Кӕсгути фарстатӕ
2 Самуили 21:7–9 финст ӕй, зӕгъгӕ, Давидӕн «ӕ цӕстӕ нӕ бауарзта» Мемфивосфеййи гаваойнӕгти къохмӕ раттут. Уой фӕсте ба си финст ӕй, Мемфивосфеййи син сӕ къохмӕ ке равардта. Е куд лӕдӕргӕ ’й?
Уӕхӕн фарста фӕззиндтайдӕ, аци скъуддзаг тагъд-тагъдӕй ка ракастӕй, уомӕ. Ами дууӕ фӕйнӕхузи Мемфивосфеййи туххӕй дзурд цӕуй. Гъӕйдӕ аци хабармӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн ӕма базонӕн, цӕбӕл си ахур кӕнӕн, уой.
Израилаг паддзах Саулӕн тӕккӕ минкъийдӕр адтӕй авд фурти ӕма дууӕ кизги. Ӕгасей хестӕр адтӕй Ионафан. Уой фӕсте Саулӕн, ӕ номбӕлуосӕ Рицпӕй, райгурдӕй Мемфивосфей. Дессаг ей ӕй, ӕма Ионафан дӕр ӕ фуртбӕл уӕхӕн ном исӕвардта. Мадта, уотӕ уайуй, ӕма Саулӕн адтӕй фурт Мемфивосфей ӕма фурти фурт Мемфивосфей.
Саул гаваойнӕгти дзилагӕ исӕскъунунбӕл архайун райдӕдта. Уӕд, ӕвӕдзи, берӕ адӕн фӕммардӕй. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, е устур фудракӕнд ке адтӕй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма Йесо Навини рӕстӕгути Израили хестӕртӕ гаваойнӕгти хӕццӕ фарни бадзурд искодтонцӕ (Йес. Н. 9:3–27).
Саул паддзах ку иссӕй, уӕддӕр ма еци бадзурд ӕ хъаури адтӕй. Фал Саул, Гаваони цӕргути еугурейдӕр ниццӕгъдунмӕ ке гъавта, уомӕй еци бадзурд фехалдта. Йеговӕ загъта: «Саул ӕма ӕ хӕдзарвӕндаг фудгин ӕнцӕ тогниккалди» (2 Сам. 21:1). Рӕстӕг рацудӕй ӕма Израили паддзах Давид иссӕй. Ӕма ’й ку базудта, Йеговӕ еци тогниккалди туххӕй ӕхе израилӕгтӕй ке рахадта, уӕд гаваойнӕгтӕй уодӕгасӕй ка байзадӕй, уонӕмӕ фӕдздзурдта ӕма сӕ бафарста, ци ’й гъӕуй бакӕнун, цӕмӕй еци фудгъуддаг исраст кӕна. Етӕ си ӕхца нӕ байагурдтонцӕ, фал ин загътонцӕ, цӕмӕй сӕ фесафунмӕ ка гъавта, уомӕн ӕ авд фурти равардтайдӕ. Гъема Давид дӕр уотӕ бакодта (2 Сам. 21:2–6; Ним. 35:30, 31).
Уӕдмӕ Саул ӕма Ионафан тугъди будури фӕммардӕнцӕ. Ионафани фурт Мемфивосфей ба уодӕгас адтӕй, фал сувӕллон уогӕй фӕссахъат ӕй. Е ӕ бабай фудракӕнди неци фудгин адтӕй. Давид ма ӕригон ку адтӕй, уӕд Ионафани хӕццӕ бадзурд искодта, алкӕддӕр кӕрӕдзебӕл ӕновуд ке уодзӕнцӕ, уой туххӕй. Еци бадзурд Ионафани байзӕддӕгтӕмӕ дӕр хаудтӕй, уой хӕццӕ ба ма Ионафани фурт Мемфивосфеймӕ дӕр (1 Сам. 18:1; 20:42). Уомӕ гӕсгӕ 2 Самуили 21:7 куд финст ӕй, уотемӕй Давидӕн «ӕ цӕстӕ нӕ бауарзта» Саули фурт Ионафанӕн ӕ фурт Мемфивосфеййи раттун, Давид ӕма Саули фурт Ионафан Йегови рази ке расоми кодтонцӕ, уой туххӕй.
Фал уӕддӕр Давид гаваойнӕгти курдиадӕ исӕнхӕст кодта. Бауагъта сӕ, цӕмӕй Саули дууӕ фурти, еу си хундтӕй Мемфивосфей, удта ӕ фондз фурти фурти рамардтайуонцӕ (2 Сам. 21:8, 9). Уотемӕй Давиди фӕрци израилӕгтӕ тогниккалди фудгин нӕбал адтӕнцӕ.
Цӕбӕл радзурдтан, е ӕнӕуой хабар нӕй. Хуцауи закъони бӕлвурдӕй финст адтӕй: «Сувӕллони ӕ фиди туххӕй марӕн [ке] нӕййес» (Дук. з. 24:16). Саули фурттӕ ӕма ӕ фурти фурттӕ ку неци фудгин адтайуонцӕ, уӕд сӕ Йеговӕ рамарун нӕ бауагътайдӕ. Еци закъони ма финст адтӕй: «Алкедӕр гъӕуама рамӕла ӕхе тӕрегъӕди туххӕй». Уомӕ гӕсгӕ, уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма еци авд нӕлгоймаги дӕр гаваойнӕгти тогниккалди фудгин адтӕнцӕ. Мадта мард ӕрцудӕнцӕ сӕхе фудракӕнди туххӕй.
Аци хабарӕй бӕрӕг ӕй, адӕймаг лӕгъуз гъуддаг ку ракӕна, уӕд ӕхе уомӕй не ’сраст кӕндзӕй, кедӕр бардзурд ӕнхӕст кодтон, зӕгъгӕ. Алкедӕр дзуапп дӕтдзӕй ӕхе гъуддӕгти туххӕй. Библий дзӕгъӕли финст нӕй: «Дӕ къахӕн над ислигъз кӕнисӕ ӕма дӕ нӕдтӕбӕл федар къахдзӕфтӕй размӕ цо. Нӕдӕр рахесӕрдӕмӕ ма рахезӕ, нӕдӕр галеуӕрдӕмӕ. Лӕгъуздзийнадӕй дӕ къах идӕрдти хӕссӕ» (Ӕмб. 4:24–27; Еф. 5:15).