Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

52 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Иннетӕн ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг федар фӕллӕууонцӕ

Иннетӕн ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг федар фӕллӕууонцӕ

«Дӕ къох ку амона, уӕд тухст адӕймагӕн хуарздзийнадӕ ма бавгъау кӕнӕ» (ӔМБ. 3:27).

103 ЗАР Фиййӕуттӕ – Хуцауи лӕвар

РАЗДЗУРД a

1. Арӕх Йеговӕ кӕмӕй испайда кӕнуй, цӕмӕй ӕ лӕггадгӕнгути кувдтитӕбӕл исдзуапп кӕна?

 ЗУДТАЙ ӕй, Йегови бон ке ӕй дӕуӕй испайда кӕнун, цӕмӕй кедӕр зӕрдиаг кувдӕн исдзуапп кӕна? Ӕма си уӕлдай нӕййес, хестӕр нӕлгоймаг дӕ ӕви кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕр, пионер ӕви игъосунгӕнӕг, ӕригон ӕви каргун, хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕр. Йегови ка уарзуй ӕма имӕ ӕнхусмӕ ка дзиназуй, уонӕн банхус кӕнуй хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕма ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути фӕрци. Ӕма ди байрагӕс уӕд, Йегови бон ӕй дӕуӕй дӕр испайда кӕнун, цӕмӕй уӕхӕн адӕймагӕн банхус кӕна (Кол. 4:11). Уотемӕй нӕ бон ке ӕй Йеговӕн ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун, уой нӕхецӕн устур кадӕбӕл нимайӕн! Е уӕлдай ӕхсидзгӕ фӕууй фуднези рӕстӕг, бӕллӕхи рӕстӕг ӕма нӕ фӕдбӕл ку фӕззелунцӕ, уӕд.

ИННЕТӔН ӔНХУС КӔНТӔ ФУДНЕЗТИ РӔСТӔГ

2. Фуднези рӕстӕг иннетӕн ӕнхус кӕнун зин цӕмӕн фӕууй?

2 Фуднезти туххӕй нин, гӕнӕн ес, ӕма кӕрӕдземӕн ӕнхус кӕнун зин уодзӕй. Зӕгъӕн, фӕндуй нӕ не ’мбӕлтти бабӕрӕг кӕнун кенӕ ӕнхус гъӕуагӕ ка ӕй, уӕхӕн хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕри рӕфтадмӕ ӕрбахонун. Фал уомӕн гӕнӕн нӕййес, уомӕн ӕма нин не ’гасемӕндӕр фӕссӕйгӕ унӕй тӕссаг уодзӕй. Кенӕ ба нӕ ӕнхус кӕнун фӕндуй, фал нин е дӕр зин ӕй, уомӕн ӕма нӕхе бийнонтӕй кадӕр сӕйгӕ кӕнуй. Фал уӕддӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кӕнунмӕ цӕттӕ ан, ӕма Йеговӕн дӕр хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой ку фӕккӕнӕн (Ӕмб. 3:27; 19:17). Нӕ бон син куд ӕй ӕнхус кӕнун?

3. Дейзий ӕмбурди ци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ адтӕй, уонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (Йереми 23:4).

3 Хестӕр нӕлгоймӕгти бон ци ӕй кӕнун? Кӕд хестӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд дӕ «фусти» хуарз базонӕ. (Бакӕсӕ Йеремий 23:4.) Ай разӕй, еци статьяй ци хуӕри кой кодтан, Дейзи b, зӕгъгӕ, е радзурдта: «Нӕ игъосун кӕнуни къуари ци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ес, етӕ мӕн хӕццӕ дӕр ӕма иннети хӕццӕ дӕр лӕггадӕ кодтонцӕ, удта нӕ хӕццӕ рӕстӕг ӕрвистонцӕ». Уой фӕрци хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕнцондӕр адтӕй Дейзийӕн банхус кӕнун коронавируси рӕстӕг ӕма ин ӕ нифс бафедар кӕнун, ӕ хеуӕнттӕй кадӕр ку фӕззиан ӕй, уӕд.

4. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон Дейзийӕн банхус кӕнун цӕй фӕрци иссӕй ӕма еци хабарӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?

4 Дейзи идарддӕр радзурдта: «Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ме ’мбӕлттӕ ке адтӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ мин ӕнцон адтӕй сӕ хӕццӕ, ци мӕ тухсун кӕнуй, уой туххӕй дзорун». Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ уомӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ? Хуарз фиййӕуттӕ уотӕ, бӕллӕх ку нӕма ’рцӕуа, уӕд, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн хуарз ӕмбӕлттӕ уотӕ. Кӕд сӕ уӕ бон нӕй фуднези туххӕй бабӕрӕг кӕнун, уӕд ӕндӕр мадзӕлттӕ агоретӕ. Дейзи ма загъта: «Фӕууидӕ уотӕ, ӕма мӕмӕ бонмӕ цалдӕр хестӕр нӕлгоймаги ӕрбадзоридӕ кенӕ ӕрбафинсидӕ. Ци стихтӕ мӕмӕ ӕрбарветиуонцӕ, етӕ мӕ зӕрдӕбӕл хъӕбӕр бамбӕлиуонцӕ, кӕд сӕ хуарз зудтон, уӕддӕр».

5. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй базонун, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ци гъӕуагӕ ’нцӕ ӕма син сӕ бон куд ӕй банхус кӕнун?

5 Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй базонун, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ци гъӕуагӕ ’нцӕ, уой? Зӕгъӕн, кӕмӕй нӕ фефсӕрми уодзӕнцӕ, уӕхӕн фарстатӕ сӕмӕ ку дӕттонцӕ (Ӕмб. 20:5). Гӕнӕн ӕма ’й амалӕй базонетӕ, хуӕруйнаг, хуасӕ ӕма хъӕппӕл гъӕуагӕ ӕнцӕ ӕви нӕ. Тӕссаг син нӕй ӕнӕ куст кенӕ ӕнӕ цӕрӕнбунатӕй байзайунӕй? Фӕккӕсун сӕмӕ нӕ гъӕуй, цӕмӕй син хецауадӕй ци ’мбӕлуй, уой райсонцӕ? Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Дейзимӕ ӕхцайӕй фӕккастӕнцӕ. Фал ин уӕлдай ӕнхус ба фӕцӕй, хестӕр нӕлгоймӕгтӕ имӕ ке байгъустонцӕ ӕма ин е ’ууӕндундзийнадӕ ке бафедар кодтонцӕ. Е зӕгъуй: «Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ мӕ хӕццӕ кувтонцӕ. Ци мин дзурдтонцӕ, уой кӕд нӕбал гъуди кӕнун, уӕддӕр мӕмӕ ци ’нкъарӕнтӕ адтӕй, е ба ми иронх нӕй. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, цума мин Йеговӕ ӕхуӕдӕг зӕгъуй: „Еунӕг нӕ дӕ“» (Ис. 41:10, 13).

Ӕмбурд ка уадзуй, еци ӕнсувӕрӕн ӕхцӕуӕн ӕй, беретӕ дзуӕппитӕ дӕттунмӕ цӕттӕ ке ’нцӕ. Сӕ астӕу ес, видеоконференций фӕрци ка ӕрбайеу ӕй, уӕхӕн каргун ӕнсувӕр дӕр (кӕсӕ 6 абзац)

6. Ӕмбурди алке бон дӕр ци ӕй кӕнун? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)

6 Иннети бон ци ӕй кӕнун? Мах ӕй зонӕн, хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ке гъӕуама ӕнхус кӕнонцӕ. Фал нин Йеговӕ зӕгъуй, цӕмӕй ни алкедӕр ӕнхус гъӕуагӕ ка ӕй, уомӕ фӕккӕса (Гал. 6:10). Цӕмӕй, сӕйгӕ ка кӕнуй, уобӕл базуртӕ базайа, уой туххӕй берӕ нӕ фӕгъгъӕуй. Зӕгъӕн, сувӕллони бон ӕй ести исхузӕ кӕнун ӕма ’й ескӕмӕн балӕвар кӕнун. Хестӕр ка ӕй, уой бон ба ӕй хӕдзари естӕмӕ фӕккӕсун кенӕ туканмӕ бауайун. Удта ма ӕнгъезуй, сӕйгӕ ка кӕнуй, уомӕн хуӕруйнаг искӕнун ӕма ин ӕй ӕ дуармӕ фӕууадзун. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, ести фуднез ӕ карзи ку бацӕуй, уӕд алкӕмӕндӕр ӕ нифс бафедар кӕнун фӕгъгъӕуй. Уомӕ гӕсгӕ дӕ бон н’ адтайдӕ ӕмбурди фӕсте минкъий фулдӕр байзайун, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ лӕгӕй-лӕгмӕ кенӕ видеоконференций фӕрци рахабӕрттӕ кӕнай? Хестӕр нӕлгоймӕгти нифс ба нӕ фӕгъгъӕуй бафедар кӕнун? Куд нӕ! Фуднези рӕстӕг хестӕр нӕлгоймӕгтӕ уӕлдай ӕнӕйевдӕлон фӕуунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ сӕмӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ арфи дзурдтӕ ниффинсунцӕ. Махӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй, алке бон дӕр ни ке ӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нифс федар кӕнун! (1 Фес. 5:11).

ИННЕТӔН ӔНХУС КӔНӔ БӔЛЛӔХИ РӔСТӔГ

7. Бӕллӕхи рӕстӕг адӕймаги цард куд раййевуй?

7 Гӕнӕн ес, ӕма бӕллӕхи рӕстӕг адӕймаг цӕсти фӕнникъулдмӕ ӕнӕ нецӕмӕй райзайа, сауӕнгӕ ма ӕ хеуӕнттӕй дӕр еске рамӕла. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр уӕхӕн зиндзийнӕдтӕй хизт нӕ ’нцӕ. Нӕ бон син куд ӕй банхус кӕнун?

8. Цалинмӕ бӕллӕх не ’рцудӕй, уӕдмӕ хестӕр нӕлгоймӕгти ӕма бийнонти хестӕрти ци кӕнун гъӕуй?

8 Хестӕр нӕлгоймӕгти бон ци ӕй кӕнун? Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кӕнтӕ, цӕмӕй бӕллӕхмӕ сӕхе рагацау бацӕттӕ кӕнонцӕ. Исбӕрӕг кӕнтӕ, ӕмбурди алкедӕр ке зонуй, ӕхе куд багъӕуай кӕна, уой, удта хестӕр нӕлгоймӕгти куд иссерӕн ес, уой дӕр. Ай разӕй, еци статьяй ке туххӕй дзурдтан, еци хуӕрӕ Маргарет загъта: «„Ӕркӕсуйнаг фарстати“ рӕстӕг нин хестӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодтонцӕ, гъӕдӕ ке иссодздзӕй, уомӕй нур дӕр ма тӕссаг ке ӕй. Удта ма нин загътонцӕ, цӕмӕй хецауадӕ уотӕ ку зӕгъа, ӕма тӕссаг кӕми нӕй, уордӕмӕ рандӕ ун гъӕуй, уӕд сӕмӕ еци фӕдбӕл ке гъӕуама байгъосӕн». Еци унаффӕ ӕ рӕстӕги адтӕй, уомӕн ӕма мӕйӕ ӕма ӕрдӕги фӕсте гъӕдӕ иссугъдӕй ӕма уоми изайун хъӕбӕр тӕссаг адтӕй. Бийнонти хестӕртӕ, уӕ бийнонти ахури рӕстӕг дзоретӕ, тӕссаг уавӕри ка куд архайдзӕй, уой туххӕй. Уӕ сувӕллӕнтти бӕллӕхмӕ рагацау ку бацӕттӕ кӕнайтӕ, уӕд уотӕ хъӕбӕр не ’стухсдзиайтӕ.

9. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ бӕллӕхи разӕй ӕма бӕллӕхи фӕсте хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн куд банхус кӕнунцӕ?

9 Кӕд игъосун кӕнуни къуарбӕл дзуаппдӕттӕг ӕнсувӕр дӕ, уӕд къурцдзӕвӕнмӕ ма ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ, фал, гӕнӕн ӕма амалӕй, дӕ къуари алкӕмӕйдӕр ӕ телефони номертӕ ӕма ӕ адрес райсӕ. Номхигъд искӕнӕ ӕма имӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕркӕсисӕ. Кӕд ескӕмӕн ӕ телефони номертӕ кенӕ ӕ адрес раййивта, уӕд сӕ бафинсисӕ. Уой фӕрци бӕллӕхи рӕстӕг дӕ бон исуодзӕй алли хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕрмӕ дӕр бадзорун ӕма, ци гъӕуагӕ ’нцӕ, уой базонун. Куддӕр еци хабӕрттӕ базонай, уотӕ фегъосун кӕнӕ хестӕр нӕлгоймӕгти совети координаторӕн, е ба районон цӕстӕдарӕгмӕ фӕххабар кӕндзӕй. Кӕрӕдзей хӕццӕ ку ӕмгуст кӕнӕн, уӕд нин берӕ бантӕсдзӕй. Гъӕдӕ ку иссугъдӕй, уӕд Маргаретти районон цӕстӕдарӕг 36 сахаттей дӕргъи телефон ӕ къохӕй не ’суагъта, уомӕн ӕма бунӕттон хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ дзурдта. Етӕ еумӕ байархайдтонцӕ, цӕмӕй сӕ хӕдзӕрттӕ ниууадзун ке багъудӕй, еци 450 хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕремӕн банхус кодтайуонцӕ (2 Кор. 11:27). Уотемӕй, ӕ хӕдзарӕ ниууадзун ке багъудӕй, уонӕй алкӕбӕлдӕр батухстӕнцӕ.

10. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕууӕндундзийнадӕ ӕма нифс федар кӕнун ӕхсидзгӕ кустбӕл цӕмӕн нимайунцӕ? (Иоанни 21:15).

10 Хестӕр нӕлгоймӕгти ихӕс ӕй, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕууӕндундзийнадӕ Библий фӕрци федар кӕнонцӕ ӕма нифссаст кенӕ тухст ка ӕй, уонӕн ӕнхус кӕнонцӕ (1 Пет. 5:2). Ести бӕллӕх ку ӕрцӕуй, уӕд еци ӕнсувӕртӕ гъӕуама фиццагидӕр исбӕрӕг кӕнонцӕ, ӕмбурди алкедӕр ӕдас бунати ке ӕй ӕма син хуӕруйнаг, хъӕппӕл ӕма цӕрӕнбунат ке ес. Бӕллӕхи фӕсте дзӕвгарӕ рӕстӕг ку рацӕуа, уӕддӕр ма еци ӕверхъау хабари ка бахаудтӕй, уонӕн, ӕвӕдзи, гъӕудзӕй сӕ нифс ӕма се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун. (Бакӕсӕ Иоанни 21:15.) Филиали комитети ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн ӕнсувӕр Харольд, бӕллӕхи ка бахаудтӕй, еци киристӕнттӕй берети хӕццӕ дзубандитӕ кодта ӕма загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕхемӕ ’рцӕуа, уой туххӕй рӕстӕг гъӕуй. Бӕллӕхи фӕсте цард ку ӕррӕвдзӕ уа, уӕддӕр ма, гӕнӕн ес, адӕймаги зӕрди еци хабӕрттӕ ӕфтуйдзӕнцӕ, уомӕн ӕма алкӕбӕлдӕр цӕхуӕндӕр зиан ӕрцудӕй. Кӕмӕндӕр ӕ хеуон фӕммардӕй, кадӕр ӕнӕ нецӕмӕй байзадӕй, кадӕр ба ӕхуӕдӕг туххӕйти фӕййервазтӕй. Уӕхӕн сагъӕстӕ берӕ рӕстӕг ӕнцойнӕ нӕ фӕддӕттунцӕ. Адӕймаг уӕхӕн уӕззау сагъӕсти буни ку фӕууй, уӕд уоми дессагӕй неци ес. Удта е уобӕл дзорӕг дӕр нӕ фӕууй, ӕма е ’ууӕндундзийнадӕ ӕрлӕмӕгъ ӕй».

11. Бийнонтӕ дзӕвгарӕ рӕстӕг цӕхуӕн ӕнхус гъӕуагӕ фӕуунцӕ?

11 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ архайунцӕ аци унаффӕмӕ гӕсгӕ: «Кӕугӕ ка кӕнуй, уони хӕццӕ... котӕ» (Ром. 12:15). Бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уонӕн сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнун фӕгъгъӕуй, Йеговӕ дӕр, удта сӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр берӕ ке уарзунцӕ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ бийнонтӕн ӕнхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй идарддӕр дӕр ковонцӕ, Библи ахур кӕнонцӕ, ӕмбурдтӕ ма цох кӕнонцӕ ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги архайонцӕ. Удта ма ниййергути разӕнгард кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнтти ӕргом ӕздахонцӕ, еунӕг бӕллӕх дӕр ке нӕ байсдзӕй, еци хӕзнатӕмӕ. Ниййергутӕ, уӕ сувӕллӕнттӕн дзоретӕ, Йеговӕ алкӕддӕр се ’мбал ке уодзӕй ӕма сӕ ке некӕд ниууадздзӕй, цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр. Ӕма син балӕдӕрун кӕнтӕ, ӕгас дуйнебӕл дӕр нин берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ке ес ӕма си алкедӕр фӕккӕсунмӕ цӕттӕ ке ӕй (1 Пет. 2:17).

Кӕми цӕрис, уордӕмӕ хӕстӕг ести бӕллӕх ку ’рцӕуа, уӕд дӕ бон куд адтайдӕ банхус кӕнун? (кӕсӕ 12 абзац) e

12. Иннети бон куд ӕй, бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уонӕн ӕнхус кӕнун? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)

12 Иннети бон ци ӕй кӕнун? Кӕд бӕллӕх сумахмӕ хӕстӕг ескӕми ’рцудӕй, уӕд хестӕр нӕлгоймӕгти бафӕрсетӕ, уӕ бон цӕмӕй ӕй банхус кӕнун. Ка ’й зонуй, дӕ бон исуодзӕй баиуазӕг кӕнун, бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста кенӕ арӕзтадон гъуддӕгти ка архайдзӕй, уонӕй еске. Кенӕ ба, ка ’й зонуй, дӕ бон исуодзӕй, хуӕруйнаг ӕма фиццагидӕр ци гъӕуагӕ ’нцӕ, уой бахъӕртун кӕнун. Кӕд бӕллӕх идард кӕмидӕр ӕрцудӕй, уӕддӕр дӕ бон ӕй банхус кӕнун. Кутемӕй? Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти туххӕй ковӕ (2 Кор. 1:8–11). Удта ма дӕ бон ӕй ӕгас дуйнеуон гъуддагӕн нисайнӕгтӕ дӕттун (2 Кор. 8:2–5). Кӕд дӕ, бӕллӕх кӕми ’рцудӕй, уордӕмӕ рандӕ ун фӕндуй, уӕд бал хестӕр нӕлгоймӕгтӕн фегъосун кӕнӕ. Ке фӕххонунцӕ, уони бал арӕхдӕр бацӕттӕ кӕнунцӕ ӕма син цӕхуӕндӕр амундтӕ раттунцӕ, цӕмӕй ӕнхус кӕми гъӕуй, уоми фулдӕр пайда ӕрхӕссонцӕ.

ӔНСУВӔРТӔН ӔНХУС КӔНТӔ, СӔ ФӔДБӔЛ КУ ФӔЗЗЕЛУНЦӔ, УӔД

13. Нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми ӕй, еци бӕстити нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ?

13 Нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми ӕй, уӕхӕн бӕстити ка цӕруй, уонӕн сӕ цард никки зиндӕр фӕууй. Иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хузӕн уонӕн дӕр цардамӕлттӕ кӕнун зин фӕууй, етӕ дӕр незтӕй хизт нӕ фӕуунцӕ, удта ма сӕ хеуӕнттӕй дӕр еске фӕззиан уй. Фал нӕ гъуддаг ӕхгӕд ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ сӕ хестӕр нӕлгоймӕгти бон нӕ фӕууй сӕребарӕй бабӕрӕг кӕнун ӕма сӕ бафедар кӕнун. Уотӕ адтӕй, раздӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Андреййи хабар дӕр. Ӕ игъосун кӕнуни къуари еу хуӕрӕ ӕхцайӕй хъӕбӕр батухстӕй. Уомӕй уӕлдай ма аварий бахаудтӕй ӕма ин цалдӕр операций искӕнун гъудӕй, косунгъон ба н’ адтӕй. Фал кӕд нӕ гъуддаг ӕхгӕд адтӕй ӕма коронавирус дӕр ӕ карзи адтӕй, уӕддӕр ӕнсувӕртӕ архайдтонцӕ, цӕмӕй еци хуӕрӕн банхус кодтайуонцӕ. Йеговӕ еци хабармӕ ӕ цӕстӕ дардта.

14. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ нин фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕнцӕ?

14 Хестӕр нӕлгоймӕгти бон ци ӕй кӕнун? Андрей Йеговӕмӕ кувта ӕма ӕ бон ци адтӕй, уой кодта. Йеговӕ ин дзуапп куд равардта? Е ӕмбурди иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти баразӕнгард кодта, цӕмӕй еци хуӕрӕн банхус кодтайуонцӕ. Кадӕр ӕй дохтирмӕ фӕлласта, кадӕр ба имӕ ӕхцайӕй фӕккастӕй. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бон ци адтӕй, уой бакодтонцӕ, ӕма еумӕ ке ӕмгуст кодтонцӕ, уой туххӕй син Йеговӕ райарфӕ кодта (Дзиуит. 13:16). Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, кӕд нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми ӕй, уоми цӕретӕ, уӕд алци уӕхе рагъи ма бакӕниайтӕ, иннетӕн дӕр, цит, ести баихӕс кӕниайтӕ (Йер. 36:5, 6). Фал фиццагидӕр ба уӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл даретӕ. Е уин хъауритӕ дӕтдзӕй, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнайтӕ.

15. Кӕд нӕ фӕдбӕл фӕззелунцӕ, уӕддӕр нӕ бон куд ӕй нӕ еудзийнадӕ багъӕуай кӕнун?

15 Иннети бон ци ӕй кӕнун? Нӕ гъуддаг ӕхгӕд ку уа, уӕд нӕ, ӕвӕдзи, минкъий къуӕрттӕй гъӕудзӕй ӕмбурд кӕнун. Уӕхӕн уавӕрти уӕлдай ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй кӕрӕдзей хӕццӕ фӕрнӕй цӕрӕн. Сайтани хӕццӕ тох кӕнӕ, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ нӕ, фал. Сӕ рӕдудтитӕмӕ син ӕгӕр ма никкомкоммӕ уисӕ. Еске хӕццӕ кӕрӕдзей ку нӕ балӕдӕрайтӕ, уӕдта байархайӕ, цӕмӕй еци фӕдбӕл бафедауайтӕ (Ӕмб. 19:11; Еф. 4:26). Ӕнхус ди кӕд ракордзӕнцӕ, уомӕ ма ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ. Де ’нхуси къох дӕхуӕдӕг бадарисӕ (Тит. 3:14). Аварий ци хуӕрӕ бахаудтӕй, уомӕ ӕ игъосун кӕнуни къуар ке фӕккастӕй, уой фӕрци кӕрӕдземӕн ӕцӕг бийнонти хузӕн иссӕнцӕ (Пс. 133:1).

16. Ке фӕдбӕл зелунцӕ, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун? (Колоссӕгтӕмӕ 4:3, 18).

16 Мингай хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ игъосун кӕнунцӕ, нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми ӕй кенӕ нин сӕребарӕй игъосун кӕнуни барӕ кӕми нӕййес, еци бӕстити. Йеговӕн ке лӕггадӕ кӕнунцӕ, уой туххӕй си еуӕй-еуетӕ ахӕстдӕнтти бадунцӕ. Нӕ бон ӕй уони туххӕй дӕр ӕма сӕ бийнонти туххӕй дӕр ковун. Удта ма ковун, ка син ӕнхус кӕнуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти туххӕй, уомӕн ӕма син етӕ се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунцӕ, ци гъӕуагӕ фӕуунцӕ, уомӕй сӕмӕ фӕккӕсунцӕ ӕма син тӕрхондони баст гъуддӕгти хӕццӕ банхус кӕнунцӕ. (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 4:3, 18.) c Етӕ еци гъуддӕгти нифсгунӕй архайунцӕ, кӕд уой туххӕй сӕхецӕн ахӕстдони исбадунӕй тӕссаг фӕууй, уӕддӕр. Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд, ӕма дӕ кувдӕй неци пайда уодзӕй. Кувдӕн устур хъаурӕ ес! (2 Фес. 3:1, 2; 1 Тим. 2:1, 2).

Ӕфхуӕрд ке ӕййафдзиан, уомӕ дӕ бон куд ӕй дӕхе дӕр ӕма дӕ бийнонти дӕр бацӕттӕ кӕнун? (кӕсӕ 17 абзац)

17. Нӕ фӕдбӕл ке зелдзӕнцӕ, уомӕ нӕ бон куд ӕй нӕхе бацӕттӕ кӕнун?

17 Ӕфхуӕрд ке ӕййафдзиан, уомӕ дӕхе дӕр ӕма дӕ бийнонти дӕр нур бацӕттӕ кӕнӕ (Гъуд. 14:22). Аллихузи лӕгъуз хабӕрттӕ дӕбӕл ке цӕудзӕй, уомӕй дӕхе ма тӕрсун кӕнӕ. Уой бӕсти Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕ ӕма дӕ сувӕллӕнттӕн дӕр банхус кӕнӕ, цӕмӕй е ’мбӕлттӕ уонцӕ. Тухст сагъӕстӕ дӕбӕл ку хъӕбӕрдӕр кӕнонцӕ, уӕд Йеговӕн дӕ зӕрдӕ раргом кӕнисӕ (Пс. 62:7, 8). Ӕмбурд бийнонтӕй дӕр расагъӕс кӕнтӕ, уӕ бон цӕмӕн ӕй Йеговӕбӕл уӕ зӕрдӕ дарун d. Уӕ сувӕллӕнтти бӕллӕхмӕ куд бацӕттӕ кодтайтӕ, уотӕ сӕ бацӕттӕ кӕнтӕ, нӕ фӕдбӕл ке зелдзӕнцӕ, уомӕ дӕр. Уой фӕрци уодзӕнцӕ нифсхаст ӕма нӕ тӕрсдзӕнцӕ, уомӕн ӕма сӕ Йеговӕбӕл сӕ зӕрдӕ дарун исахур кодтайтӕ.

18. Цӕхуӕн федӕн нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?

18 Хуцау ци фарнӕ дӕттуй, уой фӕрци ӕгӕр нӕ фӕттӕрсӕн (Фил. 4:6, 7). Ӕ фарни фӕрци нӕ Йеговӕ ӕрсабур кӕнуй фуднези рӕстӕг, бӕллӕхи рӕстӕг ӕма нӕ фӕдбӕл ку фӕззелунцӕ, уӕд. Хуцау нин банхус кӕнуй, ӕхебӕл ка нӕ ауӕрдуй, еци фиййӕутти фӕрци. Абони ци фарнӕй хайгин ан, е нӕ цӕттӕ кӕнуй, федӕни ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлдзиан, уонӕмӕ, сауӕнгӕ ма «устур бӕллӕхмӕ» дӕр (Матф. 24:21). Еци уӕззау рӕстӕгути айдагъ нӕхе нӕ гъӕудзӕй нӕ зӕрди фарнӕ гъӕуай кӕнун, фал ма иннети нифс дӕр федар кӕнун. Фал еци хабӕртти фӕсте ба тухст сагъӕстӕн нӕ зӕрди бунат некӕдбал уодзӕй. Гъе уӕд ӕцӕгӕйдӕр «ӕнӕкӕрон фарнӕй исхайгин уодзиан», Йегови алкӕддӕр куд фӕндадтӕй, уотӕ (Ис. 26:3, 4).

109 ЗАР Кӕрӕдзей ӕгас зӕрдӕй уарзӕн

a Йеговӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути фӕрци арӕх банхус кӕнуй, зиндзийнӕдти ка бахаудтӕй, уонӕн. Ӕ бон ӕй дӕуӕй дӕр испайда кӕнун, цӕмӕй хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕрӕн банхус кӕна. Гъӕйдӕ радзубанди кӕнӕн, махӕй алке бон дӕр куд ӕй, зиндзийнӕдтӕбӕл ка исӕмбалдӕй, уонӕмӕ не ’нхуси къох бадарун?

b Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.

c Сӕйраг хайадӕн ӕма филиалтӕн сӕ бон нӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти финстӕгутӕ, ахӕстдӕнтти ка бадуй, уонӕмӕ ӕрветун.

d Кӕсӕ 2019 анзи 15 июли «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», статья «Фӕлварӕнтӕмӕ дӕхе рагацау цӕттӕ кӕнун райдайӕ».

e ХУЗӔ. Лӕг ӕма уосӕ хуӕруйнаг ӕрбахастонцӕ, бӕллӕхи ка бахаудтӕй, еци бийнонтӕн.