19 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Кӕдзосзӕрдӕ адӕни неци бакъулумпи кӕндзӕй
«Дӕ закъон дин ка уарзуй, етӕ исхайгин ӕнцӕ берӕ фарнӕй, ӕма син нӕййес цӕлхдор» (ПС. 119:165).
122 ЗАР Федар, ӕнӕфӕккеугӕ уотӕ!
РАЗДЗУРД *
1, 2. Еу социолог ци загъта ӕма аци статьяй цӕбӕл радзубанди кӕндзиан?
АБОНИ хъӕбӕр беретӕ фӕззӕгъунцӕ, ӕз Киристебӕл ӕууӕндун, зӕгъгӕ, фал е сӕ цардӕй бӕрӕг нӕ фӕууй (2 Тим. 4:3, 4). Еу социолог загъта: «Нур, зӕгъгӕ, Киристе нӕуӕгӕй зӕнхӕмӕ ӕрцудӕй ӕма фиццаг ӕноси адӕни куд ахур кодта, уотӕ сӕ ахур кӕнуй, уӕд имӕ цума адӕн хуӕздӕр цӕстӕй ракӕсдзӕнцӕ? Ӕвӕдзи, нӕ».
2 Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд ин ӕ ахурӕдтӕ беретӕ фегъустонцӕ, удта ци дессӕгтӕ ӕвдиста, уони дӕр фӕууидтонцӕ, фал ибӕл уӕддӕр нӕ баууӕндтӕнцӕ. Айразиккон статьяй базудтан, цӕхуӕн цуппар гъуддаги сӕ хъор кодта, уой. Аци статьяй ма никкидӕр цуппар гъуддагемӕ ӕркӕсдзиан. Уомӕй уӕлдай ма базондзиан, абони дӕр Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕмӕ адӕн цӕмӕннӕ игъосунцӕ, уой, удта нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ма фӕкъкъулумпи уӕн.
1. ЙЕСО НЕКЕ ГЪОЛОН КОДТА
3. Еуӕй-еу адӕн Йесобӕл цӕмӕннӕ баууӕндтӕнцӕ?
3 Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд аллихузи адӕнбӕл ӕмбалдӕй. Хъал ӕма баргин адӕни хӕццӕ дӕр еу фингӕбӕл бадтӕй, удта мӕгур ӕма цардӕфхуӕрд адӕни хӕццӕ дӕр берӕ рӕстӕг ӕрвиста. Уомӕй уӕлдай ма адӕни астӕу тӕрегъӕдгунбӕл нимад ка адтӕй, уонӕй дӕр ӕхе нӕ еуварс кодта. Ӕма е сӕрбӕрзонд адӕнӕн цӕлхдор иссӕй. Еухатт ӕ ахуркӕнуйнӕгти бафарстонцӕ: «Хъалонесгути ӕма тӕрегъӕдгунти хӕццӕ еу фингӕбӕл цӕмӕн бадетӕ?» Йесо ба син загъта: «Дохтир сӕйгити гъӕуй, ӕнӕнез ка ӕй, уони нӕ, фал. Ӕз фӕсмонмӕ ӕрседунмӕ рӕстгӕнгутӕмӕ не ’рцудтӕн, фал тӕрегъӕдгунтӕмӕ» (Лук. 5:29–32).
4. Дзиуиттӕгтӕ Исаййи пахампарадӕй Киристей туххӕй ци гъӕуама зудтайуонцӕ?
Ис. 53:3). Дзиуиттӕгтӕ ’й зудтонцӕ, аци пахампарадӕмӕ гӕсгӕ «адӕн» Киристебӕл ке нӕ баууӕнддзӕнцӕ. Ӕма ибӕл ӕцӕгӕйдӕр ке не ’ууӕндтӕнцӕ, уой уингӕй гъӕуама естӕбӕл ӕрсагъӕс кодтайуонцӕ.
4 Библий ци финст ес? Пахампар Исай ниффинста: «Адӕн ӕй ӕппундӕр нецӕмӕ дардтонцӕ, сӕхе си идард ластонцӕ... Мах си нӕхе иннердӕмӕ разелианӕ, цӕмӕй ин ӕ цӕсгон ма уинӕн. Ӕппундӕр ӕй нецӕмӕ дардтан ӕма ’й нецӕййагбӕл нимадтан» (5. Абони беретӕ Йесой фӕдбӕлдзӕугутӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ?
