9 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ӕригон ӕнсувӕртӕ, бавдесетӕ уӕ барӕ уин ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕ бакӕнӕн ке ес
«Дӕ фӕсевӕд ӕнцӕ... сӕумӕраги ка райгуруй, еци ӕртӕхи хузӕн» (ПС. 110:3).
39 ЗАР Хуцауи рази хуарз ном искӕнӕн
РАЗДЗУРД *
1. Ӕригон ӕнсувӕртӕй ци ес зӕгъӕн?
ӔРИГОН ӕнсувӕртӕ, уӕ бон ӕй ӕмбурдӕн устур пайда хӕссун. Беретӕ уи ӕнцӕ цӕрдӕг ӕма нифсхаст (Ӕмб. 20:29). Ӕвӕдзи, дӕу дӕр фӕндуй, цӕмӕй дӕ кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕй иснисан кӕнонцӕ. Фал кӕмӕдӕрти ба, ка ’й зонуй, уотӕ кӕсуй, ӕма ма дин раги ӕй. Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр архайӕ, цӕмӕй дин ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти рази хуарз ном уа.
2. Аци статьяй цӕбӕл радзубанди кӕндзиан?
2 Аци статьяй радзубанди кӕндзиан паддзах Давиди царди хабӕрттӕбӕл. Удта паддзӕхтӕ Асӕ ӕма Иосафати хабӕрттӕбӕл дӕр. Цума цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕнцӕ? Удта зин уавӕрти куд архайдтонцӕ, уомӕй ӕригон ӕнсувӕртӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?
ПАДДЗАХ ДАВИД УИН ФӔНЗУЙНАГ ЦӔМӔЙ ӔЙ?
3. Ӕригон ӕнсувӕртӕн сӕ бон куд ӕй иннетӕн ӕнхус кӕнун?
3 Давид ӕригонӕй дӕр Хуцауи уарзта. Уомӕй уӕлдай ма имӕ адтӕй берӕ аллихузи искурдиӕдтӕ. Зӕгъӕн, дууадӕстӕнон фӕндурбӕл цӕгъдунмӕ дӕсни адтӕй. Фӕстӕдӕр еци искурдиадӕ Хуцауӕй ӕвӕрд паддзах Саулӕн хъӕбӕр фӕййагъаз ӕй (1 Сам. 16:16, 23). Ӕригон ӕнсувӕртӕ, сумах бон ба цӕмӕй адтайдӕ ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун? Зӕгъӕн, еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, уӕлдайдӕр ба каргунтӕ, нӕ фӕййарӕхсунцӕ планшеттӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн электронон дзаумӕуттӕмӕ. Сумах ба сӕмӕ хуарз арӕхсетӕ. Ӕма син ку банхус кӕнайтӕ, уӕд уи хъӕбӕр фӕббоз уодзӕнцӕ. Уой фӕрци си сӕ бон уодзӕй пайда кӕнун ӕмбурдти дӕр ӕма Библи ӕртасгӕй дӕр.
4. Давид ӕригон ӕнсувӕртӕн цӕхӕуӕн менеугутӕй фӕнзуйнаг ӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
4 Давид ӕууӕнкгун адӕймаг адтӕй. Зӕгъӕн, ӕригон ма ку адтӕй, уӕд ин ӕ фидӕ баихӕс кодта фустӕ хезун. Е ӕнцон куст н’ адтӕй, удта ма цардӕн дӕр тӕссаг адтӕй. Е бӕрӕг ӕй, фӕстӕдӕр Саулӕн ци хабар ракодта, уомӕй: «Дӕ цагъар ӕ фиди фустӕ хизта, ӕма уӕд домбай ӕрбацӕуидӕ, уӕд арс, ӕма фустӕй фӕххӕссидӕ. Ӕз ӕй баййафинӕ, мӕхе ибӕл ниццӕвинӕ ӕма ин фуси ӕ гъӕлӕсӕй ратонинӕ» (1 Сам. 17:34, 35). Давид ӕй хуарз лӕдӕрдтӕй, фустӕ багъӕуай кӕнун ӕ ихӕс ке ӕй, ӕма уони туххӕй гъӕддаг сирдбӕл дӕр ӕхе ниццӕвидӕ. Ӕригон ӕнсувӕрти бон дӕр ӕй Давиди фӕнзун ӕма син цидӕриддӕр баихӕс кӕнунцӕ, уой, куд ӕмбӕлуй, уотӕ ӕнхӕст кӕнун.
5. Псалом 25:14 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕригон ӕнсувӕртӕ фиццагидӕр цӕбӕл гъӕуама архайонцӕ?
5 Давид е ’ригонӕй дӕр адтӕй нифсхаст, удта дууадӕстӕнон фӕндурбӕл цӕгъдунмӕ хуарз арӕхстӕй. Фал ин сӕйрагдӕр ба адтӕй Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнун. Йегови айдагъ ӕ Хуцаубӕл нӕ нимадта, фал ма ӕ хуӕздӕр ӕмбалбӕл дӕр. (Бакӕсӕ Псалом 25:14.) Ӕригон ӕнсувӕртӕ, сумах дӕр фиццагидӕр гъӕуама уобӕл архайайтӕ, цӕмӕй уӕ уӕларвон Фидӕ уӕ хуӕздӕр ӕмбал исуа. Уотемӕй уин ӕмбурди дӕр нӕуӕг ихӕстӕ фӕззиндзӕй.
6. Еуӕй-еуетӕ Давидмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕнцӕ?
6 Еуӕй-еуетӕ Давидмӕ ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй кастӕнцӕ. Зӕгъӕн, Голиафи нихмӕ рацӕун ӕй ку фӕндадтӕй, уӕд ин паддзах Саул загъта: «Ду ма сувӕллон дӕ» (1 Сам. 17:31–33). Минкъий раздӕр ба ин ӕ хестӕр ӕнсувӕр фӕххилӕ кодта, дӕ фустӕ, дан, кӕмӕн ниууагътай (1 Сам. 17:26–30). Фал Йеговӕ Давидмӕ ӕндӕр цӕстӕй кастӕй. Е ӕй зудта, цӕхуӕн адӕймаг адтӕй, уой. Давид дӕр ӕ зӕрдӕ ӕ хуӕздӕр ӕмбал Йеговӕбӕл бадардта, ӕма Голиафбӕл фӕууӕлахез ӕй (1 Сам. 17:45, 48–51).
7. Давиди хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнтӕ?
7 Давиди хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнтӕ? Фиццагидӕр фӕразондзийнадӕбӕл. Уӕ минкъийӕй нурмӕ уӕ ка зонуй, уони рӕстӕг гъӕуй, цӕмӕй уӕ сувӕллӕнттӕбӕл мабал нимайонцӕ. Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, Йеговӕ дин де ’ндаг бакастмӕ нӕ кӕсуй, фал ӕй уинуй, цӕхуӕн менеугутӕ дӕмӕ ес ӕма дин цӕйбӕрцӕ бантӕсдзӕй, уой (1 Сам. 16:7). Удта ма дӕхе Хуцаубӕл бӕттӕ. Давид Йегови сфӕлдистадӕбӕл сагъӕс кодта, ӕма ’й уой фӕрци хуӕздӕр базудта (Пс. 8:3, 4; 139:14; Ром. 1:20). Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕй хъауритӕ корӕ. Зӕгъӕн, Йегови Ӕвдесӕн ке дӕ, уой туххӕй дӕбӕл де ’мкъласонтӕ ходгӕ ку кӕнонцӕ, уӕд Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй дин банхус кӕна дӕхе раст бадарун. Хуцауи Дзурди, нӕ публикацити, нӕ интернет статьяти ӕма нӕ видеороликти ци унаффитӕ ес, уонӕй пайда кӕнӕ. Еу хаттӕй иннӕ хатмӕ ’й ку уинай, Йеговӕ дин куд ӕнхус кӕнуй, уой, уӕд ибӕл дӕ зӕрдӕ фулдӕр дардзӕнӕ. Дӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ке дарис, уой иннетӕ дӕр уиндзӕнцӕ, ӕма ’й уӕд зондзӕнцӕ, фулдӕр ихӕстӕ дин бабарӕ кӕнӕн ке ес.
8, 9. Давидӕн ци ӕнхус кодта фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун ӕма си ӕригон ӕнсувӕртӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?
8 Ӕркӕсӕн, Давид ма никкидӕр цӕхуӕн зин уавӕрбӕл исӕмбалдӕй, уомӕ. Йеговӕ ӕй ӕ адӕнӕн паддзахӕй исӕвардта, фал цалинмӕ бартӕ ӕ къохмӕ райста, уӕдмӕ рацудӕй берӕ ӕнзтӕ (1 Сам. 16:13; 2 Сам. 2:3, 4). Цума Давидӕн ци банхус кодта фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун? Давид ӕ къохтӕ не ’руагъта ӕма ӕ уавӕрти ӕ бон ци адтӕй, гъе уой кодта. Зӕгъӕн, филистимӕгти зӕнхи Саулӕй ӕхе ку римахста, уӕд Израили знӕгти нихмӕ тухта, ӕма уотемӕй бӕсти арӕнтӕ гъӕуай кодта (1 Сам. 27:1–12).
9 Ӕригон ӕнсувӕртӕ, сумах бон ба куд ӕй Давиди хузӕн архайун? Йеговӕн ӕма ӕнсувӕртӕн балӕггадӕ кӕнунмӕ алли фадуатӕй дӕр пайда кӕнтӕ. Ӕркӕсӕн еу ӕнсувӕр Рикардой * хабармӕ. Ӕригон ма ку адтӕй, уӕд ӕй фӕндадтӕй ӕнхӕстрӕстӕг пионер исун, фал ин хестӕр нӕлгоймӕгтӕ загътонцӕ, раги ма, дан, дин ӕй. Рикардо сӕбӕл нӕ фӕззӕрдихудт ӕй, фал райдӕдта фулдӕр игъосун кӕнун. Ӕма зӕгъуй: «Нур ӕй лӕдӕрун, цӕбӕлдӕрти ма мӕ ахур кӕнун ке гъудӕй. Рӕстдзийнадӕ базонун ке фӕндадтӕй, уонӕмӕ нӕуӕгӕй ӕрбацӕуинӕ, мӕхе дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнинӕ, уотемӕй. Кедӕр хӕццӕ си Библи ахур кӕнун дӕр райдӕдтон. Уотӕ ке архайдтон, уой фӕрци фӕннифсгундӕр дӕн». Абони Рикардо ӕнхӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггадӕ кӕнуй ӕма ин берӕ ӕнтӕсуй, удта ма ’й кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕй дӕр иснисан кодтонцӕ.
10. Ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссуни размӕ бал Давид ци бакодта?
10 Нур ба ӕркӕсӕн, Давид ӕма ӕ адӕнбӕл ци хабар ӕрцудӕй, сӕхе Саулӕй филистимӕгти зӕнхи ку римахстонцӕ, уӕд. Еухатт знӕгти хӕццӕ тохунмӕ рацудӕнцӕ. Цалинмӕ тохгӕ кодтонцӕ, уӕдмӕти ба син ӕндӕр знӕгтӕ сӕ бийнонти уацари фӕккодтонцӕ. Давид дӕсни ӕфсӕддон адтӕй ӕма ’й зудтайдӕ, еци уавӕри ци кӕнун гъӕуй, уой. Фал уӕддӕр ӕ зӕрдӕ ӕхебӕл нӕ бадардта. Давид разамунд Йеговӕй байагурдта ӕма ’й бафарста: «Еци абӕргути расорон? Ба ма сӕ ӕййафдзӕн?» Йеговӕ ин дзуапп равардта: «Ра сӕ сорӕ. Ӕнӕмӕнгӕй сӕ баййафдзӕнӕ ӕма, ке фӕккодтонцӕ, уони се ’гасейдӕр фӕййервӕзун кӕндзӕнӕ» (1 Сам. 30:7–10). Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнтӕ?
