Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Зудтай ӕй?

Зудтай ӕй?

Цума Мардохей ӕцӕгӕйдӕр цардӕй?

БИБЛИЙ, Есфири киунуги берӕ финст ес дзиуиттаг нӕлгоймаг Мардохеййи туххӕй. Е адтӕй, вавилойнӕгтӕ уацари ке ракодтонцӕ, еци дзиуиттӕгти байзӕддаг ӕма лӕггадӕ кодта Персий паддзахи галауани. Цардӕй нӕ эри размӕ 5 ӕноси райдайӕни, «паддзах Ахашвероши рӕстӕги». (Берети гъудимӕ гӕсгӕ е адтӕй паддзах Ксеркс Фиццаг.) Паддзахи марунвӕндӕ ке искодтонцӕ, уой Мардохей базудта ӕма ’й фегъосун кодта. Уой туххӕй си паддзах Ахашверош хъӕбӕр боз адтӕй ӕма загъта, цӕмӕй ӕй ӕгас адӕни астӕу искадгин кӕнонцӕ. Мардохеййи ӕма ӕгас дзиуиттӕгти фуддӕр знаг Аман ку рамардӕй, уӕд Мардохей иссӕй паддзахи фӕсте дуккаг лӕг. Уой фӕрци ӕ бон адтӕй бардзурд раттун, цӕмӕй Персий паддзахади дзиуиттӕгтӕн сӕ бон адтайдӕ сӕхе багъӕуай кӕнун ӕма ма фӕццагъди адтайуонцӕ (Есф. 1:1; 2:5, 21–23; 8:1, 2; 9:16).

Еуӕй-еу ахургӕндтӕ дзурдтонцӕ, зӕгъгӕ, дан, Есфири киунуги цидӕриддӕр финст ес, етӕ аргъӕуттӕ ’нцӕ ӕма Мардохей уогӕ дӕр некӕд адтӕй. Фал 1941 анзи археологтӕ ци иссирдтонцӕ, е гъӕуама исбӕрӕг кодтайдӕ, Библий Мардохеййи туххӕй ци финст ес, е ӕцӕг хабар ке ӕй. Цума ци иссирдтонцӕ?

Ахургӕндтӕ иссирдтонцӕ ӕргъӕй конд персайнаг къӕйдор. Финст си адтӕй еу адӕймаги ном Мардукӕ, зӕгъгӕ (кенӕ Мардохей). Еци адӕймаг устур бунат ахӕста, гӕнӕн ес, ӕма хӕзнадар адтӕй горӕт Сузи. Искӕсӕн бӕстити истори ка ӕртасуй, еу уӕхӕн ахургонд Артур Унгнад ци ниффинста, уомӕ гӕсгӕ уӕди рӕстӕги «Мардохеййи ном Библийӕй уӕлдай ӕрмӕстдӕр уоми ӕмбалдӕй».

Унгнади куститӕ мухури ку рацудӕнцӕ, уӕд ма уой фӕсте ахургӕндтӕ ратӕлмац кодтонцӕ мингай ӕндӕр персайнаг финститӕ дӕр. Сӕ астӕу адтӕнцӕ ӕргъӕй конд ӕндӕр къӕйдортӕ дӕр. Иссирдтонцӕ сӕ горӕт Персеполи фӕрсти рази ци хӕзнадони кӕлӕдздзӕгтӕ адтӕй, уоми. Етӕ финст ӕрцудӕнцӕ паддзах Ксеркс Фиццаги рӕстӕг. Адтӕнцӕ эламаг ӕвзагбӕл ӕма си Есфири киунугӕй цалдӕр адӕймагей нӕмттӕ финст адтӕй a.

Мардохеййи (Мардуки) ном персайнаг къӕйдорбӕл

Еци персепойлаг къӕйдортӕй цалдӕребӕл дзурд цудӕй Мардуки туххӕй. Е адтӕй паддзах Ксеркс Фиццаги рӕстӕг Сузи галауани секретарь. Сӕ еуеми си финст адтӕй, тӕлмацгӕнӕг ке адтӕй. Ӕма е, Библий Мардохеййи туххӕй ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ раст ӕй. Паддзах Ахашвероши (Ксеркс Фиццаг) рӕстӕг адтӕй хецау ӕма тӕккӕ минкъийдӕр дзурдта дууӕ ӕвзагебӕл. «Мардохей бадтӕй паддзахи колдуари рази» Сузи галауани (Есф. 2:19, 21; 3:3). Е адтӕй, хецӕуттӕ кӕми кустонцӕ, уӕхӕн устур бунат.

Персепойлаг къӕйдортӕбӕл ци Мардуки туххӕй дзурд цӕуй ӕма Библий ци Мардохеййи туххӕй финст ес, етӕ куд ӕмхузӕн ӕнцӕ, е дессаг ӕй. Сӕ дууӕ дӕр цардӕнцӕ еци еу рӕстӕг ӕма еци еу бунати ӕма сӕ дууӕ дӕр еци еу куст кодтонцӕ. Мадта археологтӕ ци иссирдтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ес, ӕма Мардукӕ дӕр, удта Мардохей дӕр еу адӕймагмӕ амонунцӕ.

a 1992 анзи профессор Эдвин Ямаучи ци статья рауагъта, уоми ниффинста, персепойлаг финстити ци дӕс номи финст адтӕй, уони. Еци нӕмттӕ Есфири киунуги дӕр ӕмбӕлунцӕ.