5 Абони ба хабар куд ӕй? Дини разамонгутӕй беретӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, хъал ӕма баргин адӕн сӕмӕ ку ӕрбацӕуй, уӕд. Ӕма син уӕлдай нӕ фӕууй, цӕхуӕн цард кӕнунцӕ, е. Йеговӕн ӕгас зӕрдӕй ка лӕггадӕ кӕнуй ӕма ин ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ка цӕруй, уони ба сӕ сӕрмӕ нӕ фӕххӕссунцӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма Йегови лӕггадгӕнгутӕн аци дуйней цӕсти кадӕ нӕййес. Павел дӕр загъта, Хуцау ӕхецӕн «дуйней цӕсти ӕнӕзунд ка ӕй», уони ке равзаруй (1 Кор. 1:26–29). Фал нӕмӕ адӕн цийфӕнди цӕстӕй ма кӕсонцӕ, уӕддӕр ӕй зонӕн, Йегови цӕсти нин устур аргъ ке ес.
6. Йесо Матфеййи 11:25, 26 цӕхуӕн дзурдтӕ загъта ӕма ’й нӕ бон куд ӕй фӕнзун?
6 Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ма фӕкъкъулумпи уай? (Бакӕсӕ Матфеййи 11:25, 26.) Ма бауадзӕ, цӕмӕй аци дуйне Хуцауи лӕггадгӕнгутӕмӕ ци цӕстӕй кӕсуй, е дӕубӕл дӕр рабӕрӕг уа. Йеговӕ ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ ӕрмӕстдӕр сӕрниллӕг адӕнӕй пайда кӕнуй (Пс. 138:6). Расагъӕс кӕнӕ, цӕйбӕрцӕ цидӕртӕ искодта, аци дуйней цӕсти «ӕнӕзунд» ка ӕй, еци адӕни фӕрци.
2. ЙЕСО ДЗУРДТА МӔНГӔ АХУРӔДТИ НИХМӔ
7. Йесо фарисейти «дудзӕсгӕнттӕ» цӕмӕн худта ӕма имӕ ци цӕстӕй ракӕсиуонцӕ?
7 Йесо ӕргом дзурдта, уӕди рӕстӕги ци дини ӕгъдӕуттӕ адтӕй, етӕ Йегови цӕсти раст ке н’ адтӕнцӕ, уобӕл. Зӕгъӕн, фарисейти ӕргом исхонидӕ «дудзӕсгӕнттӕ», уомӕн ӕма сӕ къохтӕ куд нихснонцӕ, уобӕл куд тухстӕнцӕ, уотӕ сӕ ниййергутӕбӕл нӕ тухстӕнцӕ (Матф. 15:1–11). Йесой дзурдтӕ, ӕвӕдзи, ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕмӕ дессаг фӕккастӕнцӕ, ӕма ’й уомӕ гӕсгӕ бафарстонцӕ: «Зонис ӕй, дӕ дзурдтӕ фарисейтӕн гъулӕг ке адтӕнцӕ?» Йесо ба син загъта: «Мӕ уӕларвон Фидӕ ке нӕ ниссагъта, еци зайӕгой ӕд едагӕ истондзӕнцӕ. Уадзетӕ сӕ. Етӕ ӕнцӕ хъӕрӕу разамонгутӕ. Ӕма хъӕрӕу хъӕрӕуи ку хона, уӕд дууемӕй дӕр къагъди ниххаудзӕнцӕ» (Матф. 15:12–14). Йесо ӕй зудта, дини разамонгутӕ имӕ мӕстгун ке кӕнунцӕ, фал син уӕддӕр ӕ зӕгъуйнаг зӕгъидӕ.
8. Йесо куд балӕдӕрун кодта дини ахурӕдтӕ еугурӕй раст ке нӕ ’нцӕ?
