3 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
«Хъӕбӕр берӕ адӕн» кадгин кӕнунцӕ Хуцауи ӕма Киристей
«Нӕ ервӕзунгӕнгутӕ ӕнцӕ нӕ Хуцау – паддзахбадӕнбӕл ка бадуй, е, ӕма Уӕриккӕ!» (РАРГ. 7:10).
14 ЗАР Зӕнхи нӕуӕг Паддзахи кадгин кӕнтӕ
РАЗДЗУРД *
1. 1935 анзи конгресси еу ӕнсувӕр ци балӕдӕрдтӕй?
ЕУХАТТ еу ӕригон ӕнсувӕрӕн конгресси фӕсте ӕ цард цӕхгӕрмӕ раййивта. Еци ӕнсувӕр донаргъуд райста 1926 анзи, 18 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд. Ӕ ниййергутӕ, удта ӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр Библиртасгутӕ адтӕнцӕ (абони Йегови Ӕвдесӕнтӕ). Алли анз дӕр Киристей мӕлӕт Имисӕн изӕри еци ӕнсувӕр дӕр иннети хузӕн дзол ӕма сӕнӕй исахуадидӕ. Фал 1935 анзи Вашингтони конгресси Джозеф Рутерфордӕн адтӕй радзубанди, «Хъӕбӕр берӕ адӕн», зӕгъгӕ. Ӕма еци радзубандий фӕсте ӕнсувӕр балӕдӕрдтӕй, уӕларвон нифс ин ке н’ адтӕй, уой. Цума си дзурд цӕбӕл цудӕй?
2. Ӕнсувӕр Рутерфорд ӕ радзубандий ци балӕдӕрун кодта?
2 Ӕнсувӕр Рутерфорд ӕ радзубандий балӕдӕрун кодта, Раргомади 7 сӕри 9 стихи ци «хъӕбӕр берӕ адӕни» туххӕй финст ес, уонӕмӕ ка хауй, уой. Еци конгресси размӕ Йегови лӕггадгӕнгутӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма «хъӕбӕр берӕ адӕнмӕ» ка хауй, уонӕн се ’гасемӕндӕр уӕларвон нифс ес, кӕд 144 000 исӕрст киристоней хузӕн еузӕрдон нӕ ’нцӕ, уӕддӕр. Фал ӕнсувӕр Рутерфорд Библий фӕрци балӕдӕрун кодта, «хъӕбӕр берӕ адӕн», Киристе ке туххӕй дзурдта, еци «ӕндӕр фустӕ» * ке ’нцӕ. Еци адӕн ӕнцӕ, «устур бӕллӕхи сӕрти ка рахездзӕй», етӕ (Рарг. 7:14). Йесо загъта: «Мӕнӕн ма ес ӕндӕр фустӕ дӕр – етӕ аци тургъӕй нӕ ’нцӕ. Ӕма мӕ уони дӕр ӕрбакӕнун гъӕуй. Етӕ игъосдзӕнцӕ мӕ дзурдмӕ. Ӕма еугурӕйдӕр исуодзӕнцӕ еу дзогӕ, ӕма син уодзӕй еу фиййау» (Иоан. 10:16). Йесо фусти хӕццӕ ке рабарста, еци адӕн ӕнцӕ, зӕнхӕбӕл ка цӕрдзӕй, еци еузӕрдон киристӕнттӕ (Матф. 25:31–33, 46). Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, еци нӕуӕг ахурадӕ Йегови лӕггадгӕнгути цард куд раййивта, уомӕ (Пс. 97:11; Ӕмб. 4:18).
МИНГАЙ АДӔНИ ЦАРД КА РАЙЙИВТА, ЕЦИ ХАБАР
3, 4. 1935 анзи конгресси берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ци балӕдӕрдтӕнцӕ?
