Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

45 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йеговӕ нин нӕ лӕггади куд ӕнхус кӕнуй?

Йеговӕ нин нӕ лӕггади куд ӕнхус кӕнуй?

«Етӕ... зондзӕнцӕ, сӕ астӕу пахампар ке адтӕй» (ЙЕЗ. 2:5)

67 ЗАР «Игъосун кӕнӕ Хуцауи дзурд»

РАЗДЗУРД a

1. Дессаг нӕмӕ ци нӕ кӕсуй ӕма федарӕй ӕууӕндун нӕ бон цӕбӕл ӕй?

 НӔ НИХМӔ ка ӕй, уӕхӕн адӕнбӕл игъосун кӕнгӕй ке исӕмбӕлӕн, е нӕмӕ дессаг нӕ кӕсуй. Федӕни ба, ка ’й зонуй, уӕхӕн адӕнбӕл арӕхдӕр ӕмбӕлдзиан (Дан. 11:44; 2 Тим. 3:12; Рарг. 16:21). Ӕма кӕд уотӕ ’й, уӕд дӕр нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нӕ ӕнӕ ӕнхусӕй ке нӕ ниууадздзӕй. Хуцау, ӕ лӕггадгӕнгутӕн алкӕддӕр ӕнхус кодта ӕ фӕдзӕхститӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ, цийфӕнди зин ма адтайуонцӕ, уӕддӕр. Цӕмӕй уой хуӕздӕр фӕууинӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн пахампар Йезекили хабармӕ. Йеговӕ ин баихӕс кодта, Вавилони уацари ка адтӕй, еци дзиуиттӕгтӕн игъосун кӕнун.

2. Йезекил кӕмӕн игъосун кодта, еци адӕни туххӕй Йеговӕ ци загъта ӕма аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан? (Йезекил 2:3–6).

2 Йезекил кӕми игъосун кодта, уоми цӕхуӕн адӕн цардӕй? Йеговӕ сӕ исхудта «ӕдзӕсгон» ӕма «хеваст», удта ма загъта «змӕнтӕг» адӕн ке ’нцӕ. Етӕ адтӕнцӕ синдзитӕ ӕма скорпионти хузӕн. Мадта дессаг нӕй, Хуцау ӕ пахампарӕн еу хаттӕй иннӕ хатмӕ ке фӕззӕгъидӕ, «ма тӕрсӕ», зӕгъгӕ. (Бакӕсӕ Йезекили 2:3–6.) Фал уӕддӕр Йезекили бон адтӕй ӕнтӕстгунӕй игъосун кӕнун. Цӕй фӕрци? Фиццаг: Йеговӕ ’й ӕхуӕдӕг рарвиста. Дуккаг: сугъдӕг хъаурӕ ин хъауритӕ лӕвардта. Ӕртиккаг: Хуцауи дзурдтӕ ин е ’ууӕндундзийнадӕ федар кодтонцӕ. Цума аци ӕртӕ гъуддаги пахампарӕн куд ӕнхус кодтонцӕ? Махӕн ба цума куд ӕнхус кӕнунцӕ?

ЙЕЗЕКИЛИ ЙЕГОВӔ РАРВИСТА

3. Йезекили цӕхуӕн дзурдтӕ бафедар кодтайуонцӕ ӕма ин Йеговӕ куд балӕдӕрун кодта, ке ин ӕнхус кӕндзӕй, уой?

3 Йеговӕ Йезекилӕн загъта: «Ӕз дӕ ӕрветун» (Йез. 2:3, 4). Аци дзурдтӕ, ӕвӕдзи, пахампари хъӕбӕр бафедар кодтонцӕ. Уотӕ цӕмӕн ес зӕгъӕн? Ӕвӕдзи, ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудтӕй, Йеговӕ раздӕр дӕр уӕхӕн дзурдтӕ ке фӕззӕгъидӕ, пахампартӕй ке равзаридӕ, уонӕн, зӕгъӕн, Моисеййӕн кенӕ Исаййӕн (Рац. 3:10; Ис. 6:8). Уомӕй уӕлдай ма ’й Йезекил зудта, Хуцау еци лӕггадгӕнгутӕн аллихузи зиндзийнӕдти сӕрти рахезунмӕ куд ӕнхус кодта, уой. Мадта Йезекилӕн Йеговӕ дууӕ хатти уотӕ ку загъта, «ӕз дӕ ӕрветун», зӕгъгӕ, уӕд ибӕл ӕ бон адтӕй федарӕй ӕууӕндун, Хуцау уомӕн дӕр ке ӕнхус кӕндзӕй. Уомӕй уӕлдай ма Йезекили киунуги арӕх ӕмбӕлунцӕ дзурдтӕ, «Йеговӕ мин загъта», зӕгъгӕ (Йез. 3:16; Йез. 6:1). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Йезекил ибӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кодта, Йеговӕ ’й ке рарвиста. Уомӕй уӕлдай ма Йезекилӕн ӕ фидӕ саугин адтӕй. Е, ӕвӕдзи, ӕ фуртӕн арӕх фӕдздзоридӕ, Хуцау ӕ еузӕрдон пахампартӕн куд ӕнхус кодта, уой. Зӕгъӕн, Исаккӕн, Иаковӕн ӕма Йеремийӕн Йеговӕ зӕгъидӕ: «Ӕз дӕ хӕццӕ дӕн» (Райд. 26:24; 28:15; Йер. 1:8).

4. Йезекили цӕхуӕн дзурдтӕ бафедар кодтайуонцӕ?

4 Израилӕгтӕн сӕ фулдӕр ци цӕстӕй ракастӕнцӕ, Йезекил ци хабар игъосун кодта, уомӕ? Йеговӕ рагацау загъта: «Израили адӕн ба дӕмӕ нӕ байгъосдзӕнцӕ, уомӕн ӕма сӕ нӕ фӕндуй мӕнмӕ игъосун» (Йез. 3:7). Йезекил ӕй балӕдӕрдтӕй, дзиуиттӕгтӕ имӕ ке нӕ игъосунцӕ, е уобӕл дзорӕг ке нӕй, ӕма пахампарӕн нӕ бӕззуй. Уомӕй рабӕрӕг ӕй, Йеговӕмӕ игъосун сӕ ке нӕ фӕндуй. Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕ Йезекилӕн загъта, израилӕгтӕн ци тӕрхон рахаста, е ку исӕнхӕст уа, уӕд ӕй адӕн ке «зондзӕнцӕ, сӕ астӕу пахампар ке адтӕй» (Йез. 2:5; 33:33). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, ӕгас еци дзурдтӕ Йезекили нифс бафедар кодтонцӕ ӕма ин идарддӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ хъауритӕ лӕвардтонцӕ.

МАХ ЙЕГОВӔ РАРВИСТА

Йезекили рӕстӕг куд адтӕй, уотӕ абони дӕр адӕн цийфӕнди цӕстӕй кӕсунцӕ, ци хабар игъосун кӕнӕн, уомӕ ӕма ма нӕ нихмӕ дӕр рацӕунцӕ. Фал ӕй мах зонӕн, Йеговӕ нӕ хӕццӕ ке ӕй (кӕсӕ 5 ӕма 6 абзацтӕ)

5. Исаййи 44:8 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕмӕ хъауритӕ кӕцӕй ес?

5 Мах дӕр федар кӕнуй, Йеговӕ нӕ ке рарвиста, е. Е нӕ хонуй е ’вдесӕнтӕ (Ис. 43:10). Е хъӕбӕр устур кадӕ ’й. Йеговӕ Йезекилӕн куд фӕззӕгъидӕ «ма тӕрсӕ», зӕгъгӕ, уотӕ махӕн дӕр дзоруй: «Ма тӕрсетӕ». Мадта нӕ нихмӕ ка ’й, уонӕй цӕмӕннӕ гъӕуама тӕрсӕн? Уомӕн ӕма, Йеговӕ Йезекили куд рарвиста, уотӕ ӕрветуй мах дӕр. Ӕма уомӕн куд ӕнхус кодта, уотӕ махӕн дӕр ӕнхус кӕнуй. (Бакӕсӕ Исаййи 44:8.)

6. а) Йеговӕ нин ке ӕнхус кӕндзӕй, уой цӕхуӕн дзурдтӕй балӕдӕрун кодта? б) Ци нӕ федар кӕнуй ӕма нин хъауритӕ ци дӕттуй?

6 Йеговӕ нин е ’нхусӕй зӕрдӕ ӕвӕруй. Е загъта: «Сумах айтӕ ме ’вдесӕнтӕ». Фал уой размӕ ба зӕрдӕ байвардта: «Дӕнттӕбӕл ку цӕуай, уӕд ӕз уодзӕн дӕ хӕццӕ. Цӕугӕдӕнтти сӕрти ку хезай, уӕд дӕ дон нӕ фӕлласдзӕй. Арти астӕути ку цӕуай, уӕд нӕ басодздзӕнӕ, арти ӕвзӕгтӕ дӕбӕл ӕмбӕлгӕ дӕр нӕ бакӕндзӕнцӕ» (Ис. 43:2). Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, лӕггадӕ кӕнгӕй арӕх исӕмбӕлӕн ивулд цӕугӕдӕнтти ӕма арти хузӕн фӕлварӕнтӕбӕл. Фал уӕддӕр Йегови ӕнхуси фӕрци идарддӕр игъосун кӕнӕн (Ис. 41:13). Йезекили рӕстӕг куд адтӕй, уотӕ нур дӕр, адӕнӕн сӕ фулдӕрей нӕ фӕндуй Библий хабармӕ игъосун. Мах ӕй лӕдӕрӕн, адӕни игъосун ке нӕ фӕндуй, е уобӕл дзорӕг ке нӕй, ӕма лӕгъуз игъосунгӕнгутӕ ан. Йеговӕн ӕхцӕуӕн ӕй, хуарз хабар идарддӕр дӕр уотӕ зингзӕрдӕй ке игъосун кӕнӕн, е. Айдагъ еци гъуди дӕр нӕ хъӕбӕр федар кӕнуй. Апостол Павел уотӕ загъта: «Алкедӕр райсдзӕй ӕхе хуӕрзеуӕг, куд бахъиамӕт кӕна, уомӕ гӕсгӕ» (1 Кор. 3:8; 4:1, 2). Берӕ ӕнзти дӕргъи пионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн хуӕрӕ ба уотӕ загъта: «Йеговӕ нин нӕ хъиамӕтти туххӕй ке арфӕ кӕнуй, е мин устур цийнӕ хӕссуй».

ХУЦАУИ СУГЪДӔГ ХЪАУРӔ ЙЕЗЕКИЛИ ФЕДАР КОДТА

Йезекил цӕстӕбӕлуайӕни фӕууидта Йегови уӕларвон уӕрдун, ӕма ӕ нифс бафедар ӕй. Ба ’й лӕдӕрдтӕй, Йеговӕ ин ӕ лӕггади ке ӕнхус кӕндзӕй (кӕсӕ 7 абзац)

7. Йезекил ци цӕстӕбӕлуайӕн фӕууидта, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнидӕ, уӕд ибӕл е куд рабӕрӕг уидӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

7 Хуцау Йезекилӕн цӕстӕбӕлуайӕни бавдиста, ӕ хъаурӕ куд устур ӕй, уой. Йезекил фӕууидта, уӕларвон уодгоймӕгтӕ ӕма уӕларвон уӕрдуни устур цӕлхитӕ ке цудӕнцӕ, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ сӕ ци ’рдӕмӕ аразта, еци ’рдӕмӕ (Йез. 1:20, 21). Цума пахампар уӕхӕн цӕстӕбӕлуайӕн ке фӕууидта, е ибӕл куд рабӕрӕг ӕй? Е ниффинста: «Уой фӕууингӕй дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн» (Йез. 1:28). Ӕма уӕхӕн цидӕр фӕууингӕй е дессаг дӕр нӕй. Ци цӕстӕбӕлуайӕн фӕууидта, уобӕл уой фӕсте, ӕвӕдзи, арӕх фӕссагъӕс кӕнидӕ. Еци сагъӕстӕ Йезекили федар кодтонцӕ. Е ибӕл нӕ гурусхӕ кодта, сугъдӕг хъаури ӕнхуси фӕрци ӕ бон ке исуодзӕй, Хуцау ин ци бафӕдзахста, уой кӕронмӕ исӕнхӕст кӕнун.

