БИОГРАФИ
Йеговӕ мин мӕ над раст кодта
ЕУХАТТ мӕ еу ӕригон ӕнсувӕр бафарста: «Библий стихтӕй дӕ зӕрдӕмӕ кӕци хъӕбӕрдӕр цӕуй?» Ӕма ин хъӕбӕр тагъд радзуапп кодтон: «Ӕмбесӕндтӕ 3 сӕр, 5 ӕма 6 стихтӕ: „Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр дарӕ Йеговӕбӕл ӕма дӕхе зундӕй нифсгун ма уо. Дӕ алли къахдзӕфбӕл дӕр ӕй дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, ӕма дин дӕ над раст кӕндзӕй“». Ӕма мин Йеговӕ ӕцӕгӕйдӕр мӕ над раст кодта.
МӔ НИЙЙЕРГУТӔ МӔ ХУЦАУИ НАДБӔЛ ИСӔВАРДТОНЦӔ
Мӕ ниййергутӕ рӕстдзийнадӕ базудтонцӕ 1920-аг ӕнзти, сӕ цард ку нӕма байеу кодтонцӕ, уӕд. Ӕз ба райгурдтӕн 1939 анзи. Цӕргӕ Англий кодтан, ӕма мӕ минкъийӕй дӕр мӕ ниййергутӕ ӕмбурдтӕмӕ хониуонцӕ. Хуцауи Дзурд игъосунгӕнгути скъолай финст адтӕн ӕма мӕ фиццаг ихӕслӕвӕрди хӕццӕ рацудтӕн, 6 анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд. Нур дӕр ма ’й гъуди кӕнун, ящикбӕл куд ислӕудтӕн, цӕмӕй мӕмӕ мӕ игъосгутӕ зиндтайуонцӕ. Тухсгӕ дӕр хъӕбӕр кодтон.
Мӕ фидӕ мин къарточкӕбӕл ниммухур кодта, адӕймагӕн игъосун кӕнгӕй цубуртӕй ци ес зӕгъӕн, уой. Фиццаг хатт кедӕр дуармӕ еунӕгӕй ку бацудтӕн, уӕд мӕбӕл 8 анземӕй ӕндӕр нӕ цудӕй. Ӕма мӕ цийнӕн кӕрон дӕр н’ адтӕй, хӕдзари хецау мин мӕ къарточкӕ ку бакастӕй ӕма ми киунугӕ «Хуцау некӕд басайдзӕй» ку райста, уӕд! Еци цийнӕ кӕнгӕй мӕ фидӕмӕ балигъдтӕн ӕма ин мӕхе растудтон. Мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ цӕун. Гъе уой фӕрци мӕ бафӕндадтӕй Йеговӕн ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнун.
Рӕстдзийнадӕ мӕ зӕрдӕмӕ никки хъӕбӕрдӕр гъарун райдӕдта, мӕ фидӕ мин «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг» ку рафинста, уӕд. Журнал куддӕр райсинӕ, гъе уотӕ ’й ракӕсинӕ. Гъема Йеговӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндун райдӕдтон, ӕма ин фӕстагмӕ мӕхе иснивонд кодтон.
1950 анзи нӕ бийнонти хӕццӕ рандӕ ан Нью-Йоркмӕ конгресмӕ, «Теократи размӕ цӕуй», зӕгъгӕ. 3 августи, цуппӕрӕни программи темӕ хундтӕй «Миссионерти бон». Еци бон ӕнсувӕр Кэри Барберӕн (фӕстӕдӕр Разамонӕг совети лӕггадӕ кодта) адтӕй радзубанди донаргъуди фӕдбӕл. Донаргъуд ка гъӕуама райстайдӕ, уонӕмӕ радзубандий кӕрон дууӕ фарстай ку равардта, уӕд ӕз дӕр исистадтӕн ӕма загътон: «Гъо!». Уӕд мӕбӕл 11 анземӕй ӕндӕр нӕма
цудӕй, фал ӕй лӕдӕрдтӕн, ӕхсидзгӕ къахдзӕф ке кӕнун, уой. Фал донмӕ ниххезунмӕ ба тӕрсгӕ кодтон, уомӕн ӕма накӕ кӕнун нӕ зудтон. Ӕма мӕ фиди ӕнсувӕр мӕ хӕццӕ рацудӕй ӕма мин загъта, алцидӕр, дан, хуарз уодзӕй. Гъема донаргъуд ку истон, уӕд мӕ къӕхтӕ бассейни бунбӕл дӕр не ’сӕмбалдӕнцӕ. Еу ӕнсувӕр мин донаргъуд равардта, иннӕ ба мӕ донӕй фелваста. Еци бонӕй фӕстӕмӕ мин Йеговӕ мӕ над раст кодта.МӔХЕЦӔН ЗАГЪТОН, МӔ ЗӔРДӔ ЙЕГОВӔБӔЛ КЕ ДАРДЗӔН
Скъола ку фӕдтӕн, уӕд мӕ пионерӕй лӕггадӕ кӕнун фӕндадтӕй. Фал мин ахургӕнгутӕ ба дзурдтонцӕ, уӕлдӕр ахур, дан, райсӕ. Гъема сӕмӕ ӕз дӕр байгъустон ӕма университетмӕ бацудтӕн. Фал берӕ нӕ рацудӕй, ӕма ’й балӕдӕрдтӕн, мӕ бон ке не ’суодзӕй еци еу рӕстӕг Йеговӕн дӕр лӕггадӕ кӕнун ӕма ахур дӕр кӕнун. Ӕма исфӕндӕ кодтон университет ниууадзун. Йеговӕмӕ еци гъуддаги туххӕй хъӕбӕр ракувтон ӕма ахургӕнгутӕмӕ ниффинстон. Ба син лӕдӕрун кодтон, фиццаг курси фӕсте цӕугӕ ке кӕнун. Ӕз мӕ нифс ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл дардтон ӕма пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтон.
Пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтон 1957 анзи июли, горӕт Веллингборой. Лондони Вефили ӕнсувӕртӕн загътон, пионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн фӕлтӕрдгун ӕнсувӕри хӕццӕ лӕггадӕ кӕнун мӕ ке фӕндадтайдӕ. Ӕма си уӕхӕн ӕнсувӕр разиндтӕй. Е адтӕй Берт Вейзи. Бертӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур дӕн. Хъӕбӕр зингзӕрдӕ игъосунгӕнӕг адтӕй, ӕма мин банхус кодта игъосун кӕнунмӕ график искӕнун. Не ’мбурди астемӕй адтан: ӕхсӕз каргун хуӕри ӕма мах Берти хӕццӕ. Алли ӕмбурдмӕ дӕр мӕхе бацӕттӕ кӕнинӕ, ихӕслӕвӕрдтӕ дӕр мин уидӕ, удта дзуӕппитӕ дӕр лӕвардтон. Уой фӕрци мӕ бон адтӕй ме ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун ӕма ’й гъуддагӕй ӕвдесун.
Ӕфсадмӕ ке нӕ рандӕ дӕн, уой туххӕй мӕ ахӕстдони исбадун кодтонцӕ, фал си берӕ нӕ фӕббадтӕн. Уой фӕсте ба базонгӕ дӕн Барбари хӕццӕ. Барбарӕ лӕггадӕ кодта сӕрмагонд пионерӕй. На цард байеу кодтан 1959 анзи ӕма цӕттӕ адтан кӕмифӕндийдӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ. Фиццаг нӕ иснисан кодтонцӕ Англий цӕгат-нигулӕн хаймӕ, Ланкширмӕ. 1961 анзи январи ба мӕ фӕххудтонцӕ Бӕрнон ӕнсувӕрти скъоламӕ, Лондони Вефили. Еу мӕйӕ си фӕййахур кодтон. Ахури кӕрон ба базудтон, районон цӕстӕдарӕгӕй мӕ ке иснисан кодтонцӕ. Уой ӕнгъӕл ӕппундӕр н’ адтӕн. Дууӕ къуӕрей дӕргъи еу районон цӕстӕдарӕги хӕццӕ ӕмгуст кодтон горӕт Бермингеми. Барбарӕн дӕр барӕ равардтонцӕ, цӕмӕй мӕ хӕццӕ адтайдӕ. Уой фӕсте ба раздахтан, кӕми лӕггадӕ кодтан, уордӕмӕ, Ланкаширмӕ ӕма Чеширмӕ.
