«Зӕнхӕ бунӕн райсунмӕ» цӕттӕ дӕ?
АЛКЕДӔР ни хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, Киристей зӕрдӕвӕрд кӕд исӕнхӕст уодзӕй, уомӕ: «Амондгун ӕнцӕ, фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, етӕ, уомӕн ӕма зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ» (Матф. 5:5). Исӕрститӕ уӕлӕрвти Киристей хӕццӕ паддзӕхтӕ уодзӕнцӕ ӕма зӕнхӕбӕл ка цӕра, уонӕн разамунд дӕтдзӕнцӕ (Рарг. 5:10; 20:6). Фал ӕцӕг киристӕнттӕн сӕ фулдӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, зӕнхӕбӕл ӕносон цардӕй кӕд исхайгин уодзӕнцӕ, еци рӕстӕгмӕ. Уӕд уодзӕнцӕ ӕнхӕст, амондгун ӕма фӕрнӕй цӕрдзӕнцӕ. Фал бал сӕмӕ уой размӕ ӕхсидзгӕ куст ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй. Еци кустмӕ хаудзӕнцӕ ӕртӕ гъуддаги: гъӕудзӕй сӕ зӕнхӕй дзенет рауайун кӕнун, ка райгас уа, уонӕбӕл батухсун, удта сӕ ахур кӕнун. Расагъӕс кӕнай, нӕуӕг дуйней дӕ еци кусти архайун ке фӕндуй, уой дӕ бон куд ӕй бавдесун.
ЗӔНХӔЙ ДЗЕНЕТ РАУАЙУН КӔНУНМӔ ЦӔТТӔ АН
Йегови фӕндонмӕ гӕсгӕ адӕн ӕгас зӕнхӕй дӕр гъӕуама дзенет рауайун кодтайуонцӕ (Райд. 1:28). Ӕма нӕуӕг дуйней зӕнхӕ бунӕн ка райсдзӕй, етӕ Хуцауи фӕндон исӕнхӕст кӕндзӕнцӕ. Фиццӕгти зӕнхӕ дзенети хузӕн нӕ уодзӕй – Едеми дзӕхӕрадонӕ рагӕйдӕр нӕбал ӕй. Гъӕудзӕй сӕ берӕ бахъиамӕт кӕнун, цӕмӕй зӕнхӕ искӕдзос кӕнонцӕ ӕма ’й исрӕсугъд кӕнонцӕ. Ӕцӕгӕйдӕр нӕмӕ ци берӕ куст ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй.
Нӕуӕг дуйней нӕмӕ ци куст ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй, уой рабарӕн ес, израилӕгтӕ Вавилони уацарӕй ку раздахтӕнцӕ, уӕд сӕмӕ ци куст ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уой хӕццӕ. Уӕди рӕстӕгмӕ сӕ райгурӕн зӕнхӕ 70 анзей дӕргъи ӕдзӕрӕг адтӕй. Фал Исай загъта, Йеговӕ син ке райарфӕ кӕндзӕй ӕма сӕ зӕнхӕ нӕуӕгӕй цӕрунмӕ ке бӕздзӕй. Йеговӕ ци искӕндзӕй, уой туххӕй Йсай загъта: «Ӕ ӕдзӕрӕг будур ин искӕндзӕй Едеми хузӕн, ӕ сор бунӕттӕ – Йегови дзӕхӕрадони хузӕн» (Ис. 51:3). Ӕма израилӕгтӕн еци гъуддаг Йегови фӕрци бантӕстӕй. Гъе уотӕ, зӕнхӕ бунӕн ка райсдзӕй, етӕ дӕр Йегови ӕнхуси фӕрци зӕнхӕй дессаги рӕсугъд дзенет рауайун кӕндзӕнцӕ. Еци кустмӕ равналунмӕ цӕттӕ ке дӕ, уой дӕ бон ӕй абони дӕр бавдесун.
Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй дӕ хӕдзарӕ ӕма дӕ хӕдзари алливарс кӕдзосӕй ӕма ӕфснӕйдӕй дарун, уӕлдай си нӕййес, дӕ синхӕнттӕ уотӕ кӕнунцӕ ӕви нӕ, уомӕй. Уомӕй уӕлдай ма дӕ бон ӕй Паддзахади зал бафснайунмӕ кенӕ ’й барӕвдзитӕ кӕнунмӕ фӕккӕсун. Дӕ уавӕртӕ ку амононцӕ, уӕдта курдиадӕ бадӕттӕ, цӕмӕй ӕрдзон бӕллӕхти ка бахаудтӕй, уонӕн ӕнхус кӕнай. Уотемӕй ӕй бавдесдзӕнӕ, зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фарсмӕ ӕрбалӕуунмӕ цӕттӕ ке дӕ. Дӕхе бафӕрсӕ: «Мӕ бон ӕй, нӕуӕг дуйней мӕ ка багъӕудзӕй, уӕхӕн ести кустбӕл исахур ун?»
КА РАЙГАС УА, УОНӔБӔЛ БАТУХСУНМӔ ЦӔТТӔ АН
Киристе Иаири кизги ку райгас кодта, уӕд загъта, цӕмӕй ин бахуӕрун кодтайуонцӕ (Мар. 5:42, 43). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, 12-анздзуд сувӕллонӕн бахуӕрун кӕнун зин н’ адтӕй. Фал расагъӕс кӕнӕ, цӕйбӕрцӕ цидӕртӕ гъӕудзӕй бакӕнун, Киристе ӕ зӕрдӕвӕрд ку исӕнхӕст кӕна ӕма «ингӕнти кадӕриддӕр ес, етӕ» ку райгас уонцӕ, уӕд (Иоан. 5:28, 29). Библий листӕг хабӕртти уӕнгӕ финст нӕй, еци рӕстӕг куд уодзӕй, е. Фал ӕй лӕдӕрӕн, ка райгас уа, уони хуӕруйнаг, уӕледарӕс ӕма цӕрӕнбунат ке гъӕудзӕй. Абони дӕ бон куд ӕй бавдесун, ка райгас уа, уонӕн ӕнхус кӕнун дӕ ке фӕндуй, уой? Гъӕйдӕ еуӕй-еу фарстатӕбӕл расагъӕс кӕнӕн.
Абони дӕ бон куд ӕй бавдесун, ка райгас уа, уонӕн ӕнхус кӕнун дӕ ке фӕндуй, уой?
Уе ’мбурд уин районон цӕстӕдарӕг ку фӕббӕрӕг кӕнуй, уӕд ӕй рӕфтад кӕнунмӕ фӕххонис? Вефилӕгтӕй кенӕ районон цӕстӕдаргутӕй ескӕмӕн ку зӕгъонцӕ, еци хузи ке нӕбал лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ ӕма сӕ уе ’мбурдмӕ ку иснисан кӕнонцӕ, уӕд син дӕ бон н’ адтайдӕ цӕрӕнбунат иссерунмӕ банхус кӕнун? Уӕ бӕсти регионалон кенӕ сӕрмагонд конгресс ку цӕуа, удта дӕ бон н’ адтайдӕ конгресси размӕ кенӕ ӕ фӕсте ести куститӕ кӕнунмӕ фӕккӕсун, кенӕ ба имӕ ци иуазгутӕ иссӕудзӕй, уонӕн «ӕгассо» зӕгъун?
КА РАЙГАС УА, УОНИ АХУР КӔНУНМӔ ЦӔТТӔ АН
Гъуддӕгти 24:15 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ’й лӕдӕрӕн, нӕуӕг дуйней милиуангай адӕн ке райгас уодзӕнцӕ. Беретӕн си Йегови туххӕй базонунмӕ фадуат н’ адтӕй, фал син нӕуӕг дуйней ба еци фадуат фӕззиндзӕй a. Ахур сӕ кӕндзӕнцӕ Хуцауи еузӕрдон ӕма фӕлтӕрдгун лӕггадгӕнгутӕ (Ис. 11:9). Европи, Хонсар Америки ӕма Африки ка лӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн хуӕрӕ Шарлоттӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсуй еци рӕстӕгмӕ. Е зӕгъуй: «Ка райгас уа, уони ахур кӕнун мӕ хъӕбӕр фӕндуй. Кӕддӕр ка цардӕй, уони царди хабӕрттӕ ку фӕккӕсун, уӕд арӕх фӕссагъӕс кӕнун: „Аци адӕймаг Йегови ку зудтайдӕ, уӕд ӕ цард ӕндӕрхузи рауадайдӕ“. Хъӕбӕр мӕ фӕндуй, ка райгас уа, уонӕн Хуцауи туххӕй ӕма ин ку лӕггадӕ кӕнонцӕ, уӕд сӕ цард цӕхуӕн уодзӕй, уой туххӕй дзорун».
Киристей размӕ ка цардӕй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгути дӕр берӕ цидӕртӕ гъӕудзӕй базонун. Зӕгъӕн, Данел ци пахампарӕдтӕ ниффинста, уонӕй кӕцидӕрти ӕхуӕдӕг нӕ лӕдӕрдтӕй. Расагъӕс кӕнӕ, цӕйбӕрцӕбӕл устур кадӕ уодзӕй, еци пахампарӕдтӕ куд ӕнхӕст кодтонцӕ, уой ин балӕдӕрун кӕнун! (Дан. 12:8). Кенӕ ба дӕ нӕ фӕндадтайдӕ, Руф кенӕ Ноеминӕн радзорун, ци бийнонтӕй адтӕнцӕ, уони хӕдзарвӕндагӕй Мессийӕ ке рацудӕй. Ӕгас дуйнебӕл дӕр ци ахургӕнӕн программӕ цӕудзӕй, уоми архайун ӕцӕгӕйдӕр ци берӕ цийнӕ хӕсдзӕй, уомӕн ӕма нӕбӕл аци дуйне нӕбал ӕндавдзӕй!
Еци программи архайун дӕ ке фӕндуй, уой абони дӕ бон куд ӕй ӕвдесун? Фиццагидӕр, еске хӕццӕ Библи ахур кӕнгӕй никки арӕхстгундӕр кӕнӕ, удта хуарз хабар игъосун кӕнӕ (Матф. 24:14). Кӕд дӕ карӕмӕ кенӕ ӕндӕр ести уавӕртӕмӕ гӕсгӕ дӕ бон берӕ кӕнун нӕй, уӕддӕр зингзӕрдӕй ке архайис, уомӕй ба бӕрӕг уодзӕй, ка райгас уа, уони ахур кӕнун дӕ ке фӕндуй.
Мадта «зӕнхӕ бунӕн райсунмӕ» цӕттӕ дӕ? Зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсис, зӕнхӕй дзенет куд кӕндзиан, уомӕ, удта ка райгас уа, уонӕн куд ӕнхус кӕндзиан ӕма сӕ куд ахур кӕндзиан, уомӕ дӕр? Ӕвӕдзи, фӕндфедарӕй загътай «гъо». Мадта нӕуӕг дуйней ци куст цӕудзӕй, уоми дӕ архайун ке фӕндуй, е абони дӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг уӕд!
a Кӕсӕ 2022 анзи сентябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», статья «„Берети рӕстдзийнадӕмӕ“ ӕрбакӕндзӕнцӕ».