11. Унаффӕ рахӕссуни размӕ бал ци гъӕуй бакӕнун?
11 Цӕхуӕндӕр унаффӕ рахӕссуни размӕ бал еске хӕццӕ радзубанди кӕнтӕ, зӕгъӕн уӕ ниййергути хӕццӕ. Уӕ бон ма ӕй хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ дӕр радзорун. Йеговӕ еци ӕнсувӕртӕбӕл ӕууӕндуй ӕма сӕбӕл дӕу бон дӕр ӕй ӕууӕндун. Етӕ ӕнцӕ Хуцауи лӕвӕрттӕ ӕмбурдӕн (Еф. 4:8). Се ’ууӕндундзийнадӕ син ку фӕнзайтӕ ӕма, ци дзорунцӕ, уомӕ ку байгъосайтӕ, уӕд уин е раст унаффӕ рахӕссунмӕ банхус кӕндзӕй. Гъӕйдӕ нур ба ӕркӕсӕн паддзах Аси хабармӕ.
ПАДДЗАХ АСИ ХАБАРӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНТӔ?
12. Асӕ ӕригонӕй цӕхуӕн адтӕй?
12 Паддзах Асӕ ӕригонӕй дӕр адтӕй сӕрниллӕг ӕма нифсхаст. Ӕ фиди фӕсте паддзах ку иссӕй, уӕд Иуди зӕнхӕ мӕнгӕ хуцӕуттӕй кӕдзос кӕнун райдӕдта. Удта ма адӕнӕн дӕр загъта: «Уӕ фиддӕлти Хуцау Йегови агоретӕ ӕма ин ӕ закъон ӕма ӕ фӕдзӕхститӕ ӕнхӕст кӕнтӕ» (2 Анз. 14:1–7). Иуди нихмӕ Ефиопаг Зарӕ е ’фсади хӕццӕ ку рацудӕй, еци ӕфсади ба адтӕй еу 1 000 000 ӕфсӕддони, уӕд Асӕ зундгин миуӕ бакодта – ӕнхус Йеговӕй ракурдта. Асӕ искувта: «О Йеговӕ, нӕ Хуцау... дӕубӕл дарӕн нӕ зӕрдӕ». Асӕ федарӕй ӕууӕндтӕй, Йеговӕ сӕ ке фӕййервӕзун кӕндзӕй, уобӕл. Ӕ уӕларвон Фидӕбӕл ӕ зӕрдӕ ке бадардта, уой фӕрци се знӕгти ниддӕрӕн кодтонцӕ (2 Анз. 14:8–12).
13. Асӕбӕл цӕхуӕн хабар ӕрцудӕй ӕма цӕмӕн?
13 Асӕ ӕцӕгӕйдӕр зин уавӕри бахаудтӕй, ӕ нихмӕ уоййасӕ ӕфсад ку рацудӕй, уӕд. Фал уӕд ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл бадардта, ӕма сӕбӕл фӕууӕлахез ӕй. Уой фӕсте ба имӕ Израили фудзӕрдӕ паддзах Ваасӕ ӕвзедун ку райдӕдта, уӕд Асӕ ӕнхус Йеговӕй нӕ байагурдта, фал сирийӕгтӕй. Уӕхӕн унаффӕ ке рахаста, е ӕй устур бӕллӕхтӕмӕ ӕркодта. Цӕмӕн, уой ба ин Йеговӕ балӕдӕрун кодта. Пахампар Ананий имӕ барвиста ӕма ин е загъта: «Дӕ нифс дӕ Хуцау Йеговӕбӕл нӕ, фал Сирий паддзахбӕл ке исӕвардтай, уой туххӕй Сирий паддзахи ӕфсад дӕ къохӕй райервазтӕй» (2 Анз. 16:7, 9; 1 Пад. 15:32). Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнтӕ?
