Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

10 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕмбурди бон куд ӕй, Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй донаргъуд райсонцӕ?

Ӕмбурди бон куд ӕй, Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй донаргъуд райсонцӕ?

«Бауӕри иуӕнгтӕй алкӕцидӕр, куд ӕмбӕлуй, уотӕ ку коса, уӕд бауӕр ӕгасӕйдӕр ирӕздзӕй» (ЕФ. 4:16).

85 ЗАР Кӕрӕдзебӕл уозӕлӕн

РАЗДЗУРД *

1, 2. Библи ка ахур кӕнуй уомӕн ке бон ӕй ӕнхус кӕнун?

«БИБЛИ ахур кӕнун ку райдӕдтон, уӕд мӕ зӕрдӕмӕ алцидӕр хъӕбӕр цудӕй,– зӕгъуй, Фиджий ка цӕруй, еу уӕхӕн хуӕрӕ Эми.– Ӕз ӕй балӕдӕрдтӕн, е рӕстдзийнадӕ ке ӕй. Фал мӕ мӕ цард раййевун ӕма донаргъуд райсун ба бафӕндадтӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ фулдӕр рӕстӕг ӕрветун ку райдӕдтон ӕрмӕстдӕр уӕд». Эмий хабарӕй бӕрӕг ӕй, Библи ка ахур кӕнуй, е къахдзӕфтӕ кӕнун тагъддӕр райдайдзӕй, ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ин ку ӕнхус кӕнонцӕ, уӕд.

2 Алке бон дӕр ни ӕй архайун, цӕмӕй не ’мбурд ирӕза (Еф. 4:16). Вануатуй ка цӕруй, еу уӕхӕн пионер хуӕрӕ Лейлани зӕгъуй: «Уотӕ фӕззӕгъунцӕ, сувӕллони, дан, ӕгас гъӕу дӕр гъомбӕл кӕнуй, ӕма мӕнмӕ гӕсгӕ е хауй Библи ка ахур кӕнуй, уонӕмӕ дӕр. Адӕймагӕн рӕстдзийнади надбӕл ислӕуунмӕ ӕгас ӕмбурд фенхус кӕнуй». Сувӕллон куд исгъомбӕл уодзӕй, е кӕнгӕ ’й ӕ ниййергутӕй, хеуӕнттӕй кенӕ ахургӕнгутӕй. Етӕ ’й фӕййахур кӕнунцӕ, царди ’й ка багъӕудзӕй, уӕхӕн цӕбӕлдӕрти. Уотӕ ӕмбурди бон дӕр ӕй Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн еститӕ амонун, ӕ нифс ин федар кӕнун ӕма ин фӕнзуйнаг ун. Уотемӕй адӕймаги ӕхе дӕр бафӕнддзӕй донаргъуд райсун (Ӕмб. 15:22).

3. Аннӕ, Дорин ӕма Лейлани ци зӕгъунцӕ?

3 Адӕймаги хӕццӕ Библи ка ахур кӕнуй, уӕхӕн хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕри иннети ӕнхус цӕмӕн гъӕуй? Молдовӕй еу сӕрмагонд пионер хуӕрӕ Аннӕ зӕгъуй: «Цӕмӕй адӕймагӕн банхус кӕнӕн размӕ къахдзӕфтӕ кӕнун, уой туххӕй берӕ хъауритӕ гъӕуй. Ӕма еунӕг адӕймагӕн е зинтӕй бантӕсдзӕй». Ӕ хӕццӕ арази ӕй иннӕ сӕрмагонд пионер ӕнсувӕр Дорин. Е дӕр Молдовий лӕггадӕ кӕнуй ӕма зӕгъуй: «Арӕх хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ахуркӕнуйнагӕн уӕхӕн ести фӕззӕгъунцӕ, ӕма ибӕл ӕз сагъӕс дӕр некӕд ракодтайнӕ, фал ахуркӕнуйнаги зӕрдӕбӕл ба е хъӕбӕр бамбӕлуй». Хуӕрӕ Лейлани ба зӕгъуй: «Нӕ астӕу ци уарзондзийнадӕ ес, уой ахуркӕнуйнаг ӕхебӕл дӕр ку бавзаруй, уӕд ӕй ӕцӕгӕйдӕр балӕдӕруй Йегови адӕн ке ан» (Иоан. 13:35).

4. Аци статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

4 Фал, ӕвӕдзи, сагъӕс кӕнис: «Мӕн бон куд ӕй, мӕхуӕдӕг Библи ке хӕццӕ нӕ ахур кӕнун, уӕхӕн адӕймагӕн банхус кӕнун?» Гъӕйдӕ радзубанди кӕнӕн, нӕ бон ци ӕй кӕнун, Библий ахурмӕ нӕ еске ку хона кенӕ, Библи ка ахур кӕнуй, уӕхӕн адӕймаг ӕмбурдтӕмӕ цӕун ку райдайа, уӕд. Удта ма ӕркӕсдзиан, хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй, Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй къахдзӕфтӕ кӕнонцӕ ӕма сӕ бафӕндӕуа донаргъуд райсун.

БИБЛИЙ АХУРМӔ ДӔ КУ ХОНОНЦӔ

Еске дӕ Библий ахурмӕ ку хона, уӕд рагацау ӕркӕсӕ, ци ӕрмӕг цӕудзиайтӕ, уомӕ (кӕсӕ 5–7 абзацтӕ)

5. Еске дӕ ӕ Библий ахурмӕ ку фӕххона, уӕд дӕ ихӕс ци ӕй?

5 Адӕймагӕн Хуцауи Дзурд балӕдӕрун кӕнуни ихӕс фиццагидӕр, ӕ хӕццӕ ка ахур кӕнуй, уобӕл ӕй. Ӕма дӕ еске ӕ хӕццӕ Библий ахурмӕ ку райса, уӕд ин ду дӕр гъӕуама банхус кӕнай (Еккл. 4:9, 10). Цума еци ӕнхусмӕ ци хауй?

6. Еске дӕ ӕ Библий ахурмӕ ку хона, уӕд дӕ бон куд ӕй Ӕмбесӕндти 20:18 финст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайун?

6 Дӕхе бацӕттӕ кӕнӕ. Библий ахурмӕ дӕ ка хона, уомӕн зӕгъӕ, цӕмӕй дин ахуркӕнуйнаги туххӕй еу минкъий еститӕ радзора. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 20:18.) Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй бафӕрсун: «Ка ӕй? Цӕхуӕн ӕрмӕг ӕртасдзиайтӕ? Е ’ргом ин цӕмӕ гъӕуй раздахун? Ӕ хӕццӕ цӕбӕл ӕнгъезуй радзорун, цӕбӕл ба – нӕ? Мӕн бон ин куд ӕй банхус кӕнун, цӕмӕй е ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уа?» Библий ахурмӕ дӕ ка хонуй, е дин адӕймаги туххӕй алци нӕ дзордзӕй, фал дин ци радзора, е дин банхус кӕндзӕй дӕхе дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнун. Уотӕ фӕййархайуй еу миссионер хуӕрӕ Джой, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти Библий ахурмӕ ку фӕххонуй, уӕд. Джой зӕгъуй: «Аци фарстатӕбӕл ку радзорӕн, уӕд ме ’мбалӕн ӕнцондӕр фӕууй ахуркӕнуйнаги лӕдӕрун, ӕма нӕ ахур дӕр хуӕздӕр рацӕуй».

7. Еске дӕ ӕ Библий ахурмӕ ку хона, уӕд дзӕбӕх цӕттӕ цӕмӕн гъӕуама уай?

7 Еске дӕ ӕ хӕццӕ Библий ахурмӕ ку хона, уӕд хуарз уайдӕ ӕрмӕгмӕ рагацау ку ’ркӕсисӕ (Езд. 7:10). Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Дорин зӕгъуй: «Ме ’мбал дӕр ӕхе ку бацӕттӕ кӕнуй, гъе уӕд мин ӕцӕг агъаз фӕууй». Ахуркӕнуйнаг дӕр ӕй, ӕвӕдзи, балӕдӕрдзӕй, уӕхе ке бацӕттӕ кодтайтӕ, ӕма е дӕр ӕхе цӕттӕ кӕндзӕй. Ӕрмӕг дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнунмӕ дӕ ку нӕ райевдӕла, уӕддӕр ин ӕ сӕйраг гъудитӕмӕ ӕркӕсӕ.

8. Библий ахури нӕ кувдтитӕ бӕлвурддӕр цӕй фӕрци уодзӕнцӕ?

8 Библий ахурмӕ дӕ ку райсонцӕ, уӕд дӕ, ӕвӕдзи, ковун дӕр багъӕудзӕй. Уомӕ гӕсгӕ рагацау расагъӕс кӕнӕ, кувди медӕг ци зӕгъдзӕнӕ, уобӕл. Уотемӕй дӕ кувд бӕлвурддӕр уодзӕй (Пс. 141:2). Японийӕй еу хуӕрӕ Ханае нур дӕр ма гъуди кӕнуй, Библий ахурмӕ имӕ ка ’рбацӕуидӕ, еци хуӕрӕ куд кувта, уой. «Бӕрӕг адтӕй, еци хуӕрӕн Йеговӕ ӕ хуарз ӕмбал ке адтӕй,– зӕгъуй Ханае,– ӕма мӕн дӕр уотӕ фӕндадтӕй. Ӕ кувди медӕг мӕн туххӕй дӕр ку фӕззӕгъидӕ, уӕд мин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууидӕ, ӕма ’й лӕдӕрдтӕн, ӕцӕгӕйдӕр мӕбӕл ке тухсуй».

9. Иакови 1:19 финст унаффӕ дин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Библий ахур ка уадзуй, уомӕн агъаз уай?

9 Библий ахур ка уадзуй, уомӕн ӕнхус кӕнӕ. Нигерий сӕрмагонд пионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн хуӕрӕ зӕгъуй: «Хуарз ӕмбал Библий ахур куд цӕуй, уомӕ лӕмбунӕг фегъосуй. Ӕма ’й ести зӕгъун ку фӕффӕндуй, уӕд бӕлвурдӕй ӕма цубуртӕй фӕдздзоруй, уомӕн ӕма ’й фӕллӕдӕруй, Библий ахур е ке нӕ уадзуй». Фал ци дзорун гъӕуй ӕма кӕд, уой ба куд ес балӕдӕрӕн? (Ӕмб. 25:11). Лӕмбунӕг игъосӕ, Библий ахур ка уадзуй, уомӕ, удта ахуркӕнуйнагмӕ дӕр. (Бакӕсӕ Иакови 1:19.) Гъе уӕд багъӕуаги дӕ бон ӕцӕгӕйдӕр уодзӕй банхус кӕнун. Ӕрмӕст лӕмбунӕг кӕсӕ, цӕмӕй ӕгӕр берӕ дзорун ма райдайай, ӕндӕр хабӕрттӕмӕ ма рахезай кенӕ, ахур ка уадзуй, уой дзурд ӕрдӕгбӕл ма ’ркъуӕрай. Цӕмӕй адӕймагӕн ести гъуди балӕдӕрун кӕнай, уой туххӕй ин дӕ бон ӕй цӕветтон ӕрхӕссун кенӕ ба ма имӕ фарста раттун. Ка ’й зонуй дӕмӕ уотӕ дӕр кӕсдзӕй, ӕма ди ахури рӕстӕг неци пайда ес, фал ахуркӕнуйнаги ку ’стауай ӕма ’й ку уина, ӕцӕгӕйдӕр ин ӕ хуарзбӕл ке тухсис, уӕд ӕй бафӕнддзӕй къахдзӕфтӕ кӕнун.

