Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

БИОГРАФИ

«Мӕн фӕндадтӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун»

«Мӕн фӕндадтӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун»

МАХ бабӕрӕг кодтан нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти минкъий къуар. Е адтӕй Суринами гъӕди астӕу, еу минкъий гъӕу Гранбурмӕ хӕстӕг. Хуӕртӕ ӕма нӕ ӕнсувӕртӕ рафӕндараст кодтонцӕ, ӕма мах дӕр гъӕдин лодкай рабадтан ӕма Тапанахони цӕугӕдонбӕл ранӕхстӕр ан. Цӕугӕдони гулфӕнти ку цудан, уӕд нӕ мотори винт дорбӕл ӕхе бахафта. Нӕ лодкай раззаг хай ӕвваст дони буни фӕцӕй, удта фӕстӕмӕ фӕггӕпп кодта, фал уӕддӕр донӕй райдзаг ан. Фуртӕссӕй мӕ зӕрдӕ багъар ӕй. Цалдӕр анзей дӕргъи кӕд районон цӕстӕдарӕгӕй лӕггадӕ кодтон ӕма мӕ цӕугӕдӕнттӕбӕл цӕун арӕх багъӕуидӕ, уӕддӕр накӕ кӕнун ба нӕ зудтон.

Уӕд ци бацан, уой фӕстӕдӕр базондзиайтӕ. Нур ба бал уин радзорон, ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнун куд райдӕдтон, уой.

Ӕз райгурдтӕн 1942 анзи Кариби денгизи рӕсугъд сакъадах Кюрасаой. Мӕ фидӕ уордӕмӕ Суринамӕй косунмӕ иссудӕй. Ку нӕма райгурдтӕн, уомӕй еу къуар анзей размӕ мӕ фидӕ донаргъуд райста ӕма иссӕй Суринами фиццаг Йегови Ӕвдесӕнтӕй сӕ еу a. Фондз сувӕллони адтан, ӕма нӕ алли къуӕре дӕр нӕ фидӕ еумӕ ӕрӕмбурд кӕнидӕ, цӕмӕй нӕ хӕццӕ Библи ахур кодтайдӕ, кӕд нӕ алкӕд нӕ фӕффӕндӕуидӕ, уӕддӕр. 14 анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕдта ӕмбурд бийнонтӕй дӕр Суринаммӕ раздахтан, уомӕн ӕма нӕ фидимадӕмӕ кӕсун гъудӕй.

ХУАРЗ ӔМБӔЛТТӔ МИН КЕ АДТӔЙ, Е МИН УСТУР ӔНХУС ФӔЦӔЙ

Суринами арӕх мӕ рӕстӕг ӕрвистон, Йеговӕн зингзӕрдӕй ка лӕггадӕ кодта, уӕхӕн ӕригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ. Берӕ хестӕр ми н’ адтӕнцӕ ӕма лӕггадӕ кодтонцӕ ӕнхӕстрӕстӕг пионертӕй. Игъосун кӕнгӕй сӕбӕл ци цаутӕ ӕрцӕуидӕ, уой туххӕй ку фӕдздзориуонцӕ, уӕд сӕ цӕсгӕнттӕ фурцийнӕй тӕмӕнтӕ калдтонцӕ. Фӕсӕмбурд ме ’мбӕлтти хӕццӕ арӕх гъӕунги фӕббадианӕ ӕма стъалутӕй идзаг арвмӕ кӕсгӕй Библий аллихузи хабӕрттӕбӕл фӕдздзубандитӕ кӕнианӕ. Уӕхӕн ӕмбӕлттӕ мин ке адтӕй, уой фӕрци ’й балӕдӕрдтӕн, царди мӕ алцӕмӕй хъӕбӕрдӕр ци фӕндуй, уой – мӕн фӕндадтӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун. Уомӕ гӕсгӕ, 16 анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд донаргъуд райсон, 18 анземӕ ба ӕнхӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтон.

ЦӔБӔЛ ИСАХУР ДӔН

Парамарибой пионерӕй лӕггадӕ кӕнун

Ӕнхӕстрӕстӕг пионерӕй ку лӕггадӕ кодтон, уӕд берӕ цӕбӕлдӕрти исахур дӕн, ӕма мин е мӕ лӕггади ӕнхус кодта. Зӕгъӕн, ба ’й лӕдӕрдтӕн, иннети ахур кӕнун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой. Пионерӕй лӕггадӕ кӕнгӕй мин хъӕбӕр ӕнхус кодта еу миссионер Виллем ван Сейел b. Е мӕ исахур кодта ӕмбурди аллихузи ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун. Уӕд мӕ сӕри къуми дӕр н’ адтӕй, тагъд рӕстӕги мӕ еци зонундзийнӕдтӕ ке багъӕудзӕнцӕ. Иннӕ анз мӕ иснисан кодтонцӕ сӕрмагонд пионерӕй ӕма ӕнхус кӕнун райдӕдтон, гъӕди астӕу ка цардӕй ӕма иннӕ ӕмбурдтӕй идард ка адтӕй, уӕхӕн минкъий къуӕрттӕн. Хъӕбӕр боз дӕн, Виллеми хузӕн ӕнсувӕртӕ мӕ афойнадӕбӕл берӕ цӕбӕлдӕрти ке исахур кодтонцӕ, уой туххӕй! Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕхуӕдӕг дӕр уони цӕветтонмӕ гӕсгӕ архайун ӕма иннети ахур кӕнунмӕ алли фадуатӕй дӕр пайда кӕнун.

Уомӕй уӕлдай ма исахур дӕн хумӕтӕг цард кӕнун ӕма алцидӕр хуарз пълан кӕнун. Пионерӕй ке хӕццӕ лӕггадӕ кодтон, еци ӕнсувӕри хӕццӕ алли мӕйи райдайӕни дӕр нӕ хӕрзтӕ бӕстон ӕрфинсианӕ. Уой фӕсте ба нӕ еу горӕтмӕ рандӕ уидӕ, цӕмӕй нӕ ци гъудӕй, уони уоми балхӕдтайдӕ. Ци нӕмӕ адтӕй, уони гъӕуама лӕдӕргӕй харз кодтайанӕ, цӕмӕй нин мӕйи кӕронмӕ рахъӕрдтайуонцӕ, уомӕн ӕма нин ести ку фӕцайдӕ, уӕд ӕй гъӕди астӕу не ’ссирдтайанӕ. Ӕригонӕй ке исахур дӕн хумӕтӕг цард кӕнунбӕл ӕма алцидӕр рагацау пълан кӕнунбӕл, уой фӕрци мӕ бон адтӕй цӕргӕ-цӕрӕнбонти Йеговӕн ӕгас хъауритӕй лӕггадӕ кӕнун.

Уомӕй уӕлдай ма балӕдӕрдтӕн еу гъуддаг: адӕни ахур кӕнун хуӕздӕр ӕй сӕхе ӕвзагбӕл. Мӕ минкъийӕй фӕстӕмӕ дзорун нидерландаг, англисаг ӕма папьяменто ӕвзӕгтӕбӕл, удта ма Суринами парахат ка ӕй, уӕхӕн ӕвзаг сранан-тонгобӕл. Фал адӕн хуарз хабармӕ хуӕздӕр байгъосиуонцӕ, сӕ мадӕлон ӕвзагбӕл сӕмӕ ку дзорианӕ, уӕд. Раст зӕгъгӕй мин еуӕй-еу ӕвзӕгтӕ зин ахур кӕнӕн адтӕнцӕ. Зӕгъӕн, сарамаккайнаг, уомӕн ӕма си еци еу дзурдтӕ фӕйнӕхузи ивазгӕ ’нцӕ, ци зӕгъунмӕ гъавис, уомӕ гӕсгӕ. Кӕд мин ӕнцон н’ адтӕй, уӕддӕр е хуарз тиллӕг ӕрхаста. Бунӕттон ӕвзӕгтӕ ке зудтон, уой фӕрци рӕстдзийнадӕ базонунмӕ фулдӕр адӕнӕн банхус кодтон.

