11 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Хуцауи Дзурд нин хъауритӕ дӕттуй
«Раздӕр цидӕриддӕр финст ӕрцудӕй, е ба финст ӕрцудӕй махӕн зунд байамонунмӕ, цӕмӕй нӕмӕ нӕ федардзийнади фӕрци ӕма, Финстадӕ ци уодӕнцойнӕ дӕттуй, уой фӕрци уа нифс» (РОМ. 15:4).
94 ЗАР Боз ан Хуцауи Дзурди туххӕй
РАЗДЗУРД *
1. Йегови лӕггадгӕнгутӕ цӕхуӕн фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ?
КА ’Й ЗОНУЙ, цӕхуӕндӕр фӕлварӕнбӕл исӕмбалдтӕ. Зӕгъӕн, ӕмбурди кӕбӕлдӕр хъӕбӕр фӕззӕрдихудт дӕ (Иак. 3:2). Кенӕ дӕбӕл скъолай кенӕ кусти ходунцӕ, Йеговӕн ке лӕггадӕ кӕнис, уой туххӕй (1 Пет. 4:3, 4). Кенӕ ба дӕ хеуӕнттӕ дӕ нихмӕ рацудӕнцӕ, цӕмӕй ӕмбурдтӕмӕ мабал цӕуай ӕма цӕбӕл ӕууӕндис, уой туххӕй иннетӕн мабал дзорай (Матф. 10:35, 36). Кӕд дӕ уавӕр хъӕбӕр зин ӕй, уӕд дӕмӕ, гӕнӕн ес, ӕма уотӕ кӕсун дӕр райдайа, ӕма Йеговӕн ку нӕбал лӕггадӕ кӕнай, уӕд дин фенцондӕр уодзӕй. Фал ӕй зонӕ, цийфӕнди уавӕри дӕр дин Йеговӕ зунд ратдзӕй, цӕмӕй дӕ бон уа раст унаффӕ рахӕссун, удта дин хъаурӕ дӕр ратдзӕй, цӕмӕй дӕ къохтӕ ма ’руадзай.
2. Ромӕгтӕмӕ 15:4 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Хуцауи Дзурд ку кӕсӕн, уӕд нин е ци пайда хӕсдзӕй?
2 Йеговӕ ӕ Дзурди ниффинсун кодта, ӕ царди аллихузи зинтӕ ка бавзурста, уӕхӕн адӕни хабӕрттӕ. Цума цӕмӕн? Цӕмӕй си мах естӕбӕл исахур уӕн. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 15:4.) Еци хабӕрттӕ кӕсгӕй уодӕнцойнӕ иссерӕн ӕма нӕмӕ нифс фӕззиннуй. Фал Библи айдагъ кӕсун фагӕ нӕй. Гъӕуама ци кӕсӕн, е нӕ зундмӕ дӕр ӕма нӕ зӕрдӕмӕ дӕр гъара. Цӕмӕй Библий дӕ бон исуа, дӕ уавӕри дин ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн уагӕвӕрд иссерун, уой туххӕй дӕ гъӕуй: 1) раковун; 2) хабар дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнун; 3) лӕмбунӕг ибӕл расагъӕс кӕнун; 4) царди си испайда кӕнун. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, аци къахдзӕфтӕмӕ ци хауй, уомӕ *. Нӕ бон си пайда кӕнун куд ӕй, уой ба базондзиан, паддзах Давиди ӕма апостол Павели хабӕрттӕмӕ ку ӕркӕсӕн, уӕд.
3. Библи бакӕсуни размӕ фиццагидӕр ци гъӕуй бакӕнун?
3 1) Йеговӕмӕ раковӕ. Библи бакӕсуни размӕ бал Йеговӕмӕ раковӕ, цӕмӕй ӕй фӕууинай, ци кӕсис, е дин ци пайда ӕрхӕсдзӕй, уой. Зин уавӕри дин куд архайгӕ ’й, уой ку нӕ зонай, уӕд си корӕ, цӕмӕй Библий иссерай, раст унаффӕ рахӕссунмӕ дин ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн уагӕвӕрдтӕ (Фил. 4:6, 7; Иак. 1:5).
4. Нӕ бон ма ци ӕй кӕнун, цӕмӕй, Библий ци кӕсӕн, е нӕмӕ никки арфдӕр гъара?