8 Йесо ма син ӕргом дзурдта сӕ дини ахурӕдтӕй кӕцидӕртӕ раст ке н’ адтӕнцӕ. Е уотӕ некӕд загъта, ӕма си Хуцауӕн неци уӕлдай ес, куд имӕ ковай, уомӕй. Исӕфтмӕ ка кӕнуй, еци уӕрӕх надбӕл, дан, беретӕ цӕунцӕ, цардмӕ ка кӕнуй, еци над ба, дан, беретӕ не ’ссерунцӕ (Матф. 7:13, 14). Йесо балӕдӕрун кодта, ӕхе Хуцауи лӕггадгӕнӕг ка хонуй, уонӕй ин беретӕ ӕцӕгӕй ке нӕ фӕллӕггадӕ кӕнунцӕ. Уотӕ дӕр ма загъта: «Уӕхе гъӕуай кӕнтӕ мӕнгӕ пахампартӕй – етӕ уӕмӕ ӕрбацӕунцӕ фуси цари, медӕгӕй ба ӕнцӕ берӕгътӕ. Сӕ гъуддӕгтӕй сӕ базондзиайтӕ» (Матф. 7:15–20).
9. Йесо цӕхуӕн ахурӕдти нихмӕ дзурдта?
9 Библий ци финст ес? Библий пахампарӕдтӕй Пс. 69:9; Иоан. 2:14–17). Йесо мӕнгӕ ахурӕдти ӕма дини ӕгъдӕутти нихмӕ ӕргом дзурдта. Зӕгъӕн, фарисейтӕ дзурдтонцӕ, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уод ке ес, Йесо ба дзурдта, ка рамӕлуй, етӕ мӕрдвунӕй ке баунцӕ (Иоан. 11:11). Саддукейтӕ райгасдзийнадӕбӕл не ’ууӕндтӕнцӕ, Йесо ба Лазӕри райгас кодта (Иоан. 11:43, 44; Гъуд. 23:8). Фарисейтӕ дзурдтонцӕ, адӕймагӕн Хуцауӕй лӕвӕрд ци ӕй, е ке уодзӕй, Йесо ба дзурдта, адӕймагӕн ӕхе бон ке ӕй равзарун, Хуцауӕн лӕггадӕ кӕндзӕй ӕви нӕ (Матф. 11:28).
еуеми финст ӕй, Киристе Хуцауи хӕдзарӕбӕл ке тухсдзӕй (10. Мах адӕнӕн ци фӕдздзорӕн, е беретӕн къахкъуӕрӕн цӕмӕн исуй?
10 Абони ба хабар куд ӕй? Беретӕ нӕмӕ нӕ фегъосунцӕ, уомӕн ӕма ӕргом фӕдздзорӕн, динтӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ, етӕ Библимӕ гӕсгӕ раст ке нӕ ’нцӕ. Зӕгъӕн, саугинтӕ фӕдздзорунцӕ, Хуцау, дан, лӕгъуз адӕни зиндони арти содзуй. Уотӕ сӕ фӕндуй, цӕмӕй адӕн тӕрсонцӕ ӕма уони ци фӕндуй, уой кӕнонцӕ. Мах ба ан, адӕни ка уарзуй, еци Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ ӕма ӕргом дзорӕн, еци ахурадӕ Библимӕ гӕсгӕ раст ке нӕй. Саугинтӕ ма фӕззӕгъунцӕ, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уод ке ес, мах ба ӕргом дзорӕн, еци ахурадӕ Библийӕй ке нӕй. Уотӕ ку адтайдӕ, уӕд нин Хуцау райгасдзийнадӕй зӕрдӕ нӕ байвардтайдӕ. Кӕцидӕр динтӕ ба уотӕ фӕззӕгъунцӕ, ӕма адӕймагӕн ӕ цард ӕ тӕрнихбӕл финст ӕй. Мах ба еци ахурадӕбӕл ӕууӕндгӕ дӕр нӕ кӕнӕн, удта адӕнӕн фӕдздзорӕн адӕймагӕн ӕ цард ӕхе барӕ ке ӕй, ӕма Хуцауӕн лӕггадӕ кӕндзӕй ӕви нӕ, е ӕхецӕй кӕнгӕ ӕй. Дини разамонгутӕ нӕмӕ уой туххӕй мӕстӕй тонунцӕ.
11. Йесо Иоанни 8:45–47 ци дзурдтӕ загъта, уомӕ гӕсгӕ Хуцау ӕ лӕггадгӕнгутӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
11 Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ма фӕкъкъулумпи уай? Рӕстдзийнадӕ ку уарзӕн, уӕд Хуцау ци дзоруй, уомӕ игъосдзиан. (Бакӕсӕ Иоанни 8:45–47.) Мах Сайтани хузӕн рӕстдзийнадӕ некӕд ниууадздзиан. Удта цӕбӕл ӕууӕндӕн, цӕргӕ дӕр уомӕ гӕсгӕ кӕндзиан (Иоан. 8:44). Хуцау ӕ лӕггадгӕнгутӕн зӕгъуй: «Лӕгъуздзийнадӕй уе ’сӕфт уинетӕ, хуарз ци ӕй, уобӕл ба федар хуӕцетӕ». Киристе дӕр уотӕ цардӕй (Ром. 12:9; Дзиуит. 1:9).
