20 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Раргомади киунугӕ – Хуцауи знӕгти туххӕй си ци финст ес?
«Паддзӕхти ӕрӕмбурд кодтонцӕ, дзиуиттагау Армагеддон ка хуннуй, еци бунатмӕ» (РАРГ. 16:16).
150 ЗАР Хуцауи агорӕ, ӕма фӕййервӕзай
РАЗДЗУРД *
1. Раргомади киунугӕмӕ гӕсгӕ Хуцауи адӕн цӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ?
РАРГОМАДИ киунугӕй базудтан, Хуцауи Паддзахадӕ ке ӕрфедар ӕй, Сайтан ба зӕнхӕмӕ гӕлст ке ’рцудӕй (Рарг. 12:1–9). Уӕлӕрвти е устур цийни хабар адтӕй, фал махӕн, зӕнхӕбӕл цӕрӕг адӕнӕн, еци хабар берӕ гъезӕмӕрттӕ ӕрхаста. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма Сайтан ӕ маст еугурӕйдӕр Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕбӕл фӕккодта (Рарг. 12:12, 15, 17).
2. Сайтани нихмӕ нин федар фӕллӕуунмӕ ци банхус кӕндзӕй?
2 Сайтани нихмӕ нин федар фӕллӕуунмӕ ци банхус кӕндзӕй? (Рарг. 13:10). Устур ӕнхус нин ӕй, федӕни ци хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕй, уой ке зонӕн, е. Зӕгъӕн, Раргомади киунуги апостол Иоанн ниффинста, федӕни нӕмӕ цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой туххӕй. Уомӕй уӕлдай ма си финст ес, Хуцауи знӕгтӕ исӕфт ке ӕрцӕудзӕнцӕ, е. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, еци знӕгтӕ ка ’нцӕ ӕма син Йеговӕ цӕхуӕн тӕрхон рахӕсдзӕй, уомӕ.
ХУЦАУИ ЗНӔГТӔ ӔВДИСТ ЦӔУНЦӔ «НИСӔНТТӔЙ»
3. Раргомади киунуги еуӕй-еу нисӕнттӕ цӕхуӕн ӕнцӕ, уой радзорӕ.
3 Раргомади киунугӕ нин ӕй ӕхуӕдӕг тӕккӕ райдайӕнӕй зӕгъуй, ци си финст ес, е комкоммӕ лӕдӕргӕ ке нӕй, уомӕн ӕма финст ӕрцудӕй «нисӕнттӕй» (Рарг. 1:1). Хуцауи знӕгтӕ си ӕвдист ӕнцӕ сирдтӕй. Зӕгъӕн, финст си ес, «денгизӕй еу сирд куд исхизтӕй. Еци сирдбӕл адтӕй дӕс сикъай ӕма авд сӕри» (Рарг. 13:1). Уой фӕсте ба зӕнхи хурфӕй иссудӕй ӕндӕр сирд. Еци сирд дзоруй «залиаг хелаги хузӕн» ӕма «арвӕй зӕнхӕмӕ арт... ӕрцӕун кӕнуй» (Рарг. 13:11–13). Фӕстагмӕ ба фӕззиндтӕй «сурх-сурхид сирд», еци сирдбӕл бадтӕй хӕтагӕ силгоймаг. Ӕртӕ сирди дӕр амонунцӕ Хуцау Йегови ӕма ӕ Паддзахади рагон знӕгтӕмӕ. Мадта гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, еци знӕгтӕ комкоммӕ цӕмӕ амонунцӕ, уомӕ (Рарг. 17:1, 3).
4, 5. Данели 7:15–17 финст дзурдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ балӕдӕрун, Раргомади киунуги ци нисӕнтти туххӕй финст ес, уой?
4 Цӕмӕй Хуцауи знӕгтӕ ка ’нцӕ, уой базонӕн, уой туххӕй гъӕуама балӕдӕрӕн, еци сирдтӕ ӕма хӕтагӕ силгоймаг цӕмӕ амонунцӕ, уой. Уой балӕдӕрунмӕ ба нин Библи ӕхуӕдӕг ӕнхус кӕнуй. Раргомади киунуги ци нисӕнтти туххӕй финст ес, уони туххӕй ма Библий иннӕ киунугути дӕр финст адтӕй. Зӕгъӕн, пахампар Данел ӕ фуни фӕууидта, «денгизӕй [куд] рацудӕй цуппар ӕнахур устур сирди» (Дан. 7:1–3). Ӕма ’й ӕхуӕдӕг балӕдӕрун кодта, еци сирдтӕ ке амонунцӕ цуппар паддзахемӕ кенӕ цуппар хецауадемӕ. (Бакӕсӕ Данел 7:15–17.) Данел ӕй уотӕ ке балӕдӕрун кодта, уомӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ес, ӕма Раргомади киунуги ци сирдти туххӕй финст ес, етӕ дӕр зӕнхон хецауӕдтӕмӕ амонунцӕ.
5 Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, Раргомади киунуги нисӕнттӕ цӕмӕ амонунцӕ ӕма сӕ Библи ӕхуӕдӕг куд лӕдӕрун кӕнуй, уомӕ. Фиццагидӕр бал ӕркӕсӕн еци ӕртӕ сирдемӕ. Мах базондзиан: 1) цӕмӕ амонунцӕ? 2) ци сӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? 3) еци хабӕрттӕ махӕн цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ?
ХУЦАУИ ЗНӔГТӔ ИСБӔРӔГ ӔНЦӔ
6. Авд сӕрей хӕццӕ сирд цӕмӕ амонуй? (Раргомадӕ 13:1–4).
6 Авд сӕрей хӕццӕ сирд цӕмӕ амонуй? (Бакӕсӕ Раргомадӕ 13:1–4.) Еци сирд ӕй фӕранки хузӕн, ӕ дзӕмбутӕ ӕнцӕ арси дзӕмбути хузӕн, ӕ гъӕлӕс ба домбаййи гъӕлӕси хузӕн ӕма ибӕл ес дӕс сикъай. Дессаг е ӕй, ӕма Данели 7 сӕри ци цуппар сирдей туххӕй дзурд цӕуй, аци сирд дӕр уони хузӕн ӕй. Фал еу цӕмӕйдӕр хецӕн кӕнунцӕ: Раргомади киунуги цуппар фӕйнӕхузи сирди туххӕй дзурд нӕ цӕуй, фал еу сирди туххӕй. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма еци сирд еунӕг бӕсти хецауадӕмӕ кенӕ дуйнеуон паддзахадӕмӕ нӕ амонуй. Еци сирдӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй хъаурӕ, «цӕмӕй ӕ барӕ цӕуа алли муггагбӕл, алли адӕнихаттбӕл, алли ӕвзагбӕл ӕма алли адӕнбӕл дӕр» (Рарг. 13:7). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма еци сирдмӕ ци бартӕ ес, етӕ, еу паддзахадӕмӕ ци бартӕ фӕууй, уонӕй дзӕвгарӕ фулдӕр ӕнцӕ. Мадта еци ӕнахур сирд амонуй, историй дӕргъи цидӕриддӕр хецӕуттӕ ӕма хецауӕдтӕ адтӕй, уонӕн се ’гасемӕдӕр (Еккл. 8:9) *.
7. Сирди авд сӕри цӕмӕ амонунцӕ?
7 Сирди авд сӕри цӕмӕ амонунцӕ? Раргомади 13 сӕри финст ӕй сирди хузи туххӕй. Е ци нисан кӕнуй, уой хуӕздӕр балӕдӕрунмӕ ба нин Раргомади 17 сӕр ӕнхус кӕнуй. Иоанн ӕхуӕдӕг ниффинста, сирди авд сӕри цӕмӕ амонунцӕ, уой: «Етӕ ма амонунцӕ авд паддзахемӕ: фондз си бабун ӕй, еу си нуртӕккӕ ӕй, иннӕ ба нӕма ӕрцудӕй, фал ку ’рцӕуа, уӕд берӕ нӕ рахӕсдзӕй» (Рарг. 17:9, 10). Сайтан цидӕриддӕр хецауӕдтӕй пайда кодта, уонӕй авд хецӕн кӕнунцӕ ӕма ӕнцӕ сӕрти хузӕн. Етӕ амонунцӕ, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ берӕ кӕми цардӕй кенӕ сӕ фӕдбӕл карзӕй кӕми зилдӕнцӕ, еци авд дуйнеуон паддзахадемӕ. Апостол Иоанни рӕстӕгутӕмӕ си фондземӕн сӕ хецаудзийнадӕ фӕййевгъудӕй. Етӕ адтӕнцӕ: Египет, Ассири, Вавилон, Мидо-Перси ӕма Греци. Ӕхсӕзӕймаг дуйнеуон паддзахадӕ ба, гъома Ром, хецауеуӕг кодта Иоанни рӕстӕгути. Цума ӕвдӕймаг, гъома фӕстаг дуйнеуон паддзахадӕ ба ка исуодзӕй?