Ӕвзаг дзӕбӕх ке нӕ фӕззонинӕ, уой туххӕй арӕх аллихузи уавӕрти бахауинӕ. Еухатт, Библи ка ахур кодта, уӕхӕн силгоймагӕн ӕ ахсӕн ристӕй, ӕма ’й зӕгъун рафӕрсон, куд ӕй, уобӕл. Фал ӕй куд бафарстон, уомӕй ба рауадӕй, уӕззау нӕ дӕ, зӕгъгӕ. Силгоймаг куд фефсӕрми ӕй, уой, ӕвӕдзи, дзорун дӕр нӕ гъӕуй. Кӕд уӕхӕн хабӕрттӕ арӕх рауайиуонцӕ, уӕддӕр, кӕмифӕнди ма лӕггадӕ кодтайнӕ, алкӕддӕр архайдтон, цӕмӕй адӕни хӕццӕ сӕ мадӕлон ӕвзагбӕл дзурдтайнӕ.

ФУЛДӔР ИХӔСТӔ ӔНХӔСТ КӔНУН

1970 анзи мӕ иснисан кодтонцӕ районон цӕстӕдарӕгӕй. Еци анз, гъӕди астӕу ци минкъий къуӕрттӕ адтӕй, уонӕй берети бабӕрӕг кодтон. Программӕмӕ гӕсгӕ син гъӕуама ӕвдистайнӕ слайдтӕ «Йегови Ӕвдестӕнти сӕйраг хайадӕ бабӕрӕг кӕнун»-и туххӕй. Цӕун нӕ гъудӕй даргъ гъӕдин лодкатӕбӕл. Ӕнсувӕрти хӕццӕ еци лодкай ниввӕрианӕ генератор, биндзин, фӕтӕгенӕй ка сугъдӕй, уӕхӕн рохсгӕнӕнтӕ ӕма проектор слайдтӕ ӕвдесунмӕ. Уой фӕсте ба нӕ гъудӕй гъӕдӕбӕл цӕун ӕгас еци дзаумӕутти хӕццӕ. Гъуди ма ’й кӕнун, ӕнцон нин ке нӕ фӕууидӕ. Фал адӕн еци фембӕлдтӕбӕл куд цийнӕ кодтонцӕ, уой ку фӕууининӕ, уӕд ӕй балӕдӕринӕ, еци хъиамӕттӕ уой аккаг ке адтӕнцӕ. Мӕнӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй адӕни зонгӕ кӕнун Йегови ӕма ӕ организаций зӕнхон хаййи хӕццӕ. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй мӕхе кӕд берӕ цӕмӕйдӕрти фӕццох кӕнинӕ, уӕддӕр амондгун адтӕн, адӕн Йеговӕмӕ куд хӕстӕг кӕнунцӕ, уой уингӕй.

ӔРТӔ ТАГЕМӔЙ БАСТ БӔТТӔН

1971 анзи сентябри Этели хӕццӕ нӕ цард байеу кодтан

Лӕдӕрдтӕн ӕй, аци хузи лӕггадӕ кӕнун еунӕгӕй ӕнцондӕр ке ӕй, фал мӕ уӕддӕр бийнойнаг иссерун фӕндадтӕй. Гъӕди астӕу лӕггадӕ кӕнун зин адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ Йеговӕмӕ кувтон, цӕмӕй мин банхус кодтайдӕ, уӕхӕн зиндзийнӕдтӕй ка нӕ тарсуй ӕма мӕ хӕццӕ цийнӕгӕнгӕй ка лӕггадӕ кӕндзӕй, уӕхӕн цардӕмбал иссерун. Гъема анзи фӕсте исӕмбалдтӕн Этелбӕл. Е адтӕй уодуӕлдай сӕрмагонд пионер. Ирӕзгӕ кари ма ку адтӕй, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй апостол Павели цӕветтон – е Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ӕ хъауритӕ не ’вгъау кодта. Ӕма Этели дӕр уотӕ фӕндадтӕй. 1971 анзи нӕ цард байеу кодтан ӕма ӕмбурдтӕ еумӕ бӕрӕг кӕнун райдӕдтан.

