41 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Дӕ бон ӕй ӕцӕг амондгун ун
«Амондгун ӕй, Йеговӕй ка тӕрсуй ӕ ма ин ӕ нӕдтӕбӕл ка цӕуй, еци адӕймаг» (ПС. 128:1).
110 ЗАР Йеговӕ ци цийнӕ дӕттуй, е
РАЗДЗУРД a
1. Ци гъӕуама лӕдӕрӕн, цӕмӕй амондгун уӕн?
ӔЦӔГ амондгун адӕймаг, алкӕддӕр игъӕлдзӕг ӕма ходгӕ ка фӕккӕнуй, е нӕй. Гӕнӕн ес, ӕма аци бон игъӕлдзӕг уа, исон ба нӕ. Амондгун адӕймаг ба амондгун фӕууй цӕргӕ-цӕрӕнбонти. Киристе адӕни хонхбӕл ку ахур кодта, уӕд загъта: «Амондгун ӕнцӕ, ӕнӕ Хуцауӕй цӕрӕн ке нӕййес, уой ка лӕдӕруй» (Матф. 5:3). Киристе ӕй зудта, уотӕ конд ке ан, цӕмӕй не Сфӕлдесӕг Хуцауи базонӕн ӕма ин лӕггадӕ кӕнӕн. Йеговӕ «амондгун Хуцау» ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ, ка ин лӕггадӕ кӕнуй, уони бон дӕр ӕй амондгун ун (1 Тим. 1:11).
2, 3. а) Киристей дзурдтӕмӕ гӕсгӕ амондгун исхонӕн ке ес? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан ӕма е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
2 Цума адӕймаг амондгун ӕрмӕстдӕр уӕд фӕууй, ӕ царди алцидӕр хуарз ку фӕууй ӕма ку нецӕмӕй фӕттухсуй, уӕд? Нӕъ. Киристе адӕни хонхбӕл ку ахур кодта, уӕд ма загъта, деси ка ӕфтауй, уӕхӕн дзурдтӕ: «Амондгун ӕнцӕ, маст ка кӕнуй, етӕ». Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма адӕймаг естӕбӕл ку маст кӕна, уӕлдай нӕй ӕ тӕрегъӕдти туххӕй ӕви царди зиндзийнӕдти туххӕй, уӕддӕр уомӕн гӕнӕн ес, цӕмӕй амондгун уа. Уомӕй уӕлдай ма Киристе загъта, зӕгъгӕ, «амондгун ӕнцӕ, рӕстдзийнади туххӕй ӕфхуӕрд ка ӕййафуй» ӕма мӕ номи туххӕй кӕмӕн «федистӕ кӕнунцӕ», етӕ (Матф. 5:4, 10, 11). Фал цума уомӕн гӕнӕн куд ес, цӕмӕй уӕхӕн уавӕрти амондгун уай?
3 Киристей дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, адӕймаги амонд, алцидӕр имӕ уа ӕма мацӕмӕй тухса, уомӕй кӕнгӕ ке нӕй. Фал, дан, адӕймаг ӕцӕг амондгун уодзӕй, ӕнӕ Хуцауӕй цӕрӕн ке нӕййес, уой ку лӕдӕра ӕма имӕ ку хӕстӕг кӕна, уӕд (Иак. 4:8). Уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй? Аци статьяй ӕркӕсдзиан, цӕхуӕн ӕртӕ къахдзӕфи нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй ӕцӕг амондгун уӕн.
ӔУУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ФЕДАРГӔНӔН ХУӔРУЙНАГӔЙ ДӔХЕ ӔФСАДӔ
4. Цӕмӕй адӕймаг амондгун уа, уой туххӕй фиццагидӕр гъӕуама цӕхуӕн къахдзӕф искӕна? (Псалом 1:1–3).
4 1 КЪАХДЗӔФ: цӕмӕй амондгун уӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕхе ӕфсадӕн ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнагӕй. Адӕни дӕр ӕма сирдти дӕр хуӕрун гъӕуй, цӕмӕй ма рамӕлонцӕ. Фал ӕрмӕстдӕр адӕймаги бон ӕй ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнагӕй ӕхе ӕфсадун. Киристе загъта: «Адӕймаг айдагъ дзолӕй нӕ цӕруй, фал цӕруй Йеговӕй рацӕугӕ алли дзурдӕй дӕр» (Матф. 4:4). Уомӕ гӕсгӕ дӕбӕл еунӕг бон дӕр ма райевгъуйӕд, цӕмӕй Хуцауи Дзурд Библи ма бакӕсай. Псаломзаргӕнӕг загъта, зӕгъгӕ, амондгун ӕй еци адӕймаг, Йегови закъон цийнӕдзийнадӕ кӕмӕн хӕссуй ӕма ин ӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй ка кӕсуй. (Бакӕсӕ Псалом 1:1–3.)
5, 6. а) Библийӕй ци ес базонӕн? б) Библи ке кӕсӕн, е нин куд ӕнхус кӕнуй?
5 Йеговӕ нӕ берӕ уарзуй, ӕма уой туххӕй Библий ниффинсун кодта, ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй амондгун уӕн. Библийӕй базудтан, Йеговӕ нӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Уомӕй уӕлдай ма нин Библи раргом кодта, ци кӕнун нӕ гъӕуй, цӕмӕй е ’мбӕлттӕ исуӕн ӕма нӕ тӕрегъӕдтӕ хатиргонд ӕрцӕуонцӕ. Удта ма ’й базудтан, федӕнӕй дӕр нин дессаги нифс ке ес (Йер. 29:11). Ӕгас еци хабӕрттӕ зонӕн, Библи ке ахур кӕнӕн, уой фӕрци, ӕма нин е устур цийнӕ хӕссуй.
6 Куд ӕй зонӕн, уотемӕй ма Библий ес аллихузи фарстати фӕдбӕл хуарз унаффитӕ. Ӕма алли бон дӕр еци унаффитӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд амондгундӕр уодзиан. Царди зиндзийнӕдтӕбӕл ку ӕмбӕлай, уӕд фулдӕр рӕстӕг хецӕн кӕнисӕ, цӕмӕй Библи кӕсай ӕма ибӕл сагъӕс кӕнай. Киристе загъта: «Амондгун етӕ ’нцӕ, Хуцауи дзурд ка игъосуй ӕма ’й ка ӕнхӕст кӕнуй!» (Лук. 11:28).
7. Цӕмӕй дин Библи фулдӕр пайда ӕрхӕсса, уой туххӕй дӕ ци кӕнун гъӕуй?
7 Цӕмӕй Библийӕн ӕ адӕ балӕдӕрай, уой туххӕй ӕй тагъд ма кӕсӕ. Зӕгъӕн, ӕрцӕттӕ дин кодтонцӕ, берӕ ке уарзис, еци хуӕруйнаг. Фал кумӕдӕр ке тагъд кодтай кенӕ ӕндӕр цӕбӕлдӕр ке сагъӕс кодтай, уой туххӕй еци хуӕруйнаг цӕфнихъуӕрттитӕй рахуардтай. Фал хуӕрд ку фӕдтӕ, уӕдта ’й балӕдӕрдтӕ, дӕ хуӕруйнагӕн ӕ адӕ лӕдӕргӕ дӕр ке нӕ бакодтай. Ескӕд уотӕ адтӕй, ӕма Библи тагъд-тагъдӕй ракастӕ, ци бакастӕ, уой ба лӕдӕргӕ дӕр нӕ бакодтай? Хуцауи Дзурд тагъд ма кӕсисӕ, фал фагӕ рӕстӕг рахецӕн кӕнисӕ, цӕмӕй ин ӕ адӕ дзӕбӕх лӕдӕрай. Хабӕрттӕ дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнисӕ, цума ке туххӕй кӕсис, уони уинис ӕма сӕ игъосис. Библи уотӕ ку кӕсай, уӕд никки амондгундӕр исуодзӕнӕ.
8. «Ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъар» ӕ ихӕс куд ӕнхӕст кӕнуй? (Кӕсӕ ма феппайуйнаг.)
8 Киристе «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъари» исӕвардта, цӕмӕй нин ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг афойнадӕбӕл дӕтта (Матф. 24:45) b. Еци цагъар нин алкӕддӕр нӕ рази бӕркадгун фингтӕ ӕрӕвӕруй ӕма нин цийфӕнди хуӕруйнаг ма цӕттӕ кӕна – алкӕддӕр арӕзт фӕууй Библибӕл (1 Фес. 2:13). Уотӕ ке ӕй, уой фӕрци нин ӕнцондӕр фӕууй Йегови гъудитӕ балӕдӕрун. Уомӕн нин устур ӕнхус фӕуунцӕ журналтӕ «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», «Райгъал уотӕ!» ӕма статьятӕ нӕ сайти jw.org. Уомӕй уӕлдай ма ӕмбурдтӕмӕ дӕр нӕхе фӕццӕттӕ кӕнӕн, удта алли мӕйӕ дӕр фӕккӕсӕн JW Broadcasting®-и программитӕмӕ (кӕд не ’взагбӕл рацӕуй, уӕд). Нӕхе ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнагӕй дзӕбӕх ку ӕфсадӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй амондгун цардмӕ дуккаг къахдзӕф искӕнун.
ЙЕГОВИ УАГӔВӔРДТӔМӔ ГӔСГӔ ЦӔРӔ
9. Цӕмӕй адӕймаг амондгун уа, уой туххӕй ма ’й никкидӕр цӕхуӕн къахдзӕф искӕнун гъӕуй?
9 2 КЪАХДЗӔФ: цӕмӕй амондгун уӕн, уой туххӕй гъӕуама Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕн. Псаломзаргӕнӕг загъта: «Амондгун ӕй, Йеговӕй ка тӕрсуй ӕма ин ӕ нӕдтӕбӕл ка цӕуй, еци адӕймаг» (Пс. 128:1). «Йеговӕй ка тӕрсуй», е ӕхе гъӕуай кӕндзӕй, ӕ зӕрдӕ ин цидӕриддӕр фӕрресун кӕна, уомӕй. Йеговӕ Библий ниффинсун кодта, хуарз ӕма лӕгъузбӕл ци нимайуй, уой (Ӕмб. 16:6). Ӕма не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй еци уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕн (2 Кор. 7:1). Мадта Йеговӕ ци уарзуй, уой ку кӕнӕн ӕма е ’сӕфт цӕмӕй уинуй, уомӕй нӕхе еуварс ку дарӕн, уӕд амондгундӕр кӕндзиан (Пс. 37:27; 97:10; Ром. 12:9).
10. Йеговӕ нӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? (Ромӕгтӕмӕ 12:2).
10 Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 12:2. Гӕнӕн ес, ӕма ’й адӕймаг зона, Йеговӕн хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой лух кӕнуни барӕ ке ес. Фал айдагъ зонун фагӕ нӕй. Гъӕуама архайгӕ дӕр еци уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ кӕна. Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Гӕнӕн ес, ӕма ’й адӕймаг зона, машинӕбӕл цӕйбӕрцӕбӕл тагъд цӕун ӕнгъезуй, уой лух кӕнуни барӕ хецауадӕн ке ес. Фал, ка ’й зонуй, уотӕ архайун ба ’й ма фӕндӕуа. Уомӕ гӕсгӕ аллихатт дӕр, куд ӕмбӕлуй, уомӕй тагъддӕр фӕццӕуй. Мадта Йегови уагӕвӕрдтӕ тӕккӕ хуӕздӕр ке ’нцӕ, уой лӕдӕрӕн ӕви нӕ, е нӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг уодзӕй (Ӕмб. 12:28). Давид уой лӕдӕрдтӕй ӕма уомӕ гӕсгӕ загъта: «Ду мин амонис царди над. Хуарз цӕстӕй мӕмӕ кӕсис ӕма мӕ зӕрдӕ цийнӕй ӕфсес ӕй. Адӕймаг дӕ рахес фарс лӕууа – е цийнӕ хӕссуй ӕносмӕ» (Пс. 16:11).
11, 12. а) Тухст кенӕ нифссаст ку фӕууӕн, уӕд лӕмбунӕг цӕмӕн гъӕуама уӕн? б) Филиппӕгтӕмӕ 4:8 финст дзурдтӕ нин ерхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕй куд банхус кӕндзӕнцӕ?
11 Адӕймаг тухст кенӕ нифссаст ку фӕууй, уӕд ӕй фӕффӕндуй, цӕмӕй ӕхе ӕндӕр естӕбӕл фӕккӕна ӕма си ӕ тухст сагъӕстӕ феронх уонцӕ. Ӕма е дессаг дӕр нӕй. Фал уӕхӕн рӕстӕг гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, цӕмӕй, Йеговӕ е ’сӕфт цӕмӕй уинуй, уӕхӕнӕй маци бакӕнӕн (Еф. 5:10–12, 15–17).
12 Апостол Павел Филиппти киристӕнттӕмӕ ку финста, уӕд сӕ баразӕнгард кодта: «Цидӕриддӕр ӕй раст, цидӕриддӕр ӕй кӕдзос, цидӕриддӕр ӕй уарзуйнаг... цидӕриддӕр ӕй хуӕрзӕгъдау... уонӕбӕл гъуди кӕнтӕ алкӕддӕр». (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:8.) Кӕд ами Павел ерхӕфсӕнти кой нӕ кодта, уӕддӕр нин ӕ дзурдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй сӕ лӕдӕргӕй ӕвзарӕн. Цӕмӕй ӕй балӕдӕрай, цӕхуӕндӕр ерхӕфсӕн Йегови зӕрдӕмӕ фӕццӕудзӕй ӕви нӕ, уой туххӕй аци стихбӕл еу минкъий ӕндӕрхузи расагъӕс кӕнӕ. Зӕгъӕн, дӕ бон адтайдӕ уотӕ зӕгъун: «Цидӕриддӕр кинотӕмӕ фӕккӕсун ӕма зартӕмӕ фегъосун, етӕ кӕдзос ӕнцӕ? Цидӕриддӕр киунугутӕ фӕккӕсун ӕма видеогъӕзтитӕй фӕгъгъазун, етӕ хуӕрзӕгъдау ӕнцӕ?» Мах фӕндуй Йегови раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун (Пс. 119:1–3). Уой фӕрци нӕ цӕсгон кӕдзос уодзӕй ӕма нӕ бон уодзӕй ӕцӕг амондгун цардмӕ ӕртиккаг къахдзӕф искӕнун (Гъуд. 23:1).
ЙЕГОВӔН ЛӔГГАДӔ КӔНУН ДИН ФИЦЦАГ БУНАТИ УӔД
13. Цӕхуӕн ӕртиккаг къахдзӕф нӕ искӕнун гъӕуй, цӕмӕй амондгун уӕн? (Иоанни 4:23, 24).
13 3 КЪАХДЗӔФ: дӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕ, цӕмӕй дин Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун фиццаг бунати уа. Йеговӕ ӕй не Сфӕлдесӕг ӕма уой аккаг ӕй, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр уомӕн лӕггадӕ кӕнӕн (Рарг. 4:11; 14:6, 7). Мадта гъӕуама не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнунӕй ӕхсидзгӕдӕр нӕ царди маци уа. Уой фӕндуй, цӕмӕй ин лӕггадӕ кӕнӕн ӕ «сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ӕма рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ». (Бакӕсӕ Иоанни 4:23, 24.) Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнгӕй гъӕуама архайӕн ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци ци разамунд дӕттуй, уомӕ гӕсгӕ. Гъе уӕд зӕгъӕн уодзӕй, ӕма нӕ цард аразӕн ӕ Дзурд Библимӕ гӕсгӕ. Сӕребарӕй игъосун кӕнуни барӕ нин кӕми нӕййес кенӕ нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми ӕй, уӕхӕн бӕсти ку цӕрӕн, уӕд дӕр нин Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун гъӕуама нӕ царди фиццаг бунати уа. Абони 100 хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕремӕй фулдӕр ахӕстдӕнтти бадунцӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕ ке ’нцӕ, ӕрмӕстдӕр уой туххӕй c. Фал уӕддӕр сӕхе амондгун хонунцӕ ӕма сӕ уавӕрти сӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнунцӕ: Йеговӕмӕ ковунцӕ, Библи ахур кӕнунцӕ ӕма иннетӕн Хуцау, удта ӕ Паддзахади туххӕй дзорунцӕ. Кӕд нӕ фӕдбӕл зелунцӕ ӕма нин алли ӕфхуӕрӕн дзубандитӕ кӕнунцӕ, уӕддӕр нӕ бон ӕй амондгун ун, уомӕн ӕма ’й зонӕн, Йеговӕ нӕ хӕццӕ ке ӕй ӕма нин ӕнӕмӕнгӕй ке райарфӕ кӕндзӕй (Иак. 1:12; 1 Пет. 4:14).
ЕУ ӔНСУВӔРИ ХАБАР
14. Таджикистанӕй еу ӕригон ӕнсувӕрбӕл ци ӕрцудӕй ӕма цӕмӕн?
14 Царди хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, ци ӕртӕ къахдзӕфемӕ ӕркастан, етӕ ӕцӕгӕйдӕр амондгун цардмӕ ке кӕнунцӕ, цийфӕнди уавӕрти ма уӕн, уӕддӕр. Ӕркӕсӕн Таджикистанӕй еу 19-анздзуд ӕнсувӕр Джовидон Бободжонови хабармӕ. Ӕфсадмӕ цӕун ке нӕ бакумдта, уой туххӕй имӕ 2019 анзи 4 октябри хӕдзарӕмӕ ӕрбалӕбурдтонцӕ ӕма ’й ниййахӕстонцӕ. Цалдӕр мӕйи ’й ахӕстӕй фӕддардтонцӕ ӕма сӕхе ӕ хӕццӕ уотӕ дардтонцӕ, цума фудгӕнӕг ӕй. Еци хабар гъе уотӕ райгъустӕй, ӕма ма ибӕл ӕндӕр бӕстити дӕр дзурдтонцӕ. Тухӕй дӕр ин соми кӕнун кодтонцӕ, зӕгъӕ, дан, багъӕуаги тохӕндзаума дӕ къохмӕ ке райсдзӕнӕ ӕма дӕ райгурӕн бӕстӕ ке гъӕуай кӕндзӕнӕ. Нӕмгӕ дӕр ма ’й кодтонцӕ ӕма ин тухӕй дӕр ӕфсӕддони уӕледарӕс кӕнун кодтонцӕ. Уой фӕсте ин тӕрхон рахастонцӕ ӕма ’й ахӕстдони исбадун кодтонцӕ. Фал ӕй фӕстӕдӕр Таджикистани президент рауадзун кодта. Еци фӕлварӕни Джовидон еузӕрдонӕй ӕма амондгунӕй байзадӕй. Е ин куд рауадӕй? Иронх си некӕд адтӕй, ӕхе ӕууӕндундзийнадӕ хуӕруйнагӕй ке гъӕуама ӕфсада.
15. Джовидон ахӕстдони е ’ууӕндундзийнадӕ куд федар кодта?
15 Ахӕстдони Джовидон ӕхе ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнагӕй ӕфсаста, кӕд имӕ нӕдӕр Библи, нӕдӕр литературӕ адтӕй, уӕддӕр. Уомӕн гӕнӕн куд адтӕй? Бунӕттон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ин хуӕруйнаг ци пакеттити ӕрбахӕссиуонцӕ, уонӕбӕл алли бони стих ниффинсиуонцӕ. Уой фӕрци ин фадуат адтӕй Библи кӕсун ӕма ибӕл сагъӕс кӕнун. Ахӕстдонӕй ку исуӕгъдӕ ’й, уӕдта загъта: «Кӕд уӕззау фӕлварӕнтӕбӕл нӕма исӕмбалдтӕ, уӕд уӕлдай ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй дӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕнай, гъома дин Йегови хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес, уой федардӕр кӕнай ӕма Библи, удта нӕ публикацитӕ кӕсай».
16. Джовидон цӕбӕл фӕссагъӕс кӕнидӕ?
