48 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Уӕ еузӕрдондзийнадӕ фӕлвӕрд ку цӕуа, уӕд лӕдӕргӕй архайетӕ
«Уотӕ лӕдӕргӕ» (1 ПЕТ. 4:7).
123 ЗАР Хуцауи ӕвӕрд уагӕ ӕма ӕгъдаубӕл федар хуӕцӕн
РАЗДЗУРД a
1. Лӕдӕргӕ адӕймаг ке ес исхонӕн? (2 Тимофеймӕ 4:5).
ЗИНДЗИЙНӔДТӔБӔЛ ку исӕмбӕлӕн, уӕд нин алли хатт ӕнцон нӕ фӕууй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл еузӕрдонӕй байзайун. Еци зиндзийнӕдти сӕрти рахезунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй? Гъӕуама лӕдӕргӕй архайӕн ӕма не ’ууӕндундзийнадӕ ӕрлӕмӕгъ ун ма бауадзӕн. (Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 4:5.) Лӕдӕргӕ адӕймаг уайтагъд нӕ рамӕстгун уй, арф ӕма лӕмбунӕг фӕссагъӕс кӕнуй ӕма фӕййархайуй, цӕмӕй алцӕмӕдӕр Йегови цӕстӕй кӕса. Гъе уотемӕй не ’нкъарӕнтӕ нӕ зундбӕл нӕ фӕууӕлахез уодзӕнцӕ.
2. Аци статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
2 Айразиккон статьяй ӕркастан, аци дуйней цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн, уонӕй ӕртемӕ. Аци статьяй ба радзордзиан, ӕмбурди ести зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн ӕма нин уой туххӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун зин ку фӕууй, уобӕл. Ӕркӕсӕн еци зиндзийнӕдтӕй ӕртемӕ: 1) нӕ зӕрдӕ нин ку фӕрресун кӕнонцӕ кенӕ нӕбӕл хӕранӕй ку рацӕуонцӕ; 2) зунд нин ку байамононцӕ ӕма 3) организаций ести ӕййвддзийнӕдтӕбӕл исарази ун нин зин ку уа. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй уӕхӕн уавӕрти зундӕй архайӕн, удта Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл еузӕрдон уӕн.
НӔ ЗӔРДӔ НИН КУ ФӔРРЕСУН КӔНОНЦӔ КЕНӔ НӔБӔЛ ХӔРАНӔЙ КУ РАЦӔУОНЦӔ
3. Нӕ зӕрдӕ нин ку фӕрресун кӕнунцӕ кенӕ нӕбӕл хӕранӕй ку рацӕунцӕ, уӕд нин куд фӕууй?
3 Ескӕд дӕбӕл ӕмбурди еске хӕранӕй рацудӕй кенӕ дин дӕ зӕрдӕ фӕрресун кодта? Ка ’й зонуй, е хестӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр еске адтӕй. Ӕвӕдзи ин уотӕ барӕй нӕ рауадӕй (Ром. 3:23; Иак. 3:2). Фал дӕуӕн ба е уӕддӕр зин адтӕй. Ка ’й зонуй, ма уой туххӕй ӕнӕхуссӕг дӕр фӕдтӕ. Гӕнӕн ес, ӕма дин ӕнцойнӕ нӕ лӕвардтонцӕ уӕхӕн сагъӕстӕ: «Кӕд ӕнсувӕр ӕхе гъе уотӕ даруй, уӕд айӕ ӕцӕгӕйдӕр Хуцауи организаци ӕй?» Сайтани фӕндуй, цӕмӕй раст гъе уотӕ сагъӕс кӕнун райдайӕн (2 Кор. 2:11). Еци гъуддаги ин ӕ къох ку аразӕн, уӕд нӕ е уомӕ ӕркӕндзӕй, ӕма Йеговӕн нӕбал лӕггадӕ кӕндзиан ӕма ин ӕ организаци дӕр ниууадздзиан. Мадта нин нӕ зӕрдӕ еске ку фӕрресун кӕна кенӕ нӕбӕл хӕранӕй ку рацӕуа, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй идарддӕр дӕр лӕдӕргӕй архайӕн ӕма Сайтани зундахастбӕл ма рацӕуӕн?
4. Иосифбӕл хӕранӕй ку рацудӕнцӕ, уӕд лӕдӕргӕй ке архайдта, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй, ӕма си мах цӕбӕл ахур кӕнӕн? (Райдайӕн 50:19–21).
4 Дорзӕрдӕ ма исуо ӕма дӕ зӕрди маст ма ниддарӕ. Иосиф ма ӕригон ку адтӕй, уӕд ӕй ӕ хестӕр ӕнсувӕртӕ арӕх ӕфхуӕриуонцӕ ӕма ма ’й марунмӕ дӕр гъавтонцӕ (Райд. 37:4, 18–22). Ӕгас еци хабӕрттӕ уомӕ ӕркодтонцӕ, ӕма Иосифи цагъайради рауӕйӕ кодтонцӕ ӕма 13 анзей дӕргъи аллихузи уӕззау фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбӕлидӕ. Иосифи бон адтӕй сагъӕс кӕнун, цума ’й Йеговӕ нӕ уарзуй, ӕма ’й ӕхе бӕрагӕ ниууагъта. Фал уӕддӕр ӕ зӕрдӕ нӕ ниддор кодта ӕма ӕ зӕрди маст нӕ ниддардта. Иосиф алкӕддӕр лӕдӕргӕй архайдта. Е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй? Уӕхӕн зин уавӕрти дӕр Иосиф мӕстгун кӕнун нӕ райдӕдта. Е ’нсувӕртӕй ин ӕ маст исесуни фадуат ку фӕззиндтӕй, уӕд дӕр уотӕ нӕ бакодта, фал син зӕрдӕй ниххатир кодта (Райд. 45:4, 5). Иосиф уотӕ бакодта, уомӕн ӕма ӕ уавӕрбӕл арф ӕма лӕмбунӕг сагъӕс кодта. Ӕ зиндзийнӕдтӕмӕ нӕ никкомкоммӕ ’й, фал архайдта, цӕмӕй уавӕр аллирдиги дӕр фӕууина ӕма ’й балӕдӕра, Йегови фӕндон цӕй медӕг ӕй, уой. (Бакӕсӕ Райдайӕн 50:19–21.) Мах уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Кӕд дӕбӕл еске хӕранӕй рацудӕй, уӕд дӕр дӕ зӕрдӕ ма ниддор кӕнӕ ӕма уотӕ ма сагъӕс кӕнӕ, цума ди Йеговӕ ӕхе рахатта. Уой бӕсти сагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ дин дӕ зин уавӕрти фӕразунмӕ куд ӕнхус кӕнуй, уобӕл. Мадта еске дӕ зӕрдихудти ку бацӕуа, уӕ архайӕ, цӕмӕй ин е ’нӕнхӕстдзийнадӕ дӕ уарзондзийнадӕй нимбӕрзай (1 Пет. 4:8).
5. Микеасӕн ӕ зӕрдӕ ку фӕрресун кодтонцӕ, уӕддӕр лӕдӕргӕй куд архайдта?
5 Нур ба ӕркӕсӕн нуриккон хабармӕ. Хонсар Америкӕй еу хестӕр нӕлгоймаг Микеас b радзурдта, куд зин ин адтӕй, цалдӕр бӕрнон ӕнсувӕри ӕ хӕццӕ сӕхе куд карзӕй бадардтонцӕ, е. Е загъта: «Мӕ уод гъе уотӕ тухст некӕдма адтӕй. Мӕхемӕ хъӕбӕр нийгъустон. Хуссун дӕр ма мӕ бон н’ адтӕй. Мӕ бон ке неци адтӕй, уой туххӕй ма кӕугӕ дӕр фӕккӕнинӕ». Фал уӕддӕр Микеас архайдта, цӕмӕй лӕдӕргӕ уа ӕма е ’нкъарӕнти фӕдбӕл ма рацӕуа. Е Йеговӕмӕ арӕх кувта ӕма си ӕ сугъдӕг хъаурӕ курдта, цӕмӕй алци исфӕразун ӕ бон иссайдӕ, удта ма нӕ публикацити агурдта, ка ин банхус кодтайдӕ, уӕхӕн ӕрмӕг. Мах уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Хуӕрӕ кенӕ дӕбӕл ӕнсувӕр хӕранӕй ку рацӕуа, уӕддӕр ма рамӕстгун уо ӕма лӕгъуз сагъӕстӕн дӕ зӕрди ӕрбунат кӕнун ма бауадзӕ. Мах ӕй алкӕд нӕ фӕззонӕн, адӕймаг ӕхе уотӕ цӕмӕн бадардта, уой. Уомӕ гӕсгӕ ба алцидӕр Йеговӕн радзорисӕ ӕма си ӕнхус ракорисӕ, цӕмӕй дӕ бон уа уавӕрмӕ еци хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕри цӕстӕй ракӕсун. Гӕнӕн ес, ӕма дин уотемӕй бантӕсдзӕй адӕймаги балӕдӕрун ӕма ин ниххатир кӕнун (Ӕмб. 19:11). Дӕ гъудий дарӕ: ци уавӕри бахаудтӕ, уой Йеговӕ уинуй ӕма дин алци исфӕразунмӕ дӕр хъауритӕ ратдзӕй (2 Анз. 16:9; Еккл. 5:8).
ЗУНД НИН КУ БАЙАМОНУНЦӔ
6. Йегови зундамунд ӕ уарзондзийнадӕбӕл дзорӕг ке ӕй, уой лӕдӕрун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? (Дзиуиттӕгтӕмӕ 12:5, 6, 11).
6 Йеговӕ нин зунд ку байамонуй, уӕд ӕхцӕуӕн кӕцӕй фӕууй. Фал не ’ргом не ’нкъарӕнтӕмӕ ӕгӕр ку раздахӕн, уӕд нӕмӕ уотӕ кӕсун райдайдзӕй, цума ӕфхуӕрд ӕнӕфудӕй баййафтан кенӕ ӕгӕр карз адтӕй. Уотемӕй, гӕнӕн ес, ӕма еу ӕхсидзгӕ гъуддаг ма балӕдӕрӕн: Йеговӕ нин зунд ке байамудта, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕ берӕ уарзуй. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 12:5, 6, 11.) Уомӕй уӕлдай ма, куд зин дин адтӕй, уобӕл ӕгӕр берӕ ку сагъӕс кӕнай, уӕд Сайтанӕн барӕ ратдзӕнӕ, цӕмӕй еци уавӕрӕй дӕ нихмӕ испайда кӕна. Уой фӕндуй, цӕмӕй Йегови зундамунд мацӕмӕ ӕрдарӕн. Никки хъӕбӕрдӕр ба ’й фӕндуй, цӕмӕй Йеговӕн мабал лӕггадӕ кӕнӕн ӕма ӕмбурд дӕр ниууадзӕн. Мадта дин дӕ рӕдудмӕ ку байамононцӕ, уӕд дӕ бон куд ӕй лӕдӕргӕй архайун?
7. а) Ӕркӕсӕ хузӕмӕ. Петур зундамундмӕ ку байгъуста, уӕд ин Йеговӕ цӕхуӕн гъуддӕгтӕ бабарӕ кодта? б) Петури цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
7 Зундамундмӕ игъосӕ ӕма си пайда кӕнӕ. Киристе Петурӕн зунд иннети рази дӕр байамонидӕ (Мар. 8:33; Лук. 22:31–34). Ӕвӕдзи, Петур уой туххӕй хъӕбӕр фефсӕрми уидӕ, фал уӕддӕр Киристебӕл еузӕрдон адтӕй. Е унаффӕмӕ байгъосидӕ ӕма ӕ рӕдудтитӕй ахур кодта. Гъема ин Йеговӕ дӕр ӕ еузӕрдондзийнади туххӕй райарфӕ кодта ӕма ин ӕмбурди кадгин ихӕстӕ ӕ барӕ бакодта (Иоан. 21:15–17; Гъуд. 10:24–33; 1 Пет. 1:1). Мах ба Петури хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Зунд нин ку байамонунцӕ, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма мах дӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй фефсӕрми уӕн. Фал уӕддӕр зундамундмӕ ку байгъосӕн ӕма исраст кӕнун ци гъӕуй, уой ку исраст кӕнӕн, уӕд е пайда ӕрхӕсдзӕй нӕхецӕн дӕр ӕма иннетӕн дӕр. Гъе уотемӕй нӕ бон уодзӕй Йеговӕн дӕр ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр фулдӕр лӕггадӕ кӕнун.
8, 9. Бернардойӕн зунд ку байамудтонцӕ, уӕд фиццаг уомӕ ци цӕстӕй ракастӕй, фал ин ӕ зундахаст исраст кӕнунмӕ ци банхус кодта?
8 Ӕркӕсӕн Мозамбиккӕй еу ӕнсувӕр Бернардой хабармӕ. Е лӕггадӕ кодта хестӕр нӕлгоймагӕй, фал удта еци кадгин ихӕсӕй фенӕхай ӕй. Цума уомӕ фиццаг цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй? Бернардо зӕгъуй: «Мӕ зӕрдӕ хъӕбӕр рахудтӕй, уомӕн ӕма ци унаффӕ рахастонцӕ, уой хӕццӕ арази н’ адтӕн». Бернардо хъӕбӕр тухстӕй, ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ имӕ нур ци цӕстӕй кӕсдзӕнцӕ, уобӕл. Е зӕгъуй: «Цалдӕр мӕйи мӕ багъудӕй, цӕмӕй мӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракӕсун мӕ бон иссайдӕ ӕма нӕуӕгӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл мӕ зӕрдӕ дарун райдӕдтайнӕ». Цума ин ци банхус кодта, цӕмӕй ӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракастайдӕ?
9 Бернардо ӕ зундахаст исраст кодта. Е зӕгъуй: «Хестӕр нӕлгоймагӕй ку лӕггадӕ кодтон, уӕд иннети ’ргом арӕх раздахинӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 12:7 финст дзурдтӕмӕ, цӕмӕй син банхус кодтайнӕ Йегови зундамундмӕ раст цӕстӕй кӕсун. Нур ба мӕхе бафарстон: „Аци стих кӕмӕ хауй? Йегови лӕггадгӕнгутӕй ӕгасемӕдӕр ӕма мӕнмӕ дӕр“». Уой фӕсте ба Бернардо ӕндӕр къахдзӕфтӕ искодта, цӕмӕй нӕуӕгӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл ӕууӕндун райдӕдтайдӕ. Никки фулдӕр райдӕдта Библи кӕсун ӕма ибӕл арфдӕр сагъӕс кӕнун. Кӕд ма Бернардо тухстӕй, хуӕртӕ ӕма имӕ ӕнсувӕртӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ, уобӕл, уӕддӕр сӕ хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ цудӕй ӕма ӕмбурдти дӕр дзуӕппитӕ лӕвардта. Рӕстӕг рацудӕй, ӕма бабӕй ӕй нӕуӕгӕй хестӕр нӕлгоймагӕй иснисан кодтонцӕ. Кӕд дӕуӕн дӕр Бернардой хузӕн зунд байамудтонцӕ ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ӕфсӕрми кӕнис, уӕд дӕр байархайӕ, цӕмӕй дин ци унаффӕ равардтонцӕ, уомӕ байгъосай ӕма исраст кӕнун ци гъӕуй, уой исраст кӕнай (Ӕмб. 8:33; 22:4) c. Уотӕ ку архайай, уӕд дӕ бон уодзӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл еузӕрдон ку уай, уӕд дин ӕнӕмӕнгӕй ке райарфӕ кӕндзӕй.
ОРГАНИЗАЦИЙ ӔЙЙВДДЗИЙНӔДТӔБӔЛ ИСАРАЗИ УН ЗИН КУ УА
10. Еуӕй-еу израилӕгтӕн Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзайун цӕхуӕн ӕййивддзийнӕдти туххӕй зин адтайдӕ?
10 Хатгай нин Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун зин фӕууй, организаций ести ӕййивддзийнӕдтӕ ку ’рцӕуй, уӕд. Уӕхӕн уавӕрти лӕмбунӕг ку нӕ уӕн, уӕд Йеговӕй раидард уодзиан. Ӕркӕсӕн Моисеййи закъон ку фӕззиндтӕй, уӕд цӕхуӕн ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцудӕй, етӕ куд рабӕрӕг ӕнцӕ еуӕй-еу израилӕгтӕбӕл. Моисеййи закъон ку нӕма адтӕй, уӕд саугини ихӕстӕ ӕнхӕст кодтонцӕ бийнонти хестӕртӕ. Етӕ нивондхӕссӕнтӕ кодтонцӕ ӕма Йеговӕн сӕ бийнонти туххӕй нивӕндтӕ хастонцӕ (Райд. 8:20, 21; 12:7; 26:25; 35:1, 6, 7; Иов 1:5). Фал Моисеййи закъон ӕ хъаури ку бацудӕй, уӕдта бийнонти хестӕртӕ еци кадгин ихӕстӕ нӕбал ӕнхӕст кодтонцӕ. Йеговӕ саугинти иснисан кодта Аарони хӕдзарвӕндагӕй. Уӕдӕй фӕстӕмӕ нивӕндтӕ дӕр гъӕуама етӕ хастайуонцӕ. Еци ӕййивддзийнӕдти фӕсте, Аарони хӕдзарвӕндагӕй ка нӕй, уӕхӕн бийнонти хестӕр ӕхемӕ саугини ихӕстӕ ку райстайдӕ, уӕд ин тӕссаг адтӕй, мӕлӕти тӕрхон ин ке рахӕсдзӕнцӕ, уомӕй (Лев. 17:3–6, 8, 9) d. Цума Корей, Дафан, Авирон ӕма ма адӕни хестӕртӕй никкидӕр 250 нӕлгоймаги Моисей ӕма Аарони нихмӕ уой туххӕй исистадӕнцӕ? (Ним. 16:1–3). Бӕлвурдӕй ӕй нӕ зонӕн. Цӕйфӕндий туххӕй ма бакодтайуонцӕ уотӕ, уӕддӕр Корей ӕма ӕ фарс ка адтӕй, етӕ еугурӕйдӕр Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй нӕ байзадӕнцӕ. Организаций ӕййивддзийнӕдти туххӕй дӕу еузӕрдондзийнадӕ дӕр фӕлвӕрд ку цӕуа, уӕд дӕ бон ци ӕй кӕнун?
11. Каафи хӕдзарвӕндаги левитти хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
11 Организаций ци ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцӕуй, уонӕмӕ гӕсгӕ архайӕ. Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг будури ку адтӕнцӕ, уӕд Каафи хӕдзарвӕндагӕй левиттӕ хъӕбӕр кадгин ихӕс ӕнхӕст кодтонцӕ. Адӕн сӕ цатуртӕ ку исесиуонцӕ, цӕмӕй сӕ над раидарддӕр кӕнонцӕ, уӕд Каафи хӕдзарвӕндагӕй левиттӕ ӕгасей разӕй цудӕнцӕ ӕма Хуцауи бадзурди кирӕ хастонцӕ (Ним. 3:29, 31; 10:33; Йес. Н. 3:2–4). Е хъӕбӕр устур кадӕ адтӕй! Фал израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ ку бацудӕнцӕ, уӕд уавӕр раййивта. Бадзурди кирӕ еу рауӕнӕй иннӕ рауӕнмӕ хӕссун нӕбал гъудӕй. Уомӕ гӕсгӕ Каафи хӕдзарвӕндагӕй левиттӕн ӕндӕр кадгин ихӕстӕ баихӕс кодтонцӕ. Мах ӕй зонӕн, паддзах Соломони рӕстӕг си еуӕй-еуетӕ ковӕндони заргӕ ке кодтонцӕ, иннетӕ дуаргӕстӕ ке адтӕнцӕ, кадӕртӕ ба си къӕбецтӕмӕ сӕ цӕстӕ дардтонцӕ (1 Анз. 6:31–33; 26:1, 24). Кӕд Каафи хӕдзарвӕндаги левиттӕ раздӕр хъӕбӕр кадгин ихӕстӕ ӕнхӕст кодтонцӕ, уӕддӕр уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма син нур ци ихӕстӕ бабарӕ кодтонцӕ, етӕ сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цудӕнцӕ ӕма сӕхецӕн кадгиндӕр бунӕттӕ агурдтонцӕ. Мах ба сӕ хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Йегови организаций ести ӕййивддзийнӕдтӕ ку ’рцӕуй, уӕд уонӕмӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй архайӕ, дӕу лӕггадӕмӕ ку фӕххаунцӕ, уӕддӕр. Цийфӕнди ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнгӕй дӕр дӕ цийнӕ ма исафӕ. Дӕ гъудий дарӕ: Йегови организаций ци ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнис, уомӕй кӕнгӕ нӕй, ӕ цӕсти цӕйбӕрцӕбӕл хъазар дӕ, е. Дзӕвгарӕ ӕхсидзгӕдӕр ӕй, цӕмӕй ин коммӕгӕс уай (1 Сам. 15:22).
12. Рахимӕн куд адтӕй, Вефили лӕггадӕ ’й ниууадзун ку багъудӕй, уӕд?
12 Ӕркӕсӕн нӕ хуӕрӕ Рахими хабармӕ. Е 23 анземӕй фулдӕр лӕггадӕ кодта Вефили, ӕма еци лӕггадӕ ӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй. Фал ӕй фӕстӕдӕр сӕрмагонд пионерӕй иснисан кодтонцӕ. Рахимӕ зӕгъуй: «Уой ку фегъустон, уӕд арви цӕфау фӕдтӕн. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, цума ми неци пайда ес. Сагъӕс кодтон: „Цума раст ци нӕ бакодтон?“». Гъигагӕн ма ин ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр ӕ зӕрдӕ уӕхӕн дзубандитӕй ракъахиуонцӕ: «Ӕвӕдзи, дӕ лӕггадӕмӕ ӕнхӕст хуарз нӕ арӕхстӕ, ӕма дӕ уой туххӕй рарвистонцӕ». Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг Рахимӕ уотӕ нифссаст адтӕй, ӕма алли ӕхсӕвӕ дӕр фӕккӕуидӕ. Фал уӕддӕр загъта: «Кӕд мин хъӕбӕр зин адтӕй, уӕддӕр некӕд гурусхӕ кодтон организацибӕл ӕма мӕ Йеговӕ ке уарзуй, уобӕл». Цума ин ци банхус кодта, цӕмӕй уӕхӕн уавӕри дӕр лӕдӕргӕй архайдтайдӕ?
13. Рахимӕн ци банхус кодта, цӕмӕй ӕ нифссӕттӕн сагъӕстӕй исуӕгъдӕ адтайдӕ?
13 Рахимӕн ци банхус кодта, цӕмӕй уӕхӕн нифссӕттӕн сагъӕстӕй исуӕгъдӕ адтайдӕ? Нӕ публикацити кастӕй, ӕ уавӕрмӕ ка хаудтӕй, уӕхӕн статьятӕ. Уӕлдай ӕнхус ин фӕцӕй 2001 анзи 1 феврали «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и статья «Нифссӕттӕн сагъӕстӕбӕл уӕлахез кӕнӕ!» (урус.). Дзурд си цудӕй, Библий финсӕг Марки туххӕй. Уомӕн дӕр ӕ лӕггадӕ арӕх раййевидӕ. Рахимӕ зӕгъуй: «Марки хабар мин устур нифси хуасӕ адтӕй». Уомӕй уӕлдай ма Рахимӕ е ’мбӕлттӕй дӕр ӕхе нӕ еуварс кодта. Ӕхемӕ нӕ нийгъуста ӕма ӕхецӕн тӕрегъӕд кӕнун нӕ райдӕдта. Е ӕй зудта, организацийӕн разамунд Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци ке дӕттуй ӕма ’й бӕрнон ӕнсувӕртӕ дӕр берӕ ке уарзунцӕ. Фал ма ’й Рахимӕ балӕдӕрдтӕй, организацийӕн тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ке ӕй, цӕмӕй Хуцауи гъуддаг размӕ цӕуа.
14. Владойӕн цӕхуӕн ӕййвддзийнӕдтӕбӕл зин адтӕй исахур ун, фал ин ци банхус кодта?
14 Словенийӕй еу 73-анздзуд хестӕр нӕлгоймаг Владойӕн ӕнцон н’ адтӕй, се ’мбурд син иннӕ ӕмбурди хӕццӕ ку байеу кодтонцӕ, сӕ Паддзахади зал ба син ку нихгӕдтонцӕ, уӕд. Е зӕгъуй: «Нӕ ’й лӕдӕрдтӕн, уӕхӕн рӕсугъд зал ӕхгӕнун цӕмӕн багъудӕй. Мӕ зӕрдӕ ибӕл хъӕбӕр фӕрристӕй, уомӕн ӕма ’й ӕрӕги барӕвдзитӕ кодтан. Мӕхуӕдӕг гъӕддӕсни дӕн ӕма си ци дзаумӕуттӕ адтӕй, уонӕй берети мӕхе къохтӕй искодтон. Уомӕй уӕлдай ма не ’мбурдтӕ ке байеу ӕнцӕ, уой туххӕй берӕ ӕййвддзийнӕдтӕ бакӕнун гъудӕй ӕма махӕн, каргунтӕн, уонӕбӕл исахур ун уотӕ ӕнцон н’ адтӕй». Цума Владойӕн ци банхус кодта ӕнсувӕрти разамундмӕ гӕсгӕ архайун? Е загъта: «Йегови организаций ци ӕййвддзийнӕдтӕ ӕрцӕуй, уонӕмӕ гӕсгӕ ку фӕййархайӕн, уӕд е алкӕддӕр арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕссуй. Уой фӕрци, федӕни ци хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕй, уонӕмӕ никки хуӕздӕр цӕттӕ уодзиан». Мадта дӕуӕн дӕр зин ку уа ӕййвддзийнӕдтӕбӕл исахур ун, зӕгъӕн, ӕмбурдтӕ ку байеу кӕнонцӕ кенӕ дӕ лӕггадӕ ку раййева, уӕддӕр ӕй федарӕй зонӕ: Йеговӕ дӕ хуарз лӕдӕруй. Ци ӕййвддзийнӕдтӕ ӕрцудӕй, уонӕмӕ гӕсгӕ ку архайай ӕма Йеговӕбӕл, удта ӕ организацибӕл еузӕрдон ку уай, уӕд дин Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй (Пс. 18:25).
АЛКӔДДӔР ЛӔДӔРГӔЙ АРХАЙЕТӔ
15. Ӕмбурди зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нӕ бон куд ӕй лӕдӕргӕй архайун?
15 Аци дуйней кӕрон куд хӕстӕгдӕр кӕнуй, уотӕ ӕмбурди фулдӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлдзиан. Ка ’й зонуй нин уой туххӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун дӕр зин уодзӕй. Уомӕ гӕсгӕ алкӕддӕр лӕдӕргӕй архайӕ. Хуӕрӕ кенӕ дин ӕнсувӕр дӕ зӕрдӕ ку фӕрресун кӕна кенӕ дӕбӕл хӕранӕй ку рацӕуа, уӕддӕр дӕ зӕрдӕ ма ниддор кӕнӕ ӕма дӕ зӕрди маст ма ниддарӕ. Зунд дин ку байамононцӕ, удта де ’нкъарӕнтӕбӕл ӕгӕр ма сагъӕс кӕнӕ, фал унаффӕмӕ байгъосӕ ӕма исраст кӕнун ци гъӕуй, уой исраст кӕнӕ. Йегови организаций ести ку раййевуй ӕма еци ӕййвддзийнӕдтӕ дӕу лӕггадӕбӕл дӕр ку рабӕрӕг уонцӕ, уӕд дӕр сӕрниллӕгӕй нӕуӕг амундтӕмӕ гӕсгӕ архайӕ.
16. Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл ӕууӕндай?
16 Йеговӕбӕл де ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд ку цӕуа, уӕд дӕр дӕ бон ӕй уобӕл ӕма ӕ организацибӕл ӕууӕндун. Фал уой туххӕй ба гъӕуама лӕдӕргӕй архайай. Гъома, уайтагъд ма рамӕстгун уисӕ, арф ӕма лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕ, удта архайӕ, цӕмӕй алцӕмӕдӕр Йегови цӕстӕй кӕсай. Дӕхецӕн нисан исӕвӕрӕ, цӕмӕй дӕу хузӕн уавӕрти ка адтӕй, уони царди хабӕрттӕ Библийӕй никки хуӕздӕр базонай ӕма сӕбӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнай. Йеговӕй ӕнхус корӕ, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй дӕхе макӕд еуварс кӕнӕ. Ӕма гъе уӕд цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр Сайтанӕн нӕ бантӕсдзӕй дӕу Йеговӕй ӕма ӕ организацийӕй райеуварс кӕнун (Иак. 4:7).
126 ЗАР Уӕн цӕттӕ, нифсхаст ӕма федар
a Хатгай нин зин фӕууй, Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл еузӕрдонӕй байзайун. Уӕлдайдӕр ба ӕмбурди ести зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд. Аци статьяй ӕркӕсдзиан уӕхӕн зиндзийнӕдтӕй ӕртемӕ ӕма базондзиан, ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл еузӕрдонӕй байзайӕн.
b Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.
c Фулдӕр унаффитӕ иссерӕн ес 2009 анзи 15 августи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и, 30–32 фӕрстӕ (урус.).
d Бийнонти хестӕри хуӕрунмӕ фонс равгӕрдун ку гъудӕй, уӕд ӕй Закъонмӕ гӕсгӕ гъӕуама ковӕндонӕмӕ ӕрбакодтайдӕ. Еци ихӕсӕй уӕгъдӕ адтӕй, ӕрмӕстдӕр ковӕндонӕй хъӕбӕр идард ку цардайдӕ, уӕд (Дук. з. 12:21).