Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

47 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йеговӕй уӕ маци рахецӕн кӕнӕд

Йеговӕй уӕ маци рахецӕн кӕнӕд

«Ӕз мӕ зӕрдӕ дӕубӕл дарун, о Йеговӕ» (ПС. 31:14).

122 ЗАР Федар, ӕнӕфӕккеугӕ уотӕ!

РАЗДЗУРД a

1. Кӕцӕй ӕй зонӕн, Йегови ке фӕндуй, цӕмӕй имӕ ӕрбахӕстӕг уӕн?

 ЙЕГОВӔ дзоруй, цӕмӕй имӕ ӕрбахӕстӕг уӕн (Иак. 4:8). Уой фӕндуй, цӕмӕй уа нӕ Фидӕ, нӕ Хуцау, удта не ’Мбал. Йеговӕ нин нӕ кувдтитӕбӕл дзуӕппитӕ дӕттуй ӕма зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нин банхус кӕнуй. Удта ма нӕ ахур кӕнуй ӕма нӕ гъӕуай кӕнуй ӕ организаций фӕрци. Фал мах ба ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй Йеговӕмӕ ӕрбахӕстӕг уӕн?

2. Нӕ бон куд ӕй Йеговӕмӕ ӕрбахӕстӕг ун?

2 Йеговӕмӕ фӕххӕстӕг кӕнӕн ку имӕ фӕкковӕн, ӕ Дзурд Библи ин ку фӕккӕсӕн ӕма ибӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд. Уотӕ ку архайӕн, уӕд Йегови фулдӕр уарздзиан ӕма ин аргъ кӕндзиан. Удта нӕ фӕнддзӕй, цӕмӕй имӕ игъосӕн ӕма ’й кадгин кӕнӕн, уомӕн ӕма уой хузӕн кади аккаг неке ӕй (Рарг. 4:11). Йегови куд хуӕздӕр зонгӕ цӕуӕн, уотӕ ин ӕхебӕл дӕр ӕма ӕ организацибӕл дӕр фулдӕр ӕууӕнддзиан.

3. Сайтан куд архайуй, цӕмӕй нӕ Йеговӕй рахецӕн кӕна, фал нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Хуцауӕй ӕма ӕ организацийӕй нӕхе ма рахатӕн? (Псалом 31:13, 14).

3 Сайтан архайуй, цӕмӕй нӕ Йеговӕй рахецӕн кӕна. Уӕлдайдӕр ба нӕ царди алци хуарз ку нӕ фӕууй, уӕд. Кутемӕй? Фӕндуй ӕй, цӕмӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл гурусхӕ кӕнун райдайӕн. Фал ин нӕ бон ӕй нихкъуӕрд раттун. Не ’ууӕндундзийнадӕ федар ку уа ӕма Йеговӕбӕл ку нӕ гурусхӕ кӕнӕн, уӕд нӕхе неци хузи рахатдзиан Хуцауӕй ӕма ӕ организацийӕй. (Бакӕсӕ Псалом 31:13, 14.)

4. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

4 Аци статьяй ӕркӕсдзиан, ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн, уонӕй ӕртемӕ. Алке туххӕй дӕр си нӕ бон ӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл гурусхӕ кӕнун райдайун. Мах базондзиан, еци зиндзийнӕдти туххӕй адӕймаг хатгай Йеговӕй куд раидард уй ӕма нӕ ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй Сайтани нихмӕ фӕллӕууӕн?

ЦАРДИ ЗИНДЗИЙНӔДТӔ

5. Уомӕн гӕнӕн куд ес, цӕмӕй зиндзийнӕдти туххӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл гурусхӕ кӕнун райдайӕн?

