Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

34 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕ

Рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕ

«Мӕ бӕдӕлттӕ рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ ке цӕрунцӕ, уомӕй ӕхцӕуӕндӕр ма мин ци гъӕуама уа!» (3 ИОАН. 4).

111 ЗАР Нӕ цийнӕдзийнадӕ

РАЗДЗУРД *

1. Рӕстдзийнадӕ куд базудтан, уой туххӕй дзорун нӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуй?

 «РӔСТДЗИЙНАДӔ куд базудтай?» Аци фарстабӕл ни, ӕвӕдзи, алкедӕр еу ӕма дууӕ хатти не ’сдзуапп кодта, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ку зонгӕ кодта, уӕд. Алкӕмӕндӕр ни ӕхцӕуӕн фӕууй, иннетӕ Йегови куд бауарзтонцӕ, уомӕ байгъосун. Удта нӕхуӕдтӕ дӕр уарзӕн, рӕстдзийнадӕ куд базудтан, уой туххӕй дзорун (Ром. 1:11). Уӕхӕн цӕбӕлдӕрти ке фӕдздзубанди кӕнӕн, уой фӕрци нӕ феронх кӕнӕн, рӕстдзийнадӕ цӕмӕн бауарзтан, уой, ӕма нӕ никки хъӕбӕрдӕр фӕффӕндуй рӕстдзийнади надбӕл цӕун. Е ӕй царди над, ӕма уобӕл ку цӕуӕн, уӕд берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзиан ӕма ни Хуцау арази уодзӕй (3 Иоан. 4).

2. Аци статьяй цӕбӕл радзордзиан?

2 Фиццагидӕр бал ӕркӕсӕн, рӕстдзийнадӕ цӕмӕн уарзӕн, уомӕ. Уой фӕсте ба радзубанди кӕндзиан, еци хъазар лӕварӕн ке аргъ кӕнӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй, уобӕл. Уӕхӕн фарстатӕбӕл ке радзубанди кӕндзиан, уой фӕрци Йеговӕй никки хъӕбӕрдӕр боз уодзиан, рӕстдзийнадӕ нин ке базонун кодта, уой туххӕй (Иоан. 6:44). Удта ма нӕ уой фӕрци никки хъӕбӕрдӕр фӕнддзӕй рӕстдзийнади туххӕй иннетӕн дзорун.

РӔСТДЗИЙНАДӔ ЦӔМӔН УАРЗӔН?

3. Рӕстдзийнадӕ фиццагидӕр цӕй туххӕй уарзӕн?

3 Рӕстдзийнадӕ берӕ цӕйдӕрти туххӕй уарзӕн. Фиццагидӕр уой туххӕй, ӕма уарзӕн Йеговӕ Хуцауи. Е ӕй рӕстдзийнади Сауӕдонӕ. Ӕ Дзурд ин ке ахур кӕнӕн, уой фӕрци ’й базудтан, айдагъ арв ӕма зӕнхӕ Сфӕлдесӕг ке нӕй, фал ма нӕбӕл зӕрдиагӕй ка тухсуй, уӕхӕн уӕларвон Фидӕ (1 Пет. 5:7). Библий Хуцауи туххӕй уотӕ финст ес: «Йеговӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау, мӕстгун кӕнунмӕ тагъд ка нӕ кӕнуй, ӕнӕкӕрон ӕй е ’новуд уарзт ӕма алли гъуддаги дӕр ӕй раст» (Рац. 34:6). Йеговӕ алкӕддӕр рӕстӕй фӕййархайуй (Ис. 61:8). Нӕ гъезӕмӕрттӕмӕ кӕсун ин хъӕбӕр зин ӕй, ӕма ’й фӕндуй еци гъезӕмӕрттӕн кӕрон искӕнун (Йер. 29:11). Еци рӕстӕгмӕ не ’гасдӕр хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн! Мадта Йегови берӕ ке уарзӕн, е дессаг нӕй.

Библий рӕстдзийнадӕ рабарӕн ес... науӕнгури хӕццӕ

Тухдунги рӕстӕг науӕнгурӕ науӕ багъӕуай кӕнуй, цӕмӕй къӕдзӕхтӕбӕл ма ниппурхӕ уа. Гъе уотӕ, Библи ци нифс дӕттуй, е дӕр нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй зин рӕстӕгути федар фӕллӕууӕн. Рӕстдзийнадӕ ке зонӕн, е ма нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕ нифси туххӕй иннетӕн дӕр дзорӕн (кӕсӕ 4–7 абзацтӕ)

4, 5. Апостол Павел нин нӕ нифс науӕнгури хӕццӕ цӕмӕн рабарста?

4 Рӕстдзийнадӕ ма никкидӕр цӕмӕн уарзӕн? Уомӕн ӕма уой фӕрци царди берӕ хуӕрзтӕй исхайгин ан. Ӕркӕсӕн еу цӕветтонмӕ. Федӕнӕй нин ци нифс ес, е дӕр Библий рӕстдзийнадӕмӕ хауй. Еци нифсӕн цӕхуӕн устур аргъ ес, уой туххӕй апостол Павел ниффинста: «Еци нифс махӕн ӕй науӕнгури хузӕн, федар ӕма ӕнӕфӕккеугӕ» (Дзиуит. 6:19). Тухдунги рӕстӕг науӕнгурӕ науӕ багъӕуай кӕнуй, цӕмӕй къӕдзӕхтӕбӕл ма ниппурхӕ уа. Гъе уотӕ, Библи ци нифс дӕттуй, е дӕр нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй фӕлварӕнти рӕстӕг федар фӕллӕууӕн.

5 Ами Павел дзурдта исӕрст киристӕнтти уӕларвон нифси туххӕй. Фал ма ӕ дзурдтӕ хаунцӕ, зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цӕруни нифс кӕмӕн ес, уонӕмӕ дӕр (Иоан. 3:16). Уӕхӕн нифс нин ке ес, уой туххӕй цӕмӕн цӕрӕн, уой лӕдӕрӕн.

6, 7. Ивон федӕни туххӕй рӕстдзийнадӕ ке базудта, е ин куд банхус кодта?

6 Ӕркӕсӕн нӕ хуӕрӕ Ивони хабармӕ. Минкъий ма ку адтӕй, уӕд рӕстдзийнадӕ нӕ зудта ӕма мӕлӕтӕй хъӕбӕр тарстӕй. Еухатт еу киунуги уӕхӕн дзурдтӕ бакастӕй: «Еу адӕймаг дӕр мӕлӕтӕй хизт нӕй». Еци дзурдтӕ ӕ сӕри ниббадтӕнцӕ. Ивон зӕгъуй: «Еци ’хсӕвӕ ӕнӕхуссӕг фӕдтӕн. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма цардӕн ести нисан гъӕуама уа, ӕндӕр аци дуйнемӕ цӕмӕн райгурдтӕн. Мӕлун мӕ ӕппундӕр нӕ фӕндадтӕй».

7 Ивон ирӕзгӕ кари ку адтӕй, уӕд Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ базонгӕ ’й. Е радзурдта: «Федӕнӕй мин нифс фӕззиндтӕй. Ба ’й зудтон, адӕн ӕносмӕ зӕнхӕбӕл дзенети ке цӕрдзӕнцӕ». Цума рӕстдзийнадӕ ке базудта, е ин куд банхус кодта? Ивон зӕгъуй: «Ӕнӕхуссӕг ци сагъӕсти туххӕй фӕууинӕ, етӕ мӕ нӕбал тухсун кодтонцӕ. Федӕнӕй ӕма мӕлӕтӕй нӕбал тарстӕн». Ивон рӕстдзийнадӕн хъӕбӕр аргъ кӕнуй ӕма иннетӕн ӕ нифси туххӕй дзорун берӕ уарзуй (1 Тим. 4:16).

Библий рӕстдзийнадӕ рабарӕн ес... хӕзнай хӕццӕ

Нур дӕр ӕма ӕносмӕ дӕр Йеговӕн ӕ Паддзахади дӕлбарӕ лӕггадӕ кӕнун нӕ бон ке ӕй, уой ӕцӕг хӕзнабӕл нимайӕн. Паддзахади туххӕй нӕ цийфӕнди ниууадзун ма багъӕуа, уӕддӕр е уой аргъ уодзӕй! (кӕсӕ 8–11 абзацтӕ)

8, 9. а) Киристе ци фӕсномуг хабар ракодта, уоми нӕлгоймаг хӕзнайӕн цӕхуӕн аргъ искодта? б) Ду ба рӕстдзийнадӕн цӕйбӕрцӕбӕл аргъ кӕнис?

8 Библий рӕстдзийнадӕмӕ ма хауй хуарз хабар Хуцауи Паддзахади туххӕй дӕр. Киристе Паддзахади туххӕй рӕстдзийнадӕ рабарста, римӕхст ка ӕй, уӕхӕн хӕзнай хӕццӕ. Е загъта: «Уӕларвон Паддзахадӕ рабарӕн ес зӕнхи нигӕд хӕзнай хӕццӕ. Еу лӕг иссирдта еци хӕзна ӕма ’й фӕстӕмӕ баримахста. Ӕхуӕдӕг ба цийнӕгӕнгӕй рандӕ ’й, цидӕриддӕр имӕ адтӕй, уой рауӕйӕ кодта ӕма еци зӕнхӕ балхӕдта» (Матф. 13:44). Еци лӕг хӕзнатӕ агорӕг н’ адтӕй. Фал ӕй ку иссирдта, уӕд берӕ цидӕртӕ раттунмӕ цӕттӕ адтӕй, цӕмӕй еци хӕзна ӕ къохи бафтудайдӕ. Киристе куд загъта, уотемӕй цидӕриддӕр имӕ адтӕй уой рауӕйӕ кодта. Уотӕ цӕмӕн бакодта? Уомӕн ӕма еци хӕзна цӕйбӕрцӕбӕл хъазар адтӕй, уой лӕдӕрдтӕй. Ӕма ’й зудта, ци ниууагъта, уомӕй ӕ аргъ дзӕвгарӕ фулдӕр ке ӕй.

9 Ду дӕр рӕстдзийнадӕн гъе уотӕ аргъ кӕнис? Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес уотӕ ке ӕй. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ци цийнӕй исхайгин уӕн, уой рабарӕн дӕр нӕййес, аци дуйней нин ци дӕттуй, уой хӕццӕ. Удта ма нин ес ӕносмӕ цӕруни нифс Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ. Уомӕй уӕлдай ба ма Йегови хӕццӕ хуарз ӕмбӕлттӕ иссан, ӕма нин уомӕй хъазардӕр ба неци ес. Мах фӕндуй алли гъуддаги дӕр Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун ӕма нин уотӕ архайун хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй (Кол. 1:10).

10, 11. Майкли ӕ цард раййевунмӕ ци баразӕнгард кодта?

10 Беретӕ сӕ цард цӕхгӕрмӕ раййивтонцӕ, цӕмӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнонцӕ. Кадӕртӕ сӕ хуарз куст ниууагътонцӕ, иннетӕ ба исгъӕздуг унбӕл нӕбал архайунцӕ. Еуӕй-еуетӕ ба Йегови ку базудтонцӕ, уӕд сӕ цард ӕндӕрӕрдӕмӕ исаразтонцӕ. Майклӕн дӕр ӕ хабар гъе уотӕ адтӕй. Ӕригон ма ку адтӕй, уӕд каратемӕ цудӕй. Е зӕгъуй: «Куд исдӕсни дӕн, уомӕй хъӕбӕр сӕрустур адтӕн, уотӕ дӕр ма мӕмӕ фӕк кӕсидӕ ӕма мӕбӕл неке фӕууӕлахез уодзӕй». Фал Майкл Библи ахур кӕнун ку райдӕдта, уӕд ӕй базудта, Йеговӕ уӕхӕн цӕмӕдӕрти ци цӕстӕй кӕсуй, уой (Пс. 11:5). Ӕ хӕццӕ Библи ка ахур кодта, еци бийнонтӕй уотӕ загъта: «Некӕд мин дзурдтонцӕ, дӕ карате дӕ ниууадзун гъӕуй, зӕгъгӕ. Етӕ мин идарддӕр Библий рӕстдзийнадӕ амудтонцӕ».

11 Майкл Йегови туххӕй куд фулдӕр зонгӕ цудӕй, уотӕ ’й уарзгӕ дӕр фулдӕр кодта. Алцӕмӕй хъӕбӕрдӕр ӕ зӕрдӕбӕл бамбалдӕй, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕмӕ куд фӕлмӕн зӕрдӕ ’й, е. Рӕстӕг цудӕй ӕма ’й Майкл балӕдӕрдтӕй, ӕ цард ӕй раййевун ке гъӕуй: «Зудтон ӕй, алцӕмӕй зиндӕр мин ке уодзӕй карате ниууадзун. Иннердиги ба ’й лӕдӕрдтӕн, уомӕй Йегови зӕрдӕ ке ба рохс кӕндзӕн. Нӕ ибӕл гурусхӕ кодтон, цийфӕнди ниууадзун мӕ ма багъӕуа, уӕддӕр, е уой аргъ уодзӕй». Майкл ци хӕзна иссирдта, гъома рӕстдзийнадӕ ке базудта, уомӕн исаргъ кодта, ӕма ’й е баразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕ цард раййивтайдӕ (Иак. 1:25).

Библий рӕстдзийнадӕ рабарӕн ес... рохсгӕнӕни хӕццӕ

Рохсгӕнӕни фӕрци нӕ бон фӕууй талинги дӕр над иссерун. Гъе уотӕ нин Хуцауи Дзурд дӕр Сайтани тар дуйней нӕ над рохс кӕнуй (кӕсӕ 12 ӕма 13 абзацтӕ)

12, 13. Библий рӕстдзийнадӕ Майлийӕн куд банхус кодта?

12 Библи рӕстдзийнадӕ баруй рохсгӕнӕни хӕццӕ. Ӕма еци рабарстӕй хуарз зиннуй, рӕстдзийнадӕн цӕхуӕн устур аргъ ес, е (Пс. 119:105; Еф. 5:8). Ӕркӕсӕн, Азербайджанӕй нӕ хуӕрӕ Майлий хабармӕ. Библийӕй ци рӕстдзийнадӕ базудта, е ин ӕ цардмӕ рохс ӕрбауагъта. Ӕ ниййергутӕ фӕйнӕхузи динтӕбӕл хуӕст адтӕнцӕ: ӕ фидӕ пусулмон адтӕй, ӕ мадӕ ба дзиуиттаг динбӕл хуӕст. Майли зӕгъуй: «Хуцау ке ес, уобӕл некӕд гурусхӕ кодтон, фал мин еуӕй-еу фарстатӕ ӕнцойнӕ нӕ лӕвардтонцӕ. Нӕ ’й лӕдӕрдтӕн, Хуцау адӕни цӕмӕн сфӕлдиста ӕма си кадӕртӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонти цӕмӕн гъӕуама гъезӕмарӕ кӕнонцӕ, уой фӕсте ба ма зиндони арти ӕносмӕ содзонцӕ. Адӕн уотӕ дзурдтонцӕ, Хуцауӕн, дан, е ӕ фӕндон ӕй. Мӕнмӕ ба е дессаг кастӕй: „Гӕрр, Хуцауӕн адӕн гъазӕнтӕй ӕндӕр неци ’нцӕ. Адӕн куд гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, уомӕ кӕсун ин ӕхцӕуӕн ӕй“?»

13 Фал Майли уӕддӕр ӕ фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ агурдта. Рӕстӕг рацудӕй, ӕма райдӕдта Библи ахур кӕнун, удта донаргъуд райста. Майли зӕгъуй: «Библий ци федар бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес, уони фӕрци цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсун райдӕдтон. Мӕ фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ иссирдтон ӕма мӕ зӕрди фарнӕ ӕрцардӕй». Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, талингӕй нӕ ӕ дессаги рохсмӕ ке ӕрбакодта, уой туххӕй (1 Пет. 2:9).

14. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй рӕстдзийнадӕ никки фулдӕр уарзӕн? (Кӕсӕ ма рамкӕ « Рӕстдзийнадӕ ма цӕй хӕццӕ ес рабарӕн?».)

14 Аци ӕртӕ рабарстей фӕрци ’й никки хуӕздӕр лӕдӕрӕн, рӕстдзийнадӕ цӕйбӕрцӕбӕл хъазар ӕй. Ӕвӕдзи ма дӕ бон ӕй Библийӕй ӕндӕр рабарститӕ дӕр ӕргъуди кӕнун. Библи ӕртасгӕй ма дӕ бон н’ адтайдӕ никкидӕр расагъӕс кӕнун, рӕстдзийнадӕ цӕмӕн бауарзтай, уобӕл? Куд фулдӕр ӕй уарзай, уотӕ дӕ хъӕбӕрдӕр фӕнддзӕй еци уарзт гъуддагӕй ӕвдесун.

РӔСТДЗИЙНАДӔ КЕ УАРЗӔН, УОЙ НӔ БОН КУД ӔЙ ГЪУДДАГӔЙ ӔВДЕСУН?

15. Рӕстдзийнадӕ ке уарзӕн, уой нӕ бон куд ӕй гъуддагӕй бавдесун?

