Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

43 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Ӕцӕг зунд гъӕр кӕнуй гъӕунги»

«Ӕцӕг зунд гъӕр кӕнуй гъӕунги»

«Ӕцӕг зунд гъӕр кӕнуй гъӕунги, горӕти фӕзтӕй игъусуй ӕ дзурд» (ӔМБ. 1:20).

88 ЗАР Байамонӕ мин дӕ нӕдтӕ

РАЗДЗУРД a

1. Беретӕ, ӕцӕг зунд ци дзоруй, уомӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ? (Ӕмбесӕндтӕ 1:20, 21).

 БЕРӔ бӕстити нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕууинӕн фӕууй, берӕ адӕн кӕми ес, уӕхӕн рауӕнти игъосун кӕнгӕй. Етӕ игъӕлдзӕг фӕуунцӕ ӕма литературӕ ке фӕгъгъӕуй, уонӕн раттунцӕ. Ду ба ескӕд еци хузи игъосун кодтай? Кӕд гъо, уӕд, ка ’й зонуй, дӕу зӕрдӕбӕл дӕр ӕрбалӕудтӕй Ӕмбесӕндти киунуги ци рабарст ес, е: зунд, дан, гъӕунги гъӕр кӕнуй, цӕмӕй ин адӕн ӕ унаффитӕ фегъосонцӕ. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 1:20, 21.) Библий ӕма нӕ литератури ба иссерӕн фӕууй ӕцӕг зунд, гъома, Йеговӕй ка цӕуй, еци зунд. Нӕ рӕстӕги ба адӕни уомӕй хъӕбӕрдӕр неци гъӕуй, уомӕн ӕма уой фӕрци сӕ бон уодзӕй царди надбӕл цӕун. Махӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, адӕн нӕмӕ ку фегъосунцӕ ӕма нӕ литературӕй ести ку райсунцӕ, уӕд. Фал беретӕмӕ, Библий ци финст ес, е нимади дӕр нӕй, кадӕртӕ ба ма нӕбӕл ходгӕ дӕр фӕккӕнунцӕ. Библи фӕннимайунцӕ, ка базӕронд ӕй, уӕхӕн киунугӕбӕл. Уагӕ ӕма ӕгъдауи туххӕй си ци финст ес, уой хӕццӕ арази ка нӕй, уӕхӕнттӕ дӕр ес. Уотӕ сӕмӕ фӕккӕсуй, ӕма еци уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ка цӕруй, етӕ иннетӕй ӕгӕр берӕ фӕййагорунцӕ, удта ӕгӕр карз фӕуунцӕ. Фал уӕддӕр Йеговӕ ӕцӕг зунд некӕмӕн ӕвгъау кӕнуй ӕма ’й ӕгасемӕндӕр амонуй. Кутемӕй?

2. Ӕцӕг зунд иссерӕн кӕми ес, фал адӕнӕн сӕ фулдӕр куд архайунцӕ?

2 Йеговӕ байархайдта, цӕмӕй ӕ Дзурд Библи зӕнхӕбӕл ӕгас адӕни бон дӕр уа кӕсун. Библи хуӕздӕр лӕдӕрунмӕ ци публикацитӕ рауадзӕн, уони туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Йегови ӕнхуси фӕрци, еци публикацитӕ тӕлмацгонд цӕунцӕ мин ӕвзагемӕй фулдӕрмӕ. Ӕцӕг зунд ци дзоруй, уомӕ ка игъосуй, гъома Хуцауи Дзурди ци финст ес, уой ка кӕсуй ӕма уомӕ гӕсгӕ ка архайуй, етӕ амондгундӕр исунцӕ. Фал нӕ рӕстӕги адӕнӕн сӕ фулдӕри Йеговӕмӕ игъосун нӕ фӕндуй. Унаффитӕ хӕсгӕй сӕ зӕрдӕ фӕддарунцӕ сӕхе кенӕ иннӕ адӕни зундбӕл. Ӕма мах Библий ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ ке цӕрӕн, уой туххӕй нӕмӕ, ка ’й зонуй, сӕрӕй бунмӕ фӕккӕсунцӕ. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, адӕн сӕхе уотӕ цӕмӕн дарунцӕ, уомӕ. Фал бал фиццагидӕр ӕркӕсӕн, нӕ бон куд ӕй Йегови зундӕй ахур кӕнун.

ЙЕГОВИ КУ ЗОНӔН, УӔД УОДЗИАН ЗУНДГИН

3. Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй нӕ ӕцӕг зундгин исхонӕн уа?

3 Зундгин адӕймаг исхонӕн ке фӕууй? Раст унаффитӕ хӕссунмӕ ӕ зонундзийнӕдтӕй ка пайда кӕнуй, уой. Фал ӕцӕг зундмӕ айдагъ е нӕ хауй. Библий финст ӕй: «Йеговӕй тӕрсун ӕй зунди райдайӕн, ӕма Сугъдӕг Хуцауи зонун – ӕцӕг лӕдӕргӕдзийнадӕ» (Ӕмб. 9:10). Мадта ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссуни размӕ гъӕуама расагъӕс кӕнӕн, Йеговӕ ци гъуди кӕнуй, уобӕл. Уой базонун нӕ бон куд ӕй? Библий ӕма нӕ публикацити фӕрци. Уотӕ ку архайӕн, уӕд нӕ ӕцӕг зундгин исхонӕн уодзӕй (Ӕмб. 2:5–7).

4. Ӕцӕг зундӕй нӕ исхайгин кӕнун ӕрмӕстдӕр Йегови бон цӕмӕн ӕй?

4 Ӕцӕг зундӕй исхайгин кӕнун ӕрмӕстдӕр Йегови бон ӕй (Ром. 16:27). Цума Хуцауи зунди Сауӕдонӕ исхонӕн цӕмӕн ес? (Пс. 104:24). Фиццагидӕр уомӕн, ӕма е ӕй не Сфӕлдесӕг ӕма куд конд ан, уой хуарз зонуй (Ром. 11:33). Дуккаги ба уомӕн, ӕма е ’гас гъуддӕгтӕ дӕр зундбӕл дзорӕг ӕнцӕ (Ӕмб. 2:10–12). Ӕма ӕртиккаг: ци зундгин унаффитӕ раттуй, етӕ алкӕддӕр нӕ пайдайӕн фӕуунцӕ. Цӕмӕй ӕцӕг зундгин исуӕн, уой туххӕй гъӕуама лӕдӕрӕн, аци ӕртӕ гъуддаги ӕцӕгӕйдӕр раст ке ’нцӕ. Ӕма нӕ ести унаффӕ рахӕссун ку гъӕуа, уӕддӕр сӕ гъӕуама нӕ гъудий дарӕн.

5. Адӕнӕн сӕ фулдӕр Йегови ӕцӕг зунди Сауӕдонӕбӕл ке нӕ нимайунцӕ, е цӕмӕ ӕркӕнуй?

5 Кӕмӕн фегъосун кӕнӕн, уонӕй беретӕ исарази унцӕ, ӕрдзи алцидӕр дессаги конд ке ӕй, фал Сфӕлдесӕг ке ес, уобӕл ба нӕ феууӕндунцӕ. Иннетӕ ба Хуцаубӕл феууӕндунцӕ, фал сӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй ӕма Библий уагӕвӕрдтӕ нӕ рӕстӕги нецибал пайда ӕнцӕ ӕма, дан, адӕймаг ӕхе зундӕй гъӕуама цӕра. Цума е цӕмӕ ӕркодта? Адӕн Хуцауи зундбӕл нӕ, фал сӕхе зундбӕл сӕ зӕрдӕ ке дарунцӕ, уомӕй дуйне хуӕздӕр фӕцӕй? Амондгундӕр фӕцӕнцӕ? Кенӕ син федӕнӕй федар нифс фӕззиндтӕй? Нӕ алливарс цитӕ цӕуй, уомӕй бӕрӕг ӕй, Ӕмбесӕндти 21:30 финст дзурдтӕ раст ке ’нцӕ: «Зунд, арфуинундзийнадӕ ӕма унаффӕ Йегови нихмӕ ку уонцӕ, уӕд неци ’нцӕ». Ӕцӕгӕйдӕр, куд ӕхсидзгӕ ’й зунд Йеговӕй корун. Фал, гъигагӕн, адӕнӕн сӕ фулдӕр уотӕ нӕ архайунцӕ. Цӕмӕннӕ?

АДӔНИ ӔЦӔГ ЗУНДМӔ ИГЪОСУН ЦӔМӔННӔ ФӔНДУЙ?

6. Ӕмбесӕндти 1:22–25 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ӕцӕг зундмӕ байгъосун ке нӕ фӕндуй, еци адӕни куд ес исхонӕн?

6 Берети нӕ фӕффӕндуй, ӕцӕг зунд «гъӕунги» ци дзоруй, уомӕ байгъосун. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ уӕхӕн адӕн ӕртӕ хузи фӕуунцӕ: «ӕнӕлӕдӕргитӕ», «иннетӕбӕл ходун ка уарзуй, етӕ» ӕма «ӕнӕзундтӕ». (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 1:22–25.) Гъӕйдӕ мадта никки фулдӕр радзубанди кӕнӕн, еци адӕн Хуцауи зундмӕ цӕмӕннӕ фегъосунцӕ ӕма мах бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй уони хузӕн ма исуӕн.

7. Адӕймаги цӕмӕн фӕффӕндуй «ӕнӕлӕдӕргӕ» ӕма «ӕвӕлтӕрд» ун?

7 «Ӕнӕлӕдӕргӕ» кенӕ «ӕвӕлтӕрд» адӕймаги хъӕбӕр ӕнцон фӕууй естӕбӕл баууӕндун кӕнун кенӕ расайун (Ӕмб. 14:15). Уӕхӕн адӕнбӕл игъосун кӕнгӕй арӕх фембӕлӕн. Беретӕ хъӕбӕр ӕнцонтӕй баууӕндунцӕ дини кенӕ политики разамонгутӕбӕл. Ӕма ’й ку балӕдӕрунцӕ, сайгӕ сӕ ке кодтонцӕ, уӕд хуарзау нӕбал фӕуунцӕ. Фал Ӕмбесӕндти 1:22 ци «ӕнӕлӕдӕргити» кой цӕуй, уони сӕхе фӕндуй уӕхӕн ун, уомӕн ӕма е сӕ зӕрдӕмӕ цӕуй (Йер. 5:31). Сӕхецӕн сӕ зин кӕнун нӕ фӕффӕндуй. Гъома сӕ нӕ фӕффӕндуй, Библи цӕбӕл ахур кӕнуй, уой базонун ӕма уомӕ гӕсгӕ цӕрун. Адӕнӕй беретӕ гъуди кӕнунцӕ, Квебекӕй еу динбӕл хуӕст силгоймаг не ’нсувӕрӕн куд загъта, уотӕ: «Кӕд нӕ саугин сайгӕ кӕнуй, уӕд е уой фуд ӕй. Ӕз уоми ци гӕнӕг дӕн?» Адӕни мегъӕй рацӕун нӕ фӕндуй. Гъӕйдӕ мадта ӕнӕлӕдӕргӕ ӕма ӕвӕлтӕрд ма уӕн! (Ӕмб. 1:32; 27:12).

8. Ӕцӕг фӕлтӕрдгун цӕй фӕрци уодзиан?

8 Библи нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй ӕнӕлӕдӕргӕ ӕма ӕвӕлтӕрд ма уӕн. Уӕхӕн унаффӕ си ес: «Зундӕй ба – [уотӕ] устур адӕймӕгти хузӕн» (1 Кор. 14:20). Библий уагӕвӕрдтӕй нӕ царди ку фӕппайда кӕнӕн, уӕд исуӕн фӕлтӕрдгун. Еу хаттӕй иннӕ хатмӕ фӕууинӕн, еци уагӕвӕрдтӕй ке фӕппайда кӕнӕн, уой фӕрци нӕхе берӕ бӕллӕхтӕй ке бахезӕн ӕма нӕ бон зундгин унаффитӕ хӕссун ке фӕууй. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хуарз уайдӕ расагъӕс кӕнун, е нин цӕйбӕрцӕбӕл хуарз ӕнтӕсуй, уобӕл. Кӕд цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг Библи ахур кӕнис ӕма ӕмбурдтӕмӕ цӕуис, уӕд дӕхе бафӕрсӕ: «Ци мӕ хъор кӕнуй мӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун?» Кӕд донаргъуд райстай, уӕдта архайис, цӕмӕй дӕснидӕр игъосунгӕнӕг ӕма ахургӕнӕг исуай? Ци унаффитӕ рахӕссис, уонӕй бӕрӕг фӕууй, дӕ царди Библий уагӕвӕрдтӕй ке пайда кӕнис, е? Дӕхе иннети хӕццӕ куд дарис, уомӕй бӕрӕг ӕй, Киристей ке фӕнзис? Ку ’й балӕдӕрай, цӕбӕлдӕр дӕ байархайун ке гъӕуй, уӕд хуарз уайдӕ Йегови амундтӕбӕл лӕмбунӕгдӕр расагъӕс кӕнун, уомӕн ӕма етӕ «зундгин кӕнунцӕ ӕвӕлтӕрди» (Пс. 19:7).

9. «Иннетӕбӕл ходун ка уарзуй», уони ӕцӕг зундмӕ байгъосун ке нӕ фӕндуй, е цӕмӕй бӕрӕг фӕууй?

9 Хуцауи зундмӕ игъосун ке нӕ фӕндуй, уонӕмӕ ма хаунцӕ, «иннетӕбӕл ходун ка уарзуй», етӕ дӕр. Игъосун кӕнгӕй нӕбӕл еуӕй-еухатт уӕхӕн адӕн дӕр рамбӕлуй. Сӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццӕуй иннетӕбӕл ходун ӕма сӕ ӕфхуӕрун (Пс. 123:4). Библий куд финст ӕй, уотемӕй фӕстаг бӕнтти рӕстӕг уӕхӕн адӕни агорун дӕр нӕ гъӕудзӕй (2 Пет. 3:3, 4). Рӕстгӕнӕг Лоти сиӕхсти хузӕн абони дӕр беретӕ Хуцауи фӕдзӕхститӕ нецӕмӕ дарунцӕ (Райд. 19:14). Беретӕ си ходунцӕ, Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ка цӕруй, уонӕбӕл. Уӕхӕн адӕн сӕ зӕрди фӕдбӕл цӕугӕй «ӕнӕхуцау гъуддӕгтӕ фӕккӕнунцӕ» (Иуди 7, 17, 18). «Иннетӕбӕл ходун ка уарзуй», уонӕмӕ ма хаунцӕ, раст дин ка ниууагъта ӕма Йегови зонун ке нӕ фӕндуй, етӕ дӕр.

10. Псалом 1:1 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй, «иннетӕбӕл ходун ка уарзуй», уони хузӕн ма исуӕн?

10 Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй, «иннетӕбӕл ходун ка уарзуй», уӕхӕн адӕни хузӕн ма исуӕн? Зӕгъӕн, хъур-хъур кӕнун ка уарзуй, уонӕй нӕхе еуварс дарӕн. (Бакӕсӕ Псалом 1:1.) Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма, раст дин ка ниууагъта, уонӕмӕ гъӕуама ма игъосӕн ӕма ци финсунцӕ, уой дӕр ма кӕсӕн. Мах ӕй лӕдӕрӕн, къӕрцгъос ку нӕ уӕн, уӕд хъур-хъургӕнагӕ ке исуодзиан ӕма гурусхӕ кӕнун ке райдайдзиан Йеговӕбӕл ӕма ӕ организаций разамундбӕл. Цӕмӕй нӕбӕл уӕхӕн хабар ма ’рцӕуа, уой туххӕй гъӕуй расагъӕс кӕнун уӕхӕн фарстатӕбӕл: «Нӕуӕг разамунд ку рацӕуй кенӕ зундгин ӕма ӕууӕнкгун цагъар Библий стихтӕ ӕндӕрхузи лӕдӕрун кӕнун ку райдайуй, уӕд уомӕ ци цӕстӕй ракӕсун? Разамунд ка дӕттуй, еци ӕнсувӕрти гъӕндзийнӕдтӕ кенӕ рӕдудтитӕмӕ ӕгӕр нӕ никкомкоммӕ ун?» Уӕхӕн сагъӕстӕ нӕ зӕрдӕй еци фӕдбӕл ку сорӕн, уӕд ни Йеговӕ арази уодзӕй (Ӕмб. 3:34, 35).

11. «Ӕнӕзундтӕ» ци цӕстӕй кӕсунцӕ, Йеговӕ ци уагӕ ӕма ӕгъдау ӕрфедар кодта, уомӕ?

11 Ӕцӕг зундмӕ байгъосун ке нӕ фӕндуй, уонӕмӕ ма хаунцӕ «ӕнӕзундтӕ» дӕр. Библи сӕ уотӕ хонуй, уомӕн ӕма сӕ нӕ фӕндуй, Хуцау ци уагӕ ӕма ӕгъдау ӕрфедар кодта, уомӕ гӕсгӕ цӕрун. Етӕ цӕрунцӕ, сӕхе куддӕриддӕр фӕндуй, уотӕ (Ӕмб. 12:15). Еци адӕнмӕ нимади дӕр нӕй ӕцӕг зунди Сауӕдонӕ – Йеговӕ (Пс. 53:1). Игъосун кӕнгӕй уӕхӕн адӕнбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нӕмӕ арӕх мӕстгун дӕр фӕккӕнунцӕ, Библий ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ ке цӕрӕн, уой туххӕй. Фал нин цума хуӕздӕр ести сӕ бон ӕй раттун? Библий комкоммӕ финст ӕй: «Ӕнӕзундӕн ӕцӕг зунд ӕгӕр уӕлиау ӕй, ӕма ин горӕти колдуари рази ци зӕгъа, е нӕ фӕууй» (Ӕмб. 24:7). Уӕхӕн адӕймаги бон нӕй ӕцӕг зундгин унаффӕ раттун. Мадта дессаг нӕй, Йеговӕ нӕ уотӕ ке фӕдзӕхсуй: «Ӕнӕзунд адӕймагӕй дӕхе идард дарӕ» (Ӕмб. 14:7).

12. Ци кӕнун нӕ гъӕуй, цӕмӕй «ӕнӕзундти» хузӕн ма исуӕн?

12 Хуцаумӕ игъосун ке нӕ фӕндуй, уонӕй уӕлдай мах Хуцауи ӕгас уагӕвӕрдтӕ дӕр уарзӕн. Уонӕмӕ хаунцӕ, уагӕ ӕма ӕгъдауи туххӕй ци уагӕвӕрдтӕ ӕрфедар кодта, етӕ дӕр. Цӕмӕй еци уагӕвӕрдтӕ никки фулдӕр бауарзӕн, уой туххӕй хуарз уайдӕ сагъӕс кӕнун, ку сӕмӕ фегъосӕн, уӕд е цӕмӕ ӕркӕнуй ӕма сӕмӕ ку нӕ фегъосӕн, уӕд е ба цӕмӕ ӕркӕнуй, уобӕл. Йегови зундгин унаффитӕ ка нецӕмӕ даруй, уони сӕртӕ ци нӕ хузи бӕллӕхтӕ баййафунцӕ, уӕхӕн нӕййес. Ӕма дӕхе цардбӕл ку расагъӕс кӕнай, уӕд дӕр ӕй фӕууиндзӕнӕ, Хуцаумӕ ке игъосис, уой фӕрци дин цӕйбӕрцӕбӕл хуӕздӕр ӕй, уой (Пс. 32:8, 10).

13. Йеговӕ нӕ ӕ зундгин унаффитӕмӕ тухӕй игъосун кӕнуй?

13 Йеговӕ ӕ зунд некӕмӕн ӕвгъау кӕнуй, фал имӕ тухӕй дӕр неке игъосун кӕнуй. Библи нин лӕдӕрун кӕнуй, зундмӕ ка не ’гъосуй, етӕ цӕхуӕн фӕстеугутӕбӕл исӕмбӕлунцӕ, уой (Ӕмб. 1:29–32). Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ке нӕ фӕндуй, етӕ, «ци аккаг ӕнцӕ, уой райсдзӕнцӕ». Зундӕй ке нӕ архайунцӕ, е сӕбӕл еу афони ӕртӕфсдзӕй. Ци бавзардзӕнцӕ, е ӕй рист ӕма маст, фӕстагмӕ ба сӕ Йеговӕ фесафдзӕй. Йеговӕн коммӕгӕс ка ӕй, уонӕбӕл ба исӕнхