Кӕсгути фарстатӕ
Йегови Ӕвдесӕнтӕ цӕхӕун цӕстӕй кӕсунцӕ, базонгӕ унмӕ ке искӕнунцӕ, уӕхӕн сайттӕмӕ?
Йегови хъӕбӕр фӕндуй, цӕмӕй ӕ цард ка байеу кодта, дууӕ уӕхӕн адӕймаги амондгун уонцӕ ӕма макӕд рахецӕн уонцӕ (Матф. 19:4–6). Кӕд ду дӕр амондагор дӕ, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй хуарз цардӕмбал иссерун? Йеговӕ не Сфӕлдесӕг ӕй, ӕма дин еци гъуддаги уомӕй хуӕздӕр неке банхус кӕндзӕй. Ци унаффитӕ ӕма уагӕвӕрдтӕ дӕттуй, уонӕй цардӕмбал ӕвзаргӕй дӕр ӕма фӕстӕдӕр ба бийнонти царди дӕр ку пайда кӕнай, уӕд уодзӕнӕ ӕцӕг амондгун. Гъӕйдӕ еци уагӕвӕрдтӕй цалдӕремӕ ӕркӕсӕн.
Фиццагидӕр бал гъӕуама нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн еу гъуддаг: «Зӕрдӕй мӕнгарддӕр ӕма фидбилиздӕр неци ес» (Йер. 17:9). Дууӕ адӕймаги ӕмбӕлун ку райдайунцӕ, уӕд арӕх сӕ гӕлӕбутӕ истӕхунцӕ ӕма рӕстмӕ сагъӕс кӕнун нӕбал фӕззонунцӕ. Уотемӕй сӕ цард ка байеу кӕнуй, етӕ арӕхдӕр фӕффудӕнгъӕл унцӕ (Ӕмб. 28:26). Уомӕ гӕсгӕ раст н’ адтайдӕ зӕрди фӕдбӕл цӕун ӕма цалинмӕ кӕрӕдзей дзӕбӕх нӕ базонайтӕ, уӕдмӕ кӕрӕдземӕн естӕмӕйти зӕрдитӕ ӕвӕрун.
Ӕмбесӕндти 22:3 финст ӕй: «Лӕдӕргӕ адӕймаг фидбилиз уинуй ӕма си ӕхе хезуй, ӕвӕлтӕрдтӕ ба размӕ цӕунцӕ ӕма бӕллӕхи бахаунцӕ». Гъигагӕн беретӕ сӕхебӕл балӕдӕрдтӕнцӕ, дӕхецӕн цардӕмбал интернети ку агорай, уӕд е хуарзӕй ке нецӕмӕ ӕркӕнуй. Уӕхӕн сайтти ке хӕццӕ базонгӕ унцӕ, етӕ арӕх цъамар адӕн разиннунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма уӕхӕн сайттӕй беретӕ фӕппайда кӕнунцӕ, цӕмӕй адӕнӕй ӕхца сайонцӕ. Кадӕртӕ си сӕхе Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕр исхонунцӕ.
Ӕркӕсӕн ма еу гъуддагмӕ дӕр. Адӕймагӕн ӕмбал равзаруни туххӕй уӕхӕн сайттӕн ӕргъуди кӕнунцӕ цӕхуӕндӕр математикон алгоритмтӕ. Фал еци алгоритмтӕ раст ке косунцӕ, уомӕн бӕлвурдгӕнӕнтӕ нӕййес. Адӕн ке ’ргъуди кодтонцӕ, уӕхӕн формулити барӕ бакӕндзӕнӕ дӕ цард? Уотӕ дӕмӕ кӕсуй ӕма Библий уагӕвӕрдтӕй хуӕздӕр ӕнцӕ? (Ӕмб. 1:7; 3:5–7).
Еу ма уагӕвӕрд финст ӕй Ӕмбесӕндти 14:15: «Ӕвӕлтӕрд алли дзурдбӕл дӕр ӕууӕндуй, лӕдӕргӕ адӕймаг ба сагъӕс кӕнуй ӕ къахдзӕфтӕбӕл». Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, алкедӕр фӕффӕндуй адӕймаги хуӕздӕр базонун, цалинмӕ ӕ хӕццӕ цард нӕ байеу кодта уӕдмӕ. Фал интернети фӕрци е хъӕбӕр зин уодзӕй. Кӕд кӕрӕдземӕ берӕ фӕффинсетӕ, уӕддӕр цума уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма кӕрӕдзей ӕцӕгӕйдӕр зонетӕ? Уотӕ кӕмӕ фӕккӕсуй, ӕма ӕ амонд иссирдта, уонӕй беретӕ фӕстӕдӕр хъӕбӕр фӕффудӕнгъӕл унцӕ, адӕймаг царди цӕхуӕн ӕй, уой ку фӕууинунцӕ, уӕд.