3 Расагъӕс кӕнӕ, 20 000 адӕймагемӕн сӕ зӕрдитӕ куд тӕбар-тубур кодтонцӕ, Джозеф Рутерфорд уотӕ ку загъта: «Исистайтӕ, зӕнхӕбӕл цӕруни нифс кӕмӕн ес, етӕ». Еци конгресси ка адтӕй, уонӕй сӕ еу уотӕ загъта, адӕнӕн, дан, сӕ фулдӕр исистадӕнцӕ. Уой фӕсте ба Рутерфорд загъта: «Кӕсайтӕ, „хъӕбӕр берӕ адӕн“ мӕнӕ атӕ ’нцӕ!» Ӕма конгресс ӕрдзӕфӕй нӕбал ӕнцадӕй. Ка исистадӕй, етӕ ’й балӕдӕрдтӕнцӕ, Йеговӕ сӕ уӕларвон цардмӕ ке нӕ равзурста, уой. Иннӕ бон ба донаргъуд райстонцӕ 840 адӕймаги, ӕма сӕ фулдӕр адтӕнцӕ, ӕндӕр фустӕмӕ ка хауй, етӕ.
4 Еци радзубандий фӕсте, уӕлдӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр дӕр ӕма мингай ӕндӕр киристӕнттӕ дӕр Имисӕн изӕри рӕстӕг дзол ӕма сӕнӕй ахуадгӕ нӕбал кодтонцӕ. Еу ӕнсувӕр загъта: «1935 анзи Имисӕн изӕри фӕсте дзол ӕма сӕнӕй ахуадгӕ нӕбал кодтон. Ба ’й лӕдӕрдтӕн, Йеговӕ мӕ уӕларвон цардмӕ ке нӕ равзурста, фал мин равардта зӕнхӕбӕл цӕруни нифс, цӕмӕй ӕз дӕр уон, зӕнхӕй дзенет ка рауайун кӕндзӕй, уони астӕу» (Ром. 8:16, 17; 2 Кор. 1:21, 22). Уӕдӕй ардӕмӕ «хъӕбӕр берӕ адӕни» нимӕдзӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнуй, ӕма ӕмгуст кӕнунцӕ, зӕнхӕбӕл ма исӕрст киристӕнттӕй ка байзадӕй, уони хӕццӕ.
5. Имисӕн изӕри нисӕнттӕй ка нӕбал ахуадуй, уонӕмӕ Йеговӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй?
5 1935 анзи конгресси фӕсте беретӕ Имисӕн изӕри нисӕнттӕй ахуадгӕ нӕбал кодтонцӕ. Абони дӕр Йегови Ӕвдесӕнти астӕу фӕууй, ӕхемӕ исӕрст киристон ка фӕккӕсуй, фал уотӕ ке нӕй, уой фӕстӕдӕр ка балӕдӕруй, уӕхӕнттӕ. Цума сӕмӕ Йеговӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй? (1 Кор. 11:28). Кӕд сӕ рӕдуд балӕдӕрдтӕнцӕ, удта Йеговӕн идарддӕр еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ, уӕд федарӕй зӕгъӕн ес, ӕма «ӕндӕр фустӕмӕ» хаунцӕ. Ӕма кӕд нисӕнттӕй нӕбал ахуадунцӕ, уӕддӕр Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕунцӕ, уомӕн ӕма Йеговӕ ӕма Киристейӕй хъӕбӕр боз ӕнцӕ.
ДЕССАГИ НИФС
6. Йесо изӕдтӕн ци бафӕдзахста?
6 Устур бӕллӕх къӕсӕрбӕл ӕй. Уомӕ гӕсгӕ нин нӕ нифс федар кӕнуй, Раргомади 7 сӕри исӕрст киристӕнтти ӕма «хъӕбӕр берӕ адӕни» туххӕй ци финст ес, е. Уоми финст ӕй, Йесо изӕдтӕн ке бафӕдзахста, зиан ка хӕссуй, еци цуппар дунгебӕл федар хуӕцун, цалинмӕ ӕгас исӕрститӕбӕл дӕр мухур ӕвӕрд не ’рцӕуа, гъома сӕ цалинмӕ Йеговӕ еузӕрдонтӕбӕл нӕ банимайа, уӕдмӕ (Рарг. 7:1–4). Йеговӕ син сӕ еузӕрдондзийнади туххӕй райарфӕ кӕндзӕй. Етӕ уодзӕнцӕ Киристей хӕццӕ паддзӕхтӕ ӕма саугинтӕ (Рарг. 20:6). Йеговӕн, Йесойӕн ӕма изӕдтӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн уодзӕй, 144 000 сӕ уӕларвон хуӕрзеуӕг ку райсонцӕ, уӕд.