15 Рӕстдзийнадӕ ку уарзӕн, уӕд ӕдзох Библи ӕма Библибӕл арӕзт публикацитӕ ӕртасдзиан. Рӕстдзийнадӕ рагӕй базудтай ӕви ӕрӕги, уӕддӕр дӕ бон ӕй нӕуӕг цидӕртӕ базонун. «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и фиццаг номери уотӕ финст адтӕй: «Рӕстдзийнадӕ ӕй, хӕмпӕлти астӕу ка исирӕзтӕй, уӕхӕн дидинӕги хузӕн. Еци рӕстдзийнадӕ мӕнгӕдзийнади хъамилти буни ниццӕй. Кӕд дӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕй иссерай, уӕд ӕй ӕхсӕвӕй-бонмӕ агорӕ. Кӕд дӕ фӕндуй, цӕмӕй дӕу уа, уӕд ӕргубур кӕнӕ ӕма ’й исесӕ. Еу дидинӕг ку иссерай, уӕд уобӕл ма ’рлӕууӕ. Алкӕддӕр сӕ агорӕ ӕма сӕ ӕмбурд кӕнӕ». Библи ӕртасун ӕнцон гъуддаг нӕй, фал дӕ хъиамӕттӕ ци тиллӕг ӕрхӕсдзӕнцӕ, е ба уой аргъ ӕй.

16. Ду ба Библи куд фертасис? (Ӕмбесӕндтӕ 2:4–6).

16 Кӕсун ӕма ни ахур кӕнун алке зӕрдӕмӕ нӕ цӕуй. Фал нӕ Йеговӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй рӕстдзийнадӕ базонунбӕл никки фулдӕр архайӕн. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 2:4–6.) Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд е нӕхецӕн пайда уодзӕй. Ӕнсувӕр Кори Библи ку фӕккӕсуй, уӕд алли стих дӕр хецӕнӕй фертасуй. Е загъта: «Стихтӕмӕ ци феппайуйнӕгтӕ фӕууй, уони еугурейдӕр бакӕсун. Ӕркӕсун, ци уӕлӕнхасӕн стихтӕ имӕ фӕууй, уонӕмӕ дӕр, удта стихти фӕдбӕл фулдӕр ӕрмӕг байагорун... Уотӕ ке фӕккӕнун, уой фӕрци берӕ нӕуӕг цидӕртӕ базонун!» Ка ’й зонуй, ду дӕр Библи уотӕ фертасис кенӕ ба ӕндӕрхузи. Фал кӕд дӕ рӕстӕг ӕма дӕ хъауритӕ уомӕн не ’вгъау кӕнис, уӕд уотемӕй ӕвдесис, рӕстдзийнадӕн ке аргъ кӕнис, уой (Пс. 1:1–3).

17. Рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ци нисан кӕнуй? (Иакови 1:25).

17 Мах ӕй лӕдӕрӕн, Библи уотид ахур кӕнун фагӕ ке нӕй. Гъӕуама ци базудтан, архайгӕ дӕр уомӕ гӕсгӕ кӕнӕн, гъома рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕн. Ӕцӕг амондгун ӕрмӕстдӕр уӕд уодзиан. (Бакӕсӕ Иакови 1:25.) Цума нӕ бон куд ӕй исбӕрӕг кӕнун, рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕн ӕви нӕ? Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй дӕ цардмӕ ракӕсун ӕма расагъӕс кӕнун, ци базудтай, уомӕй пайда кӕнис, ӕви ма дӕ цӕбӕлдӕр байархайун гъӕуй? Апостол Павел загъта: «Ци нин бантӕстӕй, уобӕл ма ’рлӕууӕн, фал идарддӕр дӕр уотӕ размӕ цӕуӕн» (Фил. 3:16).

18. Рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

18 Рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕрунӕй хуӕздӕр ма ци гъӕуама уа! Уой фӕрци нӕхуӕдтӕ дӕр фӕууӕн амондгундӕр, удта Йегови зӕрдӕ дӕр ӕма нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти зӕрдитӕ дӕр фӕррохс кӕнӕн. (Ӕмб. 27:11; 3 Иоан. 4). Гъӕйдӕ мадта не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй рӕстдзийнадӕ уарзӕн ӕма рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕн!

144 ЗАР Дӕ цӕстити рази уӕд лӕвар!

^ Цӕбӕл ӕууӕндӕн ӕма нӕ цард куд аразӕн, уобӕл ку фӕдздзорӕн, уӕд арӕх фӕппайда кӕнӕн дзурдӕй рӕстдзийнадӕ. Йегови Ӕвдесӕнтӕ раги иссан ӕви ӕрӕги, уӕддӕр ни алкӕмӕндӕр пайда адтайдӕ расагъӕс кӕнун, рӕстдзийнадӕ цӕмӕн уарзӕн, уобӕл. Уой фӕрци нӕ Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун никки хъӕбӕрдӕр фӕнддзӕй.