10. Ахуркӕнуйнагӕн нӕхе туххӕй еститӕ ку радзорӕн, уӕд ин куд банхус кӕндзиан?

10 Дӕхе туххӕй дӕр еститӕ радзорӕ. Ку гъӕуа, уӕд ахуркӕнуйнагӕн дӕ бон ӕй радзорун, рӕстдзийнадӕ куд базудтай кенӕ цӕхуӕндӕр зин уавӕри куд бакодтай ӕма дин Йеговӕ куд ӕнхус кодта, уой (Пс. 78:4, 7). Ка ’й зонуй ин уотемӕй е ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕндзӕнӕ ӕма ин нифс ратдзӕнӕ цӕхуӕндӕр гъуддаг ниллух кӕнунмӕ кенӕ ба ’й баразӕнгард кӕндзӕнӕ къахдзӕфтӕ кӕнунмӕ ӕма донаргъуд райсунмӕ (1 Пет. 5:9). Бразилийӕй еу пионер ӕнсувӕр Габриел радзурдта: «Библи ма ку ахур кодтон, уӕд мин ӕнсувӕртӕ сӕхе туххӕй дӕр радзориуонцӕ. Уой фӕрци ӕй балӕдӕрдтӕн, Йеговӕ нин нӕ зиндзийнӕдтӕ хуарз ке зонуй. Ӕма сагъӕс кодтон: „Кӕд етӕ сӕ сӕрти рахизтӕнцӕ, уӕд мӕн бон дӕр исуодзӕй“».

АХУРКӔНУЙНАГ ӔМБУРДМӔ КУ ’РБАЦӔУЙ

Алке бон дӕр ни ӕй архайун, цӕмӕй ахуркӕнуйнаг идарддӕр дӕр ӕмбурдтӕмӕ цӕуа (кӕсӕ 11 абзац)

11, 12. Библи ка ахур кӕнуй, етӕ ӕмбурдмӕ ку ’рбацӕунцӕ, уӕд син зӕрдиагӕй расалам кӕнун цӕмӕн фӕгъгъӕуй?

11 Цӕмӕй адӕймаг Хуцаумӕ бахӕстӕг уа ӕма ’й донаргъуд райсун бафӕндӕуа, уой туххӕй ӕй гъӕуй ӕмбурдтӕмӕ цӕун (Дзиуит. 10:24, 25). Фиццаг хатт ӕмбурдмӕ ку ’рбацӕуа, уӕд ни алке бон дӕр ӕй байархайун, цӕмӕй идарддӕр дӕр ӕмбурдтӕмӕ цӕуа. Цума куд?

12 Зӕрдиагӕй ин расалам кӕнӕ (Ром. 15:7). Ахуркӕнуйнаг ӕй ку балӕдӕра, е ’рбацуд нин ӕхцӕуӕн ке ӕй, уӕд ӕмбурдтӕмӕ идарддӕр дӕр цӕудзӕй. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ’й базонгӕ кӕнӕ, ӕрмӕст тухсгӕ куд ма ракӕна, уотӕ. Уотӕ ма сагъӕс кӕнӕ, ӕ хӕццӕ Библи ка ахур кӕнуй, е ин ести кӕндзӕй, зӕгъгӕ. Ка ’й зонуй, ӕмбурди гъуддӕгти фӕййеуварс ӕй кенӕ ба ӕрӕгӕмӕ кӕнуй. Естӕбӕлти ӕй рафӕрститӕ кӕнӕ ӕма имӕ лӕмбунӕг байгъосӕ. Цума е ести пайда ӕрхӕсдзӕй? Цалдӕр анзей размӕ донаргъуд ка райста, еу уӕхӕн кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕр Дмитрий ӕмбурдмӕ фиццаг хатт куд ӕрбацудӕй, уой туххӕй радзурдта: «Еу ӕнсувӕр мӕ зали рази лӕугӕ рауидта, ӕма ’й ку балӕдӕрдтӕй, тухсгӕ ке кӕнун, уӕд мӕ медӕмӕ бахудта. Уоми ба мин беретӕ расалам кодтонцӕ ӕма мӕ хӕццӕ базонгӕ ’нцӕ. Е мӕмӕ хъӕбӕр дессаг фӕккастӕй. Гъе уотӕ ӕхцӕуӕн мин адтӕй, ӕма загътон: „Уӕхӕн ӕмбурдтӕмӕ ба алли бон дӕр цӕудзӕн“».

13. Нӕхе куд дарӕн, е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

13 Фӕнзуйнаг уотӕ. Уӕхе куд даретӕ, уомӕ кӕсгӕй ӕй адӕймаг уиндзӕй, рӕстдзийнадӕ ке иссирдта (Матф. 5:16). Молдовӕй еу пионер ӕнсувӕр Виталий зӕгъуй: «Ӕз лӕмбунӕг кастӕн, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕхе куд дарунцӕ, куд цӕрунцӕ ӕма цӕхуӕн зундбӕл хуӕст ӕнцӕ, уомӕ. Ӕма ’й гъе уӕд балӕдӕрдтӕн, гъе уӕхӕнттӕ ке гъӕуама уонцӕ, ӕхе Хуцауӕн ковӕг адӕймаг ка хонуй, етӕ».

14. Библи ка ахур кӕнуй, уомӕн фӕнзуйнаг ку уайтӕ, уӕд ин е идарддӕр дӕр къахдзӕфтӕ кӕнунмӕ куд банхус кӕндзӕй?

14 Цӕмӕй ахуркӕнуйнаг донаргъуд райса, уой туххӕй ӕй гъӕуй, ци базудта, уомӕ гӕсгӕ цӕрун. Е ба алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Фал ӕй ку уина, Библий уагӕвӕрдтӕ дӕуӕн куд банхус кодтонцӕ, уой, уӕд уой дӕр бафӕнддзӕй еци уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун (1 Кор. 11:1). Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Ханае зӕгъуй: «Ци базонинӕ, уомӕ гӕсгӕ цӕрун куд гъӕуй, уой уидтон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти цардӕй. Уидтон ӕй, кӕрӕдзей уарзун, удта кӕрӕдземӕн ӕнхус кӕнун ӕма хатир кӕнун куд гъӕуй, уой. Етӕ иннетӕн ӕрмӕстдӕр сӕ хуарзи кой кодтонцӕ, ӕма мӕн дӕр бафӕндадтӕй уони хузӕн исун».

15. Ӕмбесӕндти 27:17 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ахуркӕнуйнаг ӕмбурдтӕмӕ цӕун ку райдайуй, уӕд ӕ хӕццӕ хуӕздӕр базонгӕ ун цӕмӕн фӕгъгъӕуй?

15 Библи ка ахур кӕнуй, уой хӕццӕ балимӕн уо. Ахуркӕнуйнаг ӕмбурдмӕ ку ’рбацӕуй, уӕд имӕ бацӕуисӕ ӕма ӕ хӕццӕ естӕбӕлти радзорисӕ (Фил. 2:4). Байархайӕ, цӕмӕй ӕ хӕццӕ хуӕздӕр базонгӕ уай. Ӕ царди ци ӕййивддзийнӕдтӕ искодта, уой туххӕй ӕй дӕ бон ӕй растаун. Ба ’й фӕрсӕ, ӕ Библи ахур куд цӕуй, ӕ бийнонтӕ куд ӕнцӕ кенӕ ӕ кусти ци хабӕрттӕ ес, уобӕл. Фал имӕ ӕгӕр берӕ фарстатӕ дӕр ма дӕттӕ, цӕмӕй ма истухса. Гъе уотемӕй ин дӕ бон уодзӕй банхус кӕнун, цӕмӕй рӕстдзийнади надбӕл къахдзӕфтӕ кӕнун райдайа ӕма донаргъуд райса. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 27:17.) Ханае дӕр нур пионерӕй лӕггадӕ кӕнуй, ӕма ӕмбурдтӕмӕ цӕун куд райдӕдта, уой туххӕй радзурдта: «Ӕмбурди мин ӕмбӕлттӕ ку фӕззиндтӕй, уӕд алли ӕмбурдмӕ дӕр хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсинӕ. Фӕллад ку фӕууинӕ, уӕддӕр ӕрбацӕуинӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун. Ӕма уой фӕрци мӕ бон адтӕй, Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кодта, еци ӕмбӕлтти ниууадзун. Никки хъӕбӕрдӕр мӕ бафӕндадтӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ адӕнбӕл мӕхе бӕттун, ӕма уомӕ гӕсгӕ исфӕндӕ кодтон донаргъуд райсун».