7. Раргомади 7:9, 10 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Иоанн цӕстӕбӕлуайӕни ци фӕууидта? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
7 144 000 паддзах ӕма саугини фӕсте Иоанн фӕууидта, Армагеддони ка фӕййервазтӕй, еци хъӕбӕр берӕ адӕни. Еци адӕнӕн сӕ нимӕдзӕ гъе уотӕ берӕ адтӕй, ӕма сӕ банимайун дӕр неке бон адтӕй. (Бакӕсӕ Раргомадӕ 7:9, 10.) Еци адӕнӕн сӕ уӕле адтӕй даргъ уорс дарӕстӕ, ӕма е амудта, Сайтани дуйнейӕй ке нӕ фегъӕстӕ ’нцӕ, удта Хуцау ӕма Киристебӕл еузӕрдонӕй ке байзадӕнцӕ (Иак. 1:27). Етӕ гъӕрӕй дзурдтонцӕ: «Нӕ ервӕзунгӕнгутӕ ӕнцӕ нӕ Хуцау – паддзахбадӕнбӕл ка бадуй, е, ӕма Уӕриккӕ!» Сӕ къохти адтӕй пальмӕ бӕласи къалиуттӕ, ӕма уомӕй бӕрӕг ӕй, Йесой Йеговӕй ӕвӕрд Паддзахбӕл ке нимайунцӕ. (Рабарӕ Иоанни 12:12, 13.)
8. Раргомади 7:11, 12 ци финст ес, уӕлӕрвти ка ’нцӕ, уони туххӕй?
8 Бакӕсӕ Раргомадӕ 7:11, 12. Цума уӕлӕрвти ба еци рӕстӕг цитӕ цудӕй? Иоанн куд ниффинста, уомӕ гӕсгӕ уӕлӕрвти кадӕриддӕр ес, етӕ цийнӕ кодтонцӕ ӕма Йеговӕн кадӕ кодтонцӕ. Ӕцӕгӕйдӕр син хъӕбӕр ӕхцӕуӕн уодзӕй, Иоанни цӕстӕбӕлуайӕн ку исӕнхӕст уа ӕма хъӕбӕр берӕ адӕн Армагеддони ку фӕййервӕзонцӕ.
9. Раргомади 7:13–15 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ хъӕбӕр берӕ адӕн ци куст кӕнунцӕ?
9 Бакӕсӕ Раргомадӕ 7:13–15. Иоанн ниффинста, хъӕбӕр берӕ адӕн, дан, сӕ дарӕстӕ нихснадтонцӕ ӕма сӕ исуорс кодтонцӕ Уӕрикки тоги. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма сӕ Йеговӕ рӕстгӕнгутӕбӕл нимайуй (Ис. 1:18). Еци адӕн сӕ цард Йеговӕн иснивонд кодтонцӕ ӕма донаргъуд райстонцӕ. Етӕ федарӕй ӕууӕндунцӕ, Йесой нивондбӕл ӕма Йегови хуарзӕнхӕй хайгин ке ’нцӕ, уобӕл (Иоан. 3:36; 1 Пет. 3:21). Уомӕ гӕсгӕ син Йеговӕ барӕ равардта, цӕмӕй ин ӕ паддзахбадӕни рази лӕууонцӕ ӕма ин ӕхсӕвӕй-бонӕй зӕнхӕбӕл лӕггадӕ кӕнонцӕ. Хуцауи Паддзахадӕ син царди фиццаг бунати ӕй, ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги сӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнунцӕ (Матф. 6:33; 24:14; 28:19, 20).
10. Хъӕбӕр берӕ адӕн федарӕй цӕбӕл ӕууӕндунцӕ ӕма сӕхе цӕститӕбӕл цӕхуӕн пахампарадӕ исӕнхӕст уодзӕй?
10 Устур бӕллӕхӕй ка рахеза, еци адӕн ӕй федарӕй зондзӕнцӕ, Хуцау сӕбӕл идарддӕр дӕр ке батухсдзӕй, уомӕн ӕма Иоанн ниффинста: «Паддзахбадӕнбӕл ка бадуй, е син сӕ сӕрмӕ райтиндздзӕй ӕ цатур». Гъе уӕд ӕй «хъӕбӕр берӕ адӕн» сӕхе цӕститӕй фӕууиндзӕнцӕ, куд исӕнхӕст уодзӕнцӕ аци дзурдтӕ: «[Хуцау] син ниссӕрфдзӕй сӕ цӕстисугтӕ, ӕма нӕбал уодзӕй нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист. Раздӕр ци адтӕй, е райевгъудӕй» (Рарг. 21:3, 4).
11, 12. а) Раргомади 7:16, 17 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ «хъӕбӕр берӕ адӕнмӕ» цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? б) «Ӕндӕр фустӕ» Имисӕн изӕр цӕмӕн фӕббӕрӕг кӕнунцӕ?
11 Бакӕсӕ Раргомадӕ 7:16, 17. Абони Йегови лӕггадгӕнгутӕй беретӕ цӕрунцӕ, мӕгур бӕстити кенӕ тугъдтитӕ кӕми цӕуй, уӕхӕн рауӕн. Уой туххӕй беретӕн хуӕруйнаг дӕр нӕ фӕффагӕ кӕнуй. Кадӕртӕ ба ахӕстдони бадунцӕ, Йеговӕн ке лӕггадӕ кӕнунцӕ, уой туххӕй. Фал уӕддӕр амондгун ӕнцӕ, уомӕн ӕма ’й зонунцӕ, аци дуйнейӕн ӕ кӕрон ку ӕрцӕуа, уӕд фӕййервӕздзӕнцӕ ӕма уӕхӕн зиндзийнӕдтӕ некӕдбал ӕвзардзӕнцӕ. Иоанн финста, хор сӕ нӕбал содздзӕй, зӕгъгӕ. Аци дзурдтӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма Йеговӕ Сайтани дуйнейӕн кӕрон ку искӕна, ӕма ибӕл ӕ маст ку ракала, уӕд ӕ лӕггадгӕнгутӕй еунӕгемӕндӕр неци уодзӕй. Устур бӕллӕхи ка фӕййервӕза, уони Йесо царди сауӕдӕнттӕмӕ ӕрбакӕндзӕй. Расагъӕс кӕнӕ, хъӕбӕр берӕ адӕнмӕ цӕхуӕн дессаги цард ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Етӕ, мӕлӕт ци ӕй, уой некӕд бавзардзӕнцӕ (Иоан. 11:26).
12 «Ӕндӕр фустӕ» Йеговӕй ӕма Йесойӕй хъӕбӕр боз ӕнцӕ, уӕхӕн нифс син ке ес, уой туххӕй. Кӕд уӕларвон цардмӕ ӕвзурст не ’рцудӕнцӕ, уӕддӕр син Йеговӕ исӕрст киристӕнттӕй минкъийдӕр аргъ нӕ кӕнуй. Уони бон дӕр ӕй Хуцау ӕма Киристей кадгин кӕнун, зӕгъӕн, Имисӕн изӕр ке исбӕрӕг кӕнунцӕ, уомӕй.
ИМИСӔН ИЗӔРИ РӔСТӔГ ЙЕГОВӔН ӔМА КИРИСТЕЙӔН ЗӔРДИАГӔЙ ИСКАДӔ КӔНТӔ!
13, 14. Исӕрст киристӕнттӕ, удта ӕндӕр фустӕ дӕр Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр цӕмӕн фӕббӕрӕг кӕнунцӕ?
13 Фӕстаг ӕнзти Имисӕн изӕри мин адӕймагемӕй еу исахуадуй нисӕнттӕй. Исӕрст киристӕнттӕ ефстаг ӕмбурдти фӕууй. Имисӕн изӕрмӕ ка ӕрбацӕуй, уонӕн сӕ фулдӕр, зӕнхон нифс кӕмӕн ес, етӕ фӕуунцӕ. Мадта уӕд Имисӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕунцӕ? Зӕгъӕн, не ’мбӕлттӕй ескӕмӕн киндзӕхсӕвӕр ку фӕууй, уӕд сӕмӕ ӕрбацӕуӕн, цӕмӕй син бавдесӕн, ке сӕ уарзӕн ӕма нин сӕ хабар ӕхцӕуӕн ке ӕй. Гъе уотӕ ӕндӕр фустӕ дӕр Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕунцӕ, уомӕн ӕма Йесой ӕма исӕрст киристӕнтти уарзунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма Имисӕн изӕри рӕстӕг ӕндӕр фустӕ бавдесунцӕ, Йесой нивонди туххӕй ӕма син уӕхӕн дессаги нифс ке фӕззиндтӕй, уой туххӕй боз ке ’нцӕ.
