Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

33 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕмӕ ӕ цӕстӕ даруй

Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕмӕ ӕ цӕстӕ даруй

«Йеговӕ кӕсуй, ка си тӕрсуй, уонӕмӕ» (ПС. 33:18).

4 ЗАР «Йеговӕ мӕ Фиййау ӕй»

РАЗДЗУРД *

1. Киристе Йеговӕй цӕмӕн курдта, цӕмӕй ин ӕ фӕдбӕлдзӕугути гъӕуай кодтайдӕ?

 Ӕ МӔЛӔТИ размӕ, еци ӕхсӕвӕ Киристе ӕ уӕларвон Фидӕн еу цӕйдӕр туххӕй лигъстӕ кодта. Йеговӕй курдта, цӕмӕй ин ӕ фӕдбӕлдзӕугути гъӕуай кодтайдӕ (Иоан. 17:15, 20). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Хуцау алкӕддӕр ӕ лӕггадгӕнгутӕмӕ ӕ цӕстӕ фӕддаруй. Киристе зудта, Сайтан ин ӕ ахуркӕнуйнӕгти фӕдбӕл карзӕй ке зелдзӕй ӕма ӕнӕ Йегови ӕнхусӕй ӕ нихмӕ фӕллӕуун сӕ бон ке не ’суодзӕй.

2. Зиндзийнӕдтӕй нӕ тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй? (Псалом 33:18–20).

2 Сайтани дуйне киристӕнттӕбӕл хъӕбӕр ӕндавуй. Ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн, етӕ нин устур уаргъи хузӕн исунцӕ, ӕма уой туххӕй, гӕнӕн ес, нӕ еузӕрдондзийнадӕ фӕлвӕрд цӕуа. Фал аци статьяй куд фӕууиндзиан, уотемӕй нӕ тӕрсун нӕ гъӕуй. Йеговӕ нӕмӕ ӕ цӕстӕ даруй, нӕ зиндзийнӕдтӕ нин уинуй ӕма нин банхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн Библийӕй дууӕ хабаремӕ ӕма ’й фӕууинӕн, Йеговӕ куд «кӕсуй, ка си тӕрсуй, уонӕмӕ». (Бакӕсӕ Псалом 33:18–20.)

ДӔХЕМӔ ЕУНӔГ КУ КӔСАЙ

3. Нӕхемӕ еунӕг кӕд фӕккӕсӕн?

3 Кӕд нин берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ес, уӕддӕр хатгай нӕхемӕ еунӕг фӕккӕсӕн. Зӕгъӕн, ӕригӕнттӕ сӕхемӕ еунӕг фӕккӕсунцӕ, цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уой туххӕй сӕ скъолай дзорун ку фӕгъгъӕуй, уӕд. Сӕхемӕ ма еунӕг фӕккӕсунцӕ, нӕуӕг ӕмбурдмӕ ка рахезуй, еци ӕригӕнттӕ дӕр. Кадӕртӕ ба тухст сагъӕсти хӕццӕ фӕттох кӕнунцӕ кенӕ ма сӕмӕ депресси дӕр фӕууй, ӕма сӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, цума сӕ тухститӕн сӕхуӕдтӕ гъӕуама ести кӕнонцӕ. Еске хӕццӕ радзорун сӕ нӕ фӕффӕндуй, уомӕн ӕма фӕттӕрсунцӕ, ку сӕ нӕ балӕдӕронцӕ, уомӕй. Кӕмӕдӕрти ба ма уотӕ дӕр фӕккӕсуй, цума неке гъӕунцӕ. Уӕхӕн сагъӕсти туххӕй адӕймаг ӕ къохтӕ ӕруадзуй ӕма ӕхемӕ нецӕййаг кӕсун райдайуй. Фал, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, уӕ зӕрдӕбӕл даретӕ: Йегови нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕхемӕ еунӕг кӕсӕн. Кӕцӕй ӕй зонӕн?

4. Пахампар Илийа уотӕ цӕмӕн загъта: «Ӕрмӕстдӕр ма cи ӕз байзадтӕн»?

