Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

46 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йеговӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг нӕ цийнӕ ма исафӕн?

Йеговӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг нӕ цийнӕ ма исафӕн?

«Йеговӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй, цӕмӕй уин фӕттӕрегъӕд кӕна, исистдзӕй, цӕмӕй уӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ бавдеса» (ИС. 30:18).

3 ЗАР Нӕ хъаурӕ, нӕ нифс ӕма нӕ уарт

РАЗДЗУРД a

1, 2. а) Цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан? б) Йегови банхус кӕнун хъӕбӕр ке фӕндуй, уой кӕцӕй зонӕн?

 ЙЕГОВИ бон нин ӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг банхус кӕнун, цӕмӕй ин идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнӕн ӕма нӕ цийнӕ ма фесафӕн. Кутемӕй нин ӕнхус кӕнуй? Е ’нхусӕй хуӕздӕр куддӕриддӕр ӕй, уотӕ куд испайда кӕнӕн? Гъӕйдӕ аци фарстатӕмӕ ӕркӕсӕн. Фал бал фиццагидӕр ӕркӕсӕн, Йегови ӕцӕгӕйдӕр фӕндуй банхус кӕнун ӕви нӕ.

2 Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, апостол Павел Дзиуиттӕгтӕмӕ финстӕги Йегови туххӕй ци загъта, уомӕ: «Йеговӕ ӕй ме ’нхусгӕнӕг, ӕз нецӕмӕй фӕттӕрсдзӕн. Ци мин бакӕндзӕй адӕймаг?» (Дзиуит. 13:6). Библий дзурдуӕдтӕмӕ гӕсгӕ аци стихи дзурд «ӕнхусгӕнӕг» амонуй, ӕнхусгъӕуагӕ адӕймагмӕ ка тагъд кӕнуй, уомӕ. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, цума Йеговӕ хъӕбӕр тагъд кӕнуй, цӕмӕй кедӕр фӕййервӕзун кӕна. Мадта аци дзурдтӕй хуарз зиннуй, Йегови ӕцӕгӕйдӕр ке фӕндуй махӕн банхус кӕнун. Е ӕй не ’Нхусгӕнӕг! Йеговӕ нӕ фарсмӕ ку уа, уӕд цӕмӕнфӕнди дӕр бафӕраздзиан ӕма нӕ цийнӕ нӕ фесафдзиан.

3. Йеговӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг нӕ цийнӕ ма фесафӕн?

3 Йеговӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг нӕ цийнӕ ма фесафӕн? Цӕмӕй аци фарстабӕл дзуапп базонӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн Исаййи киунугӕмӕ. Уомӕ ба цӕмӕн? Уомӕн ӕма Исай ци пахампарӕдтӕ ниффинста, уонӕй беретӕ хаунцӕ мах рӕстӕги Хуцауи лӕггадгӕнгутӕмӕ. Уомӕй уӕлдай ма Исай Йегови туххӕй ци дзурдтӕ загъта, етӕ ӕнцонлӕдӕрӕн ӕнцӕ. Радзубанди кӕнӕн, Исаййи 30 сӕри ци финст ес, уобӕл. Аци сӕрӕй ирдӕй зиннуй, Йеговӕ ӕ адӕнӕн куд ӕнхус кӕнуй, е. Исай ци ниффинста, уомӕй бӕрӕг ӕй, 1) Хуцау нин нӕ кувдтитӕмӕ лӕмбунӕг ке игъосуй ӕма нин сӕбӕл ке дзуапп кӕнуй, 2) разамунд нин ке дӕттуй ӕма 3) абони дӕр нин ке арфӕ кӕнуй, удта нин федӕни дӕр ке райарфӕ кӕндзӕй. Гъӕйдӕ аци ӕртӕ гъуддагемӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн.

ЙЕГОВӔ НИН НӔ КУВДТИТӔМӔ ИГЪОСУЙ

4. а) Исаййи рӕстӕг Йеговӕ дзиуиттӕгти куд исхудта ӕма сӕ цӕмӕй нӕ багъӕуай кодта? б) Йеговӕ еузӕрдон израилӕгтӕн цӕхуӕн нифсӕй зӕрдӕ байвардта? (Исай 30:18, 19).

