Кӕсгути фарстатӕ
Кӕд киристон ӕ уосӕй рахецӕн ӕй, Библимӕ гӕсгӕ ин уой барӕ н’ адтӕй, уотемӕй ӕма нӕуӕг уосӕ ракурдта, уӕд ин ӕмбурд ӕ раздӕри бийнонтӕмӕ ӕма ӕ нӕуӕг бийнонтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕса?
Киристон нӕуӕг бийнонтӕ ку искӕна, Библимӕ гӕсгӕ ин уой барӕ н’ адтӕй, уотемӕй, уӕд, кӕмӕй рахецӕн ӕй, еци уоси хӕццӕ сӕ ӕмбурд лӕг ӕма уосӕбӕл нӕбал нимайдзӕй. Лӕг ӕма уосӕбӕл нимад уодзӕнцӕ ӕ нӕуӕг уоси хӕццӕ. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Ӕркӕсӕн, Йесо хецӕн кӕнуни ӕма нӕуӕг бийнонтӕ искӕнуни туххӕй ци загъта, уомӕ.
Матфеййи 19:9 финст дзурдтӕй базонӕн ес, ӕрмӕстдӕр еунӕг гъуддаги туххӕй ке ӕнгъезуй хецӕн кӕнун. Йесо загъта: «Ӕ уосӕмӕ хӕтуни лазӕ кӕмӕн нӕ уа, уотемӕй си ка рахецӕн уа ӕма ӕндӕри ка ракора, е хӕтгӕ кӕнуй». Мадта Киристей дзурдтӕй бӕрӕг ӕй: 1) Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕма уосӕн хецӕн кӕнӕн ес, ӕрмӕстдӕр хӕтундзийнади туххӕй; 2) лӕг ӕ уосӕй ку рахецӕн уа, Библимӕ гӕсгӕ ин уӕхӕн барӕ ку нӕ уа, уотемӕй ӕма ӕндӕри ку ракора, уӕд е хӕтундзийнадӕбӕл нимад ӕй a.
Цума Йесой дзурдтӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма лӕг еске хӕццӕ ку фӕххӕта ӕма ӕ уосӕй ку рахецӕн уа, уӕд ин Библимӕ гӕсгӕ нӕуӕгӕй бийнонтӕ искӕнуни барӕ ес? Алкӕд нӕ. Лӕг ӕ уосӕбӕл гадзирахаттӕй ку рацӕуа, уӕд уосӕн ӕ бон ӕй ниллух кӕнун, ӕ лӕгӕн ниххатир кӕндзӕй ӕви нӕ. Ку ин нӕ ниххатир кӕна ӕма ку рахецӕн уонцӕ, уӕд лӕгӕн дӕр ӕ бон ӕй нӕуӕг бийнонтӕ искӕнун ӕма уосӕн дӕр.
Фал, зӕгъӕн, уоси нӕ фӕндуй хецӕн кӕнун ӕма бийнонти цард фехалун, ӕма ӕ лӕгӕн загъта, ке ин хатир кӕнуй ӕма си ке нӕ хецӕн кӕнуй. Фал лӕг ӕ уоси дзурдтӕ ку нецӕмӕ ӕрдара ӕма си уӕддӕр ку рахецӕн уа, уӕдта ӕ хабар куд уодзӕй? Уосӕ ниххатир кӕнунмӕ ӕма нӕуӕгӕй еумӕ цӕрунмӕ цӕттӕ ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ лӕгӕн нӕуӕг бийнонтӕ искӕнуни барӕ нӕййес. Фал уӕддӕр уотӕ ку бакӕна, уӕд е уобӕл дзорӕг уодзӕй, ӕма бабӕй ӕ уосӕбӕл гадзирахаттӕй цӕуй. Ӕма бабӕй ин гъӕуама ӕ гъуддаг барадон комитет равзара (1 Кор. 5:1, 2; 6:9, 10).
Лӕг нӕуӕгӕй бийнонтӕ ку искӕна, Библимӕ гӕсгӕ ин уӕхӕн барӕ ку нӕ уа, уотемӕй, уӕд ин ӕмбурд ӕ раздӕри бийнонтӕмӕ ӕма ӕ нӕуӕг бийнонтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕса? Кӕмӕй рахецӕн ӕй, еци уоси хӕццӕ Библимӕ гӕсгӕ уӕддӕр лӕг ӕма уосӕбӕл нимад уодзӕнцӕ? Гадзирахаттӕй кӕбӕл рацудӕй, уомӕн ӕ бон ӕй ниллух кӕнун, ниххатир ин кӕна ӕви нӕ? Ӕма нур лӕгӕн нӕуӕг бийнонтӕ ке ес, е дӕр хӕтундзийнадӕбӕл нимад ӕй?
Раздӕр ӕмбурд уомӕ уӕхӕн цӕстӕй кастӕй: лӕгӕн нӕуӕг бийнонтӕ ке ес, е нимад ӕй хӕтундзийнадӕбӕл, цалинмӕ лӕгӕн ӕ фиццаг уосӕ ӕгас уа кенӕ лӕгмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ кенӕ ба имӕ хӕтуни лазӕ ку нӕ уа, уӕд. Фал Матфеййи 19:9 Йесо, гадзирахаттӕй кӕбӕл рацудӕнцӕ, еци цардӕмбали кой неци искодта. Йесо балӕдӕрун кодта, лӕгӕн Библимӕ гӕсгӕ барӕ ку нӕ уа, уотемӕй ӕ уосӕй ку рахецӕн уа ӕма нӕуӕг бийнонтӕ ку искӕна, уӕд хӕтгӕ ке кӕнуй. Мадта ке рахецӕн ӕй ӕма нӕуӕг бийнонтӕ ке искодта, уомӕ гӕсгӕ ӕ фиццаг уоси хӕццӕ лӕг ӕма уосӕбӕл нимад нӕбал ӕнцӕ.
«Ӕ уосӕмӕ хӕтуни лазӕ кӕмӕн нӕ уа, уотемӕй си ка рахецӕн уа ӕма ӕндӕри ка ракора, е хӕтгӕ кӕнуй» (Матф. 19:9).
b.
Лӕг ӕ уосӕй ку рахецӕн уа ӕма нӕуӕг бийнонтӕ ку искӕна, уӕд уосӕн нӕбал уодзӕй ниллух кӕнуни барӕ, ниххатир ин кӕна ӕви нӕ, уомӕн ӕма лӕг ӕма уосӕ нӕбал ӕнцӕ. Уӕхӕн унаффӕ хӕссуни уаргъӕй сӕребарӕ уодзӕй. Уомӕй уӕлдай ма, лӕгӕн нӕуӕг бийнонтӕ ке ес, уой ӕмбурд хӕтундзийнадӕбӕл нӕ нимайдзӕйФӕууй ма уотӕ дӕр, ӕма лӕг ӕ уосӕбӕл гадзирахаттӕй нӕ рацудӕй, фал си уӕддӕр рахецӕн ӕй ӕма ӕндӕр ракурдта. Кенӕ ма уотӕ дӕр фӕууй: лӕг хӕтгӕ нӕ кодта, фал ӕ уосӕй рахецӕн ӕй, уой фӕсте ба кедӕр хӕццӕ фӕххаттӕй. Ӕма ин кӕд ӕ уосӕ ниххатир кӕнунмӕ цӕттӕ адтӕй, уӕддӕр ӕндӕри ракурдта. Уӕхӕн уавӕрти, лӕг ӕ уосӕй ку рахецӕн уа ӕма ӕндӕр ку ракора,– е ба уодзӕй хӕтундзийнадӕ,– уӕд лӕг ӕма уосӕбӕл нимад нӕбал уодзӕнцӕ. Ӕ бийнойнагбӕл нимад уодзӕй ӕ дуккаг уосӕ. 2006 анзи 15 сентябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и, 30 фарсбӕл (урус.) финст адтӕй: «Нур ин ес нӕуӕг бийнонтӕ. Ӕма уомӕн гӕнӕн нӕййес, цӕмӕй ӕ дуккаг уосӕй уотид рахецӕн уа ӕма ӕ фиццаг уоси хӕццӕ сӕ цард байеу кӕнонцӕ. Ӕ фиццаг уосӕй ке рахецӕн ӕй, кедӕр хӕццӕ ке фӕххаттӕй ӕма ӕндӕри ке ракурдта, уомӕ гӕсгӕ ӕ фиццаг уоси хӕццӕ лӕг ӕма уосӕбӕл нимад нӕбал ӕнцӕ».
