Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

1 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Тухсгӕ ма кӕнтӕ ӕма уӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл даретӕ!

Тухсгӕ ма кӕнтӕ ӕма уӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл даретӕ!

2021 АНЗИ СТИХ: «Уӕ хъаурӕ уой медӕг уодзӕй, ку нӕ тухсайтӕ ӕма мӕбӕл уӕ зӕрдӕ ку дарайтӕ» (ИС. 30:15).

3 ЗАР Нӕ хъаурӕ, нӕ нифс ӕма нӕ уарт

РАЗДЗУРД *

1. Йегови лӕггадгӕнгутӕй еуӕй-еуетӕ ци фӕззӕгъунцӕ?

АЛКЕДӔР ни фӕндуй сабур цард кӕнун. Зиндзийнӕдтӕ ӕхцӕуӕн некӕмӕн фӕуунцӕ. Фал сӕбӕл уӕддӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ исӕмбӕлӕн, ӕма тухсун райдайӕн. Мадта дессаг нӕй, Йегови лӕггадгӕнгутӕ дӕр арӕх паддзах Давиди хузӕн ке фӕззӕгъунцӕ: «Кӕдмӕ ма тох кӕндзӕй мӕ уод ӕма мӕ бонтӕ маст кӕнгӕй кӕдмӕ ӕрветдзӕн?» (Пс. 13:2).

2. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

2 Уомӕн нӕййес гӕнӕн, цӕмӕй царди ӕппундӕр мацӕбӕл тухсӕн. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, арӕхдӕр цӕбӕл фӕттухсӕн, уомӕ, удта базондзиан, цӕхуӕн ӕхсӕз унаффи нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг минкъийдӕр тухсӕн.

АРӔХДӔР ЦӔБӔЛ ФӔТТУХСӔН

3. Цӕхуӕн гъуддӕгтӕбӕл фӕттухсӕн? Нӕ бон ӕй еци гъуддӕгтӕн ести бакӕнун?

3 Тухсгӕ берӕ цӕбӕлдӕрти фӕккӕнӕн. Ӕма кӕцидӕр гъуддӕгтӕн нӕ бон неци фӕууй бакӕнун. Зӕгъӕн, нӕ бон нӕй уотӕ бакӕнун, цӕмӕй хуӕруйнаг, хъӕппӕл ӕма хъалонтӕн сӕ ӕргътӕ уӕлӕмӕ ма хезонцӕ, кенӕ ба цӕмӕй не ’мкъласонтӕ кенӕ не ’мкосгутӕ сӕхе уӕздан даронцӕ ӕма нӕ сӕ зундбӕл ма аразонцӕ. Мадта нӕ алливарс ци фудгъуддӕгтӕ цӕуй, уонӕн дӕр нӕ бон неци ӕй бакӕнун. Еци зинтӕ ӕвзарӕн, Сайтани дуйней ке цӕрӕн, удта фулдӕр адӕн Библий уагӕвӕрдтӕ ке нецӕмӕ дарунцӕ, уой туххӕй. Сайтан ӕй зонуй, адӕймаг царди сагъӕстӕбӕл ку исуа, уӕд ӕй е Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ хъор ке кӕндзӕй (Матф. 13:22; 1 Иоан. 5:19). Мадта дессаг нӕй, адӕн уойбӕрцӕ гъуддӕгтӕбӕл ке тухсунцӕ, е.

4. Арӕхдӕр цӕбӕл фӕттухсӕн?

4 Еуӕй-еухатт цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕбӕл гъе уотӕ истухсӕн, ӕма ӕндӕр нецӕбӕлбал фӕууй нӕ бон сагъӕс кӕнун. Арӕхдӕр нӕмӕ уӕхӕн сагъӕстӕ фӕууй: «Къӕбӕри фагӕ нӕмӕ ку нӕ уа, уӕд ци кӕндзиан? Ку фӕссӕйгӕ уон, ӕма уой туххӕй ӕнӕ кустӕй ку байзайон, уӕдта?» Кадӕр ба фӕттӕрсуй, естӕми ку фӕррӕдуйа ӕма Хуцауи ку фӕффудӕнгъӕл кӕна, уомӕй. Тагъд рӕстӕги дуйней хецауӕдтӕ сӕхе Хуцауи адӕнбӕл ниццӕвдзӕнцӕ, ӕма, ӕвӕдзи, фӕттухсӕн, еци рӕстӕг еузӕрдонӕй байзайдзиан ӕви нӕ, уобӕл. Кадӕртӕ уотӕ дӕр фӕссагъӕс кӕнунцӕ: «Еци хабӕрттӕбӕл ке тухсун, е, ӕвӕдзи, хуарз нӕй».

5. Йесо уотӕ цӕмӕн загъта, мабал мӕтӕ кӕнтӕ, зӕгъгӕ?

5 Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн уӕхӕн унаффӕ равардта: «Мабал мӕтӕ кӕнтӕ» (Матф. 6:25). Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕ тухсун ӕппундӕр нецӕбӕлбал гъӕуй? Рагидзаманти ка цардӕй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ дӕр арӕх тухсиуонцӕ, фал сӕ Йеговӕ уой туххӕй ӕ хуарзӕнхӕй нӕ фенӕхай кодта (1 Пад. 19:4; Пс. 6:3) *. Йесо еци дзурдтӕ загъта, тухсгӕ нӕбӕл ке кодта, уой туххӕй. Нӕ ’й фӕндадтӕй, цӕмӕй царди сагъӕстӕй гъе уотӕ исуӕн, ӕма Йеговӕн, куд ӕмбӕлуй, уотӕ мабал лӕггадӕ кӕнӕн. Цума нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕгӕр ма тухсӕн? (Кӕсӕ рамкӕ « Нӕ бон ци ӕй кӕнун?».)

ӔХСӔЗ УНАФФИ, ЦӔМӔЙ ӔГӔР МА ТУХСӔН

(кӕсӕ 6 абзац) *

6. Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ дин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй минкъийдӕр тухсай?

6 1) Арӕхдӕр ковӕ. Естӕбӕл ку тухсай, уӕд Йеговӕмӕ ковӕ (1 Пет. 5:7). Е дин ратдзӕй фарнӕ, «зунд кӕбӕл нӕ хъӕртуй, еци фарнӕ». (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7.) Ӕ сугъдӕг хъаурӕй дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй минкъийдӕр тухсай (Гал. 5:22).

7. Йеговӕмӕ ковгӕй нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн?

7 Йеговӕмӕ ку фӕкковис, уӕд ин дзорӕ, дӕ зӕрди цидӕриддӕр ес, уой. Цӕбӕл тухсис ӕма цӕмӕн, уой ин радзорӕ. Кӕд еци гъуддагӕн ести ес бакӕнӕн, уӕд си зунд ӕма хъауритӕ корӕ. Кӕд нӕ, уӕдта си корӕ, цӕмӕй ӕгӕр ма тухсай. Дӕ кувдтитӕ куд бӕлвурддӕр уонцӕ, уотӕ дин ӕнцондӕр уодзӕй фӕууинун, Йеговӕ дин сӕбӕл дзуапп куд ратдзӕй, уой. Дзуапп дин еци фӕдбӕл ку нӕ ратта, уӕддӕр дӕ къохтӕ ма уадзӕ, фал идарддӕр дӕр ковӕ, цӕмӕй ӕй Йеговӕ уина, дӕ зӕрдӕ ибӕл куд дарис, уой (Лук. 11:8–10).

8. Йеговӕмӕ ковгӕй ци гъӕуама ма иронх кӕнӕн?

8 Тухст уавӕри Йеговӕй ӕнхус ку корай, уӕд ин арфӕ кӕнун дар ма иронх кӕнӕ. Цийфӕнди лӕгъуз уавӕрти дӕр сагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ дӕ цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кодта, уобӕл. Хатгай хъӕбӕр зин фӕууй, ци нӕ тухсун кӕнуй, уой радзорунмӕ дзурдтӕ иссерун. Уӕхӕн уавӕрти ба дӕ Йеговӕ фегъосдзӕй, ӕрмӕстдӕр ин «банхус мин кӕнӕ», зӕгъгӕ, ку зӕгъай, уӕддӕр (2 Анз. 18:31; Ром. 8:26).