3. ЙЕСО ӔФХУӔРД ӔЙЙАФТА
12. Дзиуиттӕгтӕй беретӕ Йесой Мессийӕбӕл цӕмӕннӕ банимадтонцӕ?
12 Фиццаг ӕноси дзиуиттӕгтӕн ма къахкъуӕрӕн ци иссӕй? Павел загъта: «Мах игъосун кӕнӕн, гъӕдӕбӕл ке ниййауигътонцӕ, еци Киристей туххӕй. Еци хабар дзиуиттӕгтӕн ӕй къахкъуӕрӕн, иннӕ адӕнӕн ба – ӕнӕзунддзийнадӕ» (1 Кор. 1:23). Дзиуиттӕгтӕ Йесой Мессийӕбӕл нӕ банимадтонцӕ, уомӕн ӕма ’й гъӕдӕбӕл рамардтонцӕ. Гъӕдӕбӕл ба уӕди рӕстӕги фудгӕнгути рамариуонцӕ (Дук. з. 21:22, 23).
13. Дзиуиттӕгтӕй беретӕ цӕбӕл нӕ баууӕндтӕнцӕ?
13 Дзиуиттӕгтӕй беретӕ нӕ баууӕндтӕнцӕ, Йесойӕн хӕран тӕрхон ке искодтонцӕ ӕма, ӕ нихмӕ цитӕ дзурдтонцӕ, етӕ мӕнгӕттӕ ке адтӕнцӕ. Раст тӕрхонӕн си ӕ кой дӕр н’ адтӕй. Дзиуиттаг сӕйраг тӕрхондони лӕгтӕ рамбурд ӕнцӕ ӕма ин тагъд-тагъдӕй ратӕрхон кодтонцӕ (Лук. 22:54; Иоан. 18:24). Мӕнгӕ ’вдесӕнтӕ дӕр ма агурдтонцӕ Йесой нихмӕ. Уомӕй ку неци рауадӕй, удта хестӕр саугин байархайдта, цӕмӕй Йесо ӕхуӕдӕг загътайдӕ, ӕ нихмӕ ин цӕмӕй испайда кодтайуонцӕ, уӕхӕн ести (Матф. 26:59; Мар. 14:55–64). Йесо ку райгас ӕй, уӕд еци цъамар тӕрхонгӕнгутӕ ромаг ӕфсӕддонтӕн ӕхца бафистонцӕ ӕма син загътонцӕ, дзӕппазӕ ревӕд цӕмӕн ӕй, уобӕл, дан, уӕ еске ку фӕрса, уӕд зӕгъдзиайтӕ: «Ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ӕрбацудӕнцӕ ӕма ин ӕ мард радавтонцӕ» (Матф. 28:11–15).
14. Мессийи мӕлӕти туххӕй пахампаради ци финст адтӕй?
14 Библий ци финст ес? Беретӕ ’й нӕ зудтонцӕ, Киристей рамӕлун ке гъӕудзӕй, уой. Фал пахампарӕдтӕй еуеми финст адтӕй: «Е ӕ уод равардта мӕлӕтмӕ ӕма ’й Ис. 53:12). Уомӕ гӕсгӕ Йесой фудгӕнӕги мард ке ракодтонцӕ, е син рӕуонӕ н’ адтӕй, цӕмӕй ӕй Мессийӕбӕл ма банимадтайуонцӕ.
банимадтонцӕ фудгӕнӕгбӕл. Е фӕххаста берети тӕрегъӕдтӕ ӕма хуӕстӕй фудгӕнгути сӕрбӕл» (15. Еуӕй-еуетӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕбӕл цӕмӕн не ’ууӕндунцӕ?
15 Абони ба хабар куд ӕй? Йесой ӕнӕфудӕй куд бафхуардтонцӕ, уотӕ абони дӕр Йегови Ӕвдесӕнти ӕфхуӕрунцӕ. Ӕркӕсӕн цалдӕр хабаремӕ. 1930 ӕма 1940 ӕнзти Еугонд Штатти еу ӕма дууӕ хатти тӕрхондонӕмӕ гъаст нӕ балӕвардтан, цӕмӕй нин Хуцауӕн сӕребарӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ барӕ равардтайуонцӕ. Фал еуӕй-еу тӕрхонгӕнгути зӕрдӕмӕ нӕ цудан, ӕма уомӕ гӕсгӕ нӕ нихмӕ ӕргом архайдтонцӕ. Канади ба Квебек провинций католикон аргъауӕн ӕма хецауадӕ сӕ хъауритӕ байеу кодтонцӕ, цӕмӕй нин нӕ игъосун кӕнуни гъуддаг ӕрлӕуун кодтайуонцӕ. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ахӕстдӕнтти исбадун кӕниуонцӕ. Нацистон Германий ба ӕригон ӕнсувӕртӕй берети маргӕ дӕр ракодтонцӕ. Фӕстаг ӕнзти ба Уӕрӕсей Йегови Ӕвдесӕнти ахӕстдӕнтти исбадун кӕнунцӕ, адӕни хӕццӕ Библибӕл ке фӕдздзорунцӕ, уой туххӕй. Уӕхӕн темитӕбӕл дзорун сӕмӕ экстремистон гъуддагбӕл нимад ӕй. Уруссаг ӕвзагбӕл «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац» дӕр ма экстремистон киунугӕбӕл банимадтонцӕ, Хуцауи ном финст си ке ес, уой туххӕй.
16. 1 Иоанни 4:1 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕбӕл ци мӕнгӕттӕ фегъосӕн, етӕ нӕ цӕмӕннӕ гъӕуама къулумпи кӕнонцӕ?
16 Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ма фӕкъкъулумпи уай? Гъуддагмӕ дӕхуӕдӕг лӕмбунӕг ӕркӕсӕ. Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн загъта, адӕн сӕбӕл аллихузи мӕнгӕттӕ ке имисдзӕнцӕ (Матф. 5:11). Етӕ еугурӕйдӕр Сайтани миутӕ ’нцӕ. Ӕма нин нӕ хуарз ном фегадӕ кӕнун ке фӕндуй, етӕ дӕр уой зундӕй архайунцӕ (Рарг. 12:9, 10). Мах гъӕуама еци мӕнгӕттӕмӕ ма игъосӕн, удта си тӕрсгӕ дӕр гъӕуама ма кӕнӕн, цӕмӕй не ’ууӕндундзийнадӕ ма ӕрлӕмӕгъ уа. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 4:1.)
4. ЙЕСОБӔЛ ГАДЗИРАХАТТӔЙ РАЦУДӔНЦӔ, Е ’МБӔЛТТӔ БА ’Й НИУУАГЪТОНЦӔ
17. Киристей мӕлӕти размӕ ци ӕрцудӕй, уомӕ гӕсгӕ еуӕй-еуетӕ куд расагъӕс кодтайуонцӕ?
17 Ӕ мӕлӕти размӕ Йесой ӕ апостолтӕй сӕ еу рауӕйӕ кодта. Иннӕ ба си ӕртӕ хатти загъта, нӕ ’й зонун, зӕгъгӕ. Ма ма ’й еци изӕр иннӕ апостолтӕ дӕр ниууагътонцӕ (Матф. 26:14–16, 47, 56, 75). Фал уотӕ ке рауайдзӕй, уой Йесо ӕхуӕдӕг дӕр дзурдта (Иоан. 6:64; 13:21, 26, 38; 16:32). Ка ’й зонуй, кӕмӕндӕрти еци хабӕрттӕ цӕлхдор иссӕнцӕ. Ӕвӕдзи, расагъӕс кодтонцӕ, кӕд апостолтӕ уотӕ бакодтонцӕ, уӕд нин сӕ хӕццӕ неци кустаг ес, зӕгъгӕ.
18. Йесобӕл ӕ мӕлӕти размӕ ци пахампарӕдтӕ исӕнхӕст ӕнцӕ?