4 2) Хабар дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ. Йеговӕ нӕ гъе уотӕ искодта, ӕма нӕ бон ӕй хабӕрттӕ нӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнун. Ӕма Библи кӕсгӕй дӕр нӕ бон ӕй, ци кӕсӕн, уой нӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнун. Удта ке туххӕй кӕсӕн, нӕхе уой бунати райвӕрун, ӕма уавӕрмӕ уой цӕстӕй ракӕсун.
5. Лӕмбунӕг сагъӕс кӕнунмӕ ци хауй ӕма нин ци банхус кӕндзӕй Библибӕл арф сагъӕс кӕнун?
5 3) Лӕмбунӕг ибӕл расагъӕс кӕнӕ. Ци кӕсис, уобӕл арф сагъӕс кӕнӕ, цӕмӕй ӕй фӕууинай, е дӕумӕ куд хауй, уой. Уотемӕй дӕ бон исуодзӕй дӕ гъудитӕ ӕрӕмбурд кӕнун ӕма ци бакастӕ, уой хуӕздӕр балӕдӕрун. Библи уӕлӕнгай каст ку кӕнай, уӕд е уодзӕй, цума пурх пазлмӕ кӕсис, уой хузӕн. Фал ибӕл лӕмбунӕг ку сагъӕс кӕнай, уӕдта еци пазли хӕйттӕ ӕмбурд кӕнун райдайдзӕнӕ ӕма хузӕ ӕнӕгъӕнӕй фӕууиндзӕнӕ. Цума дин ци банхус кӕндзӕй Библибӕл арф сагъӕс кӕнун? Ести скъуддзаг кӕсгӕй расагъӕс кӕнисӕ: «Аци адӕймаг зин уавӕри куд архайдта? Йеговӕ ин куд банхус кодта? Цӕбӕл си ахур кӕнун ӕма мин аци хабар зиндзийнӕдти федар фӕллӕуунмӕ куд банхус кӕндзӕй?»
6. Библийӕй ци базонӕн, уомӕй царди пайда кӕнун цӕмӕн гъӕуй?
6 4) Царди си испайда кӕнӕ. Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ, Библийӕй ци базонӕн, уомӕй царди ку нӕ пайда кӕнӕн, уӕд уодзиан, ӕ хӕдзарӕ зменсӕбӕл ка искодта, уӕхӕн адӕймаги хузӕн. Уойбӕрцӕ хъауритӕ ибӕл бахарз кодта, фал ӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли фӕцӕнцӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма дунгӕ ку исистадӕй ӕма дӕнттӕ ку райвулдӕнцӕ, уӕд ӕ хӕдзарӕ никкалдӕй (Матф. 7:24–27). Уотӕ мах дӕр, ковгӕ дӕр ку кӕнӕн, нӕ цӕститӕбӕл дӕр ӕй ку уайун кӕнӕн ӕма ибӕл сагъӕс дӕр ку кӕнӕн, фал си царди ба ку нӕ пайда кӕнӕн, уӕд нӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли фӕууодзӕнцӕ. Уомӕн ӕма зиндзийнӕдти ку бахауӕн кенӕ ӕфхуӕрд ку баййафӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ дӕр еци хӕдзари хузӕн никкӕлдзӕй. Фал Библи ӕртасгӕй ци базонӕн, уомӕй нӕ царди ку пайда кӕнӕн, уӕдта раст унаффитӕ хӕсдзиан, нӕ зӕрди уодзӕй фарнӕ, не ’ууӕндундзийнадӕ ба федардӕр кӕндзӕй (Ис. 48:17, 18). Гъӕйдӕ нур ба ӕркӕсӕн паддзах Давиди хабармӕ ӕма ци къахдзӕфтӕ ранимадтан, уонӕй бавзарӕн испайда кӕнун.
ПАДДЗАХ ДАВИДИ ХАБАРӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНӔН?
7. Библийӕй ке хабармӕ ӕркӕсдзиан?
7 Дӕ хеуӕнттӕй кенӕ де ’мбӕлттӕй ескӕбӕл ку фӕффудӕнгъӕл уай, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй? Расагъӕс кӕнӕ Давиди царди хабӕрттӕбӕл. Еухатт ибӕл ӕ фурт Авессалом гадзирахаттӕй рацудӕй, уомӕн ӕма ӕхе фӕндадтӕй паддзах исун (2 Сам. 15:5–14, 31; 18:6–14).
8. Дӕ бон ци ӕй Йеговӕн радзорун?
