Кӕсгути фарстатӕ
Библий соми кӕнуни туххӕй ци финст ес?
Соми кӕнун ци нисан кӕнуй? Адӕймаг ку расоми кӕнуй, уӕд Хуцауи кенӕ адӕни рази дзурд раттуй, цидӕр ке искӕндзӕй. Еци соми гъӕрӕй фӕззӕгъуй кенӕ ба ’й гӕгъӕдибӕл ниффинсуй.
Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма соми кӕнун не ’нгъезуй, уомӕн ӕма Киристе загъта: «Соми ӕппундӕр ма кӕнтӕ... [...]„Гъо“ загътайтӕ, уӕд уӕ дзурд уӕд „гъо“, „нӕъ“ загътайтӕ, уӕдта – „нӕъ“. Уомӕй уӕлдай ци зӕгъайтӕ, е ба ӕй Фидбилизӕй» (Матф. 5:33–37). Киристе ӕй зудта, Моисеййи закъонмӕ гӕсгӕ Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгути еуӕй-еухатт расоми кӕнун ке гъӕуидӕ (Райд. 14:22, 23; Рац. 22:10, 11). Удта ма зудта, Йеговӕ ӕхуӕдӕг дӕр еуӕй-еухатт ке расоми кӕнидӕ (Дзиуит. 6:13–17). Мадта Йесой уотӕ зӕгъун нӕ фӕндадтӕй, ӕма соми кӕнун раст нӕй. Уомӕй ӕй, ӕвӕдзи, уотӕ зӕгъун фӕндадтӕй, ӕма соми кӕнун гъӕуаги-нӕгъӕуаги нӕ гъӕуй. Ци дзурд раттӕн, уой исӕнхӕст кӕнун Хуцауи рази нӕ ихӕс ӕй.
Еске дин ку зӕгъа, цӕмӕй расоми кӕнай, уӕд дин куд кӕнгӕ ’й? Фиццагидӕр бал расагъӕс кӕнӕ, ци дзурд ратдзӕнӕ, уой исӕнхӕст кӕнун дӕ бон исуодзӕй ӕви нӕ. Кӕд ибӕл гурусхӕ кӕнис, уӕд ма расоми кӕнӕ. Хуцауи Дзурд нӕ фӕдзӕхсуй: «Дзурд раттай ӕма ’й ма исӕнхӕст кӕнай, уой бӕсти ба ’й ӕппундӕр ма раттӕ» (Еккл. 5:5). Уомӕй уӕлдай ма Библий соми кӕнунмӕ ци уагӕвӕрдтӕ хаунцӕ, уонӕмӕ лӕмбунӕг ӕркӕсӕ, уой фӕсте ба архайӕ, де ’фсарӕ дин куд амонуй, уомӕ гӕсгӕ. Гъӕйдӕ еци уагӕвӕрдтӕй цалдӕремӕ ӕркӕсӕн.
Кӕцидӕр уавӕрти адӕймаг ку расоми кӕнуй, уӕд е Хуцауи фӕндони нихмӕ нӕ фӕууй. Зӕгъӕн, кизгӕ ӕма лӕхъуӕн сӕ цард ку байеу кӕнунцӕ, уӕд кӕрӕдземӕн Хуцауи ӕма адӕни рази дзурд раттунцӕ, кӕрӕдзей ке уарздзӕнцӕ, кӕрӕдземӕн ке кадӕ кӕндзӕнцӕ ӕма кӕрӕдзебӕл ке тухсдзӕнцӕ, «цалинмӕ зӕнхӕбӕл цӕронцӕ, уӕдмӕ». (Кӕд комкоммӕ аци дзурдтӕ нӕ фӕззӕгъунцӕ, уӕддӕр, зӕгъӕн ес, ӕма Хуцауи рази дзурд раттунцӕ.) Уой фӕсте исунцӕ лӕг ӕма уосӕ. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нур алкӕддӕр еумӕ уодзӕнцӕ (Райд. 2:24; 1 Кор. 7:39). Уӕхӕн уавӕри соми кӕнун раст ӕй ӕма ӕй Хуцауи фӕндонмӕ гӕсгӕ.
Кӕцидӕр уавӕрти адӕймаг ку расоми кӕнуй, уӕд е Хуцауи фӕндони нихмӕ фӕууй. Зӕгъӕн, киристонӕй ку байагоронцӕ, цӕмӕй расоми кӕна, багъӕуаги тохӕндзаумау ӕ къохмӕ ке райсдзӕй ӕма ӕ райгурӕн бӕстӕ ке гъӕуай кӕндзӕй, уӕд расоми кӕнун нӕ бакомдзӕй. Уомӕй уӕлдай ма нӕ бакомдзӕй ӕ Хуцауӕй ӕма ӕ динӕй ӕхе рахатун. Уотӕ ку бакӕна, уӕд Хуцауи фӕдзӕхстити сӕрти рахездзӕй. Киристӕнттӕ аци дуйнейӕй нӕ ’нцӕ, ӕма уомӕ гӕсгӕ аци дуйней нӕдӕр змӕнстити, нӕдӕр тугъдтити нӕ архайунцӕ (Иоан. 15:19; Ис. 2:4; Иак. 1:27).
Лук. 20:25). Мадта хуарз уайдӕ расоми кӕнуни размӕ аци дзурдтӕбӕл лӕмбунӕг расагъӕс кӕнун.
Цӕхуӕндӕр уавӕри киристон расоми кӕндзӕй ӕви нӕ, е е ’фсарӕй кӕнгӕ фӕууй. Киристе уӕхӕн унаффӕ равардта: «Паддзахи ци ӕй, уой паддзахӕн дӕттетӕ, Хуцауи ци ӕй, уой ба – Хуцауӕн» (Еуӕй-еухатт киристон курдиадӕ бадӕттуй, цӕмӕй цӕхуӕндӕр бӕсти цӕрӕгбӕл нимад ӕрцӕуа кенӕ ба ин цӕмӕй еци бӕсти пъаспорт раттонцӕ. Уой фӕдбӕл кӕцидӕр бӕстити закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ адӕймаги фӕгъгъӕуй цӕхуӕндӕр дзурд раттун кенӕ ба расоми кӕнун. Ци дзорун ӕй гъӕудзӕй, е Хуцауи закъӕнтти нихмӕ ку уа, уӕд ӕй е ’фсарӕ уӕхӕн дзурд раттун нӕ бауадздзӕй. Фал фӕууй уотӕ дӕр, ӕма бӕсти хецауадӕ адӕймаги бауадзунцӕ цӕхуӕндӕр дзурдтӕ раййевун, е ’фсарӕ ин куд амонуй, уомӕ гӕсгӕ.
Ромӕгтӕмӕ 13:1 финст ӕй: «Алли адӕймаг дӕр хецӕуттӕн коммӕгӕс уӕд». Мадта киристонӕн уӕхӕн барӕ ку раттонцӕ, цӕмӕй е ’фсари нихмӕ ка ӕй, еци дзурдтӕ раййева, уӕд, ка ’й зонуй, исарази уодзӕй дзурд раттун кенӕ расоми кӕнун. Уомӕн ӕма ци дзурд ратдзӕй, е уодзӕй, Ромӕгтӕмӕ 13:1 финст ка ӕй, еци фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ.
Еуӕй-еухатт соми кӕнгӕй фӕгъгъӕуй къох хӕрдмӕ исесун кенӕ ести дзаумаубӕл расоми кӕнун. Уӕхӕн уавӕрти дӕр фӕгъгъӕуй, де ’фсарӕ дин ци дзоруй, уомӕ гӕсгӕ архайун. Рагон ромӕгтӕ ӕма скифтӕ соми кодтонцӕ сӕ хъӕматӕй. Уотемӕй ӕвдистонцӕ, тугъди хуцауӕй ке соми кӕнунцӕ, гъома сайгӕ ке нӕ кӕнунцӕ. Грекъӕгтӕ ба соми кӕнгӕй сӕ къохтӕ арвмӕ исдариуонцӕ. Уотемӕй ӕвдистонцӕ, уӕлӕрвти кадӕр ке ес, уобӕл ке ӕууӕндунцӕ, сӕ дзурдтӕ ӕма син сӕ гъуддӕгтӕ ке уинуй, удта сӕ ӕ рази дзуапп раттун ке гъӕудзӕй.
Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Йегови лӕггадгӕнӕг турусайӕн кенӕ, мӕнгӕ дини хӕццӕ баст ка ӕй, ӕндӕр уӕхӕн дзаумайӕн нӕ табу кӕндзӕй. Фал дин, зӕгъӕн, тӕрхондони загътонцӕ, цӕмӕй дӕ къох Библибӕл ниввӕрай ӕма зӕгъай, ӕцӕг ци ӕй, ӕрмӕстдӕр уой ке дзордзӕнӕ, уӕд куд гъӕуама бакӕнай? Гӕнӕн ес, ӕма исарази уодзӕнӕ. Библий дӕр еуӕй-еу еузӕрдон лӕггадгӕнгути туххӕй финст ӕй, соми кӕнгӕй сӕ къохтӕ хӕрдмӕ ке исесиуонцӕ кенӕ сӕ къох адӕймагӕн ӕ буни ке бакӕниуонцӕ (Райд. 24:2, 3, 9; 47:29–31). Фал гъӕуама дӕ зӕрдӕбӕл дарай: тӕрхондони уотӕ ку расоми кӕнай, уӕд е уобӕл дзорӕг уодзӕй, ӕма Хуцауи рази расоми кодтай, ӕма дӕмӕ цийфӕнди фарста ма раттонцӕ, уӕддӕр дин, ӕцӕгӕй куд ӕй, уой дзоргӕ уодзӕй.
Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн устур аргъ кӕнӕн. Уомӕ гӕсгӕ, расоми кӕнуни размӕ бал гъӕуама Йеговӕмӕ раковӕн ӕма дзӕбӕх расагъӕс кӕнӕн, цӕмӕй ӕ рази нӕ цӕсгон кӕдзос уа ӕма Библий уагӕвӕрдти сӕрти ма рахезӕн. Естӕй туххӕй ку расоми кӕнӕн, уӕдта гъӕуама нӕ дзурдтӕн хецау разиннӕн (1 Пет. 2:12).