АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 11
Донаргъуди фӕсте дӕр «дӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ» ӕййевӕ
«Уӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййеветӕ» (КОЛ. 3:10).
49 ЗАР Йегови зӕрдӕн цийнӕ хӕссӕн
РАЗДЗУРД *
1. Адӕймаг цӕхуӕн уодзӕй, е цӕмӕй кӕнгӕ ’й?
ДОНАРГЪУД ӕрӕги райстан ӕви берӕ ӕнзти размӕ, уӕддӕр ни алкедӕр фӕндуй, цӕмӕй ӕй Йеговӕ уарза. Уой туххӕй ба гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, цӕбӕл сагъӕс кӕнӕн, уомӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма арӕхдӕр цӕбӕл фӕссагъӕс кӕнӕн, кӕнгӕ дӕр уой фӕккӕнӕн. Нӕ тӕрегъӕдгун бауӕри монцтӕ куд бафсадӕн, уобӕл арӕх ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд еу афони кӕнгӕ дӕр уотӕ бакӕндзиан (Еф. 4:17–19). Иннердиги ба хуарз цӕбӕлдӕрти ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ дзурдтӕй дӕр ӕма нӕ гъуддӕгтӕй дӕр нӕ уӕларвон Фидӕ Йегови зӕрдӕ рохс кӕндзиан (Гал. 5:16).
2. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
2 Ай разӕй, еци статьяй куд загъд адтӕй, уотемӕй ӕгас лӕгъуз сагъӕстӕй нӕ бон нӕй нӕхе багъӕуай кӕнун. Фал нӕ бон ӕй архайун, цӕмӕй нин гъуддӕгтӕмӕ ма рахезонцӕ. Донаргъуд райсуни размӕ гъӕуама ниууадзӕн, Йеговӕ е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, еци гъуддӕгтӕ. Ӕндӕр ба нин нӕ зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзун нецихузи бантӕсдзӕй. Фал ни цӕмӕй Йеговӕ ӕцӕгӕйдӕр арази уа, уой туххӕй ма еу цидӕр гъӕуй. Библий финст ӕй: «Уӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййеветӕ» (Кол. 3:10). Аци статьяй дзуапп базондзиан дууӕ фарстайебӕл: нӕуӕг уодигъӕдӕ ци ӕй? Ци нин банхус кӕндзӕй нӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййевун ӕма ’й макӕдбал раласун?
НӔУӔГ УОДИГЪӔДӔ ЦИ ӔЙ?
3. «Нӕуӕг уодигъӕдӕ» ци ӕй ӕма ’й цӕмӕй нӕ уӕле искӕнӕн, уой туххӕй ци гъӕуй? (Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23).
3 Адӕймаг «нӕуӕг уодигъӕдӕ» ӕ уӕле ку искӕнуй, уӕд сагъӕс дӕр ӕма архайгӕ дӕр Йегови хузӕн фӕккӕнуй. Еци адӕймагӕн ӕ сагъӕстӕй дӕр ӕма ӕ гъуддӕгтӕй дӕр бӕрӕг фӕууй, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ци менеугутӕ цӕунцӕ, уонӕмӕ гӕсгӕ ке архайуй. (Бакӕсӕ Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23.) Зӕгъӕн, адӕймаг фӕууарзуй Йегови ӕма ӕ адӕни (Матф. 22:36–39). Цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ма исӕмбӕла, уӕддӕр ӕ цийнӕ нӕ фесӕфуй (Иак. 1:2–4). Архайуй, цӕмӕй ӕ алливарс фарнӕ уа (Матф. 5:9). Фӕууй фӕразон ӕма хӕларзӕрдӕ (Кол. 3:13). Ӕ зӕрдӕмӕ фӕццӕуй иннетӕн хуарздзийнадӕ кӕнун (Лук. 6:35). Ӕ алли гъуддагӕй дӕр бӕрӕг фӕууй, е ’ууӕндундзийнадӕ федар ке ӕй (Иак. 2:18). Ку ’й фӕкъкъахунцӕ, уӕд дӕр нӕ рамӕстгун уй, уомӕн ӕма ӕ уодигъӕдӕ фӕлмӕн фӕууй, удта ӕ тӕрегъӕдгун фӕндти фӕдбӕл нӕ рацӕуй, уомӕн ӕма ӕхебӕл хуӕцун фӕззонуй (1 Кор. 9:25, 27; Тит. 3:2).
4. Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23 ци менеугути туххӕй финст ес, уони ӕгасейдӕр нӕ уодигъӕди цӕмӕн гъӕуама федар кӕнӕн?
4 Цӕмӕй адӕймаг ӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййева, уой туххӕй гъӕуама Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23 ци менеугути туххӕй финст ес, уони ӕ уодигъӕди ӕрфедар кӕна *. Ӕнӕуой хъӕппӕлти хӕццӕ гъуддаг куд фӕууй? Еу бон еу ести искӕнӕн, иннӕ бон ба ӕндӕр ести. Фал аци менеугутӕн сӕ хабар бустӕги ӕндӕрхузи ӕй. Еуей си ӕнӕ иннемӕй не ’скӕндзӕнӕ. Расагъӕс кӕнӕ: кӕд адӕймагмӕ фӕразон ӕма хӕларзӕрдӕ нӕ дӕ, уӕд уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма ’й ӕцӕгӕйдӕр уарзис? Удта дӕ хӕларзӕрдӕ исхонӕн уодзӕй, дӕхебӕл хуӕцун ку нӕ зонай ӕма дин фӕлмӕн уодигъӕдӕ ку нӕ уа, уӕд?
НӔ УОДИГЪӔДӔ НӔУӔГМӔ КУД РАЙЙЕВӔН?
5. Киристей хузӕн ке гъуди кӕнӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй ӕма ин ӕ царди хабӕрттӕ цӕмӕн гъӕуама зонӕн? (1 Коринфӕгтӕмӕ 2:16).
5 Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 2:16. Цӕмӕй нӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййевӕн, уой туххӕй гъӕуама, «Киристе куд гъуди кодта, уотӕ» гъуди кӕнӕн. Сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ци менеугутӕ хауй, уони Киристе ӕнхӕстӕй ӕвдиста. Зӕгъӕн ес, ӕма Киристе адтӕй, Хуцау цӕхуӕн ӕй, раст гъе уӕхӕн (Дзиуит. 1:3). Киристе куд гъуди кодта, уотӕ ку гъуди кӕнӕн, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй алли гъуддаги дӕр уой хузӕн архайун (Фил. 2:5).
6. Ӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййевунбӕл ка архайуй, е ӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дара?
6 Фал цума Киристей фӕнзун нӕ бон ӕцӕгӕйдӕр ӕй? Кадӕр зӕгъдзӕй: «Е ӕнхӕст адӕймаг адтӕй, ӕз ба ӕнӕнхӕст дӕн». Кӕд дӕумӕ дӕр еуӕй-еухатт уӕхӕн гъудитӕ фӕззиннуй, уӕд еу цӕбӕлдӕр расагъӕс кӕнӕ. Фиццаг: мах уотӕ конд ан, цӕмӕй Йеговӕ ӕма Киристей хузӕн уӕн. Фал фарста уой медӕг ӕй, ӕма сӕ нӕхе фӕндуй фӕнзун? Кӕд гъо, уӕд нин еци гъуддаг ӕнтӕсдзӕй, кӕд ӕнхӕстӕй нӕ, уӕддӕр (Райд. 1:26). Дуккаг: Йеговӕ нин дӕттуй сугъдӕг хъаурӕ, Дун-дуйней ба уомӕй устурдӕр хъаурӕ нӕййес. Уой фӕрци нӕ къохи бафтуйдзӕй, нӕхецӕн ка некӕд бантӕстайдӕ, уӕхӕн гъуддӕгтӕ. Ӕртиккаг: Йеговӕ ни абони нӕ агоруй, цӕмӕй еци менеугутӕ ӕнхӕстӕй ӕвдесӕн. Уомӕн нӕ уарзӕгой Фидӕ мин анзи рахецӕн кодта (Рарг. 20:1–3). Йегови фӕндуй, цӕмӕй, нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн ӕма нин ке банхус кӕндзӕй, уобӕл макӕд гурусхӕ кӕнӕн.