МӔ НИФС ЙЕГОВӔБӔЛ ДАРДТОН, ӔМА МӔ НЕКӔД ФӔФФУДӔНГЪӔЛ КОДТА
1962 анзи отпуски ку адтан, уӕд нӕмӕ филиалӕй финстӕг ӕрбацудӕй. Ӕма си адтӕй Галаади скъолай анкетӕ. Мах дӕр Барбари хӕццӕ Йеговӕмӕ ракувтан, анкетӕ байдзаг кодтан ӕма ’й еци фӕдбӕл филиалмӕ рарвистан. Ӕма 5 мӕйи фӕсте ба Бруклинмӕ нихъхъӕрдтан (штат Нью-Йорк). Мах ахур кодтан Галаади скъолай 38-аг къласи, дӕс мӕйи дӕргъи.
Галаади скъолай ахур кӕнгӕй берӕ цидӕртӕ базудтан Хуцауи Дзурдӕй, удта Хуцауи организаций туххӕй. Удта ма базудтан, нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕгас дуйнебӕл дӕр Йеговӕн куд лӕггадӕ кӕнунцӕ, уой туххӕй. Ӕригон ма ке адтан, уомӕ гӕсгӕ берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ан, ке хӕццӕ ахур кодтан, уонӕй. Мӕнмӕ ба ма уӕхӕн кадӕ дӕр ӕрхаудтӕй, ӕма алли бон дӕр мӕ бон адтӕй, нӕ ахургӕнгутӕй еуей хӕццӕ, ӕнсувӕр Фред Раски хӕццӕ, Вефили лӕггадӕ кӕнун. Еци ӕнсувӕри фӕрци еу ӕхсидзгӕ гъуддаг балӕдӕрдтӕн: ескӕмӕн унаффӕ дӕттун ку багъӕуа, уӕд алкӕддӕр гъӕуама уа Библибӕл арӕзт. Лекцитӕ нин ци фӕлтӕрдгун ӕнсувӕртӕ кастӕнцӕ, уони астӕу адтӕнцӕ Нейтӕн Норр, Фредерик Френц ӕма Карл Клейн. Еу сӕрниллӕг ӕнсувӕр Александр Макмилланӕй дӕр берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ан. Ӕ лекцийӕй ин базудтан, 1914 анзӕй 1919 анзи фиццаг мӕйти уӕнгӕ фӕлварӕнти рӕстӕг Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамунд куд лӕвардта, уой.
ӔНДӔР РАУӔНМӔ НӔ ИСНИСАН КОДТОНЦӔ
Нӕ ахур фӕуунтӕбӕл ку адтӕй, уӕд нин ӕнсувӕр Норр загъта, Бурундимӕ нӕ ке иснисан кодтонцӕ (Африкӕ). Мах дӕр еци фӕдбӕл библиотекӕмӕ фӕммедӕг ан ӕма «Ӕрвиланзон киунуги», агорун райдӕдтан, Бурундий цал игъосунгӕнӕги ес, уой. Фал си неци иссирдтан. Е уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма гъӕуама рандӕ адтайанӕ, хуарз хабар игъустгонд кӕми некӕд цудӕй, уӕхӕн рауӕнмӕ. Удта Африки туххӕй дӕр, зӕгъӕн ес, ӕма неци зудтан. Раст зӕгъгӕй, хъӕбӕр истухстан, фал Йеговӕмӕ ракувтан ӕма ӕрсабур ан.
Нӕуӕг бунати алцидӕр ӕндӕрхузи адтӕй: климӕт, бунӕттон ӕгъдӕуттӕ, ӕвзаг. Гъудӕй нӕ исахур кӕнун французаг ӕвзаг. Удта ма нӕ цӕрӕнбунат иссерун дӕр гъудӕй. Ку ’рцудан, уӕд нӕмӕ дууӕ боней фӕсте ӕрбацудӕй, Галаади ке хӕццӕ ахур кодтан, еци ӕнсувӕр, Гарри Арнотт. Гарри фӕстӕмӕ Замбимӕ цудӕй ӕма нин цӕрӕнбунат иссерунмӕ банхус кодта. Гъема еци бунат иссӕй миссионертӕн сӕ фиццаг хӕдзарӕ. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма хецауадӕ нӕ нихмӕ цӕун райдӕдтонцӕ. Етӕ Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй неци зудтонцӕ. Ӕма нӕ лӕггадӕ нӕ зӕрдӕмӕ цӕун кӕми райдӕдта, уоми ба нин уотӕ ку нӕ зӕгъиуонцӕ, ами изайуни барӕ, дан, уин нӕййес, уомӕн ӕма, дан, уӕмӕ нӕййес, косуни барӕ уин ка дӕттуй, уӕхӕн гӕгъӕди. Гъигагӕн нӕ Бурундийӕй рандӕ ун багъудӕй. Ӕма Угандӕмӕ рандӕ ан.
Ӕнӕ визӕй Угандӕмӕ цӕунмӕ тӕрсгӕ кодтан, фал нӕ нифс Йеговӕбӕл бадардтан. Уганди
игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кодта, уоми Канадӕй еу ӕнсувӕр лӕггадӕ кодта. Еци ӕнсувӕр миграцион служби косӕгӕн нӕ гъуддаг балӕдӕрун кодта. Ӕма нин цалдӕр мӕйи байзайунмӕ барӕ равардтонцӕ, цалинмӕ нӕ гӕгъӕдитӕ не ’срӕвдзӕ адтайуонцӕ, уӕдмӕ. Уомӕй дӕр бабӕй рабӕрӕг ӕй, Йеговӕ нин ке ӕнхус кодта, е.Бурундий хуарз хабар игъустгонд нӕ цудӕй. Фал Уганди ба уавӕр ӕндӕрхузи адтӕй. Кӕд ӕнӕгъӕнӕ бӕсти 28 Ӕвдесӕнемӕй уӕлдай н’ адтӕй, уӕддӕр си хуарз хабар игъустгонд цудӕй. Еци территорий англисаг ӕвзагбӕл дӕр беретӕ дзурдтонцӕ. Фал ӕй балӕдӕрдтан, цӕмӕй, фулдӕр базонун ке фӕндуй, уонӕн банхус кӕнӕн, уой туххӕй нӕ бунӕттон ӕвзаг ахур кӕнун ке гъӕуй. Мах игъосун кӕнун райдӕдтан Кампали. Уоми беретӕ дзурдтонцӕ лугандӕ ӕвзагбӕл, ӕма еци ӕвзаг исахур кӕнун исфӕндӕ кодтан. Цӕмӕй ибӕл хуарз дзорун райдӕдтайанӕ, уой туххӕй нӕ цалдӕр анзи багъудӕй, фал уой фӕрци нӕ лӕггади ӕнтӕстгундӕр адтан. Библи ке хӕццӕ ахур кодтан, уонӕн куд банхус кӕнӕн, уой хуӕздӕр лӕдӕрун райдӕдтан. Зӕрдиагӕй сӕбӕл ке тухсӕн, уой ку фӕууидтонцӕ, уӕд етӕ дӕр, сӕ зӕрдити ци адтӕй, уой ӕргом кӕнун райдӕдтонцӕ. Ра нин дзориуонцӕ, Библийӕй ци базудтонцӕ, уой туххӕй ци гъуди кӕнунцӕ ӕма сӕбӕл е куд рабӕрӕг ӕй, уой.
ЦӔУӔН БАЛЦИТИ
Сӕрниллӕг адӕнӕн рӕстдзийнадӕ базонунмӕ ке ӕнхус кодтан, е нин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй. Нӕ цийнӕбӕл ма никкидӕр бафтудӕй, цӕуӕг цӕстӕдарӕгӕй мӕ ку иснисан кодтонцӕ, уӕд. Мӕ территоримӕ хаудтӕй ӕгас бӕстӕ дӕр. Кений филиал мин баихӕс кодта, цӕмӕй базудтайнӕ, сӕрмагонд пионерти ӕнхус Уганди хъӕбӕрдӕр кӕми гъӕуй, уой. Гъема балций рараст ан. Кӕмӕн игъосун кодтан, еци адӕн нӕ цалдӕр хатти баиуазӕг кодтонцӕ, кӕд Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй игъосгӕ дӕр некӕд фӕккодтонцӕ, уӕддӕр. Фингӕ дӕр ма нин рӕкӕниуонцӕ.
Еци балций фӕсте ба мӕ ӕндӕрхузи балци хизта. Кампалӕй дууӕ бони поездбӕл фӕццудтӕн Кенимӕ, наулӕууӕн горӕт Момбасӕмӕ. Уой фӕсте ба науӕбӕл бахъӕрдтӕн Сейшели сакъадахтӕмӕ. Еци сакъадахтӕ ӕнцӕ Индий океани. Фӕстӕдӕр ба 1965 анзӕй 1972 анзмӕ Сейшели сакъадахтӕмӕ Барбари хӕццӕ еумӕ цудан. Еци рӕстӕги си 2 игъосунгӕнӕги адтӕй. Фӕстдӕр ба си фӕззиндтӕй къуар, удта ӕмбурд дӕр. Уӕхӕн балцити ма цудтӕн Эритрейӕмӕ, Эфиопимӕ ӕма Суданмӕ.
Фал еу афон ба Уганди ӕфсӕддонтӕ хецауади нихмӕ цӕун райдӕдтонцӕ, ӕма бартӕ сӕ къохмӕ райстонцӕ. Уой фӕсте хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг ӕркодта, ӕма бабӕй ӕй балӕдӕрдтӕн, Библий унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун раст ке ӕй ӕма, «паддзахи ци ӕй, уой паддзахӕн дӕттун» (Мар. 12:17). Хецауади бардзурдмӕ гӕсгӕ, Уганди ци фӕсарӕйнӕгтӕ цардӕй, етӕ гъӕуама регистраци искодтайуонцӕ, хӕстӕгдӕр сӕмӕ ци полиций участок адтӕй, уоми. Ӕма мах дӕр гъе уотӕ бакодтан. Цалдӕр боней фӕсте ба Кампали мӕн, удта ма еу миссионери дӕр полиций косгутӕ бауорӕдтонцӕ. Раст зӕгъгӕй, хъӕбӕр фӕттарстан. Сумах, дан, шпионтӕ айтӕ, ӕма нӕ сӕйраг полиций участокмӕ фӕлластонцӕ. Уоми син бӕргӕ лӕдӕрун кодтан, миссионертӕ ке ан ӕма сабур, фарнӕуарзагӕ адӕн ке ан. Регистраци ке искодтан, уой дӕр син дзурдтан, фал нӕмӕ игъосгӕ дӕр нӕ кодтонцӕ. Уой фӕсте нӕ гӕрзефтонг ӕфсӕддонтӕ фӕлластонцӕ, нӕ миссионерти хӕдзарӕмӕ хӕстӕгдӕр ци полиций участок адтӕй, уордӕмӕ. Уоми ба нӕ еу полиций косӕг базудта ӕма нӕ рауадзун кодта.
Поститӕбӕл хезун нӕ арӕх багъӕуидӕ ӕма нин е дӕр ӕнцон н’ адтӕй, уӕлдайдӕр ба нӕ
расуг ӕфсӕддонтӕ ку бауорамиуонцӕ, уӕд. Фал алли хатт дӕр постбӕл хезгӕй Йеговӕмӕ кувтан, ӕма нӕ ку бауадзиуонцӕ, уӕд исуолӕфианӕ. Гъигагӕн, 1973 анзи хецауади бардзурдмӕ гӕсгӕ фӕсарӕйнаг миссионерти Угандӕй рандӕ ун багъудӕй.Аци хатт ба рандӕ ан Кот-д’Ивуармӕ (Нигулӕн Африкӕ). На царди бабӕй устур ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцудӕй. Бустӕги ӕндӕр ӕгъдӕуттӕбӕл нӕ ахур кӕнун гъудӕй, нӕуӕгӕй французагау дзорун ӕма ӕндӕр миссионерти хӕццӕ цӕрун. Етӕ ба аллихузи бӕститӕй адтӕнцӕ. Фал ӕй нӕуӕгӕй фӕууидтан, разамунд нин Йеговӕ ке дӕттуй, уой, уомӕн ӕма хъӕбӕр берӕ сӕрниллӕг ӕма кӕдзосзӕрдӕ адӕн рӕстдзийнадӕ сӕ зӕрдӕмӕ истонцӕ. Уидтан ӕй, Йеговӕ нин нӕ нӕдтӕ ке раст кӕнуй, нӕ зӕрдӕ ибӕл ке дардтан, уой туххӕй.