4 Ӕркӕсӕн еузӕрдон пахампар Илийай хабармӕ. 40 бонемӕй фулдӕр ӕхе римахста уосӕ-паддзах Йезавелӕй, уомӕн ӕма е расоми кодта, ке ’й рамардзӕй (1 Пад. 19:1–9). Фӕстагмӕ, ӕ фур тухстӕй Йеговӕн загъта, пахампартӕй ма ӕрмӕстдӕр ӕз байзадтӕн, зӕгъгӕ (1 Пад. 19:10). Фал ма Йеговӕн еци бӕсти адтӕй ӕндӕр еузӕрдон пахампартӕ дӕр. Зӕгъӕн, Овадийӕн ӕ бон иссӕй ӕнӕхатир уосӕ-паддзах Йезавелӕй 100 пахампари баримӕхсун (1 Пад. 18:7, 13). Мадта Илийа ӕхемӕ еунӕг цӕмӕн кастӕй? Ӕвӕдзи имӕ уотӕ кастӕй, ӕма Овади ци пахампарти баримахста, етӕ уодӕгас нӕбал ӕнцӕ. Кенӕ ба, ӕвӕдзи, уотӕ гъуди кодта, ӕма Кармили хонхбӕл ци хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уони фӕсте Йеговӕн некебал лӕггадӕ кӕнуй. Кенӕ ба ма имӕ уотӕ дӕр кастайдӕ, ӕма ци бӕллӕхи бахаудтӕй, уой туххӕй неке зонуй ӕма ’й еугурӕйдӕр байронх ӕнцӕ. Илийа ӕхемӕ еунӕг цӕмӕн кастӕй, уой туххӕй Библий бӕлвурдӕй неци финст ес. Фал ӕй мах зонӕн, Йеговӕ ’й хуарз ке лӕдӕрдтӕй, удта ин куд банхус кӕнун гъӕуй, уой дӕр ке зудта.

Нӕхемӕ еунӕг ку кӕсӕн, уӕд нин Илийай хабар куд банхус кӕндзӕй? (кӕсӕ 5 ӕма 6 абзацтӕ)

5. Йеговӕ Илийай нифс куд бафедар кодта ӕма ин куд бавдиста, еунӕг ке нӕй?

5 Йеговӕ Илийайӕн куд банхус кодта? Йеговӕ байархайдта, цӕмӕй Илийай ци тухсун кӕнуй, уой радзурдтайдӕ. Дууӕ хатти ’й бафарста: «Илийа, ами ци косис?» (1 Пад. 19:9, 13). Ӕма ’й ци тухсун кӕнуй, уой ин ку дзурдта, уӕд имӕ Йеговӕ лӕмбунӕг игъуста. Уой фӕсте ба ин балӕдӕрун кодта, ӕ фарсмӕ ке ӕй ӕма имӕ хъӕбӕр устур хъаурӕ ке ес. Йеговӕ ин ӕ нифс бафедар кодта ӕма ин загъта, еунӕг ке нӕй. Илийа базудта, ӕ хӕццӕ ма Йеговӕн берӕ израилӕгтӕ ке лӕггадӕ кодта (1 Пад. 19:11, 12, 18). Зӕгъӕн дӕр ин нӕййес, Илийайӕн куд фенцондӕр ӕй, ци ’й тухсун кодта, уой ку радзурдта ӕма ин Йеговӕ ку исдзуапп кодта, уӕд. Удта ма ин Хуцау цалдӕр гъуддаги баихӕс кодта. Загъта ин, цӕмӕй Азаили Сирий паддзахӕй байсӕрда, Ииуййи – Израили паддзахӕй, Елисеййи ба – пахампарӕй (1 Пад. 19:15, 16). Йеговӕ Илийайӕн еци гъуддӕгтӕ ке баихӕс кодта, уой фӕрци си ӕ тухст сагъӕстӕ феронх ӕнцӕ. Хуцау ма ин равардта хуарз ӕмбал ӕма ӕнхусгӕнӕги дӕр – Елисеййи. Ду ба дӕхемӕ еунӕг ку кӕсай, уӕд дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ӕй балӕдӕрай, Йеговӕ дӕ фарсмӕ ке ӕй, уой?

6. Дӕхемӕ еунӕг ку кӕсай, уӕд дӕ бон цӕбӕл ӕй ковун? (Псалом 62:8).

6 Йегови хъӕбӕр фӕндуй, цӕмӕй имӕ ковай ӕма ин дӕ зӕрди ци ес, уой дзорай. Е дин дӕ зиндзийнӕдтӕ уинуй ӕма байгъосунмӕ цийфӕнди рӕстӕги дӕр цӕттӕ фӕууй (1 Фес. 5:17). Хуцауӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, ӕ лӕггадгӕнгутӕ имӕ ку фӕкковунцӕ, уӕд (Ӕмб. 15:8). Дӕхемӕ еунӕг ку кӕсай, уӕд дӕ бон цӕй туххӕй ӕй ковун? Илийай хузӕн, дӕ зӕрди ци ес, уой Йеговӕн ӕргом кӕнӕ. (Бакӕсӕ Псалом 62:8.) Дӕ зинтӕ ин еугурӕйдӕр радзорисӕ ӕма дин еци зинтӕ дӕ зӕрдӕ куд ресун кӕнунцӕ, уой дӕр. Йеговӕй корӕ, цӕмӕй дин ӕнхус кӕна тухст сагъӕсти хӕццӕ тох кӕнунмӕ. Зӕгъӕн, кӕд скъолай игъосун кӕнун не ’ндеуис, уӕд Йеговӕй нифсхастдзийнадӕ корӕ. Сауӕнгӕ ма си дӕ бон ӕй корун зунд дӕр, цӕмӕй, кӕмӕн цӕхуӕн дзуапп дӕтгӕ ’й, уой зонай (Лук. 21:14, 15). Кӕд дин тухст сагъӕстӕ ӕнцойнӕ нӕ дӕттунцӕ, уӕдта Йеговӕй корӕ, цӕмӕй дӕ бон исуа фӕлтӕрдгун киристони хӕццӕ радзорун ӕма дӕмӕ цӕмӕй еци адӕймаг лӕдӕргӕй байгъоса. Ци дӕ тухсун кӕнуй, уой Йеговӕн дзорун ма ’фсӕрми кӕнӕ. Архайӕ, цӕмӕй дин куд дзуапп кӕнуй, уой уинай, удта иннети ӕнхусбӕл арази кӕнӕ. Уой фӕрци дӕхемӕ уотӕ еунӕг нӕбал кӕсдзӕнӕ.

Фулдӕр игъосун кӕнунмӕ ӕма иннети хӕццӕ лӕггадӕ кӕнунмӕ фадуӕттӕ агорис? (кӕсӕ 7 абзац)

7. Маурисиой хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнис?

7 Йеговӕ нин ӕхсидзгӕ гъуддаг баихӕс кодта. Ӕма нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун: ӕмбурди дӕр ӕма игъосун кӕнгӕй дӕр цидӕриддӕр кӕнӕн, уой Йеговӕ уинуй ӕма нин нӕ лӕггадӕн аргъ кӕнуй (Пс. 110:3). Игъосун кӕнуни гъуддаги зингзӕрдӕй ку архайай, уӕд дин е куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕхемӕ еунӕг мабал кӕсай? Ӕркӕсӕн еу ӕригон ӕнсувӕр Маурисиой * хабармӕ. Донаргъуд ку райста, уомӕй минкъий фӕстӕдӕр ӕ хуарз ӕмбӕлттӕй еу рӕстдзийнади надӕй еуварс кӕнун райдӕдта. Маурисио зӕгъуй: «Йеговӕй ке раидард ӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕз дӕр мӕхебӕл фӕггурусхӕ дӕн. Сагъӕс кодтон, цума мӕн бон ба исуодзӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун? Ӕз ба уой аккаг уодзӕн, цӕмӕй ӕ бийнонти астӕу уон? Уотӕ мӕмӕ кастӕй, цума еунӕг дӕн ӕма мӕ неке лӕдӕруй». Маурисиойӕн ци банхус кодта? Е загъта: «Игъосун кӕнуни гъуддаги фулдӕр архайун райдӕдтон. Уой фӕрци мин тухст сагъӕстӕн рӕстӕг нӕбал адтӕй. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ке игъосун кодтон, е мин цийнӕ хаста ӕма мӕхемӕ еунӕг нӕбал фӕккӕсинӕ». Кӕд игъосун кӕнунмӕ еумӕ рацӕун нӕ бон нӕй, уӕддӕр еумӕ финстӕгутӕ ке финсӕн ӕма телефонӕй ке игъосун кӕнӕн, е нин хъауритӕ дӕттуй. Маурисиойӕн ма никкидӕр ци банхус кодта? Идарддӕр уотӕ загъта: «Ӕмбурди гъуддӕгти фулдӕр архайун райдӕдтон. Ци ихӕслӕвӕрдтӕ мин раттиуонцӕ, уонӕмӕ дӕр мӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кӕнун райдӕдтон ӕма ’й лӕдӕрдтӕн, уой туххӕй мин Йеговӕ дӕр, удта ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр ке аргъ кӕнунцӕ».

НИФССАСТ КУ ФӔУУӔН, УӔД ЙЕГОВӔ НӔ ФАРСМӔ ФӔУУЙ

8. Фӕлварӕнти рӕстӕг адӕймаги хабар куд фӕууй?

8 Мах ӕй зонӕн, фӕстаг бӕнтти рӕстӕг ни алкедӕр фӕлварӕнтӕбӕл ке ӕмбӕлдзӕй (2 Тим. 3:1). Кӕд уой зонӕн, уӕддӕр нӕбӕл ци хабӕрттӕ ӕрцӕуй, етӕ хатгай ӕнӕнгъӕлти фӕуунцӕ. Зӕгъӕн, ӕхцайӕй батухсӕн кенӕ нӕмӕ цӕхуӕндӕр уӕззау нез иссерунцӕ, кенӕ ба нӕ хеуӕнттӕй еске фӕззиан уй. Уӕхӕн рӕстӕгути адӕймагбӕл дуйне батар уй, уӕлдайдӕр ба еу хабар инней фӕдбӕл ку ’рцӕуй, кенӕ ба еугурӕйдӕр еци еу рӕстӕг ку никкӕлунцӕ, уӕд. Фал дӕ гъудий дарӕ: Йеговӕ алкӕддӕр нӕ фарсмӕ фӕууй. Уой ӕнхуси фӕрци цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти дӕр рахездзиан.

9. Иов цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕй, уони ранимайӕ.

9 Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Йеговӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнӕг Иовӕн куд банхус кодта, уой. Цубур рӕстӕгмӕ Иовбӕл ци не ’рцудӕй, уӕхӕн нӕбал байзадӕй. Еци еу бон ӕ фонс фесафта, удта е ’гас лӕггадгӕнгутӕ дӕр цагъди фӕцӕнцӕ. Фал ин тӕккӕ зиндӕр ба е адтӕй, ӕма ӕ дӕс сувӕллони дӕр ке фӕммардӕнцӕ (Иов 1:13–19). Фӕл ӕ бӕллӕхтӕ уобӕл нӕ фӕцӕнцӕ. Еци хабӕртти фӕсте ӕхемӕ нӕма ’рцудӕй, уотемӕй фӕссӕйгӕ ’й уодхайраг незӕй (Иов 2:7). Ӕ уавӕр гъе уойбӕрцӕбӕл лӕгъуз адтӕй, ӕма ’й цӕрун дӕр нӕбал фӕндадтӕй. Уотӕ дӕр ма загъта: «Цард мин фенадӕ ’й» (Иов 7:16).

