22 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Зундгин унаффитӕ дин алли бон дӕр ӕнхус кӕнӕнтӕ
«Зунд дӕттуй Йеговӕ» (ӔМБ. 2:6).
89 ЗАР Байгъосӕ, ӕма арфӕгонд уай
РАЗДЗУРД *
1. Зунд амал кӕнун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? (Ӕмбесӕндтӕ 4:7).
АЛКЕДӔР ни рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕгъгъӕуй ӕхсидзгӕ унаффитӕ хӕссун, ӕма уӕд Йеговӕй зунд фӕккорӕн, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрӕн, ӕнӕ уомӕй раст унаффӕ ке нӕ рахӕсдзиан (Иак. 1:5). Паддзах Соломон ниффинста: «Зунд ӕй тӕккӕ сӕйрагдӕр». (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 4:7.) Ами Соломон ӕнӕуой зонундзийнӕдти кой нӕ кодта, фал Йеговӕй ка цӕуй, еци зунди кой (Ӕмб. 2:6). Фал цума Йеговӕ ци зунд дӕттуй, е нин банхус кӕндзӕй, абони ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уони сӕрти рахезунмӕ? Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, ӕма уой фӕууиндзиан аци статьяй.
2. Ӕцӕг зундгин исунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй?
2 Соломон дӕр, удта Киристе дӕр хъӕбӕр зундгин адтӕнцӕ. Цӕмӕй махӕй дӕр уотӕ зӕгъӕн уа, уой туххӕй хуарз уайдӕ ӕркӕсун, ци дзурдтонцӕ, уомӕ. Фиццаг бал ӕркӕсдзиан, паддзах Соломон ци дзурдта, уомӕ. Библий финст ӕй: «Хуцау Соломонӕн равардта устур зунд ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕ» (1 Пад. 4:29). Уой фӕсте ба ӕркӕсдзиан, Киристейӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ. Зӕнхӕбӕл цӕрӕг адӕнӕй уомӕй зундгиндӕр неке адтӕй (Матф. 12:42). Киристей туххӕй ма уӕхӕн пахампарадӕ финст ӕрцудӕй: «Уобӕл ӕрцӕудзӕй Йегови хъаурӕ – исхайгин уодзӕй зунд ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕй» (Ис. 11:2).
3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
3 Хуцауи зунди фӕрци Соломон дӕр ӕма Киристе дӕр ци унаффитӕ лӕвардтонцӕ, етӕ абони алкӕмӕндӕр пайда уодзӕнцӕ. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, сӕ унаффитӕ нин куд банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй ӕхцамӕ, кустмӕ ӕма нӕхемӕ раст цӕстӕй кӕсӕн.
РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСӔ: ӔХЦАМӔ
4. Соломони цард Киристей цардӕй цӕмӕй хецӕн кодта?
4 Соломон хъӕбӕр гъӕздуг лӕг адтӕй. Царди хуӕрзтӕй неци гъӕуагӕ адтӕй (1 Пад. 10:7, 14, 15). Киристейӕй ба уотӕ зӕгъӕн н’ адтӕй – уомӕн нӕдӕр хе хӕдзарӕ адтӕй, нӕдӕр мулкитӕ (Матф. 8:20). Фал сӕ дууӕ дӕр ӕхцамӕ раст цӕстӕй кастӕнцӕ, уомӕн ӕма сӕ зунди сауӕдонӕ еу адтӕй – Йеговӕ Хуцау.
5. Соломон ӕхцамӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй?
5 Соломон зудта, ӕхца адӕймаги ке гъӕуай кӕнунцӕ (Еккл. 7:12). Ӕма нӕ ӕцӕгӕйдӕр ӕхца аллихузи хӕрзтӕн фӕгъгъӕуй. Еуӕй-еухатт ба ӕхцай фӕрци нӕхе дӕр райерхӕфсӕн кенӕ ба нӕ зӕрдӕ ци фӕззӕгъуй, уой балхӕнӕн. Кӕд Соломон гъӕздуг адтӕй, уӕддӕр ӕй лӕдӕрдтӕй, кӕцидӕр гъуддӕгтӕ ӕхцайӕй хестӕр ке ’нцӕ. Зӕгъӕн, уӕхӕн дзурдтӕ ниффинста: «Хуарз ном хуӕздӕр ӕй устур гъӕздугдзийнӕдтӕй» (Ӕмб. 22:1). Уомӕй уӕлдай ма Соломон загъта, гъӕздуг адӕн арӕхдӕр ӕнамонд ке фӕуунцӕ, удта сӕмӕ ци фӕууй, уой фагӕбӕл ке нӕ фӕннимайунцӕ (Еккл. 5:10, 12). Соломон ма фӕдзахста, гъӕздугдзийнадӕбӕл зӕрдӕ дарӕн ке нӕййес, уомӕн ӕма, дан, абони ӕй, исон ба нӕбал (Ӕмб. 23:4, 5).
6. Киристе ӕхцамӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй? (Матфеййи 6:31–33).
6 Йесо Киристе дӕр ӕхцамӕ раст цӕстӕй кастӕй. Е дӕр уарзта хуӕрзадӕ хуӕруйнӕгтӕ ӕма хуарз ниуӕзтӕ (Лук. 19:2, 6, 7). Зӕгъӕн, еухатт донӕй дессаги хуарз сӕнӕ рауайун кодта. Е адтӕй ӕ фиццаг дессаг (Иоан. 2:10, 11). Ӕ мӕлӕти бон ба Киристебӕл адтӕй хъазар уӕледарӕс (Иоан. 19:23, 24). Фал си уотӕ зӕгъӕн ба н’ адтӕй, ӕма ӕхца мондаг ӕй. Ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта: «Уӕ бон нӕй, цӕмӕй Хуцауи цагъартӕ дӕр уайтӕ ӕма Гъӕздугдзийнади цагъартӕ дӕр» (Матф. 6:24). Киристе куд балӕдӕрун кодта, уомӕ гӕсгӕ Хуцауи Паддзахадӕ нӕ царди фиццаг бунати ку уа, уӕд нӕбӕл Йеговӕ батухсдзӕй ӕма нӕ цӕрунмӕ ӕнӕмӕнгӕ ци гъӕуй, е нӕмӕ уодзӕй. (Бакӕсӕ Матфеййи 6:31–33.)
7. Дэниел ӕхцамӕ раст цӕстӕй ке кастӕй, е ӕ цардбӕл куд рабӕрӕг ӕй?
7 Библий уагӕвӕрдтӕ берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кодтонцӕ ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсун. Мӕнӕ еу цӕветтон. Бийнонтӕ кӕмӕн нӕййес, еу уӕхӕн ӕнсувӕр Дэниел загъта: «Ирӕзгӕ кари ма ку адтӕн, уӕд мӕхецӕн загътон, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун мин фиццаг бунати ке уодзӕй». Дэниел хумӕтӕг цард ке кодта, уой фӕрци ин Йегови гъуддӕгти берӕ бантӕстӕй, Вефили дӕр ма балӕггадӕ кодта. Идарддӕр зӕгъуй: «Раст уин ку зӕгъон, уӕд ибӕл ӕппундӕр нӕ фӕсмон кӕнун, аци над ке равзурстон. Царди мин гъӕздугдзийнадӕ сӕйраг ку адтайдӕ, уӕд мӕ бон адтайдӕ хуарз ӕхцатӕ косун. Фал мин Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ци ӕмбӕлттӕ фӕззиндтӕй, уони аргъ еунӕг ӕхца дӕр нӕй. Удта Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ци амондгун цард кӕнун, еци амонд нецӕхуӕн ӕхцатӕй балхӕдтайнӕ. Йеговӕ мӕ цӕйбӕрцӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кодта, уой ӕхцатӕй исбарӕн нӕййес». Мадта бӕрӕг ӕй, нӕ цард Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ ку исаразӕн, берӕ ӕхца бакосунмӕ нӕ, фал, уӕд е нӕхе пайдайӕн уодзӕй.
РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСӔ: КУСТМӔ
8. Соломон хъиамӕт кӕнунмӕ раст цӕстӕй ке кастӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй? (Екклесиаст 5:18, 19).