8, 9. а) Йезекил Йеговӕмӕ ке байгъуста, е ин куд банхус кодта? б) Йеговӕ Йезекили куд бафедар кодта, цӕмӕй ӕ бон адтайдӕ ӕнӕбасӕтгӕ адӕнӕн игъосун кӕнун?

8 Йеговӕ Йезекилӕн загъта: «Адӕймаги фурт, уӕлӕмӕ исистӕ, уомӕн ӕма ӕз дӕ хӕццӕ дзордзӕн». Аци дзурдтӕ, удта ма Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ Йезекилӕн хъауритӕ равардтонцӕ, цӕмӕй исистадайдӕ. Е ниффинста: «Хуцауи хъаурӕй исхайгин дӕн ӕма мӕ е мӕ къӕхтӕбӕл ислӕуун кодта» (Йез. 2:1, 2). Йезекилӕн ӕ лӕггади рӕстӕг алкӕддӕр Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ӕнхус кодта (Йез. 3:22; 8:1; 33:22; 37:1; 40:1). Уой фӕрци ӕ бон адтӕй ӕ ихӕс ӕнхӕст кӕнун – «ӕнӕбасӕтгӕ ӕма хъӕбӕрзӕрдӕ» адӕнӕн игъосун кӕнун (Йез. 3:7). Йеговӕ Йезекилӕн загъта: «Ӕз дин дӕ цӕсгон искодтон сӕ цӕсгӕнтти хузӕн хъӕбӕр, ӕма дӕ тӕрних – сӕ тӕрнихтӕ куд хъӕбӕр ӕнцӕ, уотӕ. Дӕ тӕрних дин искодтон алмази хузӕн, ӕхсондорӕй хъӕбӕрдӕр. Ма си тӕрсӕ, сӕ цӕсгӕнттӕ ди тас ма уадзӕнтӕ» (Йез. 3:8, 9). Зӕгъӕн ес, ӕма Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнӕгӕн уотӕ загъта: «Аци адӕн ӕнӕбасӕтгӕ ке ’нцӕ, уой туххӕй дӕ къохтӕ ма ’руадзӕ. Ӕз дӕ бафедар кӕндзӕн».

9 Уой фӕсте Йезекил Хуцауи сугъдӕг хъаури фӕрци фӕууидта, кӕми гъӕуама игъосун кодтайдӕ, уой. Пахампар ниффинста, мӕнбӕл «адтӕй Йегови федар къох», зӕгъгӕ. Йезекили къуӕре багъудӕй, цӕмӕй ци хабар гъӕуама игъосун кодтайдӕ, уой дзӕбӕх балӕдӕрдтайдӕ, ӕма ’й уой фӕсте ба нифсгунӕй игъосун кодтайдӕ (Йез. 3:14, 15). Фӕстӕдӕр ба ’й Йеговӕ дӕлфӕзӕмӕ ӕркодта, ӕма ’й ӕ сугъдӕг хъаурӕй исхайгин кодта (Йез. 3:23, 24). Гъе уӕд Йезекил ӕ лӕггадӕ райдайунмӕ цӕттӕ адтӕй.

ЙЕГОВИ СУГЪДӔГ ХЪАУРӔ НИН ХЪАУРИТӔ ДӔТТУЙ

Махӕн дӕр Йезекили хузӕн ци банхус кӕндзӕй идарддӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ? (кӕсӕ 10 абзац)

10. Хуарз хабар игъосун кӕнунмӕ нӕ цӕхуӕн ӕнхус гъӕуй ӕма цӕмӕн?

10 Цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаги нӕ бон архайун уа, уой туххӕй нӕ цӕхуӕн ӕнхус гъӕуй? Гъӕйдӕ расагъӕс кӕнӕн Йезекили хабарбӕл. Ӕ лӕггадӕ райдайуни размӕ ’й Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ бафедар кодта. Гъе уотӕ игъосун кӕнуни гъуддаги архайун мах бон дӕр уодзӕй ӕрмӕстдӕр Хуцауи сугъдӕг хъаури ӕнхуси фӕрци. Мах ӕй зонӕн, Сайтан нӕ нихмӕ ке архайуй, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаг ӕрлӕуун кӕна (Рарг. 12:17). Адӕймаги цӕстӕй ракӕсгӕй ӕ нихмӕ нӕ бон неци ’й. Фал идарддӕр ке игъосун кӕнӕн, уомӕй ибӕл уӕлахез кӕнӕн (Рарг. 12:9–11). Кутемӕй? Нӕ гъуддаг ке нӕ уадзӕн, уомӕй ӕй ӕвдесӕн, Сайтани ӕртхъерӕнтӕй ке нӕ тӕрсӕн. Еци гъуддаг нин ке ’нтӕсуй, е цӕбӕл дзорӕг ӕй? Йеговӕ нин ӕ сугъдӕг хъаурӕ ке дӕттуй ӕма ни арази ке ӕй, уобӕл (Матф. 5:10–12; 1 Пет. 4:14).

11. Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ нин куд ӕнхус кӕндзӕй ӕма ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нин ӕй дӕтта?

11 Йеговӕ Йезекили цӕсгон ӕма тӕрних ке «нихъхъӕбӕр» кодта, уомӕй ма никкидӕр цӕбӕл ахур кӕнӕн? Нӕ лӕггади цийфӕнди зинтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн, уӕддӕр сӕ сӕрти рахездзиан, Хуцауи сугъдӕг хъаури ӕнхуси фӕрци (2 Кор. 4:7–9). Цума ма нӕ никкидӕр ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нин Хуцау ӕ сугъдӕг хъаурӕ дӕтта? Гъӕуама имӕ ковӕн ӕма ибӕл ма гурусхӕ кӕнӕн, нӕ кувдтитӕ нин ке игъосуй. Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгти разӕнгард кодта: «Коретӕ... агоретӕ... хуайетӕ». Еци фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд нин нӕ уӕларвон Фидӕ ратдзӕй сугъдӕг хъаурӕ (Лук. 11:9, 13; Гъуд. 1:14; 2:4).

ХУЦАУИ ДЗУРДТӔ ЙЕЗЕКИЛИ ӔУУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ФЕДАР КОДТОНЦӔ

12. Тухтонӕ кӕцӕй фӕззиндтӕй ӕма си ци финст адтӕй? (Йезекил 2:9–3:3).

12 Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй уӕлдай ма Йезекили ӕууӕндундзийнадӕ федар кодтонцӕ Хуцауи дзурдтӕ дӕр. Цӕстӕбӕлуайӕни пахампар фӕууидта къох, еци къохи ба адтӕй тухтонӕ. (Бакӕсӕ Йезекили 2:9–3:3.) Тухтонӕ кӕцӕй фӕззиндтӕй? Ци си финст адтӕй? Йезекили ӕууӕндундзийнадӕ куд бафедар кодта? Гъӕйдӕ ’й базонӕн. Тухтонӕ фӕззиндтӕй Хуцауи паддзахбадӕнӕй. Йеговӕ, ӕвӕдзи, испайда кодта, цӕстӕбӕлуайӕни ци цуппар изӕди адтӕй, уонӕй сӕ еуемӕй, цӕмӕй еци тухтонӕ Йезекилӕн равардтайдӕ (Йез. 1:8; 10:7, 20). Тухтони финст адтӕнцӕ Хуцауи дзурдтӕ, гъома, Йезекил змӕнтӕг адӕнӕн ке гъӕуама фегъосун кодтайдӕ, еци тӕрхони хабар (Йез. 2:7). Еци дзурдтӕ финст адтӕнцӕ тухтонӕн дууердиги дӕр.

13. Йеговӕ Йезекилӕн тухтонӕн ци бакӕнун кодта ӕма «адгин» цӕмӕн адтӕй?

13 Йеговӕ пахампарӕн загъта, цӕмӕй тухтонӕ бахуӕра ӕма си ӕ ахсӕн байдзаг кӕна. Гъема Йезекил дӕр уотӕ бакодта. Цума цӕстӕбӕлуайӕнӕн ӕ аци хай ци нисан кӕнуй? Ци хабар гъӕуама игъосун кодтайдӕ, уой бал ӕй ӕхе гъудӕй дзӕбӕх балӕдӕрун. Гъӕуама ибӕл ӕхуӕдӕг баууӕндтайдӕ, цӕмӕй ӕй ӕрфӕндадтайдӕ еци хабар иннетӕн игъосун кӕнун. Фал уой фӕсте ци ’рцудӕй, е дессаг адтӕй. Йезекил ӕй балӕдӕрдтӕй, тухтонӕ «муди хузӕн адгин» ке адтӕй (Йез. 3:3). Цӕмӕн? Уомӕн ӕма Йезекилӕн Йегови номӕй дзорун хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй (Пс. 19:8–11). Е Йеговӕй хъӕбӕр боз адтӕй, ӕ пахампарӕй ӕй ке равзурста, уой туххӕй.

14. Йезекилӕн ци банхус кодта, Йеговӕ ин ци гъуддаг баихӕс кодта, уой кӕронмӕ исӕнхӕст кӕнун?

14 Уой фӕсте Йеговӕ Йезекилӕн загъта: «Ке дин загътон, еци дзурдтӕ ӕгасейдӕр дӕ зӕрдӕмӕ райсӕ, лӕмбунӕг сӕмӕ байгъосӕ» (Йез. 3:10). Тухтони ци финст адтӕй, уой пахампар гъӕуама нигъгъуди кодтайдӕ ӕма ибӕл лӕмбунӕг расагъӕс кодтайдӕ. Уотемӕй ин Хуцауи дзурдтӕ е ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кодтайуонцӕ, ӕма ӕ бон адтайдӕ тӕрхони хабар игъосун кӕнун (Йез. 3:11). Мадта Йезекил Хуцауи дзурдтӕ дзӕбӕх ку балӕдӕрдтӕй ӕма сӕбӕл ӕхуӕдӕг ку баууӕндтӕй, уӕд цӕттӕ адтӕй, Йеговӕ ин ци гъуддаг баихӕс кодта, уой кӕронмӕ исӕнхӕст кӕнун. (Рабарӕ Псалом 19:14.)

ХУЦАУИ ДЗУРДТӔ НИН НЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ФЕДАР КӔНУНЦӔ

15. Цӕмӕй Хуцауи гъуддаги зингзӕрдӕй архайӕн, уой туххӕй нӕ лӕмбунӕг расагъӕс кӕнун цӕбӕл гъӕуй?

15 Цӕмӕй Хуцауи гъуддаги идарддӕр дӕр зингзӕрдӕй архайӕн, уой туххӕй мах дӕр гъӕуй Хуцауи дзурдтӕй нӕхе ’фсадун. Гъома, Йеговӕ ци дзоруй, уобӕл гъӕуама лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕн. Абони Йеговӕ нӕ хӕццӕ дзоруй ӕ Дзурд Библий фӕрци. Мадта нӕ кӕд фӕндуй, цӕмӕй Хуцауи Дзурди ци кӕсӕн, е бӕрӕг кӕна нӕ сагъӕстӕбӕл, не ’нкъарӕнтӕбӕл ӕма нӕ идарддӕр игъосун кӕнунмӕ разӕнгард кӕна, уӕд ци гъӕуама кӕнӕн?

16. Хуцауи Дзурд хуӕздӕр лӕдӕрунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй?

16 Ӕнӕуой хуӕруйнаги фӕрци адӕймаг куд бафедар уй, уотӕ не ’ууӕндундзийнадӕ дӕр бафедар уй, Хуцауи Дзурд ку фӕккӕсӕн ӕма ибӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд. Ӕма Йезекил тухтонӕ ке бахуардта, еци хабар дӕр нӕ уобӕл ахур кӕнуй. Йегови фӕндуй, цӕмӕй нӕ «ахсӕнтӕ байдзаг кӕнӕн» ӕ Дзурдӕй, гъома Библи дзӕбӕх лӕдӕрӕн. Уой туххӕй ба нӕ гъӕуй ковун, кӕсун ӕма сагъӕс кӕнун. Фиццагидӕр бал Йеговӕмӕ раковӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Хуцауи дзурдтӕ балӕдӕрунмӕ бацӕттӕ кӕнӕн. Уой фӕсте ба Библийӕй скъуддзаг бакӕсӕн. Ӕма фӕстагмӕ лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕн, ци бакастан, уобӕл. Уой фӕрци нин ци бантӕсуй? Хуцауи Дзурди ци финст ес, уой куд хуӕздӕр лӕдӕрӕн, уотӕ не ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр уодзӕй.

17. Хуцауи Дзурди ци кӕсӕн, уобӕл сагъӕс кӕнун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

17 Библи кӕсун ӕма ибӕл сагъӕс кӕнун, уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Уомӕн ӕма нин е хъауритӕ дӕттуй, цӕмӕй нӕ бон уа Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕнун. Уомӕй уӕлдай ма нӕ тагъд рӕстӕги, ка ’й зонуй, багъӕудзӕй карз тӕрхони хабӕрттӕ игъосун кӕнун дӕр. Ӕма Хуцауи Дзурд ке кӕсӕн, удта ибӕл ке сагъӕс кӕнӕн, е нин еци гъуддаг ӕнхӕст кӕнунмӕ дӕр хъауритӕ ратдзӕй. Удта ма Йегови менеугутӕбӕл куд фулдӕр сагъӕс кӕнӕн, уотӕ имӕ хӕстӕгдӕр кӕндзиан. Ӕма гъе уӕд исхайгин уодзиан, ӕцӕгӕйдӕр, «адгин» кенӕ ӕхцӕуӕн ци ӕй, уомӕй, гъома фарнӕ ӕма сабурдзийнадӕй (Пс. 119:103).

КӔРОНМӔ ДӔР НӔ КЪОХТӔ НЕ ’РУАДЗДЗИАН!

18. Нӕ территорий ци адӕн цӕруй, етӕ цӕбӕл басӕтдзӕнцӕ ӕма цӕмӕн?

18 Йезекилӕй уӕлдай мах пахампартӕ нӕ ан. Фал мах дӕр уой хузӕн фӕндуй адӕнӕн игъосун кӕнун, Йеговӕ ӕ Дзурд Библий ци хабар ниффинсун кодта, уой. Ӕма еци гъуддаги архайдзиан, цалинмӕ ’й Йеговӕ ӕхуӕдӕг не ’рлӕуун кӕна, уӕдмӕ. Тӕрхони рӕстӕг ку ралӕууа, удта, нӕ территорий ци адӕн цӕруй, уони бон нӕбал уодзӕй уотӕ зӕгъун, ӕма сӕ неке фӕдзахста кенӕ сӕ Хуцау феронх кодта (Йез. 3:19; 18:23). Уӕд син гӕнӕн нӕбал уодзӕй, ӕма ибӕл басӕтдзӕнцӕ, ци хабар игъосун кодтан, е ӕцӕгӕйдӕр Хуцауӕй ке адтӕй.

19. Идарддӕр лӕггадӕ кӕнун нӕ бон цӕй фӕрци уодзӕй?

19 Мадта идарддӕр лӕггадӕ кӕнун нӕ бон цӕй фӕрци уодзӕй? Йезекилӕн ци ӕртӕ гъуддаги банхус кодтонцӕ, етӕ махӕн дӕр ӕнхус кӕндзӕнцӕ. Мах идарддӕр игъосун кӕнӕн, уомӕн ӕма ’й зонӕн, Йеговӕ нӕ ке рарвиста. Удта ма нин Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ дӕттуй хъауритӕ ӕма нин Хуцауи Дзурд Библи не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнуй. Мах фӕндуй Йеговӕн идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнун ӕма кӕронмӕ федар фӕллӕуун (Матф. 24:13).

65 ЗАР Размӕ цо!

a Йеговӕ Йезекилӕн бафӕдзахста игъосун кӕнун. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, еци фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнунмӕ ин цӕхуӕн ӕртӕ гъуддаги ӕнхус кодтонцӕ, уомӕ. Йеговӕ ин куд ӕнхус кодта, уой ку фӕууинӕн, уӕд никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзиан, Йеговӕ махӕн дӕр нӕ лӕггади ке ӕнхус кӕндзӕй, уобӕл.