16 Джовидон Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цардӕй. Е ӕ тӕрегъӕдгун фӕндти фӕдбӕл нӕ рацудӕй ӕма ӕ ном нӕ фегадӕ кодта. Е сагъӕс кодта Йеговӕбӕл ӕма цӕмӕн аргъ кӕнуй, уобӕл. Джовидон, Йеговӕ ци сфӕлдиста, уобӕл дес кодта. Е зӕгъуй: «Сӕумӕй цъеути зарунмӕ райгъал уинӕ, ӕхсӕвигӕнтти ба стъалутӕ ӕма мӕйӕмӕ кӕсинӕ. Еци лӕвӕрттӕ мин ӕнхус кодтонцӕ, цӕмӕй мӕ цийнӕ ма фесафтайнӕ ӕма мӕ нифс ма басастайдӕ». Мадта Йеговӕй боз ку уӕн, ци нин равардта, уой туххӕй, удта ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаги туххӕй, уӕд нӕ зӕрдитӕ цийнӕй байдзаг уодзӕнцӕ ӕма нин еци цийнӕ ратдзӕй хъауритӕ, цӕмӕй алцидӕр исфӕразӕн.
17. Джовидон ци уавӕри адтӕй, уӕхӕн уавӕри федар ку фӕллӕууӕн, уӕд нӕмӕ цӕхуӕн хӕзна фӕззиндзӕй? (1 Петури 1:6, 7).
17 Джовидонӕн Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун царди фиццаг бунати адтӕй. Е ӕй зудта, Йеговӕбӕл еузӕрдон ун цӕйбӕрцӕбӕл ӕхсидзгӕ ’й, уой. Киристе загъта: «Дӕ Хуцау Йеговӕн ковӕ ӕма ӕрмӕстдӕр уомӕн лӕггадӕ кӕнӕ» (Лук. 4:8). Ӕфсӕддонти фӕндадтӕй, цӕмӕй Джовидон ӕ динбӕл ӕ къох исистайдӕ. Е ба алли бон дӕр ӕма алли ’хсӕвӕ дӕр Йеговӕн лигъстӕ кодта, цӕмӕй ин еузӕрдонӕй байзайунмӕ банхус кодтайдӕ. Кӕд имӕ сӕ къох дӕр истонцӕ ӕма ’й дзурдӕй дӕр ӕфхуардтонцӕ, уӕддӕр Джовидон нӕ басастӕй. Ӕма хъӕбӕр амондгун ӕй, уомӕн ӕма имӕ нур ес, ӕфхуӕрд ӕма имӕ ахӕстдони размӕ ка н’ адтӕй, уӕхӕн хӕзна – фӕлвӕрд ка ӕрцудӕй, уӕхӕн ӕууӕндундзийнадӕ. (Бакӕсӕ 1 Петури 1:6, 7.)
18. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй алкӕддӕр амондгун уӕн?
18 Ӕцӕг амондгун унмӕ нӕ ци гъӕуй, уой Йеговӕ зонуй. Аци статьяй ци ӕртӕ къахдзӕфемӕ ӕркастан, етӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй ӕцӕг амондгун уӕн, цийфӕнди фӕлварӕнтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн, уӕддӕр. Ӕма уӕд нӕ бон уодзӕй зӕгъун: «Амондгун ӕнцӕ еци адӕн, сӕ Хуцау Йеговӕ кӕмӕн ӕй!» (Пс. 144:15).
89 ЗАР Байгъосӕ, ӕма арфӕгонд уай
a Абони беретӕ сӕхе амондгунбӕл нӕ нимайунцӕ, уомӕн ӕма сӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма сӕхе зӕрдидзӕбӕхӕн ку цӕронцӕ, берӕ ӕхца сӕмӕ ку уа, зундгонд ку уонцӕ кенӕ хуарз бунати ку косонцӕ, ӕрмӕстдӕр уӕд уодзӕнцӕ амондгун. Фал Киристе загъта, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ ’й, уой. Ӕма аци статьяй ӕркӕсдзиан, уомӕн нин цӕхуӕн ӕртӕ къахдзӕфи банхус кӕндзӕнцӕ, уомӕ.
b Кӕсӕ 2014 анзи 15 августи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 3–5 фӕрстӕ (урус.).
c Уой туххӕй фулдӕр кӕсӕ сайти jw.org уруссагау («Поиск» финст кӕми ӕй, уоми ниффинсӕ «в тюрьме за веру»).
d ХУЗӔ. Ӕнсувӕри тӕрхондонӕмӕ фӕххонунцӕ, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ба ӕрбацудӕнцӕ, цӕмӕй ӕ фарсмӕ балӕууонцӕ (аци хузӕбӕл ӕцӕг хабар ӕвдист нӕй).