8 Адӕймаги бон ӕ хъиамӕттӕбӕл цийнӕ кӕнун ке ӕй, уой Соломон исхудта «Хуцауи лӕвар». (Бакӕсӕ Екклесиаст 5:18, 19.) Е ниффинста: «Цийфӕнди хъиамӕтӕй дӕр ес пайда» (Ӕмб. 14:23). Етӕ уотид дзурдтӕ нӕ ’нцӕ. Соломон ӕхуӕдӕг дӕр хъиамӕтгун адӕймаг адтӕй: хӕдзӕрттӕ амадта, рӕзӕдӕнттӕ ӕма сӕнӕфсердӕнттӕ аразта, удта ма горӕттӕ кодта (1 Пад. 9:19; Еккл. 2:4–6). Кӕд е ӕнцон куст н’ адтӕй, уӕддӕр ӕ хъиамӕттӕмӕ кӕсгӕй ба ӕ зӕрдӕ рохс кодта. Фал ӕй лӕдӕрдтӕй, цӕмӕй амондгун уа, уой туххӕй ӕй Йегови гъуддӕгти дӕр архайун ке гъӕуй. Гъема авд анзей дӕргъи Йерусалими дессаги ковӕндонӕ кодта (1 Пад. 6:38; 9:1). Соломонӕн Хуцауи гъуддаги дӕр, удта ӕнӕуой гъуддӕгти дӕр берӕ бантӕстӕй. Цума цӕхуӕн хатдзӕгмӕ ӕрцудӕй? Е ӕй балӕдӕрдтӕй, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун царди алцӕмӕй ӕхсидзгӕдӕр ке ӕй. Соломон ниффинста: «Тӕрсӕ ӕцӕг Хуцауӕй ӕма ин ӕ фӕдзӕхститӕ ӕнхӕст кӕнӕ» (Еккл. 12:13).
9. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма Киристейӕн куст фиццаг бунати н’ адтӕй?
9 Киристе дӕр хъиамӕтгун адӕймаг адтӕй. Ӕ минкъийӕй фӕстӕмӕ райдӕдта гъӕддӕсний кустбӕл ахур кӕнун (Мар. 6:3). Ӕ ниййергутӕн ке ӕнхус кодта, уомӕн хъӕбӕр аргъ кодтонцӕ, уомӕн ӕма устур бийнонтӕ адтӕнцӕ. Киристе ӕнхӕст адӕймаг адтӕй ӕма ӕ кустмӕ фау ӕрхӕссӕн н’ адтӕй. Мадта, ӕвӕдзи, ӕ къохӕй конд дзаумӕуттӕ адӕни зӕрдӕмӕ цудӕнцӕ. Удта зӕгъӕн ес, ӕма ӕ кустӕй ӕхе зӕрдӕ дӕр рохс кодта. Фал ин кӕд берӕ куст адтӕй, уӕддӕр алкӕддӕр Хуцауи гъуддагӕн рӕстӕг рахецӕн кӕнидӕ (Иоан. 7:15). Фӕстӕдӕр Киристе ӕ хъауритӕ игъосун кӕнуни гъуддагмӕ ку исаразта, уӕд адӕнӕн загъта: «Исӕфгӕ ка кӕнуй, еци хуӕруйнагбӕл ма уӕд уӕ хъиамӕт, фал, исӕфӕн кӕмӕн нӕййес ӕма ӕносон цард ка дӕттуй, еци хуӕруйнагбӕл» (Иоан. 6:27). Удта ма Киристе адӕни хонхбӕл ку ахур кодта, уӕд загъта: «Уӕхецӕн хӕзнатӕ ӕмбурд кӕнтӕ уӕлӕрвти» (Матф. 6:20).
10. Еуӕй-еухатт киристон кусти цӕхуӕн скъӕппӕги бахауй?