16. Ахуркӕнуйнагӕн ма никкидӕр уӕ бон куд ӕй банхус кӕнун, цӕмӕй ин ӕмбурд ӕхе бийнонти хузӕн исуа?

16 Ахуркӕнуйнагӕн ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй ин ӕмбурд ӕхе бийнонти хузӕн исуа. Уӕхемӕ ’й иуазӕгуати ӕрбахонисӕ (Дзиуит. 13:2). Молдовӕй еу ӕнсувӕр Денис зӕгъуй: «Мӕ бийнойнаги хӕццӕ Библи ахур кӕнун ку райдӕдтан, уӕд нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ цалдӕр хатти фӕххудтонцӕ сӕ хӕццӕ рабадунмӕ. Йеговӕ син куд ӕнхус кодта, уой нин дзурдтонцӕ, ӕма уой фӕрци махӕн дӕр нӕ нифс федар кодта. Уонӕмӕ кӕсгӕй ӕй мах дӕр балӕдӕрдтан, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун нӕ ке фӕндуй, ӕма нӕмӕ дессаги цард ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй». Игъосунгӕнӕг ка иссӕй, еци ахуркӕнуйнагӕн ба куд ӕнгъезуй банхус кӕнун? Дӕ хӕццӕ ’й игъосун кӕнунмӕ райсӕ. Бразилийӕй еу ӕнсувӕр Диего зӕгъуй: «Ӕнсувӕртӕ мӕ сӕ хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ райсиуонцӕ. Игъосун кӕнгӕй кӕрӕдзей куд базонайтӕ, уотӕ некӕми. Уой фӕрци берӕ цӕбӕлдӕрти исахур дӕн, удта Йеговӕ ӕма Йесомӕ дӕр хӕстӕгдӕр кодтон».

ХЕСТӔР НӔЛГОЙМӔГТИ БОН КУД ӔЙ ӔНХУС КӔНУН?

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, уӕ бон ӕй ахуркӕнуйнагӕн банхус кӕнун, цӕмӕй идарддӕр дӕр къахдзӕфтӕ кӕна (кӕсӕ 17 абзац)

17. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй, Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн ӕнхус кӕнун?

17 Ахуркӕнуйнӕгтӕн рӕстӕг хецӕн кӕнтӕ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, сумах бон дӕр ӕй, Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн ӕнхус кӕнун. Дӕ бон ӕй адӕймаги хӕццӕ ӕмбурди естӕбӕлти радзорун. Ӕ ном ин нигъгъуди кӕнӕ, уӕлдайдӕр ба кӕд дзуӕппитӕ дӕттун райдӕдта, уӕд. Е ин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн уодзӕй. Ӕ хӕццӕ Библи ка ахур кӕнуй, уой хӕццӕ бадзубанди кӕнӕ, цӕмӕй дӕ сӕ ахурмӕ фӕххона. Ка ’й зонуй, адӕймагӕн банхус кӕндзӕнӕ, ӕнгъӕл дӕр ӕй куд н’ адтӕ, уотӕ. Нигерийӕй еу пионер хуӕрӕ Джеки радзудта: «Библи ке хӕццӕ ахур кӕнун, уонӕй беретӕ хъӕбӕр бадес кӕнунцӕ, ци ӕнсувӕри хӕццӕ сӕмӕ ӕрбацудтӕн, е хестӕр нӕлгоймаг ке ӕй, уой ку базонунцӕ, уӕд. Еу бийнонти хӕццӕ ахур кӕнун ӕма сӕ лӕг еу хатт уотӕ загъта: „Мадта нӕмӕ нӕ пастор ба уотӕ некӕд ӕрбацӕудзӕй. Е ӕрмӕстдӕр гъӕздугутӕмӕ фӕццӕуй, уой дӕр ин ӕхца ку бафедунцӕ, уӕд“». Еци нӕлгоймаг нур ӕмбурдтӕмӕ цӕуй.

18. Гъуддӕгти 20:28 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй архайун?

18 Библий ахур ка уадзуй, уони федар кӕнтӕ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, сумахбӕл хъӕбӕр устур ихӕс ес – хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй дӕсни ахургӕнгутӕ исуонцӕ. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 20:28.) Еске си уӕ рази Библи ахур уадзунмӕ ӕфсӕрми ку кӕна, уӕд ин зӕгъетӕ, уӕхуӕдтӕ ’й ке рауадздзиайтӕ. Ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Джеки зӕгъуй: «Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ мӕ алкӕддӕр рафӕрсунцӕ, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнун, уонӕбӕл, багъӕуаги ба мин хуарз унаффитӕ дӕр раттунцӕ». Хестӕр нӕлгоймӕгти бон ӕй аллихузи ӕнхус кӕнун, Библий ахур ка уадзуй, уонӕн (1 Фес. 5:11). Джеки ма зӕгъуй: «Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн мин фӕууй, хестӕр нӕлгоймӕгтӕ мин мӕ хъиамӕтти туххӕй ку райарфӕ кӕнунцӕ, уӕд. Сӕ дзурдтӕ мин фӕуунцӕ, тӕвдӕ бони уазал дон куд раниуазай, уотӕ. Уой фӕрци ми нифс бацӕуй ӕма мин ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг фулдӕр цийнӕ фӕххӕссуй» (Ӕмб. 25:25).

19. Алкӕмӕндӕр ни ӕхцӕуӕн ци ӕй?

19 Кӕд нӕхецӕн ахуркӕнуйнӕгтӕ нӕййес, уӕддӕр нӕ бон ӕй, иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Библи ке хӕццӕ ахур кӕнунцӕ, уонӕн ӕнхус кӕнун. Ахур ка уадзуй, уомӕн нӕ бон ӕй ӕнхус кӕнун, нӕхе дзӕбӕх ку бацӕттӕ кӕнӕн ӕма цубуртӕй ку дзорӕн, уӕд. Нӕ бон ма ӕй ахуркӕнуйнаги хӕццӕ хуӕздӕр базонгӕ ун, ӕмбурдмӕ ку ’рбацӕуй, уӕд. Удта ин нӕхуӕдтӕ дӕр гъӕуама фӕнзуйнаг уӕн. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон дӕр ӕй, Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн ӕнхус кӕнун. Удта ма сӕ бон ӕй, сӕ хӕццӕ ка ахур кӕнуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕстаун ӕма син хуарз унаффитӕ дӕттун. Махӕн устур кадӕ ӕй адӕнӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Йегови бауарзонцӕ ӕма ин лӕггадӕ кӕнун райдайонцӕ.

79 ЗАР Ӕнхус син кӕнӕ, цӕмӕй федар лӕууонцӕ

^ 5 абз. Алкӕмӕ ни Библий ахур нӕййес, фал ни алке бон дӕр ӕй, Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнонцӕ ӕма донаргъуд райсонцӕ. Цума син нӕ бон куд ӕй ӕнхус кӕнун? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн.