Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

30 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Рагон пахампарадӕ дӕумӕ куд хауй?

Рагон пахампарадӕ дӕумӕ куд хауй?

«Ӕз дӕу ӕма силгоймаги... кӕрӕдземӕн искӕндзӕн знӕгтӕ» (РАЙД. 3:15).

15 ЗАР Искадӕ кӕнтӕ Йегови фиццаг Фуртӕн!

РАЗДЗУРД *

1. Адам ӕма Евӕ ку фӕррӕдудӕнцӕ, уой хуӕдфӕсте Йеговӕ ци бакодта? (Райдайӕн 3:15).

 АДАМ ӕма Евӕ ку фӕррӕдудӕнцӕ, уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма Йеговӕ загъта еу дессаги пахампарадӕ. Еци пахампаради фӕрци сӕ байзӕддӕгтӕн фӕззиндтӕй нифс, ӕма финст ӕй Райдайӕни 3:15. (Ба ’й кӕсӕ.)

2. Райдайӕни 3:15 финст пахампарадӕ дессаг цӕмӕй ӕй?

2 Аци пахампарадӕ Библийӕн ӕ фиццаг киунуги финст ӕй, фал иннӕ киунугути цидӕриддӕр финст ес, уони хӕццӕ дӕр баст ӕй. Зӕгъӕн ес, ӕма Райдайӕни 3:15 финст пахампарадӕ Библий киунугутӕ еумӕ ӕрбабаста. Ӕ гъуди уой медӕг ӕй, ӕма Хуцау Ервӕзунгӕнӕги рарветдзӕй, цӕмӕй Сайтани ӕма, ӕ зундбӕл ка цӕуй, уони еугурейдӕр фесафа *. Еци хабар, Йегови кадӕриддӕр уарзуй, уонӕн устур цийнӕ ӕрхӕсдзӕй!

3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

3 Аци статьяй ӕркӕсдзиан Райдайӕни 3:15 финст пахампарадӕмӕ ӕма радзубанди кӕндзиан уӕхӕн фарстатӕбӕл: ке туххӕй си дзурд цӕуй? Куд исӕнхӕст уодзӕй? Аци пахампарадӕ зонун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

ПАХАМПАРАДИ КЕ ТУХХӔЙ ДЗУРД ЦӔУЙ?

4. «Хелагӕ» кӕмӕ амонуй ӕма ’й кӕцӕй зонӕн?

4 Райдайӕни 3:14, 15 финст ӕй «хелагӕ» ӕма ӕ «байзӕддаги» туххӕй, удта «силгоймаг» ӕма уой «байзӕддаги» туххӕй. Библи нин ӕхуӕдӕг ӕнхус кӕнуй балӕдӕрун, ка си кӕмӕ амонуй, уой *. Фиццагидӕр бал ӕркӕсӕн, «хелагӕ» кӕмӕ амонуй, уомӕ. Уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма Едеми дзӕхӕрадони Йеговӕ ӕнӕуой хелаги хӕццӕ дзурдта, уомӕн ӕма ’й е нӕ балӕдӕрдтайдӕ. Мадта Йеговӕ дзурдта, ка ’й балӕдӕрдтайдӕ, уӕхӕн уодгоймаги хӕццӕ. Цума ке хӕццӕ? Аци фарстабӕл дзуапп финст ӕй Раргомади 12:9. «Рагон хелагӕ» ӕй Сайтан. Мадта уӕд хелаги байзӕддаг ба ка ӕй?

ХЕЛАГӔ

Сайтан, Раргомади 12:9 хунд ӕй «рагон хелагӕ» (кӕсӕ 4 абзац)

5. Хелаги байзӕддагмӕ ка хауй?

5 Дзурд «байзӕддаг» Библий айдагъ тогӕй хӕстӕгмӕ нӕ фӕййамонуй, фал ма кадӕр кедӕр хузӕн ке фӕссагъӕс кӕнуй ӕма ке фӕййархайуй, уомӕ дӕр, раст цума ӕ сувӕллон ӕй, уотӕ. Хелаги «байзӕддаг» ӕй, Сайтани хузӕн Йегови ӕма ӕ адӕни нихмӕ ка цӕуй, еци лӕгъуз изӕдтӕ ӕма адӕн. Уонӕмӕ хаунцӕ, Ноййи рӕстӕгути уӕлӕрвти ӕ лӕггадӕ ка ниууагъта, еци изӕдтӕ, удта сӕ фидӕ Сайтани хузӕн ка ӕй, еци фудзӕрдӕ адӕн (Райд. 6:1, 2; Иоан. 8:44; 1 Иоан. 5:19; Иуди 6).

ХЕЛАГИ БАЙЗӔДДАГ

Йегови ӕма ӕ адӕни нихмӕ ка ӕй, еци лӕгъуз изӕдтӕ ӕма адӕн (кӕсӕ 5 абзац)

6. «Силгоймаг» Евӕмӕ цӕмӕннӕ амонуй?

6 Аци пахампаради «силгоймаг» ба кӕмӕ амонуй? Силгоймаг Евӕмӕ нӕ амонуй. Цӕмӕннӕ? Цалдӕр гъуддагей туххӕй, ӕма си еуемӕ ӕркӕсӕн. Пахампаради финст ӕй, байзӕддаг хелагӕн «ӕ сӕр ниллицъӕ кӕндзӕй», зӕгъгӕ. Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй ба хелагӕ ӕй лӕгъуз изӕд Сайтан. Еви ӕнӕнхӕст байзӕддӕгтӕй ба сӕ еуемӕн дӕр сӕ бон неци ӕй Сайтанӕн бакӕнун. Мадта цума Сайтан исӕфт куд ӕрцӕудзӕй?

7. Райдайӕни 3:15 ци силгоймаги туххӕй финст ес, е кӕмӕ амонуй? (Раргомадӕ 12:1, 2, 5, 10).

7 Цӕмӕй ӕй балӕдӕрӕн, Райдайӕни 3:15 «силгоймаг» кӕмӕ амонуй, уой туххӕй ӕркӕсӕн Библий фӕстаг киунугӕмӕ. (Бакӕсӕ Раргомадӕ 12:1, 2, 5, 10.) Раргомади киунуги ци силгоймаги туххӕй финст ес, е ӕнӕуой силгоймагмӕ нӕ амонуй. Уомӕн «ӕ къӕхти буни адтӕй мӕйӕ, ӕ сӕрбӕл ба – кадиходӕ дууадӕс стъалуйӕй». Еци силгоймагӕн райгурдӕй ӕнахур сувӕллон – Хуцауи Паддзахадӕ. Еци Паддзахадӕ ӕй уӕлӕрвти. Мадта силгоймаг дӕр гъӕуама уӕлӕрвти уа. Е амонуй Йегови организаций уӕларвон хаймӕ ӕма имӕ хаунцӕ Хуцауи еузӕрдон изӕдтӕ (Гал. 4:26).

СИЛГОЙМАГ

Йегови организаций уӕларвон хай, уомӕ хаунцӕ еузӕрдон изӕдтӕ (кӕсӕ 7 абзац)

8. Силгоймаги сӕйраг «байзӕддаг» ка ӕй ӕма кӕд фӕззиндтӕй? (Райдайӕн 22:15–18).

8 Райдайӕни киунуги фӕрци ма ’й лӕдӕрӕн, силгоймаги сӕйраг байзӕддаг ка уодзӕй, уой дӕр. Е гъӕуама Авраамӕй рацудайдӕ. (Бакӕсӕ Райдайӕн 22:15–18.) Аци пахампарадӕ исӕнхӕст ӕй Йесо Киристебӕл – е адтӕй Авраами байзӕддаг (Лук. 3:23, 34). Фал Райдайӕни 3:15 ци байзӕддаги туххӕй дзурд цӕуй, е ӕнӕуой адӕймагмӕ нӕ амудта, уомӕн ӕма гъӕуама Сайтани фесафтайдӕ. Киристебӕл еу 30 анзи ку цудӕй, уӕд ӕй Йеговӕ сугъдӕг хъаурӕй байсарста, ӕма уӕд иссӕй силгоймагӕн ӕ сӕйраг байзӕддаг (Гал. 3:16). Ку рамардӕй ӕма ку райгас ӕй, уӕдта ин Йеговӕ «кадӕ ӕма намуси ходӕ ӕ сӕрбӕл ӕркодта». Равардта ин «еугур бартӕ уӕлӕрвти дӕр ӕма зӕнхӕбӕл дӕр», удта ма ин барӕ равардта, «цӕмӕй Ибилиси гъуддӕгтӕ фехала» (Дзиуит. 2:7; Матф. 28:18; 1 Иоан. 3:8).

СИЛГОЙМАГИ БАЙЗӔДДАГ

Йесо Киристе ӕма ӕ хӕццӕ паддзӕхтӕ ка уодзӕй, еци 144 000 (кӕсӕ 8 ӕма 9 абзацтӕ)

9, 10. а) Силгоймаги «байзӕддагмӕ» ма никкидӕр ка хауй ӕма ӕ байзӕддаг кӕд исунцӕ? б) Идарддӕр цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

9 Фал силгоймаги «байзӕддагмӕ» айдагъ Киристе нӕ хауй. Дзиуиттӕгтӕй ӕма ӕндӕр адӕнихӕттитӕй исӕрст киристон ка иссӕй, уонӕмӕ апостол Павел уотӕ ниффинста: «Кӕд Киристейӕй айтӕ, уӕдта ӕцӕгӕйдӕр айтӕ Авраами байзӕддӕгтӕ, ӕма зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ айтӕ ӕ бундартӕ» (Гал. 3:28, 29). Йеговӕ еске сугъдӕг хъаурӕй ку байсӕрдуй, уӕд еци адӕймаг исуй силгоймаги байзӕддаг. Мадта байзӕддагмӕ хаунцӕ Йесо Киристе ӕма, ӕ хӕццӕ паддзӕхтӕ ка уодзӕй, еци 144 000 (Рарг. 14:1). Уони алцӕмӕйдӕр фӕндуй сӕ Фидӕ Йегови хузӕн ун.

10 Мадта ’й нур зонӕн Райдайӕни 3:15 пахампаради ка кӕмӕ амонуй, уой. Гъӕйдӕ нур ба ӕркӕсӕн, Йеговӕ еци пахампарадӕ куд ӕнхӕст кӕнуй ӕма уой зонун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, уомӕ.

ПАХАМПАРАДӔ КУД ӔНХӔСТ КӔНУЙ?

11. Хелагӕ силгоймаги байзӕддаги къелӕбӕл ке фӕххуӕстӕй, е цӕмӕ амонуй?

11 Райдайӕни 3:15 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ хелагӕ байзӕддагӕн ӕ къелӕбӕл фӕххуӕцдзӕй. Аци дзурдтӕ исӕнхӕст ӕнцӕ, Сайтан дзиуиттӕгти ӕма ромӕгти Хуцауи Фурти рамарунмӕ ку баразӕнгард кодта, уӕд (Лук. 23:13, 20–24). Адӕймагӕн ӕ къелӕ цӕф ку фӕууй, уӕд цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг ӕ бон цӕун нӕ фӕууй. Гъе уотӕ Киристейӕн дӕр ӕртӕ бони ӕ бон неци адтӕй кӕнун, уомӕн ӕма мард адтӕй (Матф. 16:21).

12. Хелаги сӕр лицъӕгонд кӕд ӕма куд ӕрцӕудзӕй?

12 Цӕмӕй Райдайӕни 3:15 пахампарадӕ исӕнхӕст адтайдӕ, уой туххӕй Киристейӕн ингӕни изайӕн н’ адтӕй. Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма пахампарадӕмӕ гӕсгӕ силгоймаги байзӕддаг гъӕуама хелагӕн ӕ «сӕр ниллицъӕ» кӕна. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Хуцауи Фурт гъӕуама цардмӕ раздахтайдӕ. Ӕма хабар ӕцӕгӕйдӕр уотӕ рауадӕй. Киристей ку рамардтонцӕ, уӕд ӕртиккаг бон ӕнӕмӕлгӕ цардмӕ райгас ӕй. Йеговӕ ци рӕстӕг иснисан кодта, еци рӕстӕг Киристе Сайтани фесафдзӕй (Дзиуит. 2:14). Киристе ӕма, ӕ хӕццӕ паддзӕхтӕ ка уодзӕй, етӕ зӕнхӕ искӕдзос кӕндзӕнцӕ Хуцауи ӕгас знӕгтӕй дӕр, гъома хелаги байзӕддагӕй (Рарг. 17:14; 20:4, 10) *.

ПАХАМПАРАДӔ ЗОНУН ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ?

13. Аци пахампарадӕ куд ӕнхӕст кӕнуй, е махмӕ куд хауй?

13 Кӕд ду дӕр Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнис, уӕд, аци пахампарадӕ куд ӕнхӕст кӕнуй, е дӕумӕ дӕр хауй. Кутемӕй? Киристе зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд алкӕддӕр ӕ Фиди хузӕн архайдта (Иоан. 14:9). Уой фӕрци нӕ бон адтӕй Йегови базонун ӕма ’й бауарзун. Уомӕй уӕлдай ма нин устур пайда ӕнцӕ Киристей ахурӕдтӕ ӕма, абони ӕмбурдтӕн разамунд куд дӕттуй, е дӕр. Е нӕ ахур кӕнуй, цӕмӕй куд цӕрӕн, уомӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнӕн. Удта Хуцауи Фуртӕн хелагӕ ӕ къелӕбӕл ке фӕххуӕстӕй, гъома ке рамардӕй, уой фӕрци ба ни алкӕмӕндӕр федӕнӕй фӕззиндтӕй нифс. Уомӕн ӕма Киристе ку райгас ӕй, уӕд ӕ нивонди аргъи хӕццӕ Йегови рази ӕрлӕудтӕй. Еци нивонд ба нӕ «кӕдзос кӕнуй ӕгас тӕрегъӕдтӕй дӕр» (1 Иоан. 1:7).

14. Кӕцӕй ӕй зонӕн, Йеговӕ Едеми дзӕхӕрадони ци пахампарадӕ загъта, е еци фӕдбӕл ке гъӕуама ма исӕнхӕст адтайдӕ?

14 Йеговӕ Едеми ци дзурдтӕ загъта, етӕ уобӕл дзорӕг адтӕнцӕ, ӕма ӕ пахампарадӕ еци фӕдбӕл не ’сӕнхӕст уодзӕй. Гъӕуама рӕстӕг рацудайдӕ, цӕмӕй силгоймагӕн фӕззиндтайдӕ байзӕддаг, удта цӕмӕй Сайтанӕн дӕр фӕдбӕлдзӕугутӕ фӕззиндтайдӕ ӕма цӕмӕй еци дууӕ къуари кӕрӕдземӕн знӕгтӕ иссайуонцӕ. Аци пахампарадӕ зонун гъӕуй, уомӕн ӕма си ӕхсидзгӕ гъуди ес: Сайтани дуйне Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй е ’сӕфт уиндзӕй. Фӕстӕдӕр Киристе уой туххӕй ӕхуӕдӕг дӕр дзурдта (Мар. 13:13; Иоан. 17:14). Ӕма ’й нӕхе цӕститӕй уинӕн, пахампарадӕн ӕ аци хай куд ӕнхӕст кӕнуй, уой, уӕлдайдӕр ба фӕстаг 100 анзей дӕргъи.

15. Аци дуйне ни е ’сӕфт хъӕбӕрӕй-хъӕбӕрдӕр цӕмӕн уинуй, фал нӕ Сайтанӕй тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй?

15 1914 анзи Киристе Паддзах ку иссӕй, уӕд Сайтани уӕлӕрвтӕй ӕргӕлста. Нур Хуцауи знагӕн уӕлӕрвтӕмӕ раздӕхуни барӕ нӕбал ес, ӕма ӕ исӕфтмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй (Рарг. 12:9, 12). Фал ӕнцад нӕ бадуй. Ӕ кӕрон хӕстӕг ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕ маст Хуцауи адӕнбӕл фӕккодта (Рарг. 12:13, 17). Уой туххӕй аци дуйне Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй бонӕй-бонмӕ се ’сӕфт хъӕбӕрдӕр уинуй. Фал нӕ уӕддӕр Сайтанӕй ӕма, ӕ зундбӕл ка цӕуй, уонӕй тӕрсун нӕ гъӕуй. Мах бон дӕр ӕй апостол Павели хузӕн федарӕй зӕгъун: «Кӕд Хуцау нӕ хӕццӕ ӕй, уӕд нӕ нихмӕ ка уодзӕй?» (Ром. 8:31). Нӕ бон ӕй Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун, уомӕн ӕма ’й куд фӕууидтан, уотемӕй Райдайӕни 3:15 финст пахампарадӕн ӕ фулдӕр хай абони уӕнгӕ исӕнхӕст ӕй.

16–18. Кёртис, Урсулӕ ӕма Джессики цардбӕл куд фӕббӕрӕг ӕй, Райдайӕни 3:15 финст пахампарадӕ ке балӕдӕрдтӕнцӕ, е?

16 Райдайӕн 3:15 Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй, е нин ӕнхус кӕнуй цийфӕнди фӕлварӕни дӕр федар фӕллӕуунмӕ. Гуами миссионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн ӕнсувӕр Кёртис зӕгъуй: «Хатгай зиндзийнӕдти туххӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун ӕнцон нӕ фӕууй. Фал Райдайӕни 3:15 пахампарадӕбӕл ке фӕссагъӕс кӕнун, е ба мин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй мӕ уӕларвон Фиди къохбӕл федар хуӕцон». Кёртис хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, Йеговӕ не ’гас зиндзийнӕдтӕн дӕр кӕрон кӕд искӕндзӕй, еци рӕстӕгмӕ.

17 Баварийӕй еу хуӕрӕ Урсулӕ радзурдта, Райдайӕни 3:15 ци пахампарадӕ финст ес, е ин куд банхус кодта, Библи Хуцауи Дзурд ке ӕй, уобӕл хъӕбӕрдӕр баууӕндун. Фӕууидта ӕй, Библий ци пахампарӕдтӕ финст ес, етӕ ӕгасӕйдӕр аци пахампаради хӕццӕ баст ке ’нцӕ. Е ӕй хъӕбӕр деси бафтудта ӕма уой туххӕй загъта: «Фиццаг дууӕ адӕймагей тӕрегъӕди фӕсте Йеговӕ уайтагъд байархайдта, цӕмӕй иннӕ адӕн ӕнӕ нифсӕй ма байзадайуонцӕ, ӕма е мӕ зӕрдӕбӕл хъӕбӕр бамбалдӕй».

18 Микронезийӕй еу хуӕрӕ Джессикӕ ба загъта: «Некӕд ми байронх уодзӕй, рӕстдзийнадӕ ке иссирдтон, уой ку балӕдӕрдтӕн, еци бон. Райдайӕни 3:15 финст пахампарадӕ куд ӕнхӕст кӕнуй, уой мӕхе цӕститӕй уинун. Уой фӕрци алкӕддӕр мӕ зӕрдӕбӕл фӕддарун, абони ци цӕрдтитӕ кӕнӕн, е ӕцӕг цард ке нӕй. Аци пахампаради фӕрци ’й федарӕй зонун, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунӕй хуӕздӕр ке неци ес ӕма федӕни цард, ӕнгъӕл дӕр куд нӕ ан, уотӕ хуарз ке уодзӕй».

19. Райдайӕни 3:15 финст пахампарадӕ кӕронмӕ ке исӕнхӕст уодзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндун нӕ бон цӕмӕн ӕй?

19 Мадта ’й куд фӕууидтан, уотемӕй Райдайӕни 3:15 финст пахампарадӕ ӕнхӕст кӕнуй. Силгоймаги байзӕддаг ӕма хелаги байзӕддаг ка ӕй, е бӕрӕг ӕй. Хелагӕ силгоймаги сӕйраг байзӕддаги къелӕбӕл фӕххуӕстӕй, фал Киристейӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй ӕнӕмӕлгӕ цард ӕма абони уӕлӕрвти ӕй хъаурӕгин Паддзах. Зӕгъӕн ес, ӕма Йеговӕ, силгоймаги байзӕддагмӕ ка хауй, уони еугурейдӕр ӕрӕмбурд кодта. Мадта кӕд аци пахампарадӕн ӕ еу хай исӕнхӕст ӕй, уӕд нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, ӕ иннӕ хай дӕр ке исӕнхӕст уодзӕй, уобӕл. Мах ибӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнӕн: силгоймаги байзӕддаг хелагӕн «ӕ сӕр ниллицъӕ кӕндзӕй». Сайтан ӕносмӕ исӕфт ку ӕрцӕуа, уӕд, Хуцаубӕл еузӕрдон ка ӕй, еци адӕн исуолӕфдзӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, уӕ хуарзӕнхӕй, уӕ къохтӕ ма уадзетӕ. Ӕности дӕргъи ’й Хуцау ӕвдиста, зӕрдӕ дарӕн ибӕл ке ес. Силгоймаги байзӕддаги фӕрци «арфӕгонд ӕрцӕудзӕнцӕ зӕнхӕбӕл еугур адӕн дӕр» (Райд. 22:18).

23 ЗАР Йегови Паддзахадӕ ӕрфедар ӕй

^ Райдайӕни 3:15 ци пахампарадӕ ес, уой ку нӕ лӕдӕрӕн, уӕд нӕ бон нӕ уодзӕй Библи ӕнхӕст балӕдӕрун. Аци пахампарадӕмӕ лӕмбунӕгдӕр ку ’ркӕсӕн, уӕд никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзиан Йеговӕбӕл ӕма, е ’гас зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уобӕл.

^ Кӕсӕ уруссагау Библий тӕлмац «Новый мир», приложени Б1 «Главная тема Библии».

^ Кӕсӕ рамкӕ «Райдайӕни 3:14, 15 финст пахампаради ка кӕмӕ амонуй?».