(кӕсӕ 9 абзац) *

9. Естӕмӕй ку тӕрсӕн, уӕд нӕ куд гъӕуй архайун?

9 2) Дӕхе зундбӕл дӕ зӕрдӕ ма дарӕ, фал зунд Йеговӕй корӕ. Нӕ эри размӕ 8-аг ӕноси Иуди цӕргутӕ тӕссаг уавӕри бахаудтӕнцӕ, уомӕн ӕма ассирийӕгтӕ сӕ нихмӕ рацудӕнцӕ. Сӕ дӕлбарӕ ке бауодзӕнцӕ, уомӕй хъӕбӕр тарстӕнцӕ, ӕма Египетӕй ӕнхус ракурдтонцӕ (Ис. 30:1, 2). Йеговӕ син загъта, е сӕ хуарзӕй ке нецӕмӕ ӕркӕндзӕй (Ис. 30:7, 12, 13). Удта син балӕдӕрун кодта, ци кӕнун сӕ гъӕуй, уой: «Уӕ хъаурӕ уой медӕг уодзӕй, ку нӕ тухсайтӕ ӕма мӕбӕл уӕ зӕрдӕ ку дарайтӕ» (Ис. 30:15б).

10. Цӕхуӕн уавӕрти нӕ бон ӕй Йеговӕн бавдесун, нӕ зӕрдӕ ибӕл ке дарӕн, уой?

10 Фал нӕ бон куд ӕй Йеговӕн бавдесун, нӕ зӕрдӕ ибӕл ке дарӕн? Зӕгъӕн, фадуат дин фӕззиндтӕй, фулдӕр ӕхца кӕми федунцӕ, уӕхӕн кустмӕ рацӕун. Фал ӕй зонис, еци кустмӕ ку рацӕуай, уӕд дин, нур цӕйбӕрцӕ рӕстӕг ес Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ, уойбӕрцӕ рӕстӕг ке нӕбал уодзӕй. Кенӕ ба, зӕгъӕн, кусти кедӕр зӕрдӕмӕ фӕццудтӕ, фал еци адӕймаг Йегови Ӕвдесӕн нӕй. Кенӕ ба дин дӕ бийнонтӕй еске зӕгъуй: «Кенӕ ӕз кенӕ дӕ Хуцау!» Аци уавӕрти раст унаффӕ рахӕссун ӕнцон нӕй, фал дин Йеговӕ алкӕддӕр байамондзӕй, куд архайун гъӕуй, уой (Матф. 6:33; 10:37; 1 Кор. 7:39). Дӕ зӕрдӕ ибӕл бадардзӕнӕ ӕма, е куд зӕгъуй, уотӕ бакӕндзӕнӕ?

(кӕсӕ 11 абзац) *

11. Библийӕй нӕ цӕхуӕн хабӕрттӕ бафедар кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй ӕгӕр ма тухсӕн, нӕ нихмӕ ку цӕуонцӕ, уӕд?

11 3) Фӕнзуйнаг ка адтӕй ӕма ка н’ адтӕй, уони хабӕрттӕй ахур кӕнӕ. Библийӕй бӕрӕг ӕй, зин уавӕрти нӕ нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун ке гъӕуй. Ци хабӕрттӕ си финст ес, уони ӕртасгӕй расагъӕс кӕнисӕ, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕн карз ӕфхуӕрд ӕййафгӕй дӕр ци ӕнхус кодта ӕгӕр ма тухсун. Зӕгъӕн, дзиуиттӕгти Сӕйраг тӕрхондони апостолтӕн карзӕй ку загътонцӕ, цӕмӕй мабал игъосун кӕнонцӕ, уӕд апостолтӕ катай кӕнун нӕ райдӕдтонцӕ, фал син федарӕй загътонцӕ: «Хуцау ӕй нӕ хецау, ӕма фиццагидӕр гъӕуама уомӕ игъосӕн, адӕнмӕ нӕ, фал» (Гъуд. 5:29). Ку сӕ фӕннадтонцӕ, уӕд дӕр нӕ фӕттарстӕнцӕ. Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма ’й федарӕй зудтонцӕ, Йеговӕ сӕ хӕццӕ ке ӕй ӕма сӕмӕ ӕ зӕрдӕ ке рохс кӕнуй, уой. Ӕма идарддӕр дӕр хуарз хабар игъосун кодтонцӕ (Гъуд. 5:40–42). Гъе уотӕ Стефанӕн дӕр, ке ӕй рамардзӕнцӕ, уомӕй тӕссаг ку адтӕй, уӕд ӕ уод сабур адтӕй, ӕ цӕсгон дӕр ма изӕди цӕсгони хузӕн рохс кодта (Гъуд. 6:12–15). Цума цӕй фӕрци? Стефан ӕй федарӕй зудта, Йеговӕ си арази ке ӕй.

12. 1 Петури 3:14; 4:14 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ, нӕ фӕдбӕл ку зелонцӕ кенӕ ӕфхуӕрд ку ӕййафӕн, уӕддӕр нӕ бон цӕмӕн ӕй амондгун ун?

12 Йеговӕ апостолтӕн уӕхӕн хъаурӕ равардта, ӕма сӕ бон адтӕй дессӕгтӕ кӕнун. Уомӕй бӕрӕг адтӕй, сӕ хӕццӕ ке ӕй, е. Абони киристӕнттӕн уӕхӕн хъаурӕ лӕвӕрд нӕй (Гъуд. 5:12–16; 6:8). Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ рӕстдзийнади туххӕй ӕфхуӕрд ку ӕййафӕн, уӕд амондгун уодзиан, уомӕн ӕма ’й зондзиан, Йеговӕ ни арази ке ӕй ӕма нин ӕ сугъдӕг хъаурӕ ке дӕттуй. (Бакӕсӕ 1 Петури 3:14; 4:14.) Мадта нӕмӕ ци фӕлварӕнтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уонӕбӕл гъӕуама ӕгӕр ма тухсӕн. Гъӕуама нур исахур уӕн нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун ӕма федарӕй ӕууӕндун, ке нӕ бафедар кӕндзӕй ӕма нӕ ке фӕййервӕзун кӕндзӕй, уобӕл. Мах дӕр гъӕуама фиццаг ӕноси киристӕнтти хузӕн ӕууӕндӕн Йесой зӕрдӕвӕрдбӕл: «Ӕз [уин] уӕхӕн ӕвзаг ӕма уӕхӕн зунд ратдзӕн, ӕма, уе знӕгтӕ еугурӕйдӕр ку байеу уонцӕ, уӕддӕр сӕ бон нӕ уодзӕй уӕ нихмӕ фӕллӕуун кенӕ уӕ нихмӕ ести зӕгъун». Йесо ма уотӕ дӕр загъта: «Уӕ федардзийнади фӕрци фӕййервӕзун кӕндзиайтӕ уӕ уодтӕ» (Лук. 21:12–19). Удта ма гъӕуама ма иронх кӕнӕн, ӕ мӕлӕти уӕнгӕ дӕр еузӕрдонӕй ка байзадӕй, уони Йеговӕ хуарз ке гъуди кӕнуй ӕма сӕ нӕуӕг дуйней ке райгас кӕндзӕй.

13. Ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ка нӕ бадардта, еци адӕни хабӕрттӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

13 Библий ма ес, ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ка нӕ бадардта, ӕма катаййи ка бафтудӕй, уӕхӕн адӕни хабӕрттӕ дӕр. Ку сӕбӕл сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕхе уӕхӕн рӕдудтитӕй багъӕуай кӕндзиан. Ӕргъуди кӕнӕн паддзах Аси хабар. Иудӕмӕ Эфиопӕгти устур ӕфсад ку ’рбампурста, уӕд Асӕ ӕнхус Йеговӕй байагурдта, ӕма сӕбӕл уой фӕрци фӕууӕлахез ӕй (2 Анз. 14:9–12). Фал фӕстӕдӕр ба сӕ нихмӕ дзӕвгарӕ минкъийдӕр ӕфсад рацудӕй, израилаг паддзах Вааси ӕфсад. Ӕма гъе уӕд Йеговӕй ӕнхус ракоруни бӕсти Асӕ сирийӕгтӕн бафиста, цӕмӕй сӕ сӕрбӕл рахуӕстайуонцӕ (2 Анз. 16:1–3). Ӕ царди фӕстаг бӕнтти, хъӕбӕр ку фӕссӕйгӕ ’й, уӕд дӕр Асӕ Йеговӕй ӕнхус нӕ ракурдта (2 Анз. 16:12).