Псаломзаргӕнӕг загъта: «Ӕз некӕд бадтӕн мӕнгард адӕни хӕццӕ ӕма, е ’цӕг цӕсгон ка римӕхсуй, уони хӕццӕ нӕ лимӕн кӕнун» (Пс. 26:4). Беретӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма сӕхе туххӕй еу минкъий мӕнгӕттӕ ку рафинсонцӕ, уӕд уоми лӕгъузӕй неци ес. Цӕмӕй иннети зӕрдӕмӕ фӕццӕуонцӕ, уой туххӕй дзӕбӕх цидӕртӕ рафинсдзӕнцӕ, лӕгъуз цӕйдӕрти кой ба не ’скӕндзӕнцӕ. Еуӕй-еуетӕ ма сӕхе Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕр исхонунцӕ. Фал цума ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й? Донаргъуд райстонцӕ? Фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исхонӕн сӕ ес? Йегови ӕцӕгӕй уарзунцӕ? Ӕмбурди син хуарз ном ес? Лӕгъуз зундбӕл дӕ ка араза, уӕхӕн ӕмбӕлттӕ дин нӕ разиндзӕнцӕ? (1 Кор. 15:33; 2 Тим. 2:20, 21). Библимӕ гӕсгӕ син бийнонтӕ искӕнуни барӕ ес? Атӕ хъӕбӕр ӕхсидзгӕ фарстатӕ ’нцӕ. Фал сӕбӕл дзуапп нӕ базондзӕнӕ, цалинмӕ, адӕймаги дзӕбӕх ка зонуй, уӕхӕн Ӕвдесӕнти хӕццӕ нӕ радзубанди кӕнай, уӕдмӕ (Ӕмб. 15:22). Удта ибӕл дзубанди дӕр нӕййес, Йеговӕбӕл еузӕрдон ка ӕй, уӕхӕн адӕймаг «ӕхе еу ӕфсойни нӕ байефтиндздзӕй», Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг ка нӕй, уой хӕццӕ (2 Кор. 6:14; 1 Кор. 7:39).
Бӕрӕг ӕй, дӕ амонд интернети ку агорай, уӕд дӕ е хуарзӕй ке нецӕмӕ ӕркӕндзӕй. Мадта уӕд, цардӕмбалӕн дин ка исбӕзза, уӕхӕн адӕймаги иссерӕн кӕми ес? Устур фембӕлдтӕ рауадзӕн ку фӕууй, уӕд Йегови Ӕвдесӕнтӕ базонгӕ унцӕ ӕмбурдти, конгрессти кенӕ, ӕнӕуой рабадунмӕ ку ӕрӕмбурд унцӕ, уӕд.
Къуӕрттӕй ӕмбурд кӕнӕн ку нӕ фӕууй, зӕгъӕн, COVID-19 пандемийи рӕстӕг, уӕд не ’мбурдтӕ рауадзӕн видеосвязӕй. Уотемӕй дӕр Йегови Ӕвдесӕнти бон ӕй базонгӕ ун, уони хузӕн амондагор ка ӕй, уони хӕццӕ. Ӕмбурдти ӕй фӕууиндзӕнӕ, дӕ зӕрдӕмӕ ка фӕццудӕй, еци адӕймаг ӕ ихӕслӕвӕрдтӕ куд бацӕттӕ кӕнуй кенӕ дзуӕппитӕ куд фӕддӕттуй, уой (1 Тим. 6:11, 12). Уомӕй уӕлдай ма ӕмбурди фӕсте дӕр минкъийдӕр къуӕрттӕй радзубандитӕ кӕнун фенгъезуй. Йегови Ӕвдесӕнтӕ ма ӕндӕр рӕстӕг дӕр къуарӕй кӕрӕдземӕ уотид радзорунцӕ, ӕма уӕд дӕр ӕнгъезуй ӕркӕсун, адӕймаг ӕхе куд даруй ӕма иннети хӕццӕ куд дзоруй, уомӕ (1 Пет. 3:4). Рӕстӕг рацӕудзӕй ӕма ’й хуӕздӕр балӕдӕрдзӕнӕ, ӕмхузӕн нисӕнттӕ уин ес ӕви нӕ, удта кӕрӕдзей хӕццӕ федаудзиайтӕ ӕви нӕ, уой дӕр.
Цардӕмбал агоргӕй киристӕнттӕ Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку архайонцӕ, уӕд сӕ бийнонти цард уодзӕй, Ӕмбесӕндти 18:22 куд финст ӕй, уотӕ: «Иссирдтай устур хуарздзийнадӕ ӕма хайгин дӕ Йегови хуарзӕнхӕй».