19:19 хуарз уагӕвӕрд финст ес: «Дӕ уӕле дууӕ хузи халӕй конд дарӕс ма ’скӕнӕ». Израилӕгтӕ еци закъон ке ӕнхӕст кодтонцӕ, уой фӕрци сӕ алливарс адӕнихӕттитӕй хецӕн кодтонцӕ. Абони киристӕнтти еци закъон ӕнхӕст кӕнун нӕ гъӕуй, ӕма сӕ бон ӕй аллихузи хъумӕцтӕй конд хъӕппӕлтӕ дарун. Фал мах нӕ фӕндуй, Библимӕ гӕсгӕ ка нӕ цӕруй ӕма рӕдуд гъудитӕбӕл хуӕст ка ӕй, еци адӕни хузӕн ун, фӕнди не ’мкъласонтӕ уонцӕ, фӕнди не ’мкосгутӕ кенӕ нӕ хеуӕнттӕ. Мах уарзӕн нӕ хеуӕнтти, удта иннӕ адӕни дӕр. Фал нӕ унаффитӕй гъӕуама бӕрӕг уа, фиццагидӕр нӕ Йеговӕмӕ игъосун ке фӕндуй, кӕд уой туххӕй иннӕ адӕнӕй хецӕн кӕндзиан, уӕд дӕр. Е хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й, уомӕн ӕма куд загътан, уотемӕй, цӕмӕй Хуцауи цӕсти сугъдӕг уӕн, уой туххӕй гъӕуама хецӕнгонд уӕн (2 Кор. 6:14–16; 1 Пет. 4:3, 4).
17, 18. Левити 19:23–25 финст дзурдтӕй нӕ бон ци ӕй зундӕн райсун?
17 Дзурдтӕ, «Ӕз дӕн Йеговӕ уӕ Хуцау», зӕгъгӕ, израилӕгтӕн сӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кодтонцӕ, царди син фиццаг бунати ке гъӕуама адтайдӕ сӕ лимӕндзийнадӕ Йегови хӕццӕ. Ӕма е бӕрӕг ӕй Левити 19:23–25 финст дзурдтӕй. (Ба сӕ кӕсӕ.) Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ ку бацудӕнцӕ, уӕд син аци дзурдтӕ цӕбӕл дзорӕг адтӕнцӕ? Еске рӕзӕ бӕлӕстӕ ку ниййаразтайдӕ, уӕд си ӕртӕ анзей дӕргъи хуӕрӕн н’ адтӕй. Цуппӕрӕймаг анз ба син гъӕуама сӕ рӕзӕ Йегови ковӕндонӕмӕ ӕрбахастайуонцӕ. Ӕ рӕзӕй хуӕрӕн адтӕй ӕрмӕстдӕр фӕндзӕймаг анз. Аци закъонӕй израилӕгтӕ гъӕуама лӕдӕрдтайуонцӕ, фиццагидӕр сӕ сӕхе мӕтӕ кӕнун ке нӕ гъӕуй, уой. Гъӕуама сӕ царди фиццаг бунати ӕвардтайуонцӕ Йегови гъуддӕгтӕ ӕма ибӕл сӕ зӕрдӕ дардтайуонцӕ. Е сӕ ӕнӕ хуӕруйнагӕй нӕ ниууагътайдӕ. Удта Йегови фӕндадтӕй, цӕмӕй ин ӕ ковӕндонӕн маци ӕвгъау кодтайуонцӕ.
18 Левити 19:23–25 ци финст ес, уӕхӕн гъуди ма Киристе дӕр загъта, адӕни хонхбӕл ку ахур кодта, уӕд, «мабал мӕтӕ кӕнтӕ, ци хуӕрайтӕ ӕма ци ниуазайтӕ», уобӕл, зӕгъгӕ. Удта ма загъта: «Уӕ уӕларвон Фидӕ зонуй, етӕ уӕ еугурӕйдӕр ке гъӕунцӕ». Мӕргътӕбӕл дӕр ма ку батухсуй (Матф. 6:25, 26, 32). Мах нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕн, удта ӕнхусгъӕуагӕ ка ӕй, уонӕн банхус кӕнӕн, уомӕй уӕлдай ма ӕмбурди хӕрзтӕн дӕр нисайнӕгтӕ фӕддӕттӕн. Ӕма ци искӕнӕн, уомӕй нӕхе иннетӕн нӕ фестауӕн. Фал Йеговӕй еци гъуддӕгтӕ римӕхст нӕ ’нцӕ ӕма нин нӕ рӕдаудзийнади туххӕй ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй (Матф. 6:2–4). Рӕдау ку уӕн, уӕд бавдесдзиан, Левити 19:23–25 ци ӕхсидзгӕ гъудитӕ ес, уони хуарз ке лӕдӕрӕн.
19. Аци статьяй ци уагӕвӕрдтӕмӕ ӕркастан, уонӕй дӕ кӕцимӕй фӕндуй испайда кӕнун?
19 Аци статьяй ӕркастан Левити 19 сӕрӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕр стихемӕ ӕма базудтан, нӕ бон куд ӕй нӕ сугъдӕг Хуцауи фӕнзун, цӕмӕй мах дӕр нӕ «алли гъуддаги дӕр» уӕн сугъдӕг (1 Пет. 1:15). Хуӕрзӕгъдау цард ку кӕнӕн, уӕд уой иннетӕ дӕр уиндзӕнцӕ ӕма Хуцауи кадгин кӕндзӕнцӕ (1 Пет. 2:12). Фал ма Левити 19 сӕри ес ӕндӕр хуарз гъудитӕ дӕр. Уонӕмӕ ба ӕркӕсдзиан иннӕ статьяй ӕма базондзиан, нӕ царди иннӕ фӕззелӕнти нӕ бон куд ӕй 1 Петури 1:15 финст фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайун.
80 ЗАР «Ба ’й ӕвзарӕ ӕма ’й фӕууинӕ, Йеговӕ куд хуарз ӕй, уой»
^ 5 абз. Мах Йегови уарзӕн ӕма нӕ фӕндуй, цӕмӕй ни арази уа. Йеговӕ ӕй Сугъдӕг Хуцау, ӕма махӕй дӕр уой агоруй. Фал цума ӕнӕнхӕст адӕнӕн сӕ бон ӕй сугъдӕг ун? Гъо. Кутемӕй? Цӕмӕй уой базонӕн, уой туххӕй гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, апостол Петур киристӕнттӕн ци ниффӕдзахста, уомӕ, удта Йеговӕ рагон израилӕгтӕн ци закъӕнттӕ равардта, уонӕмӕ дӕр.
^ 13 абз. Сабатбони закъонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уой туххӕй фулдӕр бакӕсӕн ес статьяй «„Ес ӕхе афонӕ“ косунмӕ ӕма уолӕфунмӕ», 2019 анзи декабри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и.