14. Асӕ ци рӕдуд искодта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

14 Фиццӕгти Асӕ ӕнхус Йеговӕй курдта. Фал фӕстӕдӕр ба ӕ зӕрдӕ ӕхебӕл дарун райдӕдта. Асӕ сирийӕгтӕй ӕнхус ке ракурдта, е син ӕцӕгӕйдӕр сабур цард ӕрхаста, фал рӕстӕгмӕ. Йеговӕ ӕ пахампари фӕрци Асӕн балӕдӕрун кодта: «Дӕ нифс дӕ Хуцау Йеговӕбӕл нӕ, фал Сирий паддзахбӕл ке исӕвардтай, уой туххӕй Сирий паддзахи ӕфсад дӕ къохӕй райервазтӕй» (2 Анз. 16:7). Мадта гъӕуама уотӕ ма сагъӕс кӕнӕн, ӕма нӕ зиндзийнӕдтӕй ӕнӕ Йегови ӕнхусӕй дӕр ислӕсдзиан. Уӕхӕн уавӕри ку бахауӕн, ӕма нӕ тагъд-тагъдӕй унаффӕ рахӕссун гъӕуй, уӕд катай кӕнуни бӕсти гъӕуама ӕрсабур уӕн ӕма зунд Йеговӕй ракорӕн. Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ ку дарӕн, уӕд нин раст унаффӕ рахӕссунмӕ банхус кӕндзӕй.

(кӕсӕ 15 абзац) *

15. Библи кӕсгӕй хуарз ци уайдӕ кӕнун?

15 4) Библий стихтӕ нигъгъуди кӕнунбӕл архайӕ. Библий дӕбӕл дзӕбӕх стихтӕ ку рамбӕла, зӕгъӕн, зин уавӕрти нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун ӕма ма тухсун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой туххӕй, уӕд байархайӕ, цӕмӕй сӕ нигъгъуди кӕнай. Гъӕрӕй сӕ кӕсӕ, кенӕ ба сӕ естӕбӕл рафинсӕ ӕма сӕ ниййауиндзӕ, зингӕ дӕмӕ кӕми кӕндзӕнцӕ, уӕхӕн рауӕн. Йеговӕ Йесо Навинӕн бафӕдзахста, цӕмӕй Закъони киунугӕ алли бон дӕр сабур гъӕлӕсӕй кастайдӕ. Уой фӕрци ӕ бон адтӕй раст унаффитӕ хӕссун, удта адтӕй нифсгун ӕма Хуцауи адӕни ӕ фӕдбӕл ракодта (Йес. Н. 1:8, 9). Адӕймаги тухст уавӕри ка бафедар кӕна ӕма ’й ка ӕрсабур кӕна, уӕхӕн стихтӕ Библий берӕ ес (Пс. 27:1–3; Ӕмб. 3:25, 26).

(кӕсӕ 16 абзац) *

16. Ӕмбурди фӕрци нин Йеговӕ куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй зин уавӕрти ма тухсӕн ӕма ибӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн?

16 5) Хуцауи адӕни хӕццӕ рӕстӕг ӕрветӕ. Йегови фӕндуй, цӕмӕй зин уавӕрти тухсгӕ ма кӕнӕн ӕма ибӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн. Ӕма нин еци гъуддаги ӕнхус кӕнуй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕрци дӕр. Зӕгъӕн, хъӕбӕр устур пайда нин хӕссунцӕ не ’мбурдтӕ. Ци радзубандитӕ си фегъосӕн, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ци дзуӕппитӕ раттунцӕ, етӕ дӕр нӕ бафедар кӕнунцӕ (Дзиуит. 10:24, 25). Уомӕй уӕлдай ма ӕмбурди нӕ бон фӕууй нӕ тухститӕ не ’мбӕлттӕн радзорун. Ӕма нӕ сӕ фӕлмӕн дзурдӕй ку бафедар кӕнунцӕ, уӕд ӕрсабур уӕн (Ӕмб. 12:25).