4 Исаййи 30 сӕри Йеговӕ израилӕгти исхудта «хеваст фурттӕ» ӕма, «сӕ тӕрегъӕдбӕл тӕрегъӕд [ка] ӕфтауй», уӕхӕн адӕн. Уомӕй уӕлдай ма Хуцау загъта: «Атӕ ’нцӕ ӕнӕбасӕтгӕ адӕн, мӕнгард фурттӕ, нӕ сӕ фӕндуй Йегови закъонмӕ игъосун» (Ис. 30:1, 9). Дзиуиттӕгти Хуцаумӕ игъосун ке нӕ фӕндадтӕй, е сӕ цӕмӕ ӕркодта? Исай загъта, Йеговӕ сӕ бӕллӕхӕй ке нӕ багъӕуай кӕндзӕй (Ис. 30:5, 17; Йер. 25:8–11). Ӕма еци дзурдтӕ исӕнхӕст ӕнцӕ, вавилойнӕгтӕ дзиуиттӕгти уацари ку фӕккодтонцӕ, уӕд. Фал уацари ке фӕккодтонцӕ, уони астӕу адтӕй Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ дӕр. Еци еузӕрдон адӕнӕн Исай нифси хабар игъосун кодта. Е син загъта, уӕхӕн бон ке ралӕудзӕй, ӕма син Йеговӕ ке фӕттӕрегъӕд кӕндзӕй. (Бакӕсӕ Исаййи 30:18, 19.) Ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ рауадӕй. Хуцау сӕ исуӕгъдӕ кодта. Фал е уайтагъд не ’рцудӕй. Дзурдтӕ, «Йеговӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй, цӕмӕй уин фӕттӕрегъӕд кӕна», зӕгъгӕ, амудтонцӕ, рӕстӕг ке гъӕуама рацудайдӕ, цалинмӕ Йеговӕ еузӕрдон израилӕгти нӕ фӕййервӕзун кодтайдӕ, уӕдмӕ. Йегови адӕн Вавилони уацари 70 анзи фӕцӕнцӕ. Уой фӕсте ба си кӕмӕндӕрти Йерусалиммӕ раздӕхуни барӕ фӕцӕй (Ис. 10:21; Йер. 29:10). Израилӕгтӕ уацарӕй ку ӕрӕздахтӕнцӕ, уӕд сӕ масти цӕстисугтӕ цийни цӕстисугтӕмӕ раййивтонцӕ.

5. Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй? (Исай 30:19).

5 Абони нин нӕ нифс федар кӕнунцӕ дзурдтӕ: «Дӕ дзиназун дин ку фегъоса, уӕд дин фӕттӕрегъӕд кӕндзӕй» (Ис. 30:19). Исай загъта, Йеговӕ нин нӕ лигъстӕмӕ лӕмбунӕг ке фегъосуй. Пахампар ма ӕ дзурдтӕмӕ бафтудта: «Куддӕр ӕй фегъоса, уотӕ дин дзуапп ратдзӕй». Аци зӕрдӕвӕрдӕй бӕрӕг ӕй, нӕ уӕларвон Фидӕ айдагъ банхус кӕнунмӕ цӕттӕ ке нӕй, фал ма ’й фӕндгӕ дӕр ке кӕнуй. Уой ке зонӕн, уой фӕрци нӕ бон фӕууй зиндзийнӕдти рӕстӕг федар фӕллӕуун ӕма нӕ цийнӕ ма фесафун.

6. Исаййи дзурдтӕй куд зиннуй, Йеговӕ ӕ алли лӕггадгӕнӕги кувдмӕ дӕр лӕмбунӕг ке игъосуй?

6 Аци стихи ма еу нифсфедаргӕнӕн гъуди дӕр ес. Йеговӕ лӕмбунӕг игъосуй ӕ алли лӕггадгӕнӕги кувдмӕ дӕр. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Исаййи киунуги 30 сӕри фиццаг хаййӕй бӕрӕг ӕй, Йегови дзурдтӕ е ’гас адӕнмӕ дӕр ке хаунцӕ. Фал 19 стихи ба Йеговӕ еу кӕмӕдӕр дзоруй. Уоми финст ӕй: «ду нӕбал кӕудзӕнӕ»; «уӕд дин фӕттӕрегъӕд кӕндзӕй»; «уотӕ дин дзуапп ратдзӕй». Куд уарзӕгой Фидӕ, уотӕ Йеговӕ ӕ нифссаст бӕдолӕн уотӕ некӕд зӕгъдзӕй: «Де ’нсувӕрмӕ бакӕсай. Ду дӕр гъӕуама уой хузӕн хъаурӕгин ӕма федар уай». Йеговӕ ни алкӕмӕндӕр аргъ кӕнуй ӕма ӕ алли лӕггадгӕнӕги кувдмӕ дӕр лӕмбунӕг игъосуй (Пс. 116:1; Ис. 57:15).

Исаййи ци зӕгъун фӕндадтӕй, Йегови туххӕй уотӕ ку загъта: «Ма ’й ниууадзетӕ, ма ’рсабур уотӕ»? (кӕсӕ 7 абзац)

7. Еу хатт раковун фагӕ ке нӕй, е Исаййи ӕма Киристей дзурдтӕй куд зиннуй?

7 Ци нӕ тухсун кӕнуй, уой туххӕй Йеговӕмӕ ку фӕкковӕн, уӕд нин хъауритӕ хатгай еци фӕдбӕл раттуй. Фал цӕхуӕндӕр уавӕр ку ниддаргъ уй, удта нӕ, ка ’й зонуй, берӕ хӕттити гъӕудзӕй Йеговӕй хъауритӕ корун, цӕмӕй нӕ къохтӕ ма ’руадзӕн. Ӕма нин ӕхуӕдӕг зӕгъуй, цӕмӕй уотӕ кӕнӕн. Е бӕрӕг ӕй Исаййи дзурдтӕй: «Ма ’й ниууадзетӕ, ма ’рсабур уотӕ» (Ис. 62:7). Е куд лӕдӕргӕ ’й? Гъӕуама Йеговӕмӕ уотӕ арӕх ковӕн, цума ’й исуолӕфун дӕр нӕ уадзӕн, уотӕ. Исаййи дзурдтӕ ма нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнунцӕ, Киристе ковунбӕл куд ахур кодта, уой. Лукай 11:8–10 ӕма 13 стихти нӕ Киристе разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй еу кувдбӕл ма ’рлӕууӕн. Ци дзурдтӕй испайда кодта, етӕ дзиуиттаг ӕвзагбӕл комкоммӕ нисан кӕнунцӕ ӕнӕфсӕрмӕй лигъстӕ кӕнун кенӕ ести корун. Мадта Йеговӕй дӕр ӕ сугъдӕг хъаурӕ гъе уотӕ гъӕуама корӕн. Уомӕй уӕлдай ма нӕ бон ӕй Йеговӕн лигъстӕ кӕнун, цӕмӕй нин разамунд дӕтта, ӕма нӕ бон уа раст унаффитӕ хӕссун.

ЙЕГОВӔ НИН РАЗАМУНД ДӔТТУЙ

8. Исаййи 30:20, 21 финст дзурдтӕ рагидзаманти куд исӕнхӕст ӕнцӕ?

8 Бакӕсӕ Исаййи 30:20, 21. Вавилойнаг ӕфсад Йерусалимбӕл ӕртухстӕй ӕма ӕ алливарс анз ӕма ӕрдӕг фӕллӕудтӕй. Еци рӕстӕг дзиуиттӕгтӕ ци бӕллӕхтӕ ӕма гъезӕмӕрттӕ ӕвзурстонцӕ, етӕ уотӕ исарӕх ӕнцӕ, ӕма дессаг некӕмӕ бал кастӕнцӕ. Фал 20 ӕма 21 стихтӕмӕ гӕсгӕ Йеговӕ дзиуиттӕгтӕн зӕрдӕ байвардта, ку ӕрфӕсмон кӕнонцӕ ӕма сӕ гъуддӕгтӕ ку исраст кӕнонцӕ, уӕд сӕ ке фӕййервӕзун кӕндзӕй. Исай Йегови исхудта «Кадгин Зундамонӕг» ӕма адӕнӕн загъта, Йеговӕ сӕ ӕхуӕдӕг ке исахур кӕндзӕй, куд ин лӕггадӕ кӕнун гъӕуй, уобӕл. Ӕма еци дзурдтӕ исӕнхӕст ӕнцӕ, дзиуиттӕгтӕ Вавилони уацарӕй ку исуӕгъдӕ ’нцӕ, уӕд. Йеговӕ син иссӕй «Кадгин Зундамонӕг» ӕма ӕ разамунди фӕрци раст дин ӕ къахбӕл ислӕуун кодтонцӕ. Ци амондгун ан, Йеговӕ махӕн дӕр нӕ Кадгин Зундамонӕг ке ӕй!

9. Йеговӕ нин зунд ци мадзӕлттӕй фӕййамонуй, уонӕй фиццаг цӕхуӕн ӕй?

9 Аци стихти Исай мах рабарста ахуркӕнуйнӕгти хӕццӕ, Йегови ба – ахургӕнӕги хӕццӕ. Йеговӕ нӕ ахур кӕнуй дууӕ мадзалей фӕрци. Фиццаги туххӕй Исай ниффинста: «Дӕхе цӕститӕй уиндзӕнӕ дӕ Кадгин Зундамонӕги». Аци рабарсти Зундамонӕг лӕууй ӕ ахуркӕнуйнӕгти разӕй. Мах хъӕбӕр устур кадӕй исхайгин ан. Нӕ бон ӕй Хуцауӕн ӕхецӕй ахур кӕнун. Цума нин Йеговӕ зунд куд фӕййамонуй? Ӕ организаций фӕрци. Ӕма мах хъӕбӕр боз ан, Йегови организаци нин бӕлвурд разамунд ке дӕттуй, уой туххӕй. Йеговӕ нӕ ахур кӕнуй ӕмбурдтӕ ӕма конгрессти фӕрци. Уомӕй уӕлдай ма нин ес мухургонд ӕма электронон публикацитӕ. Удта JW Broadcasting®-и программитӕ ӕма ма берӕ ӕндӕрхузи ӕрмӕг дӕр. Гъе уони фӕрци нӕ бон фӕууй зиндзийнӕдти сӕрти хезун ӕма нӕ цийнӕ ма исафун.

10. Нӕ «фӕсте» дзорун ке игъосӕн, е куд лӕдӕргӕ ’й?

10 Исай ма ниффинста, Йеговӕ нин зунд ци мадзӕлттӕй фӕййамонуй, уонӕй дуккаги туххӕй дӕр. Е загъта, Йегови дзорун, дан, дӕ фӕсте игъосдзӕнӕ. Ами Исай Йегови рабарста, ӕ ахуркӕнуйнӕгти фӕсте ка цӕуй ӕма син над ка амонуй, уӕхӕн ахургӕнӕги хӕццӕ. Абони дӕр Йеговӕ нӕ фӕсте куд дзоруй, уой игъосӕн. Кутемӕй? Хуцауи дзурдтӕ Библий раги финст ӕрцудӕнцӕ ӕма еци дзамантӕ фӕстегӕй байзадӕнцӕ. Мадта Библи ку фӕккӕсӕн, уӕд е фӕууй, цума Хуцауи дзорун нӕ фӕсте фегъосӕн, уотӕ (Ис. 51:4).

11. Цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг нӕ цийнӕ ма фесафӕн, уой туххӕй нӕ цӕхуӕн къахдзӕфтӕ гъӕуй искӕнун ӕма цӕмӕн?

11 Йеговӕ нин ӕ организаци ӕма Библий фӕрци ци разамунд дӕттуй, е нин фулдӕр пайда кутемӕй ӕрхӕсдзӕй? Нӕ гъос ӕрдарӕн дууӕ гъуддагемӕ. Фиццаг: «Мӕнӕ ӕй над». Дуккаг: «Цотӕ аци надбӕл» (Ис. 30:21). Над зонун фагӕ нӕй. Гъӕуама ма ибӕл цӕугӕ дӕр кӕнӕн. Йегови организаци нин Библи ке лӕдӕрун кӕнуй, уой фӕрци ’й зонӕн, Хуцау нӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой. Уомӕй уӕлдай ма ци базонӕн, уомӕй нӕ бон фӕууй нӕ царди пайда кӕнун. Мадта цӕмӕй нӕ бон уа Йеговӕн идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнун ӕма нӕ цийнӕ ма исафун, уой туххӕй дууӕ къахдзӕфи дӕр ӕхсидзгӕ ’нцӕ. Гъӕуама над «зонгӕ» дӕр кӕнӕн ӕма ибӕл «цӕугӕ» дӕр кӕнӕн. Гъе уӕд нӕ бон уодзӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нин ке райарфӕ кӕндзӕй.

ЙЕГОВӔ НИН АРФӔ КӔНУЙ

12. Исаййи 30:23–26 ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ балӕдӕрун кӕнӕ, Йеговӕ ӕ адӕнӕн куд райарфӕ кодта?

12 Бакӕсӕ Исаййи 30:23–26. Вавилони уацарӕй сӕ райгурӕн бӕстӕмӕ ка раздахтӕй, еци дзиуиттӕгтӕбӕл аци пахампарадӕ куд исӕнхӕст ӕй? Йеговӕ син рӕдауӕй райарфӕ кодта. Равардта син ӕнӕуой хуӕруйнаг дӕр ӕма ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг дӕр ӕма неци гъӕуагӕ адтӕнцӕ. Фал тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ба е ӕй, ӕма сӕ Йеговӕ ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнагӕй цох нӕ уагъта. Уой фӕрци сӕ бон иссӕй раст дин ӕ къахбӕл ислӕуун кӕнун. Уой размӕ Хуцауи адӕн уойбӕрцӕ арфӕдзийнӕдтӕй хайгин некӕдма адтӕнцӕ. 26 стихӕй куд зиннуй, уотемӕй сӕ Йеговӕ гъе уойбӕрцӕ рохсӕй исхайгин кодта, ӕма син еци рохс ӕнхус кодта Хуцауи Дзурд лӕдӕрун (Ис. 60:2). Еци арфӕдзийнӕдтӕ Йегови лӕггадгӕнгути бафедар кодтонцӕ ӕма сӕ бон адтӕй Йеговӕн игъӕлдзӕг зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнун (Ис. 65:14).

13. Раст дин ӕ къахбӕл ке ислӕудзӕй, уой туххӕй пахампарадӕ абони куд ӕнхӕст кӕнуй?

13 Цума раст дин ӕ къахбӕл ке ислӕудзӕй, еци пахампарадӕ махмӕ абони хауй? Гъо! 1919 анзӕй фӕстӕмӕ милиуангай адӕн исуӕгъдӕ ’нцӕ Устур Вавилонӕй, гъома мӕнгӕ дини уацарӕй. Йеговӕ сӕ ӕрбакӕнуй, Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕй дзӕвгарӕ хуӕздӕр ка ӕй, уӕхӕн бунатмӕ – дзенетмӕ (Ис. 51:3; 66:8). Еци «дзенет» ци ӕй?

14. «Дзенет» ци ӕй ӕма си ка цӕруй?

14 «Дзенет» ӕй, Йеговӕн еудзийнади кӕми лӕггадӕ кӕнӕн, уӕхӕн ӕдас бунат. Исӕрст киристӕнттӕ си цӕрунцӕ 1919 анзӕй фӕстӕмӕ. Фӕстӕдӕр ба сӕмӕ ӕрбайеу ӕнцӕ, зӕнхӕбӕл цӕруни нифс кӕмӕн ес, етӕ, гъома «ӕндӕр фустӕ». Дууӕ къуаремӕн дӕр еци «дзенети» Йеговӕ рӕдауӕй арфӕ кӕнуй. Зӕгъӕн, парахаттӕй нин ес, мӕнгӕ дини ахурӕдтӕй гъӕстӕ ка нӕй, уӕхӕн ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг. Уомӕй уӕлдай ма не ’гасдӕр архайӕн, цийнӕ нин ка хӕссуй, уӕхӕн кусти – Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕнӕн. Еугурӕйдӕр хъӕбӕр аргъ кӕнӕн, Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн. Удта ма фӕрнӕй цӕрӕн нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ дӕр – етӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ царди зиндзийнӕдти рӕстӕг цийнӕ ма исафун. Мадта зӕгъӕн ес, ӕма еци «дзенети» ӕрцӕрӕн, Йеговӕн, уой куд фӕндуй, уотӕ ку фӕллӕггадӕ кӕнӕн ӕма не ’гас хъауритӕй ку фӕййархайӕн, цӕмӕй ӕй фӕнзӕн, уӕд (Иоан. 10:16; Ис. 25:6; 65:13).

15. «Дзенет» абони кӕци рауӕн ӕй?

15 Еци «дзенет» абони кӕци рауӕн ӕй? Йеговӕн лӕггадгӕнгутӕ ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл дӕр ес. Мадта кӕмифӕнди ма цӕрӕн, уӕддӕр уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма еци «дзенети» ан, кӕд не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй Йеговӕн, уой куд фӕндуй, уотӕ лӕггадӕ кӕнӕн, уӕд.

Алке бон дӕр ни куд ӕй архайун, цӕмӕй ци «дзенети» цӕрӕн, е рӕсугъдӕй рӕсугъддӕр кӕна? (кӕсӕ 16 ӕма 17 абзацтӕ)

16. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй «дзенет» куд рӕсугъд ӕй, уой алкӕддӕр уинӕн?

16 Цӕмӕй идарддӕр дӕр еци «дзенети» уӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕ киристон бийнонтӕн аргъ кӕнӕн. Кутемӕй? Гъӕуама не ’ргом ӕздахӕн, еци «дзенети» ка цӕруй, уони рӕсугъд менеугутӕмӕ, сӕ гъӕндзийнӕдтӕмӕ нӕ, фал (Иоан. 17:20, 21). Цума е уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Рӕсугъд гъӕдӕмӕ ку бацӕуай, уӕд си фӕууиндзӕнӕ берӕ аллихузи бӕлӕстӕ. Гъе уотӕ ӕмбурди дӕр ес берӕ аллихузи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕма сӕ Библи баруй бӕлӕсти хӕццӕ (Ис. 44:4; 61:3). Фал мах гъӕуама не ’ргом ӕздахӕн, гъӕдӕ ӕнӕгъӕнӕй куд рӕсугъд ӕй, уомӕ, нӕ фарсмӕ ци бӕлӕстӕ ирӕзуй, уонӕмӕ цидӕр аййеп ке ес, уомӕ нӕ, фал. Гъӕуама ма бауадзӕн, цӕмӕй нӕхе кенӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕнӕнхӕстдзийнади туххӕй киристон ӕмбурд куд рӕсугъд ӕй, уой мабал уинӕн.

17. Алке бон дӕр ни куд ӕй, нӕ астӕу ци еудзийнадӕ ес, уой гъӕуай кӕнун?

17 Алке бон дӕр ни куд ӕй, нӕ астӕу ци еудзийнадӕ ес, уой гъӕуай кӕнун? Гъӕуама иннети хӕццӕ фӕрнӕй цӕрунбӕл архайӕн (Матф. 5:9; Ром. 12:18). Уотӕ ку фӕккӕнӕн, уӕд ци «дзенети» цӕрӕн, е никки рӕсугъддӕр исуй. Гъӕуама нӕ гъудий дарӕн, «дзенети» ка цӕруй, уонӕй алкедӕр Йеговӕ ӕхуӕдӕг ке ӕрбахудта (Иоан. 6:44). Расагъӕс кӕнай, Йеговӕ куд фӕццийнӕ кӕнуй, не ’гас хъауритӕй ку фӕййархайӕн, цӕмӕй нӕ астӕу ци еудзийнадӕ ес, уой гъӕуай кӕнӕн ӕма е ’гас лӕггадгӕнгути хӕццӕ дӕр фӕрнӕй цӕрӕн. Еци лӕггадгӕнгутӕй алкедӕр Йегови цӕсти хъазар хӕзнай хузӕн ӕй (Ис. 26:3; Аг. 2:7).

18. Цӕбӕл гъӕуама сагъӕс кӕнӕн ӕма е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

18 Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн рӕдауӕй арфӕ кӕнуй. Цӕмӕй еци арфӕдзийнӕдтӕй хайгин уӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй? Библи ӕма Библибӕл арӕзт публикацитӕ кӕсгӕй лӕмбунӕг сагъӕс кӕнун. Уой фӕрци нӕ менеугутӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййевдзиан ӕма кӕрӕдзей уарздзиан, ӕнсувӕрти хузӕн фӕлмӕн уарзтӕй (Ром. 12:10). Йеговӕ нӕ абони ци арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кодта, уонӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд имӕ никки хӕстӕгдӕр кӕндзиан. Федӕни нӕ ци арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кӕндзӕй, уонӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ нифси зинг ӕрхуссун нӕ бауадздзиан ӕма федарӕй ӕууӕнддзиан, нӕ бон ин ке уодзӕй ӕносмӕ лӕггадӕ кӕнун. Уой фӕрци нин нӕ лӕггадӕ никки фулдӕр цийнӕ хӕсдзӕй.

НӔ КЪОХТӔ МА ’РУАДЗӔН

19. а) Исаййи 30:18 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕ бон федарӕй ӕууӕндун цӕбӕл ӕй? б) Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй зиндзийнӕдти сӕрти хезӕн ӕма нӕ цийнӕ ма исафӕн?

19 Нӕ уӕларвон Фидӕ Йеговӕ мах туххӕй «исистдзӕй», цӕмӕй ӕгас фуддзийнадӕн дӕр кӕрон искӕна (Ис. 30:18). Мах ӕй федарӕй зонӕн, раст тӕрхон ка кӕнуй, еци Хуцау ке нӕ бауадздзӕй, цӕмӕй Сайтани дуйнейӕн ци рӕстӕг рахецӕн кодта, уомӕй еунӕг бон фулдӕр рахӕсса (Ис. 25:9). Уӕдмӕти ба бал мах дӕр гъӕйдӕ Йегови хузӕн фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, кӕд нӕ фӕййервӕзун кӕндзӕй, еци рӕстӕгмӕ. Цалинмӕ еци рӕстӕг нӕ ралӕудтӕй, уӕдмӕти ба гъӕйдӕ идарддӕр дӕр аргъ кӕнӕн, нӕ бон ковун ке ӕй, уомӕн. Удта Хуцауи Дзурд ӕртасдзиан ӕма ци базонӕн, уомӕй нӕ царди пайда кӕндзиан ӕма сагъӕс кӕндзиан, ци арфӕдзийнӕдтӕй хайгин ан, уонӕбӕл. Ӕма нин гъе уӕд Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй банхус кӕндзӕй, цӕмӕй зиндзийнӕдти сӕрти хезӕн ӕма нӕ цийнӕ ма исафӕн!

142 ЗАР Нӕ нифсбӕл федар хуӕцӕн

[Феппайуйнаг]

a Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг сӕ цийнӕ ма исафонцӕ. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, ци мадзӕлттӕй пайда кӕнуй, уонӕй ӕртемӕ. Мах рартасдзиан Исаййи 30 сӕр. Уомӕй базондзиан, цӕйбӕрцӕбӕл ӕхсидзгӕ ’й Йеговӕмӕ ковун, Библи ӕртасун ӕма нӕ нур цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй хайгин кӕнуй, удта нӕ федӕни цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кӕндзӕй, уонӕбӕл сагъӕс кӕнун.

[Фарстатӕ ахур кӕнунӕн]