8. Сирдӕн ӕ ӕвдӕймаг сӕр цӕмӕ амонуй?
8 Уой базонунмӕ нин банхус кӕндзӕй Данели киунугӕ. Аци фӕстаг бӕнтти, гъома «Хецау Йесой бони» тӕккӕ фулдӕр бартӕ ке къохти ес? (Рарг. 1:10). Етӕ ӕнцӕ Великобритани ӕма Америки Еугонд Штаттӕ, ӕндӕр дзурдтӕй Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕ. Уомӕ гӕсгӕ Раргомади 13:1–4 ци сирди кой цӕуй, уомӕн ӕ ӕвдӕймаг сӕр амонуй Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕмӕ.
9. «Уӕрикки сикъати хузӕн дууӕ сикъай» кӕбӕл ес, еци сирд цӕмӕ амонуй?
9 Раргомади 13 сӕри Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕ ци сирдӕй ӕвдист ӕй, уобӕл ес уӕрикки сикъати хузӕн дууӕ сикъай, фал дзоргӕ ба кӕнуй «залиаг хелаги хузӕн». Е «ӕвдесуй уӕхӕн устур дессӕгтӕ, ӕма адӕни цӕстити рази арвӕй зӕнхӕмӕ арт... ӕрцӕун кӕнуй» (Рарг. 13:11–15). Раргомади 16 ӕма 19 сӕрти ба финст ӕй, дууӕ сикъай кӕбӕл ес, еци сирд «мӕнгӕ пахампар» ке ӕй (Рарг. 16:13; 19:20). Данел куд ниффинста, уомӕ гӕсгӕ Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕ «бӕстӕ пурхӕ кӕндзӕй» (Дан. 8:19, 23, 24). Еци дзурдтӕ исӕнхӕст ӕнцӕ Дуккаг дуйнеуон тугъди рӕстӕг. Великобританий ӕма Америки Еугонд Штатти ахургӕндтӕ еумӕйагӕй ци атомный бомбитӕ искодтонцӕ, етӕ, Сабур океани ’рдигӕй ци тугъд цудӕй, уомӕн кӕрон искодтонцӕ. Великобритани ӕма Америки Еугонд Штаттӕ еци дууӕ атомный бомби ке ’ргӕлстонцӕ, уомӕй, зӕгъӕн ес, ӕма «арвӕй зӕнхӕмӕ арт... ӕрцӕун кодтонцӕ».
10. Сирди хузӕ цӕмӕ амонуй? (Раргомадӕ 13:14, 15; 17:3, 8, 11).
10 Идарддӕр дзурд цӕуй иннӕ сирди туххӕй. Е ӕй, авд сӕри ци сирдбӕл ес, уой хузӕн, ӕрмӕст сурх-сурхид. Еци сирд хунд цӕуй, авд сӕри кӕбӕл ес, еци «сирди хузӕ» ӕма «ӕстӕймаг паддзах». (Бакӕсӕ Раргомадӕ 13:14, 15; 17:3, 8, 11.) * Иоанн ниффинста, еци паддзах ке адтӕй, ке нӕбал ӕй ӕма бабӕй нӕуӕгӕй ке уодзӕй. Аци дзурдтӕ Еугонд Нацити Организацимӕ ке амонунцӕ, е бӕрӕг ӕй. Еци организаци архайуй ӕгас дуйнеуон хецауӕдти фӕндонмӕ гӕсгӕ. Фиццӕгти хундтӕй Нацити Лигӕ, фал Дуккаг дуйнеуон тугъди рӕстӕг Нацити Лигӕ нӕбал адтӕй, уой фӕсте ба нӕуӕгӕй фӕззиндтӕй ӕма хуннун райдӕдта Еугонд Нацити Организаци.