1 Кор. 11:23–26). Гъе уомӕ гӕсгӕ цалинмӕ исӕрст киристӕнттӕ зӕнхӕбӕл уонцӕ, уӕдмӕ иннӕ фустӕ Имисӕн изӕрмӕ сӕхуӕдтӕ дӕр цӕудзӕнцӕ ӕма иннӕ адӕни дӕр хондзӕнцӕ.
14 Фал ма никкидӕр еу цӕйдӕр туххӕй ӕрбацӕунцӕ Имисӕн изӕрмӕ. Уотемӕй Киристей фӕдзӕхст фенхӕст кӕнунцӕ. Йесо Имисӕн изӕр ку ӕрфедар кодта, уӕд ӕ апостолтӕн загъта: «Уотӕ кӕнтӕ мӕн имисуни туххӕй» (15. Имисӕн изӕри рӕстӕг ни алке бон дӕр куд ӕй Хуцау ӕма Киристей кадгин кӕнун?
15 Имисӕн изӕри рӕстӕг Йегови ӕма Киристей искадгин кӕнӕн нӕ зарӕй ӕма кувдӕй. Аци анз Имисӕн изӕри ци радзубанди уодзӕй, уомӕ ку байгъосӕн, уӕд нӕ уӕларвон Фидӕй ӕма ӕ Фуртӕй никки хъӕбӕрдӕр боз уодзиан. Еци радзубанди хундзӕй «Хуцау ӕма Киристе дӕу туххӕй ци искодтонцӕ, уомӕн аргъ кӕнӕ!». Кӕрӕдземӕ дзол ӕма сӕнӕ ку дӕттӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй расагъӕс кӕнун, ци нисан кӕнунцӕ, уобӕл. Расагъӕс кӕндзиан, Йеговӕ нӕ куд берӕ уарзуй, ӕма цӕмӕй мах цӕрӕн, уой туххӕй ӕ Фурти цард куд нӕ бавгъау кодта, уобӕл (Матф. 20:28). Мадта нӕ уӕларвон Фиди ӕма ӕ Фурти ка уарзуй, етӕ Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕудзӕнцӕ.
ЦИ НИФС УИН ЕС, УОЙ ТУХХӔЙ ЙЕГОВӔН АРФӔ КӔНТӔ
16. Исӕрст киристӕнттӕ ӕма ӕндӕр фустӕ ӕмхузӕн цӕмӕй ӕнцӕ?
16 Исӕрст киристӕнттӕ ӕма ӕндӕр фустӕ кӕрӕдземӕй хецӕн кӕнунцӕ. Фал уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма си Йеговӕ еуети фулдӕр уарзуй, иннети ба – минкъийдӕр. Йеговӕ еуети туххӕй дӕр ӕма иннети туххӕй дӕр ӕмхузӕн аргъ бафиста – ӕ хъазар Фурти цард. Хецӕн кӕнунцӕ ӕрмӕстдӕр, ци нифс син ес, уомӕй. Цийфӕнди нифс син ма уа, уӕддӕр гъӕуама Хуцаубӕл ӕма Киристебӕл еузӕрдонӕй байзайонцӕ (Пс. 31:23). Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕ кӕмӕн цӕйбӕрцӕ гъӕуй, уойбӕрцӕ раттуй, уӕлдай нӕй, исӕрст уа ӕви ӕндӕр фустӕй уа.
17. Исӕрст киристӕнттӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ?
17 Исӕрст киристӕнттӕн уӕларвон нифс сӕ райгурцӕй нӕ фӕууй – е син Хуцауӕй лӕвӕрд ӕй. Етӕ уобӕл арӕх фӕссагъӕс кӕнунцӕ, уой туххӕй фӕкковунцӕ ӕма хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, сӕ уӕларвон хуӕрзеуӕг кӕд райсдзӕнцӕ, уомӕ. Уӕлӕрвти син цӕхуӕн бауӕр уодзӕй, уой нӕ зонунцӕ (Фил. 3:20, 21; 1 Иоан. 3:2). Фал хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, уӕлӕрвти Йегови, Йесой, изӕдти ӕма иннӕ исӕрстити хӕццӕ кӕд уодзӕнцӕ, уомӕ.