5 Хатгай цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн. Зӕгъӕн, нӕ бийнонтӕ нӕ нихмӕ ку рацӕунцӕ кенӕ ӕнӕ кустӕй ку байзайӕн. Цума уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлгӕй нӕ бон куд ӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл гурусхӕ кӕнун райдайун? Еци зиндзийнӕдтӕ берӕ рӕстӕг ку рахӕссунцӕ, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма нӕхемӕ нийгъосӕн ӕма нӕ къохтӕ ӕруадзӕн. Сайтан еци фадуат нӕ рауадздзӕй ӕма си испайда кӕндзӕй ӕма архайдзӕй, цӕмӕй нӕ Йеговӕ ке уарзуй, уобӕл гурусхӕ кӕнун райдайӕн. Уой фӕндуй, цӕмӕй мах баууӕндӕн, нӕ зиндзийнӕдтӕ Йегови ӕма ӕ организаций фудӕй ке ’нцӕ. Египети, еуӕй-еу израилӕгтӕбӕл дӕр уӕхӕн хабар ӕрцудӕй. Йеговӕ израилӕгтӕмӕ Моисей ӕма Аарони рарвиста, цӕмӕй сӕ цагъайрадӕй исуӕгъдӕ кодтайуонцӕ. Ӕма сӕбӕл фиццаг рӕстӕг ӕууӕндтӕнцӕ (Рац. 4:29–31). Фал фӕстӕдӕр, фараон израилӕгти цард никки зиндӕр ку фӕккодта, уӕд Моисей ӕма Аарони фӕффудгин кодтонцӕ. Етӕ загътонцӕ: «Сумах туххӕй нӕмӕ фараон ӕма ӕ лӕггадгӕнгутӕ знаги цӕстӕй кӕсун райдӕдтонцӕ. Сумах син уӕхуӕдтӕ равардтайтӕ сӕ къохмӕ кард, цӕмӕй нӕ ниццӕгъдонцӕ» (Рац. 5:19–21). Е дин хабар! Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгути фӕффудгин кодтонцӕ! Мадта нӕ зиндзийнӕдтӕн фӕууни амал ку нӕ уа, уӕд нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл гурусхӕ кӕнун ма райдайӕн?

6. Пахампар Аввакуми цӕветтон нин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ бон уа зиндзийнӕдти сӕрти хезун? (Аввакум 3:17–19).

6 Ци дӕ тухсун кӕнуй, уой Йеговӕн ӕргом дзорӕ ӕма си ӕнхус агорӕ. Пахампар Аввакум берӕ зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕй. Еу уӕхӕни имӕ уотӕ кӕсун дӕр райдӕдта, цума ибӕл Йеговӕ нӕбал тухсуй. Уомӕ гӕсгӕ ин ӕ тухститӕ радзурдта ӕма загъта: «О Йеговӕ, цӕйбӕрцӕ ма дӕмӕ дзиназдзӕн, цӕмӕй мӕ фегъосай? [...] Цӕмӕн мин уинун кӕнис фуддзийнадӕ ӕма фидбилиз?» (Ав. 1:2, 3). Йеговӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнӕги кувдбӕл исдзуапп кодта (Ав. 2:2, 3). Пахампар, Йеговӕ раздӕр ӕ адӕни куд ервӕзун кодта, уобӕл ку расагъӕс кодта, уӕд ӕ нифс бафедар ӕй ӕма нӕуӕгӕй цийнӕ кӕнун райдӕдта. Аввакум нӕбал гурусхӕ кодта, Йеговӕ ибӕл ке тухсуй ӕма ин цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти рахезунмӕ дӕр ке банхус кӕндзӕй. (Бакӕсӕ Аввакуми 3:17–19.) Аци хабарӕй нӕ бон ци ӕй зундӕн райсун? Царди зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлай, уӕд Йеговӕмӕ ковӕ ӕма дӕ цидӕриддӕр тухсун кӕнуй, уой ин дзорӕ. Дӕ зӕрдӕ ибӕл дарӕ ӕма ма гурусхӕ кӕнӕ: Йеговӕ дин ратдзӕй хъауритӕ, цӕмӕй федар фӕллӕууай. Ӕма ’й ку фӕууинай, Йеговӕ дин куд ӕнхус кӕнуй, уӕд де ’ууӕндундзийнадӕ никки федардӕр фӕууодзӕй.

7. Ширли цӕхуӕн фӕлварӕнбӕл исӕмбалдӕй ӕма ин Йеговӕ куд ӕнхус кодта, цӕмӕй ибӕл еузӕрдонӕй байзадайдӕ?

7 Йеговӕмӕ ке фӕрци хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ, еци гъуддӕгтӕ идарддӕр дӕр кӕнӕ. Уой фӕрци нӕ хуӕрӕ Ширли b зиндзийнӕдти рӕстӕг федар фӕллӕудтӕй. Е цӕруй Папуа – Нӕуӕг Гвинейи. Ӕ бийнонтӕ хъӕбӕр мӕгур цард кӕнунцӕ ӕма син еуӕй-еухатт хуӕруйнаг исамал кӕнун дӕр хъӕбӕр зин фӕууй. Уомӕ гӕсгӕ ин ӕ хӕстӕгутӕй еу уотӕ бакодта: «Уотӕ нӕ фӕззӕгъис, ӕма уин Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ӕнхус кӕнуй? Мадта кӕми ӕй е ’нхус? Уӕ фур мӕгурӕй ци фӕууайтӕ, е дӕр бӕрӕг ку нӕй. Дӕ рӕстӕг ма дзӕгъӕли харз кӕнис дӕ игъосун кӕнуни гъуддагбӕл». Нӕ хуӕрӕ зӕгъуй: «Раст зӕгъгӕй, гъудити ранигъулдтӕн: ӕвӕдзи нӕ Хуцау ӕцӕгӕйдӕр феронх кодта. Фал мӕ сагъӕстӕ Йеговӕй нӕ баримахстон ӕма ин сӕ ӕргом радзурдтон. Идарддӕр дӕр Библи ӕма нӕ публикацитӕ кастӕн, игъосун кӕнунмӕ цудтӕн ӕма ӕмбурдтӕ нӕ цох кодтон». Уобӕл ци рацудӕй, ӕма ’й Ширли балӕдӕрдтӕй, Йеговӕ ин ӕ бийнонтӕбӕл ке тухсуй. Ци бахуӕронцӕ, е сӕмӕ адтӕй ӕма кӕд ӕнцон цард нӕ кодтонцӕ, уӕддӕр хъӕбӕр амондгун адтӕнцӕ. Идарддӕр Ширли зӕгъуй: «Йеговӕ мин мӕ кувдтитӕбӕл дзуапп ке дӕттуй, уой уидтон» (1 Тим. 6:6–8). Мадта дӕуӕй кӕнгӕ ци ӕй, уой ку кӕнай, цӕмӕй де ’ууӕндундзийнадӕ ма ’рлӕмӕгъ уа, уӕд цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти дӕр дӕ бон уодзӕй рахезун ӕма Йеговӕй нӕ раидард уодзӕнӕ.

БӔРНОН ӔНСУВӔРТИ КУ ФЕФХУӔРУНЦӔ

8. Бӕрнон ӕнсувӕртӕ хатгай цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ?

8 Не знӕгтӕ пайда кӕнунцӕ телевизор ӕма интернеттӕй, цӕмӕй бӕрнон ӕнсувӕрти ном фегадӕ кӕнонцӕ ӕма сӕбӕл ӕууӕнкӕ мабал уа (Пс. 31:13). Еуӕй-еу ӕнсувӕрти ба ма фудракӕндти дӕр фӕффудгин кодтонцӕ ӕма сӕ ахӕстдони исбадун кодтонцӕ. Фал нӕмӕ е дессаг нӕ кӕсуй. Уӕхӕн хабӕрттӕ раздӕр дӕр адтӕй. Зӕгъӕн, апостол Павели ӕнӕфудӕй бафхуардтонцӕ ӕма ’й ахӕстдони исбадун кодтонцӕ. Цума хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ уомӕ ци цӕстӕй ракастӕнцӕ?

9. Еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕхе куд бадардтонцӕ, апостол Павели ахӕстдони ку исбадун кодтонцӕ, уӕд?

9 Фиццаг ӕноси апостол Павели Роми ахӕстдони ку исбадун кодтонцӕ, уӕд си еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕхе рахаттонцӕ (2 Тим. 1:8, 15). Цӕмӕн? Ка ’й зонуй, ӕма си ӕфсӕрми кодтонцӕ, уомӕн ӕма адӕнӕй беретӕ Павели фудгӕнӕгбӕл нимадтонцӕ (2 Тим. 2:8, 9). Кенӕ ба, ӕвӕдзи, тарстӕнцӕ, уони фӕдбӕл дӕр ку зелонцӕ. Расагъӕс кӕнайтӕ, Павелӕн кунӕг зин н’ адтӕй, еунӕгӕй ку райзадӕй, уӕд. Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти туххӕй Павел берӕ зиндзийнӕдтӕ бафӕразунмӕ цӕттӕ адтӕй, сауӕнгӕ ма ӕ цард раттунмӕ дӕр (Гъуд. 20:18–21; 2 Кор. 1:8). Гъӕйдӕ мадта не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй Павели еунӕгӕй ка ниууагъта, уони хузӕн ма исуӕн. Бӕрнон ӕнсувӕрти фӕдбӕл ку фӕззелунцӕ, уӕд нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн?

10. Бӕрнон ӕнсувӕрти фӕдбӕл ку фӕззелунцӕ, уӕд нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн ӕма цӕмӕн?

10 Иронх уи ма уӕд, нӕ фӕдбӕл цӕмӕн зелунцӕ ӕма е кӕмӕй цӕуй, е. 2 Тимофеймӕ 3:12 финст ӕй: «Йесо Киристей хӕццӕ еудзийнади цӕрун ке фӕндуй, етӕ ӕгасӕйдӕр ӕфхуӕрд ӕййафдзӕнцӕ». Уомӕ гӕсгӕ нӕмӕ дессаг нӕ кӕсуй, Сайтан бӕрнон ӕнсувӕртӕбӕл ӕ маст ке фӕккодта. Уой фӕндуй, цӕмӕй фӕттӕрсонцӕ ӕма Хуцаубӕл сӕ зӕрдӕ исӕййевонцӕ (1 Пет. 5:8).

Павел ахӕстдони ку бадтӕй, уӕд ин Онисифор нифсгунӕй ӕнхус кодта. Гъе уотӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр нӕ фӕттӕрсунцӕ, ахӕстдони ке исбадун кӕнунцӕ, уонӕн ӕнхус кӕнун, хузӕбӕл куд ӕвдист ӕй, уотӕ (кӕсӕ 11 ӕма 12 абзацтӕ)

11. Онисифори хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (2 Тимофеймӕ 1:16–18).

11 Идарддӕр дӕр ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнтӕ ӕма багъӕуаги сӕ фарсмӕ уотӕ. (Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 1:16–18.) Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, фиццаг ӕноси ка цардӕй, еу уӕхӕн киристон Онисифори хабар. Павел си загъта: «Рӕхистӕй баст ке дӕн, уомӕй дӕр не ’фсӕрми кодта». Ӕфсӕрми нӕ, фал ма ’й агоргӕ дӕр кодта ӕма ’й ку иссирдта, уӕд ин аллихузи ӕнхус кодта. Онисифор уотӕ ке архайдта, уомӕй ӕхе тӕссаг уавӕри гӕлста, фал ӕй е дӕр нӕ бауорӕдта. Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй адӕнӕй тӕрсун райдайӕн ӕма уой туххӕй, нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ке ӕфхуӕрунцӕ, уонӕй нӕхе рахатӕн. Гъӕйдӕ мадта алкӕддӕр сӕ фарсмӕ уӕн ӕма нӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр ӕй, уомӕй син ӕнхус кӕнӕн (Ӕмб. 17:17). Уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дзӕвгарӕ ӕнцондӕр фӕууй, ку ’й фӕззонунцӕ ке сӕ уарзӕн ӕма сӕ фарсмӕ балӕуунмӕ цӕттӕ ке ан, уӕд.

12. Уӕрӕсей хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ нин фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕнцӕ?

12 Фӕнзуйнаг ӕнцӕ Уӕрӕсей хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр. Етӕ нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ахӕстдони ка бадуй, уонӕн ӕнхус кӕнунцӕ. Йегови Ӕвдесӕнтӕй тӕрхон кӕмӕн фӕккӕнунцӕ, уонӕмӕ тӕрхондонӕмӕ ӕрбацӕунцӕ ӕма сӕ фарсмӕ балӕуунцӕ. Сӕ хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Бӕрнон ӕнсувӕрти фудкой ку кӕнонцӕ, сӕ фӕдбӕл ку зелонцӕ кенӕ сӕ ахӕстдӕнтти ку бадун кӕнонцӕ, уӕд ма бауадзӕ, цӕмӕй дӕ еци хабӕрттӕ фӕттӕрсун кӕнонцӕ. Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти туххӕй ковӕ, сӕ бийнонтӕн син ӕнхус кӕнӕ ӕма ӕндӕр фадуӕттӕ агорӕ, цӕмӕй ци гъӕуагӕ ӕнцӕ, уомӕй сӕмӕ фӕккӕсай (Гъуд. 12:5; 2 Кор. 1:10, 11).

ХОДГӔ НӔБӔЛ КУ ФӔККӔНУНЦӔ

13. Уомӕн куд ес гӕнӕн, ӕма нӕбӕл ходгӕ ке кӕнунцӕ, уой туххӕй Йеговӕбӕл гурусхӕ кӕнун райдайӕн?

13 Йегови раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ке цӕрӕн ӕма хуарз хабар ке игъосун кӕнӕн, уой туххӕй нӕбӕл, гӕнӕн ес, ходонцӕ нӕ хеуӕнттӕ, не ’мкосгутӕ кенӕ не ’мкъласонтӕ (1 Пет. 4:4). Еуӕй-еухатт нин фӕззӕгъунцӕ: «Бӕргӕ хуарз адӕймаг дӕ, фал дӕ дӕ дин фезмӕлун дӕр нӕ уадзуй. Цума аци дуйнейӕй дӕр нӕ дӕ». Иннетӕ ба нӕ уайдзӕфти буни фӕккӕнунцӕ, ӕмбурдӕй ке рацох кодтонцӕ, уони хӕццӕ нӕхе куд фӕддарӕн, уой туххӕй. Уотӕ дӕр ма бакӕнунцӕ: «Мадта уотӕ цӕмӕн фӕззӕгъетӕ, адӕни уарзӕн?» Уӕхӕн дзурдти фӕсте, гӕнӕн ес, ӕма гурусхӕ кӕнун райдайӕн: «Цума Йегови уагӕвӕрдтӕ ӕгӕр карз нӕ ’нцӕ? Кенӕ Йегови организаци ӕгӕр унгӕг арӕнтӕ не ’рфедар кодта?» Кӕд уӕхӕн цӕбӕлдӕрти исӕмбалдтӕ, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йеговӕй ӕма ӕмбурдӕй ма раидард уай?

Иов нӕ баууӕндтӕй, фаутӕ ибӕл ка ӕвардта, уони мӕнгӕттӕбӕл. Е загъта: «Цалинмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуцаубӕл мӕ зӕрдӕ не ’сӕййевдзӕн!» (кӕсӕ 14 абзац)

14. Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ке цӕрӕн, уой туххӕй нӕбӕл ке ходунцӕ, уомӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн? (Псалом 119:50–52).

14 Цийфӕнди уавӕрти дӕр Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕретӕ. Еци гъуддаги нин Иов хуарз цӕветтон ниууагъта. Е Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ архайдта, кӕд ибӕл уой туххӕй ходгӕ кодтонцӕ, уӕд дӕр. Ӕхе Иови ӕмбал ка худта, еу уӕхӕн лӕг ӕй уӕхӕн гъудибӕл аразта, зӕгъгӕ, дан, Хуцауӕн неци уӕлдай ӕй, ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ин цӕрис ӕви нӕ, уомӕй (Иов 4:17, 18; 22:3). Фал Иов еци мӕнгӕттӕбӕл нӕ баууӕндтӕй. Е ӕй зудта, Йеговӕ хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уомӕн ци уагӕвӕрдтӕ ӕрфедар кодта, етӕ раст ке ’нцӕ, ӕма ӕ федар фӕндӕ адтӕй, еци уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун. Иов загъта: «Цалинмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуцаубӕл мӕ зӕрдӕ не ’сӕййевдзӕн!» (Иов 27:5, 6). Иови хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Ма бауадзӕ, цӕмӕй дӕбӕл иннетӕ ходгӕ ке кӕнунцӕ кенӕ фаутӕ ке ӕвӕрунцӕ, уой туххӕй гурусхӕ кӕнун райдайай, Йегови уагӕвӕрдтӕ раст ке ’нцӕ, уобӕл. Дӕхе цардбӕл расагъӕс кӕнӕ. Ӕвӕдзи ’й еу ӕма дууӕ хатти нӕ фӕууидтай, Йегови уагӕвӕрдтӕ тӕккӕ хуӕздӕр ке ’нцӕ ӕма аллихатт дӕр дӕ пайдайӕн ке фӕуунцӕ. Йегови уагӕвӕрдтӕбӕл федар ка хуӕцуй, еци организаци макӕд ниууадзӕ ӕма дӕбӕл уӕд адӕн цӕйбӕрцӕфӕнди ма ходонцӕ, уӕддӕр дӕ е Йеговӕй нӕ раидард кӕндзӕй. (Бакӕсӕ Псалом 119:50–52.)

15. Бриджитбӕл ӕ хеуӕнттӕ фаутӕ цӕмӕн ӕвардтонцӕ?

15 Ӕркӕсӕн Индийӕй еу хуӕрӕ Бриджитти хабармӕ. Ӕ дини туххӕй ибӕл ӕ хеуӕнттӕ ходгӕ кодтонцӕ, удта ӕ сӕрихецау дӕр Йеговӕн нӕ лӕггадӕ кодта. Фал 1997 анзи Бриджит уӕд дӕр донаргъуд райста. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма ӕ сӕрихецау ӕнӕ кустӕй байзадӕй. Уомӕ гӕсгӕ унаффӕ рахаста, цӕрунмӕ ке рандӕ уодзӕнцӕ ӕндӕр горӕтмӕ ӕ ниййергутӕмӕ. Фал Бриджит никки устурдӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕй. Ӕ сӕрихецау куст ке нӕ ирдта, уомӕ гӕсгӕ Бриджитти сӕумӕй изӕрмӕ косун гъудӕй, цӕмӕй ӕ бийнонти фӕддардтайдӕ. Уомӕй уӕлдай ба ма имӕ тӕккӕ хӕстӕгдӕр ӕмбурд адтӕй, кӕми цардӕнцӕ, уордигӕй 350 км идарддӕр. Удта ’й, гъигагӕн, ӕ лӕги бийнонтӕ дӕр ӕ дини туххӕй нӕ бауарзтонцӕ. Уавӕр гъе уотӕ лӕгъуз иссӕй ӕма бабӕй сӕ нӕуӕг цӕрӕн бунат агорун багъудӕй. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма ӕ лӕг ӕвваст ӕрбамардӕй. Минкъий фӕстӕдӕр ба ӕ 12-анздзуд кизгӕ раккӕй рамардӕй. Бриджиттӕн ӕхе маст ӕ фагӕ н’ адтӕй, ӕма ма ’й ӕ хеуӕнттӕ фудгин кӕнун райдӕдтонцӕ, Йегови Ӕвдесӕн, дан, ку не ’ссайсӕ, уӕд ӕгас аци бӕллӕхтӕ не ’рцудайуонцӕ. Кӕд нӕ хуӕрӕ гъе уойбӕрцӕ цидӕртӕ бавзурста, уӕддӕр Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл идарддӕр дӕр ӕууӕндтӕй.

16. Бриджит Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл еузӕрдонӕй ке байзадӕй, уой туххӕй цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин ӕй?

16 Бриджит ӕмбурдӕй идард ке цардӕй, уомӕ гӕсгӕ ин районон цӕстӕдарӕг унаффӕ равардта, цӕмӕй кӕми цардӕй, уоми игъосун кодтайдӕ, ӕмбурдтӕ ба ӕ хӕдзари уагътайдӕ. Фиццаг имӕ еци унаффӕ хъӕбӕр зин фӕккастӕй, фал имӕ уӕддӕр байгъуста. Бриджит хуарз хабар игъосун кодта, ӕмбурдтӕ ӕ хӕдзари уагъта ӕма ӕ кизгутти хӕццӕ бийнонти ахур рауадзунмӕ рӕстӕг иссеридӕ. Е цӕхуӕн тиллӕг ӕрхаста? Нӕ хуӕрӕ берети хӕццӕ Библи ахур кодта ӕма си донаргъуд ка райста, етӕ дӕр минкъий н’ адтӕнцӕ. 2005 анзи ба ӕнхӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдта. Бриджит Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл еузӕрдонӕй ке байзадӕй, уой туххӕй ин Йеговӕ райарфӕ кодта: ӕ кизгуттӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунцӕ, кӕми цӕруй, уоми ба нур дууӕ ӕмбурди ес. Бриджит ӕй федарӕй зонуй, алци исфӕразунмӕ ин Йеговӕ хъауритӕ ке равардта. Уой нӕ басастонцӕ нӕдӕр зиндзийнӕдтӕ, нӕдӕр хеуӕнтти фауӕн дзубандитӕ.

ИДАРДДӔР ДӔР ЕУЗӔРДОН УОТӔ ЙЕГОВӔБӔЛ ӔМА Ӕ ОРГАНИЗАЦИБӔЛ

17. Нӕ федар фӕндӕ ци гъӕуама уа?

17 Сайтани фӕндуй, цӕмӕй уотӕ гъуди кӕнун райдайӕн, ӕма зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нӕ Йеговӕ ниууадздзӕй ӕма ӕ организаций ку байзайӕн, уӕд нӕ зиндзийнӕдтӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕндзӕнцӕ. Удта ма ’й фӕндуй, цӕмӕй тӕрсун райдайӕн, бӕрнон ӕнсувӕрти фудкой ку фӕккӕнунцӕ, сӕ фӕдбӕл ку фӕззелунцӕ ӕма ма сӕ ахӕстдӕнтти дӕр ку исбадун кӕнунцӕ, уӕд. Иннетӕ нӕбӕл ке фӕхходунцӕ, уомӕй ба ’й фӕффӕндуй испайда кӕнун, цӕмӕй гурусхӕ кӕнун райдайӕн, Йегови уагӕвӕрдтӕ раст ке ’нцӕ, уобӕл ӕма ӕ организацибӕл. Фал нин Сайтани фудвӕндтӕ ӕнӕзонгӕ нӕ ’нцӕ ӕма нӕ нӕ басайдзӕй (2 Кор. 2:11). Сайтани мӕнгӕттӕбӕл ма ӕууӕндетӕ ӕма Йеговӕбӕл, удта ӕ организацибӕл идарддӕр дӕр еузӕрдон уотӕ. Йеговӕ уӕ ке некӕд ниууадздзӕй, уой ма иронх кӕнтӕ (Пс. 28:7). Мадта ма бауадзӕ, цӕмӕй дӕ Йеговӕй ести рахецӕн кӕна! (Ром. 8:35–39).

18. Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

18 Аци статьяй ӕркастан, аци дуйней ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уонӕй цалдӕремӕ. Фал ма, ка ’й зонуй, Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл гурусхӕ кӕнун райдайӕн, цӕхуӕндӕр уавӕртӕ ӕмбурди медӕг ке рауайунцӕ, уой туххӕй дӕр. Уони сӕрти хезунмӕ ба нин ци банхус кӕндзӕй? Уой туххӕй дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.

118 ЗАР «Бафтауӕ нин не ’ууӕндундзийнадӕбӕл»

a Цӕмӕй аци фӕстаг бӕнтти Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайӕн ӕма ма фӕккеуӕн, уой туххӕй гъӕуама Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл ӕууӕндӕн. Сайтани фӕндуй, цӕмӕй ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уони туххӕй гурусхӕ кӕнун райдайӕн. Аци статьяй ӕркӕсдзиан цӕхуӕн ӕртӕ мадзалемӕй пайда кӕнуй ӕма нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ӕ нихмӕ фӕллӕууӕн.

b Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.