11. Сирдтӕ куд архайдзӕнцӕ, фал мах тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй?
11 Еци сирдтӕ кенӕ хецауӕдтӕ арӕхстгунӕй адӕни сайдзӕнцӕ ӕма син сӕ зунд гъе уотӕ исусхъуммӕ кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй сӕ Йегови ӕма ӕ адӕни нихмӕ исаразонцӕ. Библий финст ӕй, етӕ ӕгас дуйней паддзӕхти ке ӕрӕмбурд кӕндзӕнцӕ, «Алцигъон Хуцауи устур бон ка уодзӕй, еци тугъдмӕ», гъома Армагеддонмӕ (Рарг. 16:13, 14, 16). Фал мах тӕрсун нецӕмӕй гъӕуй. Нӕ кадгин Хуцау Йеговӕмӕ берӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун нӕ багъӕудзӕй. Е, ӕ фарс кадӕриддӕр ӕй, уони фӕййервӕзун кӕндзӕй (Йез. 38:21–23).
12. Сирдтӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
12 Сирдтӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? Раргомади 19:20 финст ӕй: «Ӕма ӕрахӕстонцӕ сирди, удта ӕ рази дессӕгтӕ ка ӕвдиста, еци мӕнгӕ пахампари дӕр – е сайдта, сирди нисан ка райста ӕма ин ӕ хузӕн ка кувта, уони. Сӕ дууӕ дӕр уодӕгасӕй гӕлст ӕрцудӕнцӕ сондонӕй содзгӕ цади». Хуцауи знӕгтӕн ма бартӕ сӕ къохти уодзӕнцӕ, уотемӕй ӕносмӕ исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ.
13. Хецауадӕ адӕнӕй ци фӕддомуй ӕма киристӕнттӕ уой туххӕй цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ?
13 Е махӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй? Куд киристӕнттӕ, уотӕ гъӕуама Хуцаубӕл ӕма ӕ Паддзахадӕбӕл еузӕрдон уӕн (Иоан. 18:36). Уомӕ гӕсгӕ нӕхе политики хӕццӕ баст гъуддӕгтӕй еуварс дарӕн. Фал е алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, уомӕн ӕма ни хецауӕдтӕ хатгай фӕддомунцӕ, цӕмӕй дзурдӕй дӕр ӕма гъуддагӕй дӕр сӕ фарс уӕн. Хецауади ӕртхъерӕнтӕй ка фӕттӕрсуй, уобӕл сирди нисан ӕвӕрд ӕрцӕуй (Рарг. 13:16, 17). Еци адӕн Хуцауи хуарзӕнхӕй фенӕхай унцӕ ӕма син ӕносмӕ цӕруни нифс дӕр нӕбал фӕууй (Рарг. 14:9, 10; 20:4). Уомӕ гӕсгӕ, алкедӕр гъӕуама архайа, цӕмӕй политики хӕццӕ баст гъуддӕгтӕй ӕхе еуварс дара ӕма маке фарс рахуӕца, цийфӕнди зин ин ма уа, уӕддӕр!
ХӔТАГӔ СИЛГОЙМАГИ ӔГАДӔ АДЗАЛ
14. Иоанн цӕбӕл бадес кодта? (Раргомадӕ 17:3–5).
14 Бакӕсӕ Раргомадӕ 17:3–5. Уой фӕсте Иоанн фӕууидта «еу силгоймаги сурх-сурхид сирдбӕл бадгӕй». Е адтӕй «игъустгонд хӕтагӕ силгоймаг» ӕма ӕ ном ӕй Устур Вавилон. Ӕ хӕццӕ хаттӕнцӕ зӕнхон паддзӕхтӕ. Иоанн загъта: «Ку ’й фӕууидтон, уӕд хъӕбӕр бадес кодтон» (Рарг. 17:1, 2, 6).
15, 16. Устур Вавилон цӕмӕ амонуй ӕма уой кӕцӕй зонӕн?
15 Устур Вавилон цӕмӕ амонуй? Еци силгоймаг хаттӕй зӕнхон паддзӕхти хӕццӕ (Рарг. 18:9). Уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма зӕнхон паддзӕхтӕбӕл бӕхбад ракодта ӕма сӕ, ӕхе ци ’рдӕмӕ фӕндуй, еци ’рдӕмӕ аразуй. Мадта бӕрӕг ӕй, еци силгоймаг хецауӕдтӕмӕ ке нӕ амонуй. Уомӕй уӕлдай ма коммерцимӕ дӕр нӕ амонуй, уомӕн ӕма Сайтани дуйней еци хай Раргомади киунугӕ хонуй «зӕнхон сӕудегертӕ» (Рарг. 18:11, 15, 16).
16 Библий «хӕтун» ӕма «гадзирахаттӕй цӕун» арӕх рахӕсгӕ хузи цӕмӕдӕр фӕййамонунцӕ. Зӕгъӕн, еци дзурдтӕ арӕх фӕххаунцӕ, ӕхе Хуцауӕн ковӕг адӕймаг ка фӕххонуй, фал уотемӕй ба мӕнгӕ хуцӕуттӕн ка фӕкковуй кенӕ аци дуйней хӕццӕ лимӕн ун ке фӕндуй, еци адӕнмӕ (1 Анз. 5:25; Иак. 4:4). Уонӕй уӕлдай Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ ба ӕнцӕ кӕдзос (Рарг. 14:4; 2 Кор. 11:2). Рагон Вавилони ци нӕ хузи мӕнгӕ дин адтӕй, уӕхӕн нӕбал байзадӕй. Уомӕ гӕсгӕ Устур Вавилон амонуй, Хуцау арази кӕмӕй нӕй, ӕгас еци динтӕмӕ. Мадта зӕгъӕн ес, ӕма хӕтагӕ силгоймаг амонуй ӕгас дуйней мӕнгӕ динтӕмӕ (Рарг. 17:5, 18; сайти jw.org кӕсӕ статья «Что такое Вавилон Великий?»).
17. Устур Вавилонмӕ ци ’нгъӕлмӕ кӕсуй?
17 Устур Вавилонмӕ ци ’нгъӕлмӕ кӕсуй? Аци фарстайӕн дзуапп финст ӕй Раргомади 17:16, 17: «Ци дӕс сикъай ӕма сирди фӕууидтай, етӕ хӕтагӕ силгоймагӕй се ’сӕфт фӕууиндзӕнцӕ, нецибал ин ниууадздзӕнцӕ, исбӕгънӕг ӕй кӕндзӕнцӕ, ӕ бауӕр ин бахуӕрдзӕнцӕ ӕма ’й арти басодздзӕнцӕ, уомӕн ӕма син Хуцау сӕ зӕрдити байвардта ӕ фӕндӕ исӕнхӕст кӕнун». Йеговӕ адӕнти баразӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй сурх-сурхид сирди, гъома Еугонд Нацити Организаци, мӕнгӕ динти нихмӕ исаразонцӕ ӕма сӕ фесафонцӕ (Рарг. 18:21–24).
18. Устур Вавилони хӕццӕ нин еумӕйагӕй ке неци ес, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун?
18 Е махӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй? Хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй нӕ лӕггадӕ уа «нӕ Хуцау ӕма нӕ Фиди цӕсти кӕдзос [ӕма] ӕнӕфау» (Иак. 1:27). Мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй фегъӕстӕ уӕн Устур Вавилони мӕнгӕ ахурӕдтӕй, мӕнгӕ хуцӕутти хӕццӕ баст бӕрӕгбӕнттӕй, сайтӕнтти хӕццӕ баст ӕгъдӕуттӕй. Удта, нӕ нӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕнӕгъдаудзийнадӕмӕ аци дуйней цӕстӕй кӕсун райдайӕн. Мах идарддӕр дӕр адӕни разӕнгард кӕндзиан, цӕмӕй Устур Вавилонӕй рацӕуонцӕ ӕма ин ци тӕрхон хаст ӕрцудӕй, е уони дӕр ма баййафа (Рарг. 18:4).
ХУЦАУИ ФУДДӔР ЗНАГӔН ТӔРХОН ХАСТ ӔРЦУДӔЙ
19. «Сурх-сурхид залиаг хелагӕ» ка ӕй?
19 Раргомади киунуги ма дзурд цӕуй «сурх-сурхид залиаг хелаги» туххӕй. Е тох кӕнуй Киристе ӕма ӕ изӕдти нихмӕ (Рарг. 12:3, 7–9). Еци «залиаг хелагӕ» Хуцауи адӕни нихмӕ архайуй, удта «сирдтӕн», гъома зӕнхон хецауӕдтӕн бартӕ дӕттуй (Рарг. 12:17; 13:4). Цума е ка ӕй? Е ӕй «устур залиаг хелагӕ, Ибилис ӕма Сайтан» (Рарг. 12:9; 20:2). Йегови еугур знӕгти сӕргъи дӕр е лӕууй.
20. Залиаг хелагӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
20 Залиаг хелагӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? Раргомади 20:1–3 куд финст ӕй, уотемӕй Сайтан 1 000 анземӕ дӕлзӕнхӕмӕ гӕлст ӕрцӕудзӕй. Зӕгъӕн ес, ӕма ахӕст уодзӕй, ӕма цалинмӕ ахӕст уа, уӕдмӕ ӕ бон не ’суодзӕй адӕнти сайун. Уой фӕсте Сайтан ӕма ӕ сайтӕнттӕ «содзгӕ сондони цади» гӕлст ӕрцӕудзӕнцӕ, гъома ӕностӕмӕ исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ (Рарг. 20:10). Дӕ бон ӕй дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнун, Сайтан ӕма ӕ сайтӕнттӕ кӕми нӕ уа, уӕхӕн дуйне? Зӕгъӕн дӕр ин нӕййес, цард цӕхуӕн исуодзӕй, уой!
21. Раргомади киунугӕ нин нӕ нифс куд федар кӕнуй?
21 Раргомади киунуги ци хабӕрттӕ финст ес, уони нин Йеговӕ ке ӕргом кӕнуй, е нин нӕ нифс хъӕбӕр федар кӕнуй! Мах базудтан, Хуцауи знӕгтӕ ка ’нцӕ, айдагъ уой нӕ, фал ма сӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой дӕр. «Амондгун ӕй, аци пахампар-дзурдтӕ гъӕрӕй ка кӕсуй, е, удта сӕмӕ ка игъосуй» (Рарг. 1:3). Хуцау е ’гас знӕгти дӕр ку фесафа, уӕд ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути ба цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кӕндзӕй? Аци фарстабӕл дзуапп базондзиан иннӕ статьяй.
23 ЗАР Йегови Паддзахадӕ ӕрфедар ӕй
^ Раргомади киунуги аллихузи нисӕнттӕй ӕвдист ӕй, Хуцауи знӕгтӕ ка ’нцӕ, е. Еци нисӕнттӕ ци нисан кӕнунцӕ, уой балӕдӕрунмӕ ба нин ӕнхус кӕнуй Данели киунугӕ. Гъӕйдӕ мадта еци дууӕ киунугемӕй цалдӕр пахампарадемӕ ӕркӕсӕн, кӕрӕдзей хӕццӕ сӕ рабарӕн ӕма базонӕн, Хуцауи знӕгтӕ ка ’нцӕ, уой. Уой фӕсте ба ӕркӕсдзиан, ци сӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уомӕ.
^ Авд сӕрей хӕццӕ сирд ӕгас дуйней хецауӕдтӕмӕ ке амонуй, е ма бӕрӕг ӕй, дӕс сикъай ибӕл ке ес, уомӕй дӕр. Библий ба дӕс нимӕдзӕ арӕх фӕййамонуй, ӕнхӕст кенӕ, ка неци гъӕуагӕ ’й, уӕхӕн цӕмӕдӕр.
^ Сирдӕй уӕлдай сирди хузи сикъатӕбӕл кадиходтӕ нӕййес. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ин ци бартӕ ес, етӕ ин иннӕ авд паддзахемӕй лӕвӕрд ӕнцӕ. Сайти jw.org кӕсӕ статья «Что символизирует багряный зверь, описанный в 17-й главе книги Откровение?».