14. 1 Тимофеймӕ 4:12 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ, Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ ке дарӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй, ӕма уой фӕрци нӕ къохи ци бафтуйдзӕй?
14 Алкӕддӕр сӕрниллӕг уо ӕма Йеговӕбӕл дӕ зӕрдӕ дарӕ. Донаргъуд ку райстай, уӕд ӕй бавдистай, Йеговӕбӕл ке ӕууӕндис, уой. Ӕма уомӕн дӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, ӕ бийнонтӕмӕ ке ӕрбайеу дӕ. Фал дӕ идарддӕр дӕр гъӕуй Йеговӕбӕл дӕ зӕрдӕ дарун. Не ’гас цардбӕл ка фӕббӕрӕг уодзӕй, уӕхӕн унаффитӕ ку фӕххӕссӕн, уӕд ӕй фӕллӕдӕрӕн, ӕнӕ Йегови ӕнхусӕй нӕ бон раст унаффӕ рахӕссун ке не ’суодзӕй. Фал ӕндӕр уавӕрти туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Ерхӕфсӕнтӕ, куст ӕма нисӕнттӕ ӕвзаргӕй дӕр гъӕуама дӕ нифс Йеговӕбӕл дарай. Дӕхе зундӕй нифсгун ма уо. Дӕ уавӕртӕмӕ ка хауй, уӕхӕн унаффитӕ Библий агорӕ ӕма си пайда кӕнӕ (Ӕмб. 3:5, 6). Уотӕ ку кӕнай, уӕд Йегови зӕрдӕ дӕр рохс кӕндзӕнӕ ӕма дӕ ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр нимайдзӕнцӕ. (Бакӕсӕ 1 Тимофеймӕ 4:12.)
ПАДДЗАХ ИОСАФАТИ ХАБАРӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНТӔ?
15. 2 Анзфинстити 18:1–3 ӕма 19:2 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Иосафат цӕхуӕн рӕдудтитӕ бакодта?
15 Ӕгасӕйдӕр тӕрегъӕдгун ан ӕма арӕх фӕррӕдуйӕн, фал уӕддӕр нӕ бон ӕй Йеговӕн ӕгас хъауритӕй лӕггадӕ кӕнун. Расагъӕс кӕнӕн паддзах Иосафати хабарбӕл. Иосафатмӕ адтӕй берӕ хуарз менеугутӕ. Ӕригонӕй дӕр «агурдта ӕ фиди Хуцауи ӕма цардӕй ӕ фӕдзӕхститӕмӕ гӕсгӕ». Уомӕй уӕлдай ма ӕгас къниӕзти дӕр ӕрӕмбурд кодта ӕма сӕ рарвиста Иуди горӕттӕмӕ, цӕмӕй адӕнӕн Хуцауи закъон амудтайуонцӕ (2 Анз. 17:4, 7). Фал еуӕй-еухатт Иосафат рӕдуд унаффитӕ дӕр рахӕссидӕ. (Бакӕсӕ 2 Анзфинстити 18:1–3; 19:2.) Еу уӕхӕн унаффи туххӕй ин Йегови минӕвар уайдзӕф дӕр бакодта. Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнтӕ?
16. Радживи хабарӕй ци ес базонӕн?
1 Тимофеймӕ 4:8 ци дзурдтӕ финст ес, уонӕбӕл. Раджив имӕ лӕмбунӕг байгъуста, ӕма ӕрсагъӕс кодта, ӕ царди ин сӕйрагдӕр ци ӕй, уобӕл. «Мӕхецӕн федарӕй загътон, амӕй фӕстӕмӕ мин царди Хуцауи гъуддӕгтӕ фиццаг бунати ке уодзӕнцӕ,– зӕгъуй Раджив,– гъема цалдӕр анзей фӕсте кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕр исдӕн».
16 Унаффӕмӕ байгъосисӕ. Дӕуӕн дӕр, ӕвӕдзи, иннӕ ӕригӕнтти хузӕн ӕнцон нӕй Йегови гъуддӕгтӕ дӕ царди фиццаг бунати ӕвӕрун. Фал дӕ къохтӕ ма уадзӕ. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн ӕнсувӕр Радживи хабармӕ. Ӕригонӕй имӕ царди нецӕхуӕн нисӕнттӕ адтӕй. Раджив зӕгъуй: «Иннӕ биццеути хузӕн мӕн зӕрдӕмӕ дӕр фулдӕр цудӕнцӕ ерхӕфсӕнтӕ ӕма спорт. Ӕмбурдтӕмӕ цӕун ӕма игъосун кӕнун ба неци уотӕ уарзтон». Е ’мбурди еу хестӕр нӕлгоймаг уой ку балӕдӕрдтӕй, уӕд ӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй радзурдтаУӔ УӔЛАРВОН ФИДӔ УИ СӔРУСТУР УӔД!
17. Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, еци ӕригон ӕнсувӕртӕмӕ хестӕртӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ
17 Ӕригон ӕнсувӕртӕ, хестӕртӕ уин хъӕбӕр устур аргъ кӕнунцӕ, уомӕн ӕма сӕ хӕццӕ Йеговӕн «усхъӕй-усхъӕмӕ» лӕггадӕ кӕнтӕ (Соф. 3:9). Етӕ ’й уинунцӕ, куд зӕрдиагӕй ӕнхӕст кӕнтӕ, ци уин баихӕс кӕнунцӕ, уой, ӕма уи сӕрустур ӕнцӕ (1 Иоан. 2:14).
18. Ӕмбесӕндти 27:11 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ ӕ ӕригон лӕггадгӕнгутӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй?
18 Ӕригон ӕнсувӕртӕ, Йеговӕ уӕ уарзуй ӕма уӕбӕл ӕууӕндуй, ӕма уой макӕд иронх кӕнтӕ. Еу пахампаради ниффинсун кодта, фӕстаг бӕнтти ин дуйней ӕригон лӕггадгӕнгутӕ ке уодзӕй (Пс. 110:1–3). Йеговӕ ’й зонуй, уарзгӕ ’й ке кӕнтӕ ӕма уӕ ӕгас хъауритӕй лӕггадӕ кӕнун ке фӕндуй. Мадта иннетӕй дӕр ӕма уӕхецӕй дӕр ӕгӕр берӕ ма агоретӕ. Ку фӕррӕдуйайтӕ, уӕд унаффӕмӕ байгъосетӕ. Еци унаффитӕ нимайетӕ Йегови унаффитӕбӕл (Дзиуит. 12:6). Ци уин баихӕс кӕнонцӕ, уой, куд ӕмбӕлуй, уотӕ ӕнхӕст кӕнтӕ. Еу загъдӕй, уотӕ цӕретӕ цӕмӕй уи уӕ уӕларвон Фидӕ сӕрустур уа! (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 27:11.)
135 ЗАР Йеговӕ фӕлмӕнӕй дзоруй: «Зундгин уо, мӕ бӕдолӕ»
^ 5 абз. Ӕригон ӕнсувӕртӕн се ’ууӕндундзийнадӕ куд федардӕргӕнгӕ фӕццӕуй, уотӕ сӕ никки фулдӕр фӕффӕндуй Йегови гъуддӕгти архайун. Цӕмӕй сӕ кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕй иснисан кӕнонцӕ, уой туххӕй сӕ гъӕуй бавдесун, фулдӕр ихӕстӕ раттун син ке ӕнгъезуй, уой. Цума е сӕ къохи цӕй фӕрци бафтуйдзӕй?
^ 9 абз. Еуӕй-еу нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.