Фал уой фӕсте ба базудтан, Барбарӕ ракӕй ке фӕссӕйгӕ ’й. Уой туххӕй нӕ Европӕмӕ дохтиртӕмӕ цӕун арӕх багъӕуидӕ. 1983 анзи ба ’й балӕдӕрдтан, идарддӕр Африки лӕггадӕ кӕнун нӕ бон ке нӕбал исуодзӕй. Е нӕ дууемӕн дӕр хъӕбӕр зин адтӕй.
МӔ ЦАРДИ ӔЙЙИВДДЗИЙНӔДТӔ ӔРЦУДӔЙ
Мах лӕггадӕ кодтан Лондони Вефили. Барбарӕбӕл ӕ нез хъӕбӕрдӕр кӕнун райдӕдта ӕма рамардӕй. Еци зин сахат Вефили бийнонтӕ мӕ фарсмӕ ӕрбалӕудтӕнцӕ. Уӕлдайдӕр ба мин еу бийнонтӕ хъӕбӕр ӕнхус кодтонцӕ, цӕмӕй мӕхемӕ ма нийгъустайнӕ ӕма идарддӕр мӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардтайнӕ. Рӕстӕг рацудӕй ӕма базонгӕ дӕн Энни хӕццӕ. Энн сӕрмагонд пионер адтӕй ӕма Вефили дӕр ӕнхус кӕнидӕ. Удта Йегови хъӕбӕр берӕ уарзта. Нӕ цард байеу кодтан 1989 анзи, ӕма уӕдӕй фӕстӕмӕ Лондони Вефили еумӕ лӕггадӕ кӕнӕн.
1995 анзӕй 2018 анзмӕ лӕггадӕ кодтон сӕйраг хайади минӕварӕй (раздӕр хундтӕй зоналон цӕстӕдарӕг). Еу 60 бӕсти бабӕрӕг кодтон. Ӕма алли рауӕн дӕр фӕууининӕ, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн алли уавӕрти дӕр куд арфӕ кӕнуй, уой.
Филиалтӕ ке бӕрӕг кодтон, уой фӕрци мин 2017 анзи фадуат фӕззиндтӕй Африкӕмӕ фӕццӕун. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн мин адтӕй Бурундимӕ Энни хӕццӕ ӕрцӕун, удта си цӕйбӕрцӕ игъосунгӕнгутӕ фӕззиндтӕй, уой фӕууинун. 1964 анзи хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ ци гъӕунгти игъосун кодтон, уоми нур рӕсугъд Вефил лӕууй. Еци бӕсти нур 15 500 игъосунгӕнӕгемӕй фулдӕр ес.
2018 анзи ци бӕститӕмӕ гъӕуама рандӕ адтайанӕ, уой график ку фӕууидтон, уӕд хъӕбӕр бацийнӕ кодтон, уомӕн ӕма си Кот-д’Ивуар дӕр адтӕй. Еци бӕсти устурдӕр горӕтмӕ, Абиджанмӕ ку ’рцудан, уӕд мӕмӕ уотӕ кастӕй, цума нӕхемӕ ӕрцудтӕн. Вефили ка лӕггадӕ кӕнуй, уони телефонти номертӕмӕ ку ӕркастӕн, уӕд фӕууидтон, нӕ фарсмӕ ӕнсувӕр Соссу ке цӕруй. Ӕма мӕ зӕрди ӕрифтудӕй, Абиджани ма ку адтӕн, уӕд горӕти цӕстӕдарӕгӕй ка лӕггадӕ кодта, еци ӕнсувӕр дӕр уотӕ ке хундтӕй. Фал е ба ӕ фурт разиндтӕй.
Йеговӕ ӕ дзурдӕн хецау разиндтӕй. Берӕ зиндзийнӕдтӕ бавзурстон, фал ӕй балӕдӕрдтӕн, нӕ нифс Йеговӕбӕл ку дарӕн, уӕд нин нӕ над ке раст кӕндзӕй. Ӕма мӕ хъӕбӕр фӕндуй идарддӕр дӕр аци надбӕл цӕун ӕма нӕуӕг дуйней дессаги цард мӕхе цӕститӕй фӕууинун (Ӕмб. 4:18).