АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 14
Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, идарддӕр дӕр апостол Павели фӕнзетӕ
«Мӕн фӕнзетӕ» (1 КОР. 11:1).
99 ЗАР Хуцауи адӕн ӕнцӕ милиуантӕ
РАЗДЗУРД *
1, 2. Апостол Павели цӕветтон хестӕр нӕлгоймӕгтӕн пайда цӕмӕй ӕй?
АПОСТОЛ ПАВЕЛ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хъӕбӕр берӕ уарзта ӕма син ӕхе не ’вгъау кодта (Гъуд. 20:31). Уомӕ гӕсгӕ ’й етӕ дӕр берӕ уарзтонцӕ. Зӕгъӕн, Ефеси хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ’й ку базудтонцӕ, Павели ке нӕбал фӕууиндзӕнцӕ, уӕд сӕ цӕстисуг сӕ бон бауорамун н’ адтӕй (Гъуд. 20:37). Мах рӕстӕги дӕр хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хъӕбӕр берӕ уарзунцӕ ӕма син нӕдӕр сӕ рӕстӕг, нӕдӕр сӕ хъауритӕ нӕ февгъау кӕнунцӕ (Фил. 2:16, 17). Фал сӕбӕл ци ихӕстӕ ес, уони син ӕнхӕст кӕнун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Мадта син аци статья устур ӕнхус уодзӕй.
2 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелӕй берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнунцӕ (1 Кор. 11:1). Павел дӕр ӕнӕнхӕст адӕймаг адтӕй ӕма уомӕн дӕр алкӕд алци нӕ фӕууаидӕ (Ром. 7:18–20). Царди берӕ зинтӕ бавзурста, фал уӕддӕр ӕ къохтӕ не ’руадзидӕ, удта ӕ цийнӕ нӕ исафта. Павели хабар хестӕр нӕлгоймӕгтӕн банхус кӕндзӕй, цӕмӕй зиндзийнӕдти сӕрти хезонцӕ ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй сӕ цийнӕ ма исафонцӕ. Гъӕйдӕ имӕ мадта ӕркӕсӕн.
3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан ӕма нин пайда цӕмӕй уодзӕй?
3 Аци статьяйӕй базондзиан, хестӕр нӕлгоймӕгтӕн хатгай зин цӕмӕн фӕууй: 1) сӕ ихӕстӕ дӕр ӕнхӕст кӕнун ӕма игъосун кӕнуни гъуддаг дӕр иронхуати ма уадзун, 2) ӕмбурдӕн хуарз фиййӕуттӕ ун, 3) сӕхемӕ раст цӕстӕй кӕсун ӕма 4) иннетӕмӕ раст цӕстӕй кӕсун. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, Павелӕн ци банхус кодта еци зиндзийнӕдти сӕрти рахезун ӕма ’й хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй фӕнзун.
ДӔ ИХӔСТӔ ӔНХӔСТ КӔНГӔЙ ИГЪОСУН КӔНУНИ ГЪУДДАГ ИРОНХУАТИ МА УАДЗӔ
4. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн игъосун кӕнуни гъуддаг алкӕд фиццаг бунати ӕвӕрун ӕнцон цӕмӕннӕ фӕууй?
4 Е зин цӕмӕн фӕууй? Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама игъосун кӕнуни гъуддаги фӕнзуйнаг уонцӕ, фал ма сӕбӕл уомӕй уӕлдай берӕ ихӕстӕ фӕууй. Зӕгъӕн, къуӕрей астӕу нин ци ӕмбурд фӕууй, уоми арӕх фӕуунцӕ сӕрдареуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕ. Фӕгъгъӕуй сӕ Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ рауадзун кенӕ ма ӕмбурди ӕндӕр хӕйттӕ дӕр цӕттӕ кӕнун. Удта ма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрти ахур кӕнунцӕ ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнунцӕ (1 Пет. 5:2). Еуӕй-еу хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ба ма нӕ организаций арӕзтадон гъуддӕгти дӕр фӕййархайунцӕ. Фал уонӕн дӕр, иннӕ киристӕнтти хузӕн, сӕ сӕйраг ихӕс ӕй игъосун кӕнуни гъуддаги архайун (Матф. 28:19, 20).
5. Игъосун кӕнуни гъуддаги Павел фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй?
5 Павели цӕветтон. Игъосун кӕнуни гъуддаги Павел ӕнтӕстгун цӕй фӕрци адтӕй? Филиппӕгтӕмӕ ниффинста: «Ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой исбӕрӕг кӕнтӕ» (Фил. 1:10). Павел ӕхуӕдӕг дӕр аци дзурдтӕмӕ гӕсгӕ цардӕй. Игъосун кӕнуни гъуддаги куд архайдта, уомӕй бӕрӕг адтӕй, царди ин тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ци адтӕй, е. Дӕсгай ӕнзти дӕргъи хуарз хабар игъосун кодта «адӕни рази дӕр ӕма хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ дӕр» (Гъуд. 20:20). Еци гъуддагӕн ин цӕхуӕндӕр бӕлвурд рӕстӕг н’ адтӕй, зӕгъӕн, айдагъдӕр изӕригӕнтти кенӕ къуӕремӕ еу кӕцидӕр бон. Павел алли фадуатӕй дӕр испайда кӕнидӕ. Цалинмӕ Афинти Тимофей ӕма Силӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уӕдмӕ хуарз хабар баргин адӕнӕн радзурдта, ӕма си кадӕртӕ киристӕнттӕ иссӕнцӕ (Гъуд. 17:16, 17, 34). Сауӕнгӕ ма ’й ахӕстдони ку исбадун кодтонцӕ, уӕддӕр игъосун кӕнуни гъуддаг нӕ ниууагъта (Фил. 1:13, 14; Гъуд. 28:16–24).
6. Павел иннети цӕбӕл ахур кодта?
6 Павел ӕ рӕстӕгӕй хуӕздӕр куддӕриддӕр адтӕй, уотӕ пайда кодта. Зӕгъӕн, ӕ фиццаг балций ӕ хӕццӕ райста Марки, дуккаги ба – Тимофеййи (Гъуд. 12:25; 16:1–4). Цалинмӕ ӕ хӕццӕ адтӕнцӕ, уӕдмӕти син амудта, сӕ бон куд ӕй нӕуӕг ӕмбурдтӕ аразун, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти федар кӕнун ӕма Хуцауи Дзурд арӕхстгундӕрӕй амонун (1 Кор. 4:17).
7. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй Ефесӕгтӕмӕ 6:14, 15 финст фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайун?
7 Уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр Павели хузӕн зингзӕрдӕй архайунцӕ. Айдагъ хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ нӕ игъосун кӕнунцӕ, фал алли фадуатӕй дӕр пайда кӕнунцӕ, цӕмӕй адӕни хӕццӕ радзоронцӕ, зӕгъӕн, тукани кенӕ кусти. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 6:14, 15.) Кенӕ ба, зӕгъӕн, Паддзахади зал амайунмӕ ӕнхус кӕнунцӕ, ӕма син е дӕр хуарз фадуат фӕууй, цӕмӕй игъосун кӕнонцӕ синхӕнттӕн ӕма син арӕзтадон ӕрмӕг ка ӕрбаласуй, уонӕн. Удта Павели хузӕн, хестӕр нӕлгоймӕгти бон дӕр ӕй, ке хӕццӕ игъосун кӕнунцӕ, уони ахур кӕнун, уӕлдайдӕр ба кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрти.
8. Еуӕй-еухатт хестӕр нӕлгоймӕгти ци бакӕнун фӕгъгъӕуй?
8 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмбурди, удта ма, ка ’й зонуй, райони дӕр берӕ ихӕстӕ фӕууй. Фал хуарз нӕ уайдӕ, уой туххӕй син игъосун кӕнуни гъуддаг иронхуати ку байзаидӕ. Мадта сӕ кӕцидӕр уавӕрти фӕгъгъӕуй «нӕъ» зӕгъун дӕр. Зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймагӕн нӕуӕг кадгин ихӕстӕ бабарӕ кӕнунмӕ гъавунцӕ. Фал ӕнсувӕр ракувта, расагъӕс кодта ӕма ’й балӕдӕрдтӕй, ку исарази уа, уӕд ин иннӕ ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕн фагӕ рӕстӕг ке нӕбал изайдзӕй. Зӕгъӕн, нӕбал ин уайдзӕй алли къуӕре дӕр бийнонти ахур уадзун, игъосун кӕнуни гъуддаги зингзӕрдӕй архайун ӕма ӕ сувӕллӕнтти дӕр игъосун кӕнунбӕл ахур кӕнун. Ӕнсувӕртӕ, кадгин ихӕстӕй «нӕъ» зӕгъун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Фал уӕ зӕрдӕбӕл даретӕ: ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕн уӕ фагӕ рӕстӕг хецӕн кӕнун ке фӕндуй, уомӕн Йеговӕ хъӕбӕр аргъ кӕнуй.
ӔМБУРДӔН ХУАРЗ ФИЙЙАУ УО
9. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕбӕл берӕ ихӕстӕ ке ес, уой туххӕй син зин ци фӕууй?
9 Е зин цӕмӕн фӕууй? Йегови лӕггадгӕнгутӕ берӕ зинтӕ ӕвзарунцӕ. Аци фӕстаг бӕнтти ни алкедӕр фӕгъгъӕуй, цӕмӕй ӕй бафедар кӕнонцӕ ӕма ’й фӕлмӕн дзурдӕй барӕвдауонцӕ. Кедӕр ба ма фӕгъгъӕуй рӕдуд къахдзӕфӕй дӕр багъӕуай кӕнун (1 Фес. 5:14). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, хестӕр нӕлгоймӕгти бон нӕй Хуцауи адӕни еугур зинтӕй дӕр багъӕуай кӕнун. Фал уӕддӕр Йегови фӕндуй, цӕмӕй еци ӕнсувӕртӕ, сӕ бон цӕйбӕрцӕбӕл ӕй, уойбӕрцӕбӕл ин ӕ дзогӕбӕл тухсонцӕ ӕма ’й гъӕуай кӕнонцӕ. Мадта хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй уомӕн рӕстӕг иссерун, кӕд сӕбӕл берӕ ихӕстӕ ес, уӕддӕр?
10. 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:7 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Павел ӕнсувӕртӕн куд адтӕй?
10 Павели цӕветтон. Павел алкӕддӕр иссеридӕ, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти цӕй туххӕй растауа, уой. Удта уӕхӕн дзурдтӕ равзаридӕ, цӕмӕй син сӕ нифс бафедар кодтайдӕ. Абони дӕр хестӕр нӕлгоймӕгтӕ архайунцӕ, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл тухсонцӕ ӕма сӕ фӕлмӕн дзурдӕй рӕвдауонцӕ. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:7.) Павел син фӕззӕгъидӕ, айдагъ ӕхуӕдӕг сӕ ке уарзуй, уой нӕ, фал ма сӕ Йеговӕ дӕр берӕ ке уарзуй, уой (2 Кор. 2:4; Еф. 2:4, 5). Е хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн хуарз ӕмбал адтӕй, удта сӕ хӕццӕ рӕстӕг дӕр ферветидӕ. Уомӕй уӕлдай ма Павел ӕ тухститӕ ӕма ӕ гъӕндзийнӕдти туххӕй ӕргом дзорунмӕ не ’фсӕрми кодта (2 Кор. 7:5; 1 Тим. 1:15). Фал уӕхӕн цӕмӕдӕрти е ’ргом ӕгӕр не ’здахта. Фиццагидӕр ӕй фӕндадтӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кӕнун.
11. Еуӕй-еухатт Павел хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти рӕдудтитӕмӕ цӕмӕн ниййамонидӕ?
11 Еуӕй-еухатт Павели фӕгъгъӕуидӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ рӕдудмӕ ниййамонун дӕр. Фал син унаффӕ уой туххӕй нӕ раттидӕ, ӕма сӕмӕ мӕстгун кодта. Е сӕбӕл тухстӕй, ӕма ’й фӕндадтӕй, цӕмӕй сӕ рӕдуд къахдзӕфӕй багъӕуай кодтайдӕ. Уомӕ гӕсгӕ Павел унаффӕ уотӕ раттидӕ, цӕмӕй имӕ ӕнцон байгъосӕн адтайдӕ ӕма маке зӕрдӕ фӕрресун кодтайдӕ. Еухатт, Павел коринфӕгтӕмӕ ци финстӕг рарвиста, уоми син карзӕй бауайдзӕф кодта. Фал ин ӕ уайдзӕфмӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсдзӕнцӕ, уобӕл тухстӕй ӕма уомӕ гӕсгӕ Коринфмӕ Титти рарвиста. Коринфи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Павели дзурдтӕмӕ раст цӕстӕй ракастӕнцӕ, ӕма ин е хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй (2 Кор. 7:6, 7).
12. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕууӕндундзийнадӕ куд бафедар кӕнунцӕ?
12 Уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Хестӕр нӕлгоймӕгти бон дӕр ӕй, Павели хузӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун. Хуарз уайдӕ, ӕмбурдмӕ ӕгасемӕй раздӕр ку ӕрбацӕуиуонцӕ. Уотемӕй син хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ радзубанди кӕнунмӕ фулдӕр рӕстӕг уодзӕй. Арӕхдӕр адӕймаги бафедар кӕнунмӕ берӕ рӕстӕг нӕ фӕгъгъӕуй. Еу цалдӕр минутти дӕр фагӕ фӕууй, цӕмӕй адӕймаги фӕлмӕн дзурдӕй барӕвдауай (Ром. 1:12; Еф. 5:16). Хестӕр нӕлгоймӕгти бон ма куд ӕй Павели фӕнзун? Сӕ бон ӕй, Библий фӕрци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕууӕндундзийнадӕ федар кӕнун ӕма син дзорун, Хуцау сӕ берӕ ке уарзуй. Удта сӕ ӕхуӕдӕг дӕр ке уарзуй, уой дӕр си нӕ фӕрримӕхсуй. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рӕстӕг арӕх ферветуй ӕма алкӕддӕр иссеруй, цӕй туххӕй сӕ растауа, уой. Хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕрӕн бауайдзӕф кӕнун ку фӕгъгъӕуй, уӕд фӕййархайуй, цӕмӕй ӕ унаффӕ Библибӕл арӕзт уа. Адӕймаг раст кӕми н’ адтӕй, уой ин ӕргомӕй фӕззӕгъуй, фал ӕ дзурдигъӕдӕ фӕууй фӕлмӕн, уомӕн ӕма ин адӕймаг ӕ дзурдтӕ куд балӕдӕрдзӕй, уомӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсуй (Гал. 6:1).
ДӔХЕМӔ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСӔ
13. Еуӕй-еу хестӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ гъӕндзийнӕдтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй фӕккӕсунцӕ?
13 Е зин цӕмӕн фӕууй? Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр мах хузӕн ӕнӕнхӕст ӕнцӕ ӕма рӕдуйунцӕ (Ром. 3:23). Уонӕн дӕр алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй сӕ гъӕндзийнӕдтӕмӕ раст цӕстӕй кӕсун. Еуӕй-еуетӕ си минкъий естӕй туххӕй дӕр сӕхе бахуӕрунцӕ. Иннетӕн ба си неци уӕлдай фӕууй, ӕма сӕ цидӕр исраст кӕнун ке фӕгъгъӕуй, уобӕл сагъӕс дӕр нӕ фӕккӕнунцӕ.
14. Павелӕн сӕрниллӕгдзийнадӕ куд ӕнхус кодта ӕ гъӕндзийнӕдтӕмӕ раст цӕстӕй кӕсун? (Филиппӕгтӕмӕ 4:13).
14 Павели цӕветтон. Павел сӕрниллӕг адтӕй ӕма ’й лӕдӕрдтӕй, ӕ гъӕндзийнӕдтӕбӕл ӕхе хъауритӕй ке нӕ фӕууӕлахез уодзӕй. Зудта ӕй, Йегови ӕнхус ӕй ке гъӕуй. Раздӕр Павел адтӕй хъӕбӕр ӕнӕбасӕтгӕ адӕймаг ӕма киристӕнтти карзӕй ӕфхуардта. Фал ӕй фӕстӕдӕр балӕдӕрдтӕй, раст ке н’ адтӕй, ӕма ӕ уодигъӕдӕ раййивта (1 Тим. 1:12–16). Йеговӕ ин банхус кодта, цӕмӕй уарзӕгой, тӕрегъӕдгӕнагӕ ӕма сӕрниллӕг фиййау иссайдӕ. Павел ӕ раздӕри рӕдудтити туххӕй маст кодта. Фал сӕмӕ нӕ никкомкоммӕ уидӕ ӕма федарӕй ӕууӕндтӕй, Йеговӕ ин ке ниххатир кӕндзӕй (Ром. 7:21–25). Ӕхецӕй ӕнхӕстдзийнадӕ нӕ агурдта, фал уӕддӕр ӕхебӕл архайдта, цӕмӕй Киристей хуӕздӕрӕй-хуӕздӕр фӕнза, удта Йеговӕй сӕрниллӕгӕй ӕнхус курдта, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаги ӕнтӕстгундӕр уа (1 Кор. 9:27; бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:13).
15. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама сӕ гъӕндзийнӕдтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсонцӕ?
15 Уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Ӕнсувӕри хестӕр нӕлгоймагӕй ке иснисан кодтонцӕ, е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма ӕнхӕст адӕймаг иссӕй. Йегови фӕндуй, цӕмӕй еци ӕнсувӕр лӕдӕра, е дӕр рӕдуйгӕ ке кӕнуй, ӕма идарддӕр дӕр Йесо Киристей фӕнзунбӕл архайа (Еф. 4:23, 24). Хестӕр нӕлгоймаг Библи арф ку ӕртаса, уӕд ӕй ӕхуӕдӕг дӕр лӕдӕрдзӕй, исраст кӕнун ӕй ци гъӕуй, уой. Уотемӕй ин Йеговӕ арфӕ кӕндзӕй ӕма уодзӕй амондгун ӕма ӕнтӕстгун (Иак. 1:25).
ИННЕТӔМӔ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСӔ
16. Хестӕр нӕлгоймаг иннети гъӕндзийнӕдтӕмӕ е ’ргом ӕгӕр ку ӕздаха, уӕд ӕй е цӕмӕ ӕркӕндзӕй?
16 Е зин цӕмӕн фӕууй? Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рӕстӕг куд фулдӕр ферветунцӕ, уотӕ син сӕ гъӕндзийнӕдтӕ хуӕздӕр уинун райдайунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ еци ӕнсувӕртӕн еуӕй-еухатт зин фӕууй сӕхебӕл фӕххуӕцун, цӕмӕй сӕ хӕццӕ гурумухъ дзурд ма кӕнонцӕ ӕма син алли фудтӕ ма никкалонцӕ. Фал хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ гъӕуама уӕхӕн миутӕн сӕ кой дӕр ма уа. Апостол Павел куд загъта, уотемӕй, е Сайтани фӕндуй, цӕмӕй уӕхӕнттӕ уонцӕ (2 Кор. 2:10, 11).
17. Павел хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дардта?
17 Павели цӕветтон. Павел алкӕддӕр архайдта, цӕмӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ хуарзӕй ци ес, уой уина. Еуӕй-еухатт етӕ дӕр фӕррӕдуиуонцӕ ӕма ин ӕ зӕрдӕ фӕрресун кӕниуонцӕ. Павел ӕй хуарз лӕдӕрдтӕй, еске ку фӕррӕдуйуй, уӕд е уобӕл дзорӕг ке нӕ фӕууй, ӕма лӕгъуз адӕймаг ӕй. Е хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти берӕ уарзта ӕма син сӕ хуарз менеугутӕн аргъ кодта. Кӕд еуӕй-еухатт фӕррӕдуиуонцӕ, уӕддӕр Павел ӕууӕндтӕй, уотӕ син ӕнӕбари ке рауаидӕ ӕма син уотид банхус кӕнун ке гъӕуй.
18. Павел Еводи ӕма Синтихийӕн куд банхус кодта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (Филиппӕгтӕмӕ 4:1–3).
18 Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Павел Филиппти ӕмбурдӕй дууӕ хуӕремӕн куд банхус кодта. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:1–3.) Еводи ӕма Синтихи кӕрӕдзей нӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, ӕма уой туххӕй нӕбал федудтонцӕ. Фал сӕ Павел уайдзӕфти буни нӕ фӕккодта ӕма сӕбӕл ӕ къох нӕ ракъуӕрдта. Е сӕ сӕ хуарз менеугути туххӕй растудта. Павел ӕй зудта, еци хуӕртӕ Хуцауи гъуддаги берӕ ке хъиамӕт кӕнунцӕ, удта сӕ Йеговӕ ке уарзуй, уой дӕр. Павел сӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй ке кастӕй, уой фӕрци сӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй бафедудтайуонцӕ. Павел алкӕддӕр е ’ргом иннети хуарз менеугутӕмӕ ке ӕздахта, е ин ӕнхус кодта, цӕмӕй ӕ цийнӕ ма исафтайдӕ. Удта ма уой фӕрци еци ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ хуарз ӕмбӕлттӕй байзадӕнцӕ.
19. а) Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ци банхус кӕндзӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ хуарз зӕрдӕ дарун? б) Хестӕр нӕлгоймаг Паддзахади зал ӕфснайунмӕ кӕми ӕнхус кӕнуй, еци хузӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
19 Уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, уе ’ргом хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти рӕсугъд менеугутӕмӕ ӕздахетӕ. Кӕд ӕнӕнхӕст ан, уӕддӕр ни алкӕмӕдӕр ес хуарз менеугутӕ (Фил. 2:3). Хатгай хестӕр нӕлгоймӕгти хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн унаффӕ раттун дӕр фӕгъгъӕуй. Фал етӕ дӕр Павели хузӕн архайунцӕ, цӕмӕй син сӕ рӕдудтитӕмӕ уӕлдай ӕргом ма ӕздахонцӕ. Етӕ ’й лӕдӕрунцӕ, ӕхсидзгӕдӕр ке ӕй, адӕймаг Йегови ке уарзуй, уодуӕлдаййӕй ин ке лӕггадӕ кӕнуй ӕма ӕ бон хуӕздӕр ӕрдӕмӕ ӕййевун ке ӕй, е. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуарз менеугутӕмӕ се ’ргом ку ’здахонцӕ, уӕд ӕмбурд уодзӕй еу бийнонти хузӕн ӕма си алкӕмӕндӕр уодзӕй хуарз.
ИДАРДДӔР ДӔР ПАВЕЛИ ФӔНЗЕТӔ
20. Павели цӕветтон хестӕр нӕлгоймӕгтӕн фулдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕй?
20 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, хуарз уайдӕ Павели цӕветтонмӕ лӕмбунӕгдӕр ку ӕркӕсиайтӕ. Павели туххӕй фулдӕр ӕрмӕг иссерӕн ес нӕ публикацити индекси. (Иссерӕн ӕй ес уруссагау. Кӕсӕ «Индекс публикаций Сторожевой башни» > Павел > Пример для старейшин.) Еци ӕрмӕг кӕсгӕй дӕхе бафӕрсисӕ: «Павели цӕветтон мин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй мӕ ихӕстӕ дӕр ӕнхӕст кӕнон ӕма мӕ цийнӕ дӕр ма исафон?»
21. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон цӕбӕл ӕй федарӕй ӕууӕндун?
21 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, Йеговӕ уи ӕнхӕстдзийнадӕ нӕ агоруй, фал ӕй фӕндуй, цӕмӕй ибӕл еузӕрдон уайтӕ (1 Кор. 4:2). Павел еузӕрдон ке адтӕй ӕма уодуӕлдаййӕй ке лӕггадӕ кодта, уомӕн Йеговӕ устур аргъ кодта. Мадта сумах бон дӕр ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй цидӕриддӕр кӕнтӕ, уой ке уинуй ӕма ин ке аргъ кӕнуй. Йеговӕ уин некӕд «феронх кӕндзӕй уӕ хъиамӕт ӕма ин ӕ номмӕ ци уарзондзийнадӕ бавдистайтӕ, уой – сумах лӕггадӕ кодтайтӕ ӕма нур дӕр лӕггадӕ кӕнтӕ сугъдӕгутӕн» (Дзиуит. 6:10).
87 ЗАР Ӕрбацо, ӕма уодӕнцойнӕ иссерай
^ Мах хестӕр нӕлгоймӕгтӕй хъӕбӕр боз ан сӕ уодуӕлдай лӕггади туххӕй. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ, уонӕй цуппаремӕ. Радзубанди кӕндзиан, апостол Павели цӕветтон син куд банхус кӕндзӕй, уобӕл. Уомӕй уӕлдай ма базондзиан, нӕ бон куд ӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕнхус кӕнун, хуӕздӕр сӕ лӕдӕрун ӕма сӕ ке уарзӕн, уой син ӕвдесун.
^ ХУЗӔ. Кусти фӕсте ӕнсувӕр хуарз хабар дзоруй, ке хӕццӕ косуй, уомӕн.
^ ХУЗӔ. Хестӕр нӕлгоймаг зӕрдиагӕй салам дӕттуй, ӕхе иннетӕй еуварс ка даруй, уӕхӕн ӕнсувӕрӕн.
^ ХУЗӔ. Еу ӕнсувӕр иннемӕн зӕгъуй, зӕрдихудт феронх кӕнун хуӕздӕр ке уодзӕй.
^ ХУЗӔ. Ӕригон ӕнсувӕри бафӕндадтӕй Паддзахади зали ӕфснайунмӕ фӕккӕсун, фал ӕ телефонбӕл фӕцӕй. Хестӕр нӕлгоймаг ин уой туххӕй уайдзӕфтӕ кӕнун нӕ райдӕдта.