8 1) Йеговӕмӕ раковӕ. Еци хабар бакӕсуни размӕ бал Йеговӕмӕ раковӕ ӕма ин радзорӕ, дӕ зӕрдихудти дин куд бацудӕнцӕ ӕма дин е куд зин ӕй, уой (Пс. 6:6–9). Уой фӕсте ба ин зӕгъӕ, цӕмӕй си иссерай, дӕ уавӕри дин ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн уагӕвӕрдтӕ.
9. Давидӕн ӕ фурт ци миуӕ бакодта?
9 2) Хабар дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ. Расагъӕс кӕнӕ, еци скъуддзаги ци хабӕрттӕ финст ес, уонӕбӕл ӕма дӕхе Давиди бунати райвӕрӕ. Цалдӕр анзей дӕргъи Авессалом адӕни ӕхердӕмӕ сайдта (2 Сам. 15:7). Уой фӕсте ба е ’сгаргути сосӕггай Израили алли рауӕнтӕмӕ рарвиста, цӕмӕй адӕни бацӕттӕ кодтайуонцӕ, паддзах ке исуодзӕй, уомӕ. Ахитофели дӕр ма ӕхердӕмӕ фӕккодта. Ахитофел ба адтӕй Давиди хуӕздӕр ӕмбӕлттӕй ӕма унаффӕгӕнгутӕй сӕ еу. Фӕстагмӕ Авессалом ӕхе паддзах исхудта ӕма ӕ фиди марунвӕндӕ искодта. Давид ба, ӕвӕдзи, еци рӕстӕги хъӕбӕр сӕйгӕ адтӕй (Пс. 41:1–9). Давид уой ку базудта, уӕд Йерусалимӕй ралигъдӕй. Фӕстагмӕ ба Авессаломи ӕфсӕддонтӕ ӕма Давиди ӕфсӕддонтӕ истухтонцӕ ӕма змӕнтгутӕ цагъди фӕцӕнцӕ, Авессаломи ба рамардтонцӕ.
10. Давид бӕллӕхи ку бахаудтӕй, уӕд ци нӕ бакодта?
10 Расагъӕс кӕнӕ, Давидӕн куд зин адтайдӕ. Авессалом ӕ фурт адтӕй ӕма ’й берӕ уарзта, Ахитофелбӕл ба хъӕбӕр ӕууӕндтӕй. Фал ӕй еци дууӕ адӕймаги хъӕбӕр фӕффудӕнгъӕл кодтонцӕ. Рамарунмӕ дӕр ма ’й гъавтонцӕ. Фал Давид еци хабӕртти фӕсте ӕ иннӕ ӕмбӕлттӕбӕл гурусхӕ кӕнун нӕ райдӕдта. Удта уотӕ дӕр нӕ сагъӕс кодта, ӕууӕнкӕ некӕбӕл ес, ӕма мӕ еунӕгӕй ледзун гъӕуй, зӕгъгӕ. Цума Давид еци зиндзийнӕдти рӕстӕг федар цӕй фӕрци фӕллӕудтӕй?
11. Давид зин уавӕри куд архайдта?
11 3) Лӕмбунӕг ибӕл расагъӕс кӕнӕ. Нур ба расагъӕс кӕнӕ, еци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнис, уобӕл. Дӕхемӕ уӕхӕн фарстатӕ раттӕ: «Давид ци бакодта, цӕмӕй ӕ нифс ма басастайдӕ?» Катай кӕнун ӕма хӕлӕф-тъӕппитӕй унаффитӕ хӕссун нӕ райдӕдта, фал Йеговӕй ӕма е ’мбӕлттӕй ӕнхус ракурдта. Ци унаффитӕ рахӕссидӕ, уонӕмӕ гӕсгӕ еци фӕдбӕл райдаидӕ архайун. Кӕд Давид еци хабарӕй хъӕбӕр фӕрристӕй, уӕддӕр ӕ зӕрди маст нӕ ниддардта ӕма иннетӕбӕл дӕр гурусхӕ кӕнун нӕ райдӕдта. Фал идарддӕр дӕр Йеговӕбӕл ӕма е ’мбӕлттӕбӕл ӕууӕндтӕй.
12. Йеговӕ Давидӕн куд ӕнхус кодта?
12 Йеговӕ ба ин куд банхус кодта? Еци скъуддзаг лӕмбунӕгдӕр ку рартасай, уӕд ӕй фӕууиндзӕнӕ, Йеговӕ Давидӕн хъауритӕ ке равардта, цӕмӕй еци зин рӕстӕги федар фӕллӕудтайдӕ (Пс. 3:1–8; раздзурд). Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕ арфӕ кодта, Давид ци унаффитӕ рахӕссидӕ, уонӕн. Удта ин ӕ еузӕрдон ӕмбӕлттӕн дӕр ӕнхус кодта, сӕ паддзахи сӕрбӕл ку тухтонцӕ, уӕд.
13. Еске дӕ зӕрдихудти ку бацӕуа, уӕд дӕ бон куд ӕй Давиди фӕнзун? (Матфеййи 18:15–17).
13 4) Царди си испайда кӕнӕ. Дӕхе бафӕрсӕ: «Мӕ бон куд ӕй Давиди фӕнзун?» Цидӕр зин гъуддаг ниллух кӕнун дӕ ку гъӕуа, уӕд ӕй ма ниддаргъ кӕнӕ. Дӕ бон ӕй, Йесо Матфеййи 18 сӕри ци унаффӕ равардта, уомӕ гӕсгӕ архайун. Гӕнӕн ку уа, уӕд дӕ бон ӕй, куддӕриддӕр си финст ӕй, уотӕ бакӕнун кенӕ ба си ци уагӕвӕрд ес, уомӕ гӕсгӕ байархайун. (Бакӕсӕ Матфеййи 18:15–17.) Фал мӕстгунӕй унаффӕ макӕд хӕссӕ. Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй ӕрсабур уай ӕма дин идарддӕр ци кӕнгӕ ’й, уой балӕдӕрай. Де ’мбӕлттӕбӕл идарддӕр дӕр ӕууӕндӕ, ӕма сӕ банхус кӕнун ку фӕндӕуа, уӕд си дӕхе ма еуварс кӕнӕ (Ӕмб. 17:17). Фиццагидӕр ба Йеговӕ ӕ Дзурди ци унаффитӕ дӕттуй, уонӕмӕ гӕсгӕ архайӕ (Ӕмб. 3:5, 6).
АПОСТОЛ ПАВЕЛИ ХАБАРӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНӔН?
14. 2 Тимофеймӕ 1:12–16; 4:6–11, 17–22 финст дзурдтӕ нӕ цӕхуӕн уавӕрти бафедар кӕндзӕнцӕ?
14 Ка ’й зонуй, дӕ бийнонтӕ дӕ нихмӕ иссӕнцӕ, Йеговӕн ке лӕггадӕ кӕнис, уой туххӕй. Кенӕ ба, нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми ’й, уӕхӕн бӕсти цӕрис. Кӕд уотӕ ’й, уӕд дин 2 Тимофеймӕ 1:12–16; 4:6–11, 17–22 финст дзурдтӕ дӕ нифс бафедар кӕндзӕнцӕ *. Павел сӕ ахӕстдони бадгӕй ниффинста.
15. Йеговӕй дӕ бон ци ӕй ракорун?
15 1) Йеговӕмӕ раковӕ. Аци стихтӕ бакӕсуни размӕ Йеговӕмӕ раковӕ ӕма ин радзорӕ, ци дӕ тухсун кӕнуй, уой. Уой фӕсте ба си ӕнхус ракорӕ, цӕмӕй Павели туххӕй кӕсгӕй балӕдӕрай, дӕ уавӕри дӕ бон ци ӕй кӕнун, уой.
16. Павел цӕхуӕн уавӕри адтӕй?
16 2) Хабар дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ. Дӕхе Павели бунати райвӕрӕ. Павел Роми ахӕстдони бадтӕй, рӕхистӕ ибӕл бакодтонцӕ, уотемӕй. Раздӕр дӕр ма адтӕй ахӕст, фал ин аци хатт ба мӕлӕти тӕрхон рахастонцӕ. Еуӕй-еу ӕнсувӕртӕ дӕр си сӕхе рахадтонцӕ. Удта ма хъӕбӕр ӕнӕхъаурӕ дӕр адтӕй (2 Тим. 1:15).
17. Павел ци нӕ бакодта?
17 Павел уотӕ сагъӕс кӕнун нӕ райдӕдта, ӕндӕрхузи ку бакодтайнӕ, уӕд нур ахӕстдони нӕ бадтайнӕ, зӕгъгӕ. Удта ’й Азий ка ниууагъта, еци ӕнсувӕртӕмӕ дӕр нӕ мӕстгун кодта ӕма ӕндӕр ӕнсувӕртӕбӕл дӕр гурусхӕ кӕнун нӕ райдӕдта. Цума Павел федарӕй цӕмӕн ӕууӕндтӕй, е ’мбӕлттӕй ке нӕ фӕффудӕнгъӕл уодзӕй ӕма ин Йеговӕ ӕ хуӕрзеуӕг ке ратдзӕй, уобӕл?
18. Павел уӕззау фӕлварӕни рӕстӕг куд архайдта?
18 3) Лӕмбунӕг ибӕл расагъӕс кӕнӕ. Расагъӕс кӕнӕ: Павел еци фӕлварӕнти федар цӕй фӕрци фӕллӕудтӕй? Кӕд имӕ мӕлӕт ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уӕддӕр ӕй нӕ иронх кодта, сӕйрагдӕр ци ӕй, уой – Йегови кадгин кӕнун. Удта фадуӕттӕ агурдта иннети бафедар кӕнунмӕ. Павел ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардта ӕма имӕ арӕх кувта (2 Тим. 1:3). Удта ’й ӕнсувӕртӕ ке ниууагътонцӕ, уобӕл дӕр ӕгӕр берӕ нӕ сагъӕс кодта. Е боз адтӕй, ӕ еузӕрдон ӕмбӕлттӕ ин ци хуарз гъуддӕгтӕ искодтонцӕ, уомӕй. Удта ма идарддӕр дӕр Хуцауи Дзурд ӕртаста (2 Тим. 3:16, 17; 4:13). Павел федарӕй ӕууӕндтӕй, Йеговӕ ӕма ’й Йесо берӕ ке уарзунцӕ, удта ин ӕ еузӕрдон лӕггади туххӕй ӕнӕмӕнгӕй ке райарфӕ кӕндзӕнцӕ, уобӕл.
19. Йеговӕ Павелӕн куд ӕнхус кодта?
19 Йеговӕ Павелӕн загъта, Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг ке ӕй, уой туххӕй ӕфхуӕрд ке ӕййафдзӕй (Гъуд. 21:11–13). Фал ин цума ӕнхус ба куд кодта? Йеговӕ ин ӕ кувдтитӕ игъуста ӕма ин хъауритӕ лӕвардта (2 Тим. 4:17). Удта ин зӕрдӕ байвардта, гъе уотӕ хъӕбӕр кӕмӕ бӕлдтӕй, еци хуӕрзеуӕг ин ке ратдзӕй. Ӕ еузӕрдон ӕмбӕлтти дӕр ин разӕнгард кодта, цӕмӕй ин ӕнхус кодтайуонцӕ.
20. Ромӕгтӕмӕ 8:38, 39 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ бон куд ӕй Павели фӕнзун?
20 4) Царди си испайда кӕнӕ. Дӕхе бафӕрсӕ: «Мӕ бон куд ӕй Павели фӕнзун?» Мах дӕр ӕй лӕдӕрӕн, цӕбӕл ӕууӕндӕн, уой туххӕй ӕфхуӕрд ке ӕййафдзиан (Мар. 10:29, 30). Ӕма цӕмӕй еци фӕлварӕнти рӕстӕг Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайӕн, уой туххӕй ибӕл гъӕуама нӕ зӕрдӕ дарӕн, арӕх имӕ ковӕн, удта ин ӕ Дзурд ӕртасӕн. Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама ма иронх кӕнӕн, царди нин фиццаг бунати ке ӕй нӕ уӕларвон Фиди кадгин кӕнун. Гъе уӕд нӕ Йеговӕ некӕд ниууаддзӕй ӕма нӕ ӕ уарзтӕй неци рахецӕн кӕндзӕй. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 8:38, 39; Дзиуит. 13:5, 6.)
ӔНДӔР ЛӔГГАДГӔНГУТИ ХАБӔРТТӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНӔН?
21. Айа ӕма Хекторӕн сӕ фӕлварӕнти ци банхус кодта?