7. Идарддӕр цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
7 Йесо Киристей гъӕуама цӕхуӕн гъуддӕгти фӕнзӕн? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ци менеугутӕ хаунцӕ, уонӕй цуппаремӕ. Мах базондзиан, Киристе еци менеугутӕ цӕхуӕн уавӕрти ӕвдиста ӕма ’й нӕ бон куд ӕй фӕнзун. Уой фӕсте ба ма ӕркӕсдзиан цалдӕр фарстайемӕ, цӕмӕй ӕй балӕдӕрӕн, нӕ уодигъӕдӕ нин нӕуӕгмӕ ӕййевун ӕнтӕсуй ӕви нӕ.
8. Йесо Хуцауи ӕма адӕни берӕ ке уарзуй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
8 Йесо Йегови хъӕбӕр берӕ ке уарзуй, е ӕй баразӕнгард кодта, цӕмӕй мах туххӕй ӕ цард нивондӕн ӕрхастайдӕ (Иоан. 14:31; 15:13). Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд ӕ алли гъуддагӕй дӕр бӕрӕг адтӕй, адӕни берӕ ке уарзуй. Ӕ нихмӕ карзӕй ку фӕццӕуиуонцӕ, уӕд дӕр хӕларзӕрдӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ фӕууидӕ. Фал ӕ уарзондзийнадӕ фиццагидӕр бӕрӕг адтӕй, адӕнӕн Хуцауи Паддзахади туххӕй ке дзурдта, уомӕй (Лук. 4:43, 44). Хуцауи дӕр ӕма адӕни дӕр уодуӕлдай уарзтӕй ке уарзуй, е ма рабӕрӕг ӕй, гъезӕмайраг мӕлӕт бавзарунмӕ цӕттӕ ке адтӕй, уомӕй. Уой фӕрци не ’гасемӕндӕр фӕззиндтӕй ӕносмӕ цӕруни нифс.
9. Киристей хузӕн нӕ бон куд ӕй иннети уарзун?
9 Мах нӕ цард нӕ уӕларвон Фидӕн иснивонд кодтан ӕма донаргъуд райстан, уарзгӕ ’й ке кӕнӕн, уой туххӕй. Киристей хузӕн Йегови ке уарзӕн, е бӕрӕг уодзӕй, адӕнмӕ ци зӕрдӕ дарӕн, уомӕй. Апостол Иоанн финста: «Ке уинуй, еци ӕнсувӕри ка нӕ уарзуй, уомӕн ӕ бон куд ӕй, ке нӕ уинуй, еци Хуцауи уарзун?» (1 Иоан. 4:20). Уомӕ гӕсгӕ дӕхе бафӕрсӕ: «Адӕни уарзун? Сӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй фӕдздзорун, етӕ гурумухъ дзурд ку фӕккӕнунцӕ, уӕд дӕр? Мӕ рӕстӕг ӕма мӕ хъауритӕ не ’вгъау кӕнун, цӕмӕй иннетӕн Йегови туххӕй дзорон? Фулдӕр адӕн нӕмӕ ке не ’гъосунцӕ, кадӕртӕ ба нӕ нихмӕ дӕр ке цӕунцӕ, уой туххӕй мӕ къохтӕ не ’руадзун? Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги мӕ бон фулдӕр архайун нӕй?» (Еф. 5:15, 16).
10. Йесо фарнӕуарзагӕ ке адтӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
10 Йесо фарнӕуарзагӕ адӕймаг адтӕй. Еске имӕ лӕгъуз зӕрдӕ ку даридӕ, уӕд дӕр син ӕй лӕгъузӕй нӕ бафедидӕ. Уомӕй уӕлдай ма ӕ алливарс адӕни разӕнгард кодта, цӕмӕй кӕрӕдзей хӕццӕ фӕрнӕй цардайуонцӕ. Йесо ма ахур кодта, адӕймаг е ’нсувӕри хӕццӕ ку нӕ федауа, уӕд ин Йеговӕ ӕ лӕггадӕй арази ке нӕ уодзӕй (Матф. 5:9, 23, 24). Ӕма еу хаттӕй иннӕ хаттмӕ ӕ апостолтӕн дзурдта, цӕмӕй си уӕлдӕр ка ӕй, уой туххӕй мабал буцӕутӕ кодтайуонцӕ (Лук. 9:46–48; 22:24–27).
11. Фарнӕуарзагӕ адӕймаг цӕхуӕн фӕууй?
11 Фарнӕуарзагӕ адӕймаг ке ес исхонӕн? Уӕхӕн адӕймаг хилӕ неке хӕццӕ фӕккӕнуй. Хилӕ нӕ, фал ма кӕрӕдзей хӕццӕ ка рабуцӕу уй, уонӕн дӕр банхус кӕнуй балимӕн унмӕ (Фил. 4:2, 3; Иак. 3:17, 18). Дӕхемӕ уӕхӕн фарстатӕ раттӕ: «Фарнӕ багъӕуай кӕнун мӕмӕ цӕйбӕрцӕбӕл ӕхсидзгӕ гъуддаг кӕсуй? Мӕ зӕрди маст нӕ ниддарун? Уотӕ мӕмӕ ку кӕса, ӕма ӕз фудгин нӕ дӕн, уӕд дӕр цӕттӕ дӕн фиццаг къахдзӕф искӕнунмӕ, цӕмӕй адӕймаги хӕццӕ бафедауон? Уавӕр ку амона, уӕд, ка рабуцӕу уй, уонӕн бафедаунмӕ банхус кӕнун?»
12. Йесо хӕларзӕрдӕ ке адтӕй, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй?
12 Йесо хӕларзӕрдӕ адтӕй (Матф. 11:28–30). Адӕймаг кӕми рамӕстгун уй, уӕхӕн уавӕрти дӕр гурумухъ ӕма хеваст нӕ фӕууидӕ. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, финикийаг силгоймаг Йесойӕн ку лигъстӕ кодта, цӕмӕй ин ӕ кизги исдзӕбӕх кодтайдӕ. Фиццаг ин Йесо не ’сарази ӕй, фал е ’ууӕндундзийнадӕ куд федар ӕй, уой ку фӕууидта, уӕдта ин ӕ фӕндон исӕнхӕст кодта (Матф. 15:22–28). Иннердиги ба унаффӕ раттун ку фӕгъгъӕуидӕ, уӕд федарӕй архайидӕ. Зӕгъӕн, еухатт Петурӕн иннӕ ахуркӕнуйнӕгти рази бауайдзӕф кодта, уомӕн ӕма Петур раст нӕ гъуди кодта. Йесо имӕ ку байгъустайдӕ, уӕд Йегови фӕндон не ’сӕнхӕст кодтайдӕ (Мар. 8:32, 33). Йесой нӕ фӕндадтӕй Петури ӕгадӕ бунати исӕвӕрун. Фӕндадтӕй ӕй, цӕмӕй е дӕр ӕма иннӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ дӕр еу ӕхсидзгӕ гъуддаг балӕдӕрдтайуонцӕ: Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ ин гъӕуама къахкъуӕрӕнтӕ ма ӕвӕронцӕ, фал ин гъӕуама ӕнхус кӕнонцӕ. Еци уайдзӕф Петурӕн ӕхцӕуӕн кӕцӕй адтайдӕ, фал уӕддӕр ӕхе пайдайӕн адтӕй.
13. Хӕларзӕрдӕ ке ан, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?
13 Хӕларзӕрдӕ адӕймаг е ’мбалӕн ӕ рӕдуди туххӕй ӕргомӕй фӕззӕгъуй. Дӕу дӕр ескӕмӕн унаффӕ раттун ку багъӕуа, уӕд Киристей хузӕн архайӕ. Дӕ дзурдтӕ Библибӕл арӕзт уӕнтӕ. Фӕлмӕн ӕма лигъз дзурд кӕнӕ. Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд, ӕма адӕймагӕн ӕ зӕрдӕ уинис ӕма ма гурусхӕ кӕнӕ: адӕймаг Йегови ӕма дӕу ку уарза, уӕд ди боз уодзӕй, ке ибӕл батухстӕ, уой туххӕй. Расагъӕс кӕнӕ уӕхӕн фарстатӕбӕл: «Ме ’мбал ӕхе раст ку нӕ бадара, уӕд ӕ хӕццӕ радзорунмӕ мӕ нифс бахӕсдзӕн? Унаффӕ ку фӕддӕттун, уӕд мӕ дзурд цӕхуӕн фӕууй: карз ӕви фӕлмӕн? Унаффӕ раттун мӕ цӕмӕн фӕффӕндуй: мӕстгун ке кӕнун ӕви мӕ банхус кӕнун ке фӕндуй?»
14. Хӕларзӕрдӕ ун ци нисан кӕнуй, е Киристей цӕветтонӕй куд зиннуй?
14 Хӕларзӕрдӕ уай, уомӕ ци хауй, уой Йесо айдагъ зонгӕ нӕ кодта, фал ма архайгӕ дӕр уотӕ кодта. Йесо ӕ Фиди хъӕбӕр берӕ уарзуй, ӕма уомӕ гӕсгӕ алкӕддӕр фӕккӕнуй, раст ци ӕй, уой, удта ’й кӕдзосзӕрдӕй фӕккӕнуй. Хӕларзӕрдӕдзийнадӕ ци ӕй, уой зонун фагӕ нӕй, е гъӕуама гъуддӕгтӕй бӕрӕг уа. Цӕхуӕндӕр гъуддаг хӕларзӕрдӕ исхонӕн ес ӕви нӕ, е рабӕрӕг уодзӕй, иннетӕбӕл куд фӕззиндтӕй, уомӕй. Удта ма гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, еци гъуддагмӕ нӕ ци баразӕнгард кодта, уомӕ. Кадӕр бадес кӕндзӕй: «Хуарз гъуддагмӕ ба мадта ци фӕрразӕнгард кӕнуй?» Киристе дзурдта, иннети деси бафтауни туххӕй мӕгуртӕн ка ӕнхус кодта, уони гъуддӕгтӕн, дан, Хуцауи цӕсти аргъ нӕййес (Матф. 6:1–4).
15. Адӕймаги хӕларзӕрдӕ исхонӕн кӕд уодзӕй?
15 Адӕймаги хӕларзӕрдӕ исхонӕн уодзӕй, раст ци ӕй, уой кӕдзосзӕрдӕй ку кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уомӕ гӕсгӕ дӕхе бафӕрсӕ: «Раст ци ӕй, уой айдагъ зонгӕ кӕнун ӕви архайгӕ дӕр уотӕ кӕнун? Раст гъуддӕгтӕ кӕнунмӕ мӕ ци фӕрразӕнгард кӕнуй?»
НӔ БОН КУД ӔЙ НӔ НӔУӔГ УОДИГЪӔДӔ БАГЪӔУАЙ КӔНУН?
16. Алли бон дӕр нӕ ци кӕнун гъӕуй ӕма цӕмӕн?
16 Раст н’ адтайдӕ уотӕ гъуди кӕнун, ӕма донаргъуди фӕсте уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ ӕййевун нӕбал гъӕуй. Еци рӕсугъд уӕледарӕс гъӕуай кӕнун гъӕуй. Уомӕн куд ес гӕнӕн? Алли бон дӕр Йегови сугъдӕг хъаурӕн уой барӕ дӕттӕ, цӕмӕй дин дӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ ӕййевунмӕ ӕнхус кӕна. Нӕхуӕдтӕ куд фулдӕр архайӕн, уотӕ нин Йеговӕ дӕр ӕ сугъдӕг хъаурӕ фулдӕр дӕтдзӕй. Йеговӕ ӕхуӕдӕг дӕр хъиамӕт кӕнуй ӕма ӕ сугъдӕг хъаурӕ дӕр архайгӕ хъаурӕ ӕй (Райд. 1:2). Уомӕ гӕсгӕ сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ци менеугутӕ хаунцӕ, етӕ гъӕуама еугурӕйдӕр нӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг уонцӕ. Зӕгъӕн, Иаков финста: «Ӕууӕндундзийнадӕ ӕнӕ гъуддӕгтӕй мард ӕй» (Иак. 2:26). Уотӕ зӕгъӕн ес иннӕ менеугутӕй дӕр.
17. Цӕхуӕндӕр уавӕри нин киристон менеугутӕ равдесун ку нӕ рауайуй, уӕд нӕ бон ци ӕй кӕнун?
17 Донаргъуд раги ка райста, уонӕн дӕр алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй киристон менеугутӕ ’вдесун. Фал уӕхӕн уавӕри ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй нӕ къохтӕ ма уадзӕн. Расагъӕс кӕнӕ: берӕ ке уарзис, уӕхӕн хъӕппӕл дин ку фескъуна, уӕд ӕй еци фӕдбӕл гӕлдзгӕ ракӕндзӕнӕ? Нӕ. Ӕвӕдзи, байархайдзӕнӕ, цӕмӕй ӕй рӕсугъд бахуйай ӕма иннӕ хатт лӕмбунӕгдӕр уодзӕнӕ. Гъе уотӕ еуӕй-еухатт рауайуй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ дӕр. Гӕнӕн ес, ӕма кӕмӕдӕр фӕразон ӕма хӕларзӕрдӕ н’ адтан кенӕ ба ’й ке уарзӕн, уой нӕ бавдистан. Фал уой туххӕй дӕ къохтӕ ма уадзӕ. Адӕймагӕй зӕрдиагӕй хатир ку ракорай, уӕд зӕгъӕн уодзӕй, ӕма уӕ лимӕндзийнадӕбӕл ӕмпъозӕн бахудтай ӕма нурӕй фӕстӕмӕ архайдзӕнӕ, цӕмӕй уотӕ мабал рауайа.
18. Нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн?
18 Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, Йесо нин ӕ цардӕй цӕветтон ке ниууагъта. Йесо куд гъуди кодта, мах дӕр уотӕ ку гъуди кӕнӕн, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй, е куд архайдта, уотӕ архайун. Уотемӕй ба нӕбӕл нӕ нӕуӕг уодигъӕдӕ дӕр хуӕздӕр баддзӕй. Аци статьяй ӕркастан, сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ци менеугутӕ хауй, уонӕй ӕрмӕстдӕр цуппаремӕ. Фал ма нӕхе бон ӕй иннӕ менеугутӕмӕ дӕр ӕркӕсун. Еци гъуддаги нин банхус кӕндзӕй «Йегови Ӕвдесӕнтӕн ӕрмӕг агорунмӕ ӕнхус». (Иссерӕн ӕй ес уруссагау. Кӕсӕ Христианская жизнь > Плод духа.) Мадта дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ: дӕуӕй кӕнгӕ ци ӕй, уой ку кӕнай, уӕд дин Йеговӕ банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййевай ӕма ’й макӕдбал раласай.
127 ЗАР Цӕхуӕн адӕймаг гъӕуама уон
^ Ӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййевун алке бон дӕр ӕй. Фал цӕмӕй адӕймаги къохи еци гъуддаг бафтуйа, уой туххӕй гъӕуама ахур кӕна, Йесо Киристе куд сагъӕс кодта ӕма куд архайдта, уобӕл. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Йесо Киристе нин цӕхуӕн гъуддӕгти ӕй фӕнзуйнаг. Ци гъудитӕ си ес, етӕ пайда уодзӕнцӕ, донаргъудмӕ ӕхе ка цӕттӕ кӕнуй, уонӕн, удта, донаргъуд ка райста, уонӕн дӕр.
^ Сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ци менеугутӕ хаунцӕ, етӕ ӕгасӕй Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23 стихти финст нӕ ’нцӕ. Ӕндӕр менеугути туххӕй ба дзурд цӕуй Библий иннӕ стихти. Уой туххӕй фулдӕр базонӕн ес, статьяй «Кӕсгути фарстатӕ» 2020 анзи июни «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и.