Этели бийнонтӕ хумӕтӕг цард кодтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ районон лӕггади зиндзийнӕдтӕй нӕ тарстӕй. Зӕгъӕн, ӕмбурдтӕмӕ нӕ гъӕдӕбӕл цӕун ку фӕгъгъӕуидӕ, уӕд нӕ хӕццӕ берӕ цидӕртӕ нӕ истан. Нӕ хъӕппӕлтӕ ӕхснадтан ӕма нӕхе ӕртадтан цӕугӕдӕнтти, хуӕргӕ ба кодтан, цидӕриддӕр нин ӕривӕриуонцӕ, уой: игуанитӕ, пиранитӕ, удта ма гъӕди кенӕ дони ке ниййахӕссиуонцӕ, берӕ уӕхӕн цидӕртӕ. Тӕбӕгътӕ ку нӕ фӕууидӕ, уӕд банани сифтӕй хуардтан, вилкитӕ кенӕ едгутӕ ку нӕ уидӕ – уӕдта къохӕй. Мах ӕй лӕдӕрдтан, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нӕхе ке не ’вгъау кӕнӕн, уой фӕрци ӕ хӕццӕ, ӕртӕ тагемӕй баст бӕттӕни хузӕн ке ан (Еккл. 4:12). Еци цард нецӕбӕл баййивтайанӕ!

Гъема еухатт еу уӕхӕн балцийӕй фӕстӕмӕ ку цудан, уӕд ӕрцудӕй, райдайӕни ке кой кодтон, еци хабар. Цӕугӕдони гулфӕнти ку цудан, уӕд нӕ лодкай раззаг хай ӕвваст дони буни фӕцӕй, удта фӕстӕмӕ фӕггӕпп кодта. Хуарз ӕма нӕбӕл жилеттӕ адтӕй ӕма донмӕ нӕ ниххаудтан. Фал нӕ лодка ба уӕддӕр донӕй райдзаг ӕй. Нӕ ӕгти ци хуӕруйнӕгтӕ адтӕй, уони ракалдтан ӕма уонӕй дон калун райдӕдтан.

Ӕнӕ хуӕруйнагӕй ке байзадан, уомӕ гӕсгӕ цӕугӕ-цӕугӕй кӕсалгӕ ахӕссун райдӕдтан, фал нин си неци уадӕй. Уӕд Йеговӕмӕ ракувтан ӕма си ракурдтан, цӕмӕй нин аци бони фагӕ хуӕруйнаг ратта. Куддӕр «амменӕ» загътан, уотӕ ӕнсувӕртӕй еу ӕнгурӕ багӕлста ӕма замманай устур кӕсалгӕ ниййахӕста. Е нин фагӕ адтӕй, цӕмӕй не ’гасдӕр – ӕртӕ нӕлгоймаги ӕма дууӕ силгоймаги – нӕхе бафсадӕн.

СӔРИХЕЦАУ, ФИДӔ ӔМА РАЙОНОН ЦӔСТӔДАРӔГ

Фондз анзей дӕргъи ӕмбурдтӕ бӕрӕг кодтан, фал удта ӕнӕнгъӕлти еу хуарз хабар базудтан – тагъд нин сувӕллон фӕззиндзӕй! Кӕд хъӕбӕр цийнӕ кодтон, уӕддӕр ӕй нӕ зудтон, нӕ цард идарддӕр куд уодзӕй, уой. Этели хӕццӕ нӕ хъӕбӕр фӕндадтӕй, гӕнӕн ӕма амалӕй, идарддӕр ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнун. 1976 анзи райгурдӕй нӕ фиццаг фурт Этниэл. Дууӕ анзи ӕма ӕрдӕг ку рацудӕй, уӕдта ин фӕззиндтӕй ӕнсувӕр Гьофанни.