10 Йегови унаффитӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд кустмӕ раст цӕстӕй кӕсдзиан. Киристӕнттӕ ке ан, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама кустуарзагӕ уӕн (Еф. 4:28). Киристӕнттӕ кӕми фӕккосунцӕ, уоми хецӕуттӕ фӕууинунцӕ, сайгӕ ке нӕ кӕнунцӕ ӕма кустуарзагӕ ке ’нцӕ. Уой туххӕй сӕ ӕстаугӕ дӕр ракӕнунцӕ. Фал еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, цӕмӕй Йегови Ӕвдесӕнтӕн никки хуӕздӕр ном уа, уой туххӕй кусти ӕнафонӕмӕ дӕр байзайунцӕ. Фал уотӕ ку кӕнӕн, уӕд нин рӕстӕг нӕбал уодзӕй нӕ бийнонтӕн ӕма ӕмбурди гъуддӕгтӕн. Алцӕмӕндӕр гъӕуама ӕхе бунат уа, кустӕн дӕр ӕма Хуцауи гъуддӕгтӕн дӕр.
11. Кустмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсгӕй, уой туххӕй Уильям ци балӕдӕрдтӕй?
11 Алцӕмӕндӕр ӕхе бунат ке гъӕуама уа, уой ӕхецӕй зонуй еу ӕригон ӕнсувӕр Уильям. Хуарз цӕветтон ин адтӕй еу хестӕр нӕлгоймаг. Е раздӕр кусти ӕ хецау адтӕй. Уильям зӕгъуй: «Кустуарзагӕ адӕймаг ӕй. Удта ци фӕккӕнуй, уой хъӕбӕр хуарз фӕккӕнуй. Уомӕ гӕсгӕ ’й ка байхуӕрсуй, етӕ ин ӕ кустӕн устур аргъ фӕккӕнунцӕ. Фал кусти фӕсте ӕ бон фӕууй куст кусти ниууадзун ӕма е ’ргом раздахун ӕ бийнонтӕмӕ ӕма Йегови гъуддӕгтӕмӕ». Еу цидӕр си мӕ бон ӕй зӕгъун: «Ци амондгун адӕни зонун, уонӕй сӕ еу ӕй аци хестӕр нӕлгоймаг!» *
РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСӔ: ДӔХЕМӔ
12. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма райдайӕни Соломон ӕхемӕ раст цӕстӕй кастӕй, фал фӕстӕдӕр цӕхуӕн скъӕппӕги бахаудтӕй?
12 Цалинмӕ Соломон Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта, уӕдмӕ ӕхемӕ раст цӕстӕй кастӕй. Паддзах ку иссӕй, уӕд ма ӕригон адтӕй ӕма ’й лӕдӕрдтӕй ӕнхус ӕй ке гъӕуй, ӕма Йеговӕй сӕрниллӕгӕй разамунд ракурдта (1 Пад. 3:7–9). Соломон ӕй лӕдӕрдтӕй, дӕхецӕй ӕгӕр берӕ ӕнгъӕл уай, е зундбӕл дзорӕг ке нӕй. Е ниффинста: «Адӕймаг сӕрбӕрзонд ку исуй, уӕд ӕрцӕуй е ’сӕфт, ӕма ку исхъал уй, уӕд ӕрхауй» (Ӕмб. 16:18). Гъигагӕн, фӕстӕдӕр Соломон ӕхуӕдӕг еци скъӕппӕги бахаудтӕй: рӕстӕг рацудӕй ӕма иссӕрбӕрзонд ӕй. Уой туххӕй Хуцауи уагӕвӕрдти сӕрти хезун райдӕдта. Зӕгъӕн, Закъони бӕлвурдӕй финст адтӕй, паддзах «гъӕуама ӕхецӕн берӕ уоститӕ... ма ’скӕна, цӕмӕй ӕ зӕрдӕ мӕнӕй ма рахата», зӕгъгӕ (Дук. з. 17:17). Ӕвӕдзи, Соломонмӕ уотӕ фӕккастӕй, ӕма аци дзурдтӕ уомӕ нӕ хаунцӕ. «Адтӕй ин авдсӕдӕ уоси ӕма ӕртӕсӕдӕ номбӕлуоси». Уонӕй ба беретӕ мӕнгӕ хуцӕуттӕн кувтонцӕ (1 Пад. 11:1–3). Ка ’й зонуй имӕ уотӕ кастӕй, ӕма ин тӕссаг нецӕмӕй ӕй. Фал адӕймаг ӕхе Йеговӕй ку рахатуй, уӕд е цӕхуӕн фӕстеугутӕмӕ ӕркӕнуй, уой Соломон ӕхебӕл бавзурста (1 Пад. 11:9–13).
13. Киристей сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл сагъӕс кӕнун хуарз цӕмӕн ӕй?
13 Киристе сӕрниллӕг ке адтӕй, уой фӕрци ӕхемӕ алкӕддӕр раст цӕстӕй фӕккӕсидӕ. Цалинмӕ зӕнхӕмӕ нӕма ӕрцудӕй, уӕдмӕ Йегови хӕццӕ уӕлӕрвти адтӕй ӕма еумӕ берӕ дессаги гъуддӕгтӕ искодтонцӕ. Библий финст ӕй: «[Хуцау] ци сфӕлдиста, уони еугурейдӕр сфӕлдиста уой ӕнхусӕй: уӕлӕрвти ци ес, уой дӕр ӕма, зӕнхӕбӕл ци ес, уой дӕр» (Кол. 1:16). Киристе донаргъуд ку райста, уӕд ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудтӕй ӕ уӕларвон цард (Матф. 3:16; Иоан. 17:5). Фал уӕддӕр ӕ сӕр бӕрзӕндти хӕссун нӕ райдӕдта ӕма ӕхе иннетӕй уӕлдӕр некӕд ӕвардта. Киристе загъта, зӕнхӕмӕ «уой туххӕй [ке] не ’рцудӕй, цӕмӕй ин лӕггадӕ кӕнонцӕ, фал цӕмӕй ӕхуӕдӕг балӕггадӕ кӕна ӕма ӕ уод ратта берети балхӕнуни туххӕй» (Матф. 20:28). Удта ма ӕхе фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕр некӕд архайдта (Иоан. 5:19). Мадта нин сӕрниллӕгдзийнадӕй Киристейӕй хузӕн фӕнзуйнаг неке ӕй!
14. Киристей дзурдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ нӕхемӕ раст цӕстӕй кӕсун?
14 Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугути ахур кодта сӕхемӕ раст цӕстӕй кӕсун. Еухатт ци дзурдтӕ загъта, етӕ уӕлдай уодӕнцойни хуасӕ уодзӕнцӕ, ӕхемӕ нецӕййаг ка кӕсуй, уонӕн. Киристе загъта: «Сумахӕн ба уӕ дзиккотӕ дӕр еугурӕйдӕр нимад ӕнцӕ» (Матф. 10:30). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕбӕл нӕ уӕларвон Фидӕ ӕцӕгӕйдӕр тухсуй ӕма ни алкӕмӕндӕр аргъ кӕнуй. Мадта, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, Йеговӕ цӕмӕн аргъ кӕнуй, уой нецӕййагбӕл нимайуни барӕ махӕн нӕййес! Йеговӕ нӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕбӕл банимадта ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй нӕуӕг дуйней ӕносон цардӕй исхайгин уӕн.
15. а) Нӕхемӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн, уой туххӕй «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и ци финст адтӕй? б) Ӕркӕсӕ хузӕмӕ 24 фарсбӕл. Айдагъ ӕхе мӕтӕ ка кӕнуй, е ӕхе цӕмӕй цох кӕнуй?
15 Еухатт «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и финст адтӕй: «Мах нӕ фӕндуй сӕрбӕрзонд исун ӕма иннетӕмӕ сӕрӕй-бунмӕ кӕсун. Иннердиги ба адӕймаг ӕхемӕ нецӕййаг ку фӕккӕсуй, е дӕр хуарз нӕй. Мах гъӕуама архайӕн, цӕмӕй нӕхемӕ раст цӕстӕй кӕсӕн, гъома, нӕ хуарз менеугутӕ дӕр уинӕн ӕма нӕ гъӕндзийнӕдтӕ дӕр ма иронх кӕнӕн. Уой фӕдбӕл еу хуӕрӕ загъта: „Сугъзӕрийни къӕрт нӕ дӕн, фал, бустӕги зӕнхӕй исесуни аккаг ка нӕй, уӕхӕн дӕр нӕ дӕн. Куд иннӕ адӕнмӕ, уотӕ мӕнмӕ дӕр хуарзӕй дӕр цидӕр ес ӕма лӕгъузӕй дӕр“» *. Дӕ гъос ӕрдардтай, адӕймаг ӕхемӕ уӕхӕн цӕстӕй ку кӕса, уӕд е хуарз цӕмӕн ӕй?
16. Йеговӕ нин зунд цӕмӕн амонуй?
16 Хуцау нин Библий ци разамунд дӕттуй, е нӕ кӕнуй зундгин. Йеговӕ нӕ берӕ уарзуй, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй амондгун уӕн (Ис. 48:17, 18). Дӕ цард Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ ку исаразай, уӕд зӕгъӕн уодзӕй, ӕма зундӕй архайис. Ӕрмӕстдӕр дӕ еци над ӕркӕндзӕй ӕцӕг амондгун цардмӕ. Уой фӕрци дӕхе берӕ рӕдудтитӕй багъӕуай кӕндзӕнӕ ӕма дӕ бон уодзӕй ӕхцамӕ, кустмӕ ӕма дӕхемӕ раст цӕстӕй кӕсун. Йеговӕ ни алкӕмӕндӕр зӕгъуй: «Мӕ бӕдолӕ, дӕ зӕрдӕ ку исзундгин уа, уӕд цийнӕ кӕндзӕй мӕн зӕрдӕ дӕр» (Ӕмб. 23:15). Гъӕйдӕ мадта ин ӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕн!
94 ЗАР Боз ан Хуцауи Дзурди туххӕй
^ Соломон ӕма Киристе хъӕбӕр зундгин адтӕнцӕ ӕма син еци зунд Йеговӕй лӕвӕрд адтӕй. Ци дзурдтонцӕ, е Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундӕй адтӕй. Сӕ унаффитӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй кустмӕ, ӕхцамӕ ӕма нӕхемӕ раст цӕстӕй кӕсӕн. Гъӕйдӕ мадта сӕмӕ ӕркӕсӕн ӕма базонӕн, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй беретӕн куд банхус кодтонцӕ, уомӕ.
^ Кӕсӕ 2015 анзи 1 феврали «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 4–6 фӕрстӕ (урус.).
^ Кӕсӕ 2005 анзи 1 августи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 4–7 фӕрстӕ (урус.).
^ ХУЗӔ. Дууӕ ӕригон ӕнсувӕри Джон ӕма Том лӕггадӕ кӕнунцӕ еу ӕмбурди. Джонӕн ӕ машинӕбӕл дуйне рӕстӕг рандӕ уй, ругӕ ӕрбадун дӕр ибӕл нӕ уадзуй. Том ба ӕ машинӕй пайда кӕнуй, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти игъосун кӕнунмӕ ӕма ӕмбурдтӕмӕ ласа.
^ ХУЗӔ. Джон кусти ӕнафонӕмӕ байзадӕй, уомӕн ӕма ’й нӕ фӕндуй хецауи зӕрдихудти бацӕун. Фӕскуст бакосунӕй «нӕъ» некӕд фӕззӕгъуй. Еци изӕр ба Том се ’мбурдӕй хестӕр нӕлгоймаги хӕццӕ еу хуӕри бабӕрӕг кодтонцӕ. Том лӕггадӕ кӕнуй кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕй. Кусти хецауӕн рагацау загъта, къуӕрей цалдӕр бони изӕригӕнтти Йеговӕн ке фӕллӕггадӕ кӕнуй ӕма еци рӕстӕг ӕ бон косун ке нӕ уодзӕй.
^ ХУЗӔ. Джон ӕхецӕй ӕндӕр неке мӕтӕ кӕнуй. Томӕн ба Йегови гъуддӕгтӕ ӕ царди фиццаг бунати ӕнцӕ. Уой фӕрци ӕхецӕн нӕуӕг ӕмбӕлттӕ иссирдта, конгрессти зал ку рӕвдзӕ кодтонцӕ, уӕд.