21 Цийфӕнди уавӕрти дӕр нин Библий финст хабӕрттӕ нифс ӕма хъауритӕ дӕтдзӕнцӕ. Зӕгъӕн, Японийӕй хуӕрӕ Айа берӕ адӕн кӕми фӕууй, уӕхӕн рауӕнти игъосун кӕнунмӕ ӕ нифс нӕ хаста, фал ин Иони хабар хъӕбӕр фенхус ӕй. Индонезийӕй еу биццеу Хектори ба Руфи хабар хъӕбӕр бафедар кодта, ӕма ’й бафӕндадтӕй Йегови хуӕздӕр базонун ӕма ин лӕггадӕ кӕнун, кӕд ӕ ниййергутӕ Ӕвдесӕнтӕ н’ адтӕнцӕ, уӕддӕр.
22. Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй дин, нӕ сайти ци ӕрмӕг ес, е фулдӕр пайда хӕсса?
22 Библий ке кой цӕуй, еци адӕни туххӕй дӕ бон куд ӕй фулдӕр базонун? Нӕ видеороликти, киноти, аудиодрамити, удта нӕ сайти ци статьятӕ ес, уони фӕрци дӕ бон Библий хабӕрттӕ дӕ цӕститӕбӕл уайун кӕнун *. Еци ӕрмӕг ку цӕттӕ кодтонцӕ, уӕд ӕй дзӕбӕх рартастонцӕ. Ӕма дӕ естӕмӕ бакӕсун кенӕ байгъосун ку фӕндӕуа, уӕд бал Йеговӕмӕ раковӕ, цӕмӕй си дӕ бон уа, пайда дин ка ӕрхӕсдзӕй, уӕхӕн гъудитӕ фӕууинун. Ке туххӕй кӕсис, дӕхе еци адӕни бунати райвӕрисӕ. Лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕ, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ куд архайдтонцӕ ӕма син Йеговӕ зиндзийнӕдти рӕстӕг куд ӕнхус кодта, уобӕл. Уой фӕсте ба ци базонай, уомӕй дӕ царди испайда кӕнӕ. Йеговӕн арфӕ кӕнӕ, ке дин ӕнхус кӕнуй, уой туххӕй удта иннети бафедар кӕнунмӕ дӕр фадуӕттӕ агорӕ.
23. Исаййи 41:10, 13 нин Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй?
23 Сайтани дуйней ке цӕрӕн, уомӕ гӕсгӕ хатгай нӕ фӕззонӕн куд нин кӕнгӕ ’й, уой (2 Тим. 3:1). Фал тӕрсун кенӕ катай кӕнун нӕ гъӕуй. Йеговӕ ’й уинуй, цӕхуӕн уавӕри ан, уой. Ӕма нин зӕрдӕ ӕвӕруй, зин рӕстӕги нӕбӕл ӕ рахес къохӕй федар ке хуӕцдзӕй ӕма нӕ ке не ’суадздзӕй. (Бакӕсӕ Исаййи 41:10, 13.) Мах ӕй федарӕй зонӕн, Йеговӕ нин ӕнхус ке кӕндзӕй ӕма Библий фӕрци цийфӕнди фӕлварӕнти дӕр федар ке фӕллӕудзиан.
96 ЗАР Хуцауи киунугӕ – устур хӕзна
^ 5 абз. Библий ци берӕ хабӕрттӕ финст ӕрцудӕй, уонӕй хуарз зиннуй, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути берӕ ке уарзуй ӕма син цийфӕнди фӕлварӕнти дӕр ке банхус кӕндзӕй, е. Аци статьяй базондзиан, ци кӕнун нӕ гъӕуй, цӕмӕй нин Библи кӕсун фулдӕр пайда хӕсса.
^ 2 абз. Библи ӕндӕр мадзӕлтти фӕрци дӕр ӕнгъезуй ӕртасун. Уой туххӕй дин фулдӕр унаффитӕ иссерунмӕ банхус кӕндзӕй «Путеводитель по публикациям Свидетелей Иеговы», темӕ «Библия», дӕлсӕргонд «Чтение и понимание Библии». Удта ма хуарз унаффитӕ ес 2018 анзи мартъий «Косӕн тъетрад»-и статьяй «Хуцауи дӕр ӕма адӕни дӕр никки фулдӕр цӕй фӕрци уарздзиан?».
^ 14 абз. Ӕмбурди «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и ахури рӕстӕг аци стихтӕ кӕсун нӕ гъӕуй.
^ 22 абз. Сайти jw.org. кӕсӕ рубрикӕ «Подражайте их вере. Люди, о которых рассказывается в Библии». (Иссерӕн ӕй ес уруссагау. Кӕсӕ БИБЛЕЙСКИЕ УЧЕНИЯ > ВЕРА В БОГА.)