Суринами скӕсӕнӕрдиги Годо Холомӕ хӕстӕг цӕугӕдон Тапанахони рази кӕсун донаргъуд куд есунцӕ, уомӕ. 1983 анз

Еци рӕстӕг Суринами районон цӕстӕдаргутӕ ке нӕ фагӕ кодта, уомӕ гӕсгӕ филиал барӕ равардта, цӕмӕй идарддӕр еци хузи лӕггадӕ кодтайнӕ. Фал ма мӕ гъудӕй фиди ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун дӕр. Нӕ биццеутӕ ма минкъий ку адтӕнцӕ, уӕд фӕббӕрӕг кӕнинӕ, берӕ ӕмбурдтӕ кӕми нӕййес, уӕхӕн районтӕ. Уой фӕрци мӕ бон адтӕй мӕйӕмӕ дууӕ къуӕрей районон цӕстӕдарӕгӕй лӕггадӕ кӕнун, иннӕ рӕстӕг ба – мӕхе ӕмбурди пионерӕй. Хӕдзарӕмӕ хӕстӕг ӕмбурдтӕ ку фӕббӕрӕг кӕнинӕ, уӕдта Этел ӕма нӕ биццеутӕ дӕр мӕ хӕццӕ фӕууиуонцӕ. Фал мӕ ӕмбурдтӕ бӕрӕг кӕнунмӕ кенӕ конгресстӕмӕ идардмӕ цӕун ку гъудӕй, уӕдта еунӕгӕй рандӕ уинӕ.

Районон цӕстӕдарӕгӕй лӕггадӕ кӕнгӕй мӕ арӕх лодкабӕл цӕун багъӕуидӕ

Цӕмӕй ме ’гас ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун мӕ бон адтайдӕ, уой туххӕй мӕ гъудӕй алцидӕр хуарз пълан кӕнун. Байархайдтон, цӕмӕй нӕмӕ бийнонти ахур алли къуӕре дӕр уа. Идард рауӕнти ӕмбурдтӕ ку фӕббӕрӕг кӕнинӕ, уӕдта нӕ биццеути хӕццӕ Библий ахур Этел рауадзидӕ. Мах архайдтан, цӕмӕй фулдӕр рӕстӕг еумӕ ӕрветӕн, удта нӕ биццеути хӕццӕ арӕхдӕр еумӕ уолӕфӕн. Ести гъӕзтитӕ ӕргъуди кӕнианӕ кенӕ ӕрдзӕмӕ рацӕуианӕ. Райони гъуддӕгтӕ кӕнгӕй арӕх ӕнафонӕмӕ бадгӕ байзайинӕ. Этел ба, Ӕмбесӕндти 31:15 ци хуарз бийнойнаги туххӕй финст ес, уой хузӕн, талингӕ ма ку фӕууидӕ, уӕд исистидӕ. Уой фӕрци, нӕ биццеутӕ скъоламӕ ку нӕма рандӕ уиуонцӕ, уӕдмӕти бони стих бакӕсианӕ ӕма сехуар дӕр еумӕ искӕнианӕ. Йеговӕй хъӕбӕр боз дӕн, уӕхӕн уодуӕлдай бийнойнаги туххӕй! Уой фӕрци мӕ бон адтӕй ӕнхӕст кӕнун, Йеговӕ мин цидӕриддӕр ихӕстӕ бабарӕ кодта, уони.

Нӕ бон цидӕриддӕр адтӕй, уой кодтан, цӕмӕй нӕ биццеутӕ Йегови бауарзтайуонцӕ ӕма сӕ бафӕндадтайдӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун. Мах фӕндадтӕй, цӕмӕй Йеговӕн ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кодтайуонцӕ. Фал нӕ нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй еци над мах туххӕй равзурстайуонцӕ. Еци унаффӕ гъӕуама сӕхуӕдтӕ рахастайуонцӕ. Сӕ хӕццӕ дзубандитӕ кӕнгӕй син алкӕддӕр дзурдтан, еци лӕггадӕ цӕйбӕрцӕ цийнӕ хӕссуй, уой. Зиндзийнӕдти туххӕй дӕр син радзорианӕ, фал син се ’ргом раздахианӕ, Йеговӕ нин куд банхус кӕнидӕ ӕма нин куд райарфӕ кӕнидӕ, уомӕ.

Цалинмӕ нӕ биццеутӕ ирӕзтӕнцӕ, уӕдмӕти нӕбӕл Йеговӕ алкӕддӕр батухсидӕ. Мӕхуӕдӕг дӕр алкӕддӕр архайдтон мӕ ихӕстӕ хуарз ӕнхӕст кӕнун. Сӕрмагонд пионерӕй лӕггадӕ кӕнгӕй исахур дӕн уӕлдай хӕрзтӕ ма кӕнун. Фал кӕд хъӕбӕр архайдтан, уӕддӕр уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма нӕмӕ алкӕддӕр адтӕй, ци гъӕуагӕ адтӕн, е. Ӕз ӕй федарӕй зонун, уӕхӕн рӕстӕгути нӕмӕ Йеговӕ е ’нхуси къох ке ӕрбадаридӕ. Зӕгъӕн, 1986 анзӕй 1992 анзи уӕнгӕ Суринами медбӕстон тугъд цудӕй. Еци рӕстӕг цардамӕлттӕ кӕнун ӕнцон н’ адтӕй. Фал нӕ Йеговӕ некӕд ниууагъта (Матф. 6:32).

ФӔСТӔМӔ РАКӔСГӔЙ

Галеуӕрдигӕй рахесӕрдӕмӕ: ӕз ӕма Этел

Нӕ хестӕр фурт Этниел ӕ бийнойнаг Наталий хӕццӕ

Нӕ кӕстӕр фурт Гьофанни ӕ бийнойнаг Кристӕли хӕццӕ

Йеговӕ нӕ алкӕддӕр ӕ уарзтӕй рӕвдудта, ӕма куд амондгун адтан, уомӕн зӕгъӕн дӕр нӕййес! Йеговӕ нӕ дессаги арфӕдзийнадӕй исхайгин кодта – равардта нин сувӕллӕнттӕ, ӕма сӕ гъомбӕл кӕнун нӕхецӕн устур кадӕбӕл нимадтан. Нӕ цийнӕн кӕрон дӕр н’ адтӕй, етӕ дӕр ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ ку равзурстонцӕ, уӕд. Этниел ӕма Гьофанни рацудӕнцӕ, нур Хуцауи Паддзахадӕ игъосунгӕнгути скъола ка хуннуй, еци скъола. Нур сӕ бийнойнӕгти хӕццӕ Суринами филиали лӕггадӕ кӕнунцӕ.

Кӕд нӕбӕл Этели хӕццӕ ӕнзтӕ сӕ уӕзӕ ӕруагътонцӕ, уӕд дӕр ма Йеговӕн зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнӕн сӕрмагонд пионертӕй. Гъе уотӕ ӕнӕвдӕлон дӕн, ӕма нурмӕти дӕр нӕма исахур дӕн накӕ кӕнун. Фал ӕппундӕр нецӕбӕл фӕсмон кӕнун! Фӕстӕмӕ ракӕсгӕй мӕ бон ӕй зӕгъун: ӕригонӕй ци унаффӕ рахастон ӕма мӕ цард ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнунмӕ ке исаразтон, е адтӕй мӕ царди тӕккӕ хуӕздӕр унаффитӕй сӕ еу!

b Ӕнсувӕр Виллем ван Сейели биографи финст ӕй 1999 анзи 8 октябри уагъд журнали «Ӕригъал уотӕ!», 12–15 фӕрстӕ (урус.).