Кӕд нур аци хабар ӕндӕрхузи лӕдӕрун кӕнӕн, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма бийнонти цард табуйаг нӕбал ӕй кенӕ хӕтундзийнадӕ устур тӕрегъӕд нӕй. Киристон ӕ уосӕй ку рахецӕн уа ӕма ӕндӕри ку ракора, Библимӕ гӕсгӕ ин уӕхӕн барӕ ку нӕ уа, уотемӕй, уӕд ин ӕ гъуддаг барадон комитет ӕвзардзӕй, уомӕн ӕма е хӕтундзийнадӕбӕл нимад ӕй. (Кӕд ӕ нӕуӕг уосӕ дӕр киристон ӕй, уӕд уомӕн дӕр ӕ гъуддаг барадон комитет ӕвзардзӕй.) Нур ин нӕуӕг бийнонтӕ ке ес, е кӕд хӕтундзийнадӕбӕл нимад нӕй, уӕддӕр ин ӕмбурди берӕ ӕнзти дӕргъи нецӕхуӕн ихӕстӕ уодзӕй. Удта ма гъӕуама рацӕуа рӕстӕг, цӕмӕй имӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ лӕгъуз цӕстӕй мабал кӕсонцӕ ӕма, ци искодта, уой иронх кӕнун райдайонцӕ. Гъӕуй ма расагъӕс кӕнун, ке ниууагъта, еци уосӕ нур ци уавӕри ӕй, уобӕл дӕр (уӕлдайдӕр ба ибӕл кӕд барӕй рацудӕй гадзирахаттӕй, уӕд), удта син кӕд сувӕллӕнттӕ ес, уӕд етӕ дӕр нуртӕккӕ ци уавӕри ӕнцӕ, уобӕл (Мал. 2:14–16).
Мадта ’й фӕууидтан, киристонӕн Библимӕ гӕсгӕ барӕ ку нӕ фӕууй, уотемӕй ӕ цардӕмбалӕй ку рахецӕн уй ӕма нӕуӕг бийнонтӕ ку искӕнуй, уӕд е цӕмӕ ӕркӕнуй, уой. Уомӕ гӕсгӕ киристӕнттӕ бийнонти цардмӕ гъӕуама кӕсонцӕ Йегови цӕстӕй ӕма ’й нимайонцӕ табуйагбӕл (Еккл. 5:4, 5; Дзиуит. 13:4).
a Кӕд аци статьяй фиццагидӕр лӕгти кой цӕуй, уӕддӕр Марки 10:11, 12 ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ Йесой дзурдтӕ уоститӕмӕ дӕр хаунцӕ.
b Раздӕр аци хабар ӕндӕрхузи лӕдӕрдтан. Уотӕ гъуди кодтан, ӕма, лӕгӕн нӕуӕг бийнонтӕ ке ес, е нимад ӕй хӕтундзийнадӕбӕл, цалинмӕ ӕ фиццаг уосӕ ӕгас ӕй кенӕ ӕхуӕдӕг нӕуӕг бийнонтӕ не ’скодта кенӕ ба имӕ цалинмӕ хӕтуни лазӕ нӕ уа, уӕдмӕ.