42 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Амондгун ӕнцӕ, Йегови цӕсти «ӕнаййепп ка ӕй», етӕ
«Амондгун ӕнцӕ, ӕнаййепп ка ӕй, Йегови закъонмӕ гӕсгӕ ка цӕруй, етӕ» (ПС. 119:1).
124 ЗАР Алкӕддӕр еузӕрдон уӕн
РАЗДЗУРД a
1, 2. а) Еуӕй-еу бӕсти хецӕуттӕ Йегови лӕггадгӕнгути нихмӕ куд архайунцӕ, фал хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕхе куд дарунцӕ? б) Кӕд нӕ нихмӕ архайунцӕ, уӕддӕр нӕ бон куд ӕй амондгун ун? (Кӕсӕ ма хузтӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
НӔ РӔСТӔГИ нӕ гъуддаг ӕхгӕд ӕй кенӕ нин сӕребарӕй игъосун кӕнуни барӕ нӕййес 30 бӕстемӕй фулдӕреми. Еци бӕстити Йегови Ӕвдесӕнтӕй кедӕрти ахӕстдони дӕр исбадун кӕнунцӕ. Цума лӕгъузӕй ци ракодтонцӕ? Йегови цӕсти неци. Етӕ Библи кастӕнцӕ ӕма ’й ахур кодтонцӕ, цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уой туххӕй иннетӕн дзурдтонцӕ ӕма еумӕ ӕмбурд кодтонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма политики хӕццӕ баст гъуддӕгти дӕр неке фарс ислӕууиуонцӕ. Ӕма кӕд сӕ фӕдбӕл карзӕй зелунцӕ, уӕддӕр еци лӕггадгӕнгутӕ ӕнаййеппӕй байзайунцӕ, ӕма уотемӕй бавдесунцӕ, ӕрмӕстдӕр Йеговӕбӕл ке ’нцӕ еузӕрдон. Е син ке ’нтӕсуй, уой фӕрци хъӕбӕр амондгун ӕнцӕ.
2 Аци журнали ӕндаг цъарӕбӕл ци хузтӕ ес, уони, ӕвӕдзи, раздӕр дӕр фӕууидтай. Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти цӕсгӕнттӕ куд игъӕлдзӕг ӕнцӕ, уомӕ, ка ’й зонуй, ду дӕр де ’ргом раздахтай. Еци Ӕвдесӕнтӕ цийнӕ кӕнунцӕ, уомӕн ӕма ’й зонунцӕ: Йеговӕ си сӕ еузӕрдондзийнади туххӕй арази ӕй (2 Анз. 16:9). Киристе загъта: «Амондгун ӕнцӕ, рӕстдзийнади туххӕй ӕфхуӕрд ка ӕййафуй, етӕ. [...] Уӕ зӕрдӕ ирайӕд ӕма цийнӕ кӕнтӕ, уомӕн ӕма уӕмӕ... ӕнгъӕлмӕ кӕсуй устур хуӕрзеуӕг» (Матф. 5:10–12).
ЦӔВЕТТОН РАГИДЗАМАНТӔЙ
3. Гъуддӕгти 4:19, 20 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ апостолтӕ ци цӕстӕй ракастӕнцӕ, сӕ фӕдбӕл ке зилдӕнцӕ, уомӕ ӕма цӕмӕн?
3 Фиццаг ӕноси апостолтӕ дӕр уӕхӕн ӕфхуӕрд ӕййафтонцӕ, уомӕн ӕма Киристей туххӕй игъосун кодтонцӕ. Дзиуиттаг Сӕйраг тӕрхондонӕ син цалдӕр хатти карзӕй бафӕдзахста, «цӕмӕй Йесой номӕй макӕмибал маци дзурдтайуонцӕ» (Гъуд. 4:18; 5:27, 28, 40). Фал цума апостолтӕ уомӕ ци цӕстӕй ракастӕнцӕ? (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 4:19, 20.) Етӕ ’й зудтонцӕ, еци тӕрхонгӕнгутӕй уӕлдӕр ка ӕй, е син ке бафӕдзахста, цӕмӕй адӕнӕн игъосун кӕнонцӕ Киристей туххӕй (Гъуд. 10:42). Уомӕ гӕсгӕ Петур ӕма Иоанн ӕгас апостолти номӕй загътонцӕ, мах, дан, Хуцаумӕ игъосдзиан, тӕрхонгӕнгутӕмӕ нӕ, фал, ӕма Киристей туххӕй идарддӕр дӕр игъосун кӕндзиан. Зӕгъӕн ес, ӕма сӕ апостолтӕ уотӕ бафарстонцӕ: «Уотӕ уӕмӕ кӕсуй, ӕма уӕмӕ Хуцауӕй фулдӕр бартӕ ес ӕма уой разӕй сумахмӕ гъӕуама игъосӕн?»
4. Апостолтӕ ӕцӕг киристӕнттӕн цӕхуӕн цӕветтон ниууагътонцӕ ӕма сӕ нӕ бон куд ӕй фӕнзун? (Гъуддӕгтӕ 5:27–29).
4 Апостолтӕ ӕцӕг киристӕнттӕн хуарз цӕветтон ниууагътонцӕ. Етӕ, бартӕ ке къохти адтӕнцӕ, уонӕн загътонцӕ: «Хуцау ӕй нӕ хецау, ӕма фиццагидӕр гъӕуама уомӕ игъосӕн, адӕнмӕ нӕ, фал». (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 5:27–29.) Уой туххӕй апостолти фӕннӕмун кодтонцӕ. Фал етӕ «Сӕйраг тӕрхондонӕй рацудӕнцӕ ӕма, Йесой номи туххӕй ӕфхуӕрд баййафуни аккаг ке разиндтӕнцӕ, уобӕл цийнӕ кодтонцӕ» ӕма идарддӕр игъосун кодтонцӕ (Гъуд. 5:40–42).
5. Дзуапп цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуама базонӕн?
5 Апостолтӕ ци унаффӕ рахастонцӕ, уомӕ гӕсгӕ фарстатӕ фӕззиннуй. Зӕгъӕн, кӕд уотӕ загътонцӕ, фиццагидӕр Хуцаумӕ гъӕуама игъосӕн, адӕнмӕ нӕ, фал, уӕд цума сӕ бон куд адтӕй Хуцауи иннӕ фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнун – хецӕуттӕн коммӕгӕс уотӕ, зӕгъгӕ? (Ром. 13:1). Удта мах бон куд ӕй еци еу рӕстӕг дууӕ фӕдзӕхсти ӕнхӕст кӕнун: «хецауӕдтӕмӕ ӕма, бартӕ ке къохи ’нцӕ, уонӕмӕ игъосун» ӕма, ӕгасемӕй уӕлдӕр ка ӕй, еци Хецаубӕл, гъома Хуцаубӕл еузӕрдон ун? (Тит. 3:1).
«ХЕЦӔУТТӔ»
6. а) Ромӕгтӕмӕ 13:1 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕбӕл хецӕутти рази цӕхуӕн ихӕс ес? б) Ӕгас зӕнхон хецӕуттӕ дӕр ӕмхузӕн цӕмӕй ӕнцӕ?
6 Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 13:1. Аци стихи финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ киристӕнттӕ гъӕуама «хецӕуттӕн коммӕгӕс уонцӕ». Уомӕн ӕма хецӕуттӕ архайунцӕ, цӕмӕй сабурдзийнадӕ уа, цӕмӕй адӕн закъӕнттӕ ӕнхӕст кӕнонцӕ, удта ма хатгай Йегови лӕггадгӕнгути сӕрбӕл дӕр рахуӕцунцӕ (Рарг. 12:16). Уомӕ гӕсгӕ нин Библи фӕдзӕхсуй, цӕмӕй син ци ӕмбӕлуй, уой дӕттӕн, зӕгъӕн, хъалонтӕ, феддонтӕ, удта син цӕмӕй кадӕ кӕнӕн (Ром. 13:7). Фал нӕ гъудий гъӕуама дарӕн, хецӕуттӕмӕ ци бартӕ ес, етӕ син Йеговӕй лӕвӕрд ке ’нцӕ. Уой туххӕй Йесо Киристе дӕр комкоммӕ загъта, ромаг хецау Понтий Пилат ӕй ку фарста, уӕд. Пилат ин уотӕ ку загъта, мӕ барӕ, дан, дӕбӕл цӕуй, ӕма, дан, дӕ мӕ бон ӕй кенӕ рауадзун кенӕ ба рамарун, уӕд ин Киристе ба загъта: «Дӕ барӕ мӕнбӕл ӕппундӕр нӕ цӕуидӕ, уӕллӕй дин лӕвӕрд ку нӕ уайдӕ, уӕд» (Иоан. 19:11). Пилати рӕстӕг куд адтӕй, уотӕ нӕ рӕстӕги дӕр хецӕуттӕн сӕ бартӕ ӕнӕкӕрон нӕ ’нцӕ.
7. Хецӕуттӕмӕ кӕд нӕ фӕгъгъӕуй игъосун ӕма еци хецӕуттӕ ци гъӕуама ма иронх кӕнонцӕ?
7 Киристӕнттӕ хецӕуттӕмӕ фегъосунцӕ, сӕ бӕсти закъӕнттӕ Хуцауи закъӕнтти нихмӕ ку нӕ фӕуунцӕ, уӕд. Фал ни хецӕуттӕ, Хуцауи закъони нихмӕ ци ӕй, уӕхӕн ести ку фӕддомунцӕ кенӕ ба, Хуцау ци домуй, уой кӕнун ку нӕ фӕууадзунцӕ, уӕд сӕмӕ нӕ фегъосӕн. Зӕгъӕн, е хауй, ӕригон нӕлгоймӕгти ӕфсадмӕ ку фӕххонунцӕ, уомӕ b. Кенӕ ба ку нӕ фӕууадзунцӕ пайда кӕнун «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-ӕй кенӕ Библибӕл арӕзт публикацитӕй, удта ма игъосун кӕнун ӕма Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ еумӕ ӕмбурд кӕнун. Хецӕуттӕ сӕ бартӕй раст ку нӕ пайда кӕнонцӕ, зӕгъӕн, Киристей фӕдбӕлдзӕугути ку ӕфхуӕронцӕ, уӕд уой туххӕй Хуцауи рази дзуапп дӕтдзӕнцӕ. Йеговӕ алцидӕр уинуй! (Еккл. 5:8).
8. Зӕнхон хецӕуттӕ Йеговӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ ӕма уой зонун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
8 Хецӕуттӕн кенӕ зӕнхон хецауӕдтӕн берӕ бартӕ ес. Фал сӕ бартӕ ӕнӕкӕрон нӕ ’нцӕ. Сӕ сӕрмӕ кадӕр ес. Е ӕй Йеговӕ. Библи цалдӕр хатти Йегови хонуй Стур Хуцау кенӕ Еунӕг Стур Хуцау, гъома уомӕй уӕлдӕр хецау нӕййес (Дан. 7:18, 22, 25, 27).
«СТУР ХУЦАУ»
9. Пахампар Данел цӕстӕбӕлуайӕнти ци фӕууидта?
9 Пахампар Данел цӕстӕбӕлуайӕни фӕууидта, Йегови бартӕ цийфӕнди зӕнхон хецауи бартӕй дзӕвгарӕ фулдӕр ке ’нцӕ. Фиццагидӕр бал Данел фӕууидта, денгизӕй куд рацудӕй цуппар ӕнахур устур сирди. Етӕ амонунцӕ раздӕри дуйнеуон паддзахӕдтӕмӕ – Вавилон, Мидо-Перси, Греци ӕма Ром, удта Ромӕй ка равзурдӕй ӕма нӕ рӕстӕги дуйнеуон паддзахадӕ ка ӕй, уомӕ, гъома Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕмӕ (Дан. 7:1–3, 17). Уой фӕсте ба Данел фӕууидта Йегови ӕ уӕларвон паддзахбадӕнбӕл бадгӕй (Дан. 7:9, 10). Фал пахампар фӕстӕдӕр ци фӕууидта, е ба нӕ рӕстӕги хецӕуттӕн гъӕуама зундзонӕн уа.
10. Данели 7:13, 14, 27 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Йеговӕ кӕмӕн равардта бартӕ, цӕмӕй зӕнхӕн хецӕуттӕ уонцӕ ӕма е Йегови туххӕй цӕбӕл дзорӕг ӕй?
10 Бакӕсӕ Данели 7:13, 14, 27. Хуцау зӕнхон хецауӕдтӕн сӕ хъаурӕ ӕма сӕ бартӕ байста ӕма сӕ равардта, уонӕй хъаурӕгиндӕр ӕма аккагдӕр ка ӕй, уонӕн. Кӕмӕн? «Адӕймаги фурти хузӕн» ка ӕй, уомӕн, гъома Йесо Киристейӕн, удта «Стур Хуцауи сугъдӕг адӕнӕн», гъома 144 минемӕн. Уонӕн сӕ паддзахадӕ уодзӕй «ӕносӕй-ӕносмӕ» (Дан. 7:18). Мадта ӕцӕгӕйдӕр, Йеговӕ ӕй Еунӕг Стур Хуцау, уомӕн ӕма уӕхӕн ӕййивддзийнӕдтӕ искӕнуни барӕ ӕма хъаурӕ ӕрмӕстдӕр уомӕн ес.
11. Данел ма ци ниффинста Йегови хъаурӕ ӕма барти туххӕй?
11 Данел цӕстӕбӕлуайӕни ци фӕууидта, уомӕй бӕрӕг ӕй, уӕларвон Хуцауи туххӕй ци дзурдтӕ загъта, етӕ раст ке ’нцӕ. Йегови туххӕй загъта: «Паддзӕхти рагӕлдзуй ӕма ӕндӕр паддзӕхти исӕвӕруй». Уомӕй уӕлдай ма пахампар ниффинста: «Еунӕг Стур Хуцау ке ӕй адӕни паддзахӕдти Хецау ӕма ’й кӕмӕн фӕндуй, уомӕн ке дӕттуй бартӕ» (Дан. 2:19–21; 4:17). Цума историй дӕргъи ескӕд уӕхӕн хабар адтӕй, ӕма Йеговӕ ескӕмӕн ӕ хецауи бартӕ байста кенӕ ба еске хецауӕй исӕвардта? Адтӕй! Еу ӕма дууӕ хатти нӕ.
12. Йеговӕ паддзӕхтӕн сӕ бартӕ куд байсидӕ, уомӕн цӕветтонтӕ ӕрхӕссӕ. (Кӕсӕ хузӕмӕ.)
12 Йеговӕ аци дуйней хецӕуттӕй устурдӕр ӕма хъаурӕгиндӕр ке ӕй, уой берӕ хӕттити бавдесидӕ. Ӕркӕсӕн ӕртӕ хабаремӕ. Египетаг фараон Хуцауи адӕнӕй цагъартӕ искодта ӕма сӕ исуӕгъдӕ кӕнун нӕ бакумдта. Фал сӕ Хуцау уӕддӕр фӕййервӕзун кодта, фараони ба Сурх денгизи амӕттаг фӕккодта (Рац. 14:26–28; Пс. 136:15). Вавилони паддзах Валтасар устур кувд искодта. Е «уӕлӕрвти Хуцауи нихмӕ рацудӕй» ӕма кадгин кӕнун райдӕдта «ӕвзестӕй, сугъзӕрийнӕй... конд хуцӕутти», Йегови нӕ, фал (Дан. 5:22, 23). Фал Йеговӕ еци сӕрбӕрзонд паддзахи ӕрниллӕг кодта. Раст еци ӕхсӕвӕ паддзах Валтасари рамардтонцӕ, ӕ паддзахадӕ ба лӕвӕрд ӕрцудӕй мидийӕгтӕ ӕма персӕгтӕн (Дан. 5:28, 30, 31). Палестини паддзах Ирод Агриппӕ Фиццаг апостол Иакови рамарун кодта, апостол Петури ба ахӕстдони исбадун кодта, цӕмӕй уомӕн дӕр еци куст бакодтайдӕ. Фал ин Йеговӕ ӕ фӕндтӕ фехалдта – «уӕд ӕй ӕвваст Йегови изӕд ӕрцавта» ӕма рамардӕй (Гъуд. 12:1–5, 21–23).
13. Йеговӕ паддзӕхти устур цӕдесбӕл куд фӕууӕлахез уидӕ, уомӕн цӕветтонтӕ ӕрхӕссӕ.
13 Йеговӕ ма ӕ хъаурӕ бавдесидӕ, паддзӕхти устур цӕдесбӕл ку фӕууӕлахез уидӕ, уӕд дӕр. Зӕгъӕн, 31 ханаайнаг паддзахи ку байеу ӕнцӕ, уӕд Йеговӕ израилӕгтӕн банхус кодта, цӕмӕй сӕбӕл фӕууӕлахез адтайуонцӕ ӕма Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕн ӕ фулдӕр хай байахӕстайуонцӕ (Йес. Н. 11:4–6, 20; 12:1, 7, 24). Иннӕ хатт ба Венадад ӕма ма ӕ хӕццӕ 32 сирийаг паддзахи израилӕгти нихмӕ ку рацудӕнцӕ, уӕд Йеговӕ еци устур ӕфсӕдтӕ дӕр ниццагъдта (1 Пад. 20:1, 26–29).
14, 15. а) Паддзӕхтӕ Навуходоносор ӕма Дарий ци загътонцӕ Йегови хецаудзийнади туххӕй? б) Псаломзаргӕнӕг Йегови ӕма ӕ адӕни туххӕй ци загъта?
14 Еу хаттӕй иннӕ хатмӕ ’й Йеговӕ бавдесидӕ, Еунӕг Стур Хуцау ке ӕй, уой. Вавилони паддзах Навуходоносор сӕрниллӕг нӕ разиндтӕй ӕма Йегови не ’скадгин кодта, фал ӕ кадӕ ӕма ӕ хъаурӕй ӕхе ’стаун райдӕдта. Уой туххӕй ӕй Хуцау бафхуардта, ӕма сӕрӕй фӕккуддӕр ӕй. Фал фӕстӕдӕр Навуходоносорӕн ӕ зунд ӕхемӕ ку ’рцудӕй, уӕдта Еунӕг Стур Хуцауи искадгин кодта ӕма загъта, Йеговӕ, дан, «хецау уодзӕй ӕносмӕ». Уой фӕсте ма уотӕ дӕр загъта: «Уӕхӕн неке ес, ка ’й бахъор кӕна» (Дан. 4:30, 33–35). Данел уӕззау фӕлварӕни Хуцаубӕл еузӕрдонӕй ку байзадӕй ӕма ’й Йеговӕ домбӕйттӕй ку фӕййервӕзун кодта, уӕд паддзах Дарий бардзурд равардта, цӕмӕй «адӕн Данели Хуцауӕй тӕрсонцӕ, уомӕн ӕма е ӕй уодӕгас ӕма ӕносон Хуцау. Уомӕн ӕ паддзахадӕ некӕд фехӕлдзӕй. Е хецау уодзӕй ӕносмӕ» (Дан. 6:7–10, 19–22, 26, 27).
15 Псаломзаргӕнӕг загъта: «Йеговӕ адӕнтӕн сӕ унаффӕ исусхъуммӕ кӕнуй, адӕнихӕттитӕн сӕ фӕндтӕ фехалуй». Уой фӕсте ба ма уотӕ дӕр загъта: «Амондгун ӕнцӕ, сӕ Хуцау Йеговӕ кӕмӕн ӕй, еци адӕн, ӕхецӕн бунӕн ке равзурста, еци адӕн» (Пс. 33:10, 12). Мадта мах дӕр гъӕуама не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй Йегови цӕсти ӕнаййепп уӕн!
ФӔСТАГ ТУГЪД
16. Устур бӕллӕхи рӕстӕг ци хабӕрттӕ цӕудзӕй, уой туххӕй ци зонӕн ӕма уобӕл федарӕй цӕмӕн ӕууӕндӕн? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)
16 Мах бакастан, Йеговӕ раздӕр куд архайдта, уой туххӕй. Цума нӕмӕ тагъд рӕстӕги ба цӕхуӕн хабӕрттӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ? Мах ибӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнӕн, Йеговӕ «устур бӕллӕхи» рӕстӕг ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути ке багъӕуай кӕндзӕй (Матф. 24:21; Дан. 12:1). Зӕнхон паддзахӕдти цӕдес, гъома Магоги зӕнхӕй Гог ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕбӕл ӕхе ку ниццӕва, уӕд Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй сӕ сӕрбӕл рахуӕцдзӕй. Еугонд Нацити Организацимӕ ци 193 бӕсти хауй, етӕ еугурӕйдӕр еци хецауӕдти цӕдеси ку уонцӕ, уӕддӕр Еунӕг Стур Хуцау ӕма ӕ уӕларвон ӕфсӕдти нихмӕ сӕ бон неци исуодзӕй. Йеговӕ зӕрдӕ ӕвӕруй: «Берӕ адӕнти цӕстити рази мӕхе исбӕрзонд кӕндзӕн, мӕ ном исрохс кӕндзӕн ӕма мӕхе раргом кӕндзӕн. Ӕма ’й базондзӕнцӕ, ӕз ке дӕн Йеговӕ» (Йез. 38:14–16, 23; Пс. 46:10).
17. Библимӕ гӕсгӕ цӕхуӕн федӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсуй «ӕгас дуйней паддзӕхтӕмӕ» ӕма «рӕстгӕнӕг адӕнмӕ»?
17 Гог ӕхе Хуцауи адӕнбӕл ку ниццӕва, уӕд Йеговӕ уомӕ ӕнцад нӕ кӕсдзӕй. Уӕд райдайдзӕй Армагеддон. Еци тугъди Йеговӕ фесафдзӕй «ӕгас дуйней паддзӕхти» (Рарг. 16:14, 16; 19:19–21). Хуцауи знӕгтӕ ку фесӕфонцӕ, уӕдта ӕрмӕстдӕр «рӕстгӕнӕг адӕн цӕрдзӕнцӕ зӕнхӕбӕл, ӕнӕфау ка ӕй, етӕ ибӕл байзайдзӕнцӕ» (Ӕмб. 2:21).
АЛКӔДДӔР ӔНАЙЙЕПП УОТӔ
18. Ӕцӕг киристӕнттӕй беретӕ цӕттӕ цӕмӕ ’нцӕ ӕма цӕмӕн? (Данел 3:28).
18 Рагидзамантӕй нӕ рӕстӕги уӕнгӕ ӕцӕг киристӕнттӕ, цӕмӕй Дун-дуйней Хецау Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайонцӕ, уой туххӕй цӕттӕ адтӕнцӕ фенӕхай ун сӕ сӕребарӕдзийнадӕй ӕма ма сауӕнгӕ сӕ цардӕй дӕр. Хуцауи цӕсти еци адӕн адтӕнцӕ ӕнаййепп. Уони фӕндадтӕй цийфӕнди уавӕри дӕр Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзайун. Уӕхӕн лӕггадгӕнгутӕ ӕнцӕ Седрах, Мисах ӕма Авденагой хузӕн. Уони Еунӕг Стур Хуцау содзгӕ пецӕй фӕййервӕзун кодта, уомӕн ӕма сӕ ӕндӕр хуцауӕн баковун нӕ бафӕндадтӕй. (Бакӕсӕ Данели 3:28.)
19. Йеговӕ нин цӕмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕндзӕй ӕма нӕ уомӕ гӕсгӕ ци гъӕуй кӕнун?
19 Хуцауи цӕсти ӕнаййепп ун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой туххӕй паддзах Давид ниффинста: «Йеговӕ адӕнтӕн тӕрхон рахӕсдзӕй. О Йеговӕ, тӕрхон мин кӕнӕ мӕ рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ ӕма, куд рӕстӕй цӕрун, уомӕ гӕсгӕ» (Пс. 7:8). Иннӕ псаломи ба загъта: «Йеговӕ уарзуй рӕстдзийнадӕ ӕма ибӕл еузӕрдон ка ӕй, уони нӕ ниууадздзӕй. Ӕносмӕ сӕ гъӕуай кӕндзӕй» (Пс. 37:28). Ӕцӕгӕйдӕр, уомӕй хуӕздӕр неци ес, ӕма Йеговӕбӕл еузӕрдон уӕн ӕма цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр ӕй ма ниууадзӕн! Уотӕ ку архайӕн, уӕд мах бон дӕр уодзӕй псаломзаргӕнӕги хузӕн зӕгъун: «Амондгун ӕнцӕ, ӕнаййепп ка ӕй, Йегови закъонмӕ гӕсгӕ ка цӕруй, етӕ» (Пс. 119:1).
122 ЗАР Федар, ӕнӕфӕккеугӕ уотӕ!
a Библи нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй аци дуйней хецӕуттӕ ӕма хецауӕдтӕн коммӕгӕс уӕн. Фал си еуӕй-еуетӕ Йегови ӕма ӕ лӕггадгӕнгути нихмӕ рацӕунцӕ. Мадта цума нӕ бон куд ӕй уонӕн дӕр коммӕгӕс ун ӕма Йегови цӕсти дӕр ӕнаййеппӕй байзайун.
b Аци журнали кӕсӕ статья «Кӕд рагон израилӕгтӕ тугъдмӕ цудӕнцӕ, уӕд мах абони цӕмӕннӕ тохӕн?».