18. «Ӕндӕр фустӕ» цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ?
18 «Ӕндӕр фустӕ» хъӕбӕр аргъ кӕнунцӕ, адӕймаг ци цардӕн конд ӕрцудӕй, еци цардӕй син нифс ке ес, уомӕн (Еккл. 3:11). Етӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, ӕгас зӕнхӕй дӕр дзенет кӕнун кӕд райдайдзӕнцӕ, уомӕ. Алке бон дӕр си уодзӕй ӕхе хӕдзарӕ ӕма дзӕхӕра искӕнун, удта сӕйгӕ некӕдбал кӕндзӕнцӕ, нӕдӕр сӕхуӕдтӕ, нӕдӕр сӕ сувӕллӕнттӕ (Ис. 65:21–23). Уомӕй уӕлдай ма сӕ бон уодзӕй зӕнхӕбӕл алли рауӕнти ци рӕсугъд бунӕттӕ ес, уони фӕууинун. Фал тӕккӕ хъӕбӕрдӕр ба цийнӕ кӕндзӕнцӕ, Йеговӕмӕ бонӕй-бонмӕ хӕстӕгдӕр ке кӕндзӕнцӕ, уобӕл.
19. Имисӕн изӕри нин цӕхуӕн фадуат уодзӕй ӕма ’й аци анз кӕд исбӕрӕг кӕндзиан?
19 Йеговӕ алли лӕггадгӕнӕгӕн дӕр дессаги нифс равардта (Йер. 29:11). Хуцауи ӕма Киристей фӕрци нӕ бон уодзӕй ӕносмӕ цӕрун. Ӕма уой туххӕй боз ке ан, уой нӕ бон уодзӕй бавдесун Имисӕн изӕри рӕстӕг. Ӕцӕг киристӕнттӕн Имисӕн изӕр тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр хабар ӕй анзи медӕг. 2021 анзи ӕй бӕрӕг кӕндзиан 27 мартъий, сабати, хорнигулди фӕсте. Еци бон куд бӕрӕг кӕндзиан, уомӕ кӕсдзӕнцӕ Йеговӕ, Йесо, изӕдтӕ, удта ка райгас ӕй, еци исӕрститӕ дӕр. Кадӕртӕ ни Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕндзӕнцӕ, ӕфхуӕрд кӕми ӕййафӕн, уӕхӕн бӕстити, кадӕртӕ ба – ахӕстдони дӕр. Мадта нӕ еци хабар исбӕрӕг кӕнунмӕ маци бахъор кӕнӕд!
150 ЗАР Хуцауи агорӕ, ӕма фӕййервӕзай
^ 5 абз. 2021 анзи 27 мартъий бӕрӕг кӕндзиан Йесо Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр. Еци бон ци адӕн ӕрбацӕудзӕй, уонӕн сӕ фулдӕр хаунцӕ, Йесо «ӕндӕр фустӕ» ке исхудта, уонӕмӕ. 1935 анзи Йеговӕ еци адӕни туххӕй ци раргом кодта? Устур бӕллӕхи фӕсте сӕмӕ цӕхуӕн цард ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? Ӕма Имисӕн изӕри рӕстӕг сӕ бон куд ӕй Хуцауи ӕма Киристей искадгин кӕнун?
^ 2 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Ӕндӕр фустӕмӕ хаунцӕ, Киристей фӕдбӕл ка цӕуй ӕма ӕносмӕ зӕнхӕбӕл цӕруни нифс кӕмӕн ес, етӕ. Уонӕмӕ ма хаунцӕ, Йеговӕн фӕстаг бӕнтти рӕстӕг ка райдӕдта лӕггадӕ кӕнун, етӕ дӕр. Хъӕбӕр берӕ адӕнмӕ ба хаунцӕ, устур бӕллӕхи рӕстӕг ка фӕййервӕздзӕй, еци ӕндӕр фустӕ.