(кӕсӕ 17 абзац) *

17. Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:19 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин Хуцауи Паддзахади нифс зин уавӕрти куд ӕнхус кӕнуй?

17 6) Дӕ нифс федар кӕнӕ. Хуцауи Паддзахади нифс нин ӕй «науӕнгури хузӕн» ӕма нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй зин уавӕрти дӕр федар лӕууӕн. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:19.) Сагъӕс кӕнтӕ Йеговӕ нин ци цард ӕрцӕттӕ кодта, уобӕл. Еци рӕстӕг тухст сагъӕстӕн сӕ кой дӕр нӕбал уодзӕй (Ис. 65:17). Уӕ цӕститӕбӕл арӕхдӕр уайун кӕнтӕ, нӕуӕг дуйней куд цӕрдзиайтӕ ӕма уӕ куд неци тухсун кӕндзӕй, уой (Мих. 4:4). Нӕ нифс ма федар кӕндзӕй, еци нифси туххӕй иннетӕн ку дзорӕн, уӕд дӕр. Мадта игъосун кӕнуни гъуддаги ӕгас хъауритӕй архайетӕ, цӕмӕй «кӕронмӕ федарӕй ӕууӕндайтӕ», ци нифс уин ес, уобӕл (Дзиуит. 6:11).

18. Федӕни нӕмӕ цӕхуӕн фӕлварӕнтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, ӕма нин ци банхус кӕндзӕй нифсгунӕй сӕ сӕрти рахезун?

18 Аци фуддуйнейӕн ӕ кӕрон куд хӕстӕгдӕргӕнгӕ цӕуй, уотӕ цард никки зиндӕр кӕндзӕй. 2021 анзи стих нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕгӕр ма тухсӕн, удта нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕн, нӕхебӕл нӕ, фал. Гъӕйдӕ мадта аци анзи дӕргъи бавдесӕн, федарӕй ке ӕууӕндӕн, Йеговӕ ци загъта, уобӕл: «Уӕ хъаурӕ уой медӕг уодзӕй, ку нӕ тухсайтӕ ӕма мӕбӕл уӕ зӕрдӕ ку дарайтӕ» (Ис. 30:15).

8 ЗАР Йеговӕ ӕй нӕ мӕсуг

^ 5 абз. 2021 анзи стих ӕй хуарз ӕвдесуй, зин рӕстӕгути нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой. Аци статьяй дзурд цӕудзӕй, ци унаффӕ си ес, уомӕй нӕ бон пайда кӕнун куд ӕй, уобӕл.

^ 5 абз. Еузӕрдон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй кадӕртӕ нервити незӕй фӕссӕйунцӕ ӕма уой туххӕй фӕттухсунцӕ. Киристей дзурдтӕ, «мабал мӕтӕ кӕнтӕ», зӕгъгӕ, уӕхӕн тухститӕмӕ нӕ хаунцӕ.

^ 63 абз. ХУЗӔ. 1) Бони дӕргъи хуӕрӕ Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй ковуй ӕма ин дзоруй, цидӕриддӕр ӕй тухсун кӕнуй, уой.

^ 65 абз. ХУЗӔ. 2) Кусти рӕфтадафони Библи кӕсуй, цӕмӕй си ӕхецӕн хуарз унаффитӕ иссера.

^ 67 абз. ХУЗӔ. 3) Сагъӕс кӕнуй, фӕнзуйнаг ка адтӕй ӕма ка н’ адтӕй еци адӕни хабӕрттӕбӕл.

^ 69 абз. ХУЗӔ. 4) Ӕ холодильникбӕл, нигъгъуди кӕнун ӕй ке фӕндуй, уӕхӕн Библий стих нихасуй.

^ 71 абз. ХУЗӔ. 5) Хуӕри хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ рацудӕй ӕма игъӕлдзӕгӕй дзубандитӕ кӕнунцӕ.

^ 73 абз. ХУЗӔ. 6) Федӕнбӕл сагъӕс кӕнуй, ӕма уотемӕй ӕ нифс федар кӕнуй.