18 Библий ци финст ес? Цалдӕр сӕдӕ анзи раздӕр Йеговӕ ӕ Дзурди ниффинсун кодта Мессийи 30 ӕвзестӕ ӕхцабӕл ке рауӕйӕ кӕндзӕнцӕ (Зах. 11:12, 13). Ка ’й рауӕйӕ кӕндзӕй, е ба е ’мбӕлттӕй сӕ еу ке уодзӕй (Пс. 41:9). Уомӕй уӕлдай ма пахампар Захари ниффинста: «Фиййауи ӕрцӕвӕ, ӕма фусти дзогӕ аллирдӕмӕти фӕлледздзӕй (Зах. 13:7). Мадта кӕдзосзӕрдӕ адӕнӕн, Киристебӕл ци ’рцудӕй, е къахкъуӕрӕн не ’ссайдӕ. Етӕ ’й балӕдӕрдтайуонцӕ, уотемӕй пахампарӕдтӕ ке ӕнхӕст кӕнунцӕ ӕма ибӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндтайуонцӕ.
19. Кӕдзосзӕрдӕ адӕн ци зонунцӕ?
19 Абони ба хабар куд ӕй? Мах рӕстӕги дӕр, беретӕ ке зонунцӕ, уӕхӕн Ӕвдесӕнтӕй кадӕртӕ рӕстдзийнадӕ ниууагътонцӕ, ӕма ма иннети дӕр сӕ фӕдбӕл ракӕнунмӕ гъавтонцӕ. Етӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕбӕл аллихузи мӕнгӕттӕ имисунцӕ, ӕма сӕ удта телевизори равдесунцӕ кенӕ сӕ интернети рауадзунцӕ. Фал кӕдзосзӕрдӕ адӕни е нӕ къулумпи кӕнуй, уомӕн ӕма ’й уинунцӕ, уотемӕй Библий пахампарӕдтӕ ке ӕнхӕст кӕнунцӕ (20. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй, рӕстдзийнадӕ ка ниууагъта, уони фӕдбӕл ма рацӕуӕн? (2 Тим. 4:4, 5).
20 Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ма фӕкъкъулумпи уай? Гъӕуй алли бон дӕр Библи кӕсун ӕма ’й ӕртасун, удта ковун ӕма нин Йеговӕ ци гъуддаг баихӕс кодта, еци гъуддаги зингзӕрдӕй архайун. (Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 4:4, 5.) Не ’ууӕндундзийнадӕ федар ку уа, уӕд, Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй ци мӕнгӕттӕ дзорунцӕ, етӕ нин цӕлхдор некӕд исуодзӕнцӕ (Ис. 28:16). Йегови, ӕ Дзурд, удта нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ку уарзӕн, уӕд рӕстдзийнадӕ ка ниууагъта, уони фӕдбӕл некӕд рацӕудзиан.
21. Кӕд абони фулдӕр адӕн, ци хабар хӕссӕн, уомӕ не ’гъосунцӕ, уӕддӕр федарӕй нӕ бон цӕбӕл ӕй ӕууӕндун?
21 Фиццаг ӕноси Йесобӕл беретӕ нӕ баууӕндтӕнцӕ. Фал ибӕл ка баууӕндтӕй, етӕ дӕр минкъий н’ адтӕнцӕ. Сӕ астӕу адтӕй дзиуиттаг Сӕйраг тӕрхондони лӕгтӕй сӕ еу ӕма саугинтӕй дӕр беретӕ (Гъуд. 6:7; Матф. 27:57–60; Мар. 15:43). Абони дӕр милиуангай адӕн Киристей фӕдбӕл цӕунцӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма Библий рӕстдзийнадӕ зонунцӕ ӕма ин аргъ кӕнунцӕ. Хуцауи Дзурди финст ӕй: «Дӕ закъон дин ка уарзуй, етӕ исхайгин ӕнцӕ берӕ фарнӕй, ӕма син нӕййес цӕлхдор» (Пс. 119:165).
124 ЗАР Алкӕддӕр еузӕрдон уӕн
^ 5 абз. Айразиккон статьяй ӕркастан, фиццаг ӕноси адӕн Йесобӕл цӕмӕннӕ баууӕндтӕнцӕ ӕма абони дӕр адӕн ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕмӕ цӕмӕннӕ игъосунцӕ цуппар уӕхӕн гъуддагемӕ. Уотӕ цӕмӕн ӕй, уой фӕдбӕл ма аци статьяй никкидӕр цуппар гъуддагемӕ ӕркӕсдзиан. Удта базондзиан, Йегови ка уарзуй, етӕ Киристей фӕдбӕл федарӕй цӕй фӕрци цӕунцӕ, уой.