Йеговӕ ци сфӕлдиста, уомӕ Иовӕн е ’ргом раздахта, цӕмӕй ин балӕдӕрун кодтайдӕ, ӕхе дӕр ин ке уарзуй, уой (кӕсӕ 10 абзац)

10. Йеговӕ Иовӕн фӕлварӕнтӕ исфӕразунмӕ куд банхус кодта? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

10 Фал еци уавӕрти дӕр Йеговӕ Иовмӕ ӕ цӕстӕ дардта. Е ӕ лӕггадгӕнӕги уарзта ӕма ин хъауритӕ лӕвардта, цӕмӕй ӕгас еци фӕлварӕнтӕ исфӕразтайдӕ. Йеговӕ ин е ’ргом раздахта, цӕхуӕн ӕнӕкӕрон зунди хецау ӕй, уомӕ ӕма цидӕриддӕр сфӕлдиста, уонӕмӕ ӕ цӕстӕ ке даруй ӕма сӕбӕл ке тухсуй, удта ин берӕ аллихузи цӕрӕгойти кой ракодта (Иов 38:1, 2; 39:9, 13, 19, 27; 40:15; 41:1, 2). Уомӕй уӕлдай ма имӕ рарвиста еу ӕригон нӕлгоймаг Елиуййи, цӕмӕй ин ӕ нифс бафедар кодтайдӕ. Елиуй Иовӕн загъта, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн алкӕддӕр ке райарфӕ кӕнуй, фӕлварӕнти федарӕй ку фӕллӕуунцӕ, уӕд. Удта ма Йеговӕ Елиуййи баразӕнгард кодта, цӕмӕй Иовӕн фӕлмӕнӕй унаффӕ равардтайдӕ. Е ин балӕдӕрун кодта, Дун-дуйне Сфӕлдесаг Хуцауи хӕццӕ рабаргӕй куд минкъий ӕй ӕма ’й ӕхебӕл ӕгӕр сагъӕс кӕнун ке нӕ гъӕуй (Иов 37:14). Йеговӕ ма Иовӕн еу ӕхсидзгӕ гъуддаг баихӕс кодта: гъӕуама е ’ртӕ ӕмбалей туххӕй ракувтайдӕ, уомӕн ӕма Йегови нихмӕ тӕрегъӕд ракодтонцӕ (Иов 42:8–10). Цума Йеговӕ махӕн ба фӕлварӕнти рӕстӕг куд банхус кӕнуй?

11. Фӕлварӕнти нин Библи куд банхус кӕндзӕй?

11 Йеговӕ Иови хӕццӕ куд дзурдта, абони мах хӕццӕ уотӕ нӕ дзоруй. Фал нин ци зӕгъуйнаг ӕй, уой ба нӕ бон ӕй базонун Библийӕй (Ром. 15:4). Йеговӕ нин хуарз федӕнӕй зӕрдӕ ӕвӕруй. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, нӕ нифс нин ка бафедар кӕндзӕй, уӕхӕн гъудитӕмӕ. Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, цийфӕнди уӕззау фӕлварӕнтӕ дӕр нӕ ке нӕ рахецӕн кӕндзӕнцӕ ӕ уарзондзийнадӕй (Ром. 8:38, 39). Уомӕй уӕлдай ма Библий уӕхӕн гъуди дӕр ес: «Йеговӕ хӕстӕг ӕй, ка имӕ ковуй, уонӕмӕ» (Пс. 145:18). Йеговӕ ма нин зӕгъуй, нӕ нифс ибӕл ку дарӕн, уӕд цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти дӕр нӕ бон ке уодзӕй рахезун ӕма нӕ цийнӕ ма фесафун (1 Кор. 10:13; Иак. 1:2, 12). Хуцауи Дзурди куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ, абони ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, етӕ рӕстӕгмӕ ’нцӕ ӕма федӕни ци ӕносон цардӕй исхайгин уодзиан, уой хӕццӕ рабаргӕй неци ’нцӕ (2 Кор. 4:16–18). Йеговӕ нин зӕрдӕ байвардта, не ’гас гъезӕмӕртти фудгин ка ӕй, уони ке фесафдзӕй, гъома Сайтани ӕма ӕ фарс кадӕриддӕр ӕй, уони (Пс. 37:10). Мадта хуарз уайдӕ, фӕлварӕнти нин федар фӕллӕуунмӕ ка банхус кӕндзӕй, цалдӕр уӕхӕн стихи исахур кӕнун.

12. Йеговӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнуй?

12 Йеговӕ нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй Библи алли бон дӕр кӕсӕн ӕма ибӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕн. Ци базонӕн, уомӕй нӕ царди ку пайда кӕнӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕндзӕй, удта нӕ уӕларвон Фидӕмӕ дӕр хӕстӕгдӕр кӕндзиан. Уой фӕрци нӕмӕ хъауритӕ уодзӕй, цӕмӕй аллихузи зиндзийнӕдти сӕрти хезӕн. Уомӕй уӕлдай ма Библий ци финст ес, уобӕл ка ӕууӕндуй, уонӕн Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕ дӕттуй. Сугъдӕг хъаури фӕрци ба нӕмӕ фӕззиннуй, «адӕймагмӕ ка нӕййес, уӕхӕн хъаурӕ», цӕмӕй нӕ бон уа фӕлварӕнти еузӕрдонӕй байзайун (2 Кор. 4:7–10).

13. «Ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъар» ци хуӕруйнаг цӕттӕ кӕнуй, е нин фӕлварӕнти федар фӕллӕуунмӕ куд ӕнхус кӕнуй?

13 Йеговӕ «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъарӕн» ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нин ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг цӕттӕ кӕна (Матф. 24:45). Йегови ӕнхуси фӕрци нин цагъар дессаги фингтӕ ӕрцӕттӕ кӕнуй. Зӕгъӕн, ес нин берӕ аллихузи статьятӕ, видеороликтӕ ӕма зартӕ. Гъӕйдӕ мадта еци фингтӕй стонгӕй макӕд исистӕн! Еугонд Штаттӕй еу хуӕрӕ радзурдта, цагъар ци хуӕруйнаг цӕттӕ кӕнуй, уой туххӕй боз цӕмӕн ӕй, уой: «Йеговӕн 40 анземӕй фулдӕр лӕггадӕ кӕнун ӕма еци ӕнзти дӕргъи ме ’ууӕндундзийнадӕ еу ӕма дууӕ хатти не ’рцудӕй фӕлвӕрд». Аци хуӕрӕ ӕ царди берӕ зинтӕ бавзурста: ӕ баба еу расуг лӕги туххӕй аварий фӕммардӕй, ӕ ниййергутӕ уӕззау незӕй рамардӕнцӕ, ӕхуӕдӕг ба дууӕ хатти ӕхе раккӕй дзӕбӕх кодта. Уойбӕрцӕ цидӕртӕ исфӕразунмӕ ин ци банхус кодта? Е загъта: «Йеговӕ мӕ некӕд ниууагъта. Ӕууӕнкгун цагъари фӕрци ци хуӕруйнаг дӕттуй, е мин алкӕддӕр хъауритӕ лӕвардта, цӕмӕй мӕ къохтӕ ма ’руагътайнӕ. Уомӕ гӕсгӕ мӕн бон дӕр ӕй Иови хузӕн зӕгъун: „Цалинмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуцаубӕл мӕ зӕрдӕ не ’сӕййевдзӕн!“» (Иов 27:5).

Нӕ бон куд ӕй ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн нифси хуасӕ ун? (кӕсӕ 14 абзац)

14. Тухст рӕстӕгути нин Йеговӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕрци куд фенхус кӕнуй? (1 Фессалоникӕгтӕмӕ 4:9).

14 Йеговӕ нӕ ахур кӕнуй, цӕмӕй кӕрӕдземӕн зин рӕстӕгути нифси хуасӕ уӕн (2 Кор. 1:3, 4; бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 4:9). Нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр ӕнхусмӕ цӕттӕ фӕуунцӕ, «цӕмӕй ӕууӕндундзийнади федар» фӕллӕууӕн (Гъуд. 14:22). Зӕгъӕн, еу хуӕрӕ Дианӕн ӕ сӕрихецау уӕззау незӕй ку фӕссӕйгӕ ’й, уӕд ин ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ хъӕбӕр банхус кодтонцӕ, цӕмӕй Йеговӕй ма раидард адтайдӕ. Дианӕ радзурдта: «Е хъӕбӕр зин рӕстӕг адтӕй. Фал ӕй еци мӕйти дӕргъи лӕдӕрдтан, Йеговӕ нӕ ӕ гъӕбеси ке исиста ӕма нӕ ӕ фӕлмӕн уарзтӕй ке рӕвдауй. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ алкӕддӕр нӕ фарсмӕ адтӕнцӕ. Телефонӕй нӕмӕ ӕрбадзориуонцӕ, ра нӕ бӕрӕг кӕниуонцӕ, удта нин хъӕбӕр фӕхъхъуритӕ кӕниуонцӕ. Уой фӕрци нӕмӕ идарддӕр тох кӕнунмӕ хъауритӕ адтӕй. Мӕхуӕдӕг машинӕбӕл нӕ зонун, фал мӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕмбурдмӕ фӕлласиуонцӕ, рӕстӕг мин ку фӕууидӕ, уӕдта мӕ игъосун кӕнунмӕ дӕр райсиуонцӕ». Ӕмбурди нин уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ке ес, е ӕцӕгӕйдӕр устур арфӕдзийнадӕ ’й!

ЙЕГОВӔ НӔБӔЛ КЕ ТУХСУЙ, УОЙ ТУХХӔЙ БОЗ АН

15. Нӕ бон цӕмӕн ӕй зӕгъун, ӕма цийфӕнди фӕлварӕнти дӕр нӕ бон уодзӕй федар фӕллӕуун?

15 Еу афони ни алкедӕр цӕхуӕндӕр фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбӕлдзӕй. Фал ӕй куд фӕууидтан, уотемӕй еунӕг некӕд уодзиан. Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фидӕ нӕмӕ алкӕддӕр ӕ цӕстӕ дардзӕй. Цийфӕнди уавӕри дӕр нӕ фарсмӕ фӕууй, ӕма цӕттӕ фӕууй байгъосунмӕ ӕма банхус кӕнунмӕ (Ис. 43:2). Мах ӕй федарӕй зонӕн: Йегови хӕццӕ цийфӕнди фӕлварӕнтӕн дӕр исфӕраздзиан. Цидӕриддӕр нӕ гъӕуй, уой нин рӕдауӕй дӕттуй. Нӕ бон имӕ ӕй кӕддӕриддӕр ковун. Е нин равардта Библи, удта ма берӕ аллихузи ӕрмӕг, цӕмӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун нӕ бон уа. Уомӕй уӕлдай ма зин рӕстӕгути нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ алкӕддӕр нӕ фарсмӕ ӕрбалӕуунцӕ.

16. Ци нӕ кӕнун гъӕуй, цӕмӕй Йегови рӕвдудӕй цох макӕд уӕн?

16 Мадта нӕмӕ нӕ уӕларвон Фидӕ ӕ цӕстӕ ке даруй, уой фӕрци ӕцӕгӕйдӕр амондгун ан! «Е ӕй нӕ зӕрдитӕн сӕ цийнӕ» (Пс. 33:21). Йеговӕ нӕ ке уарзуй ӕма нӕбӕл ке тухсуй, уомӕй боз ку уӕн, уӕд нин цидӕриддӕр дӕттуй, уомӕн аргъ кӕндзиан. Фал нӕбӕл цӕмӕй Йеговӕ идарддӕр дӕр тухса, уой туххӕй ма нӕ никкидӕр цидӕр кӕнун гъӕуй. Гъӕуама имӕ игъосӕн ӕма, ӕ цӕсти раст ци ӕй, уой кӕнӕн. Гъе уӕд ӕносмӕ дӕр ӕ рӕвдудӕй цох нӕ уодзиан! (1 Пет. 3:12).

30 ЗАР Мӕ Фидӕ, мӕ Хуцау, ме ’Мбал

^ Царди ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уони сӕрти рахезунмӕ нӕ гъӕуй Хуцауи ӕнхус. Аци статьяй нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕндзиан, Йеговӕ ӕ цӕстӕ ке даруй ка си тӕрсуй, уонӕмӕ ӕма, цӕбӕл тухсӕн, уой ке уинуй. Йеговӕ нин алцидӕр дӕттуй, цӕмӕй ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн, уони сӕрти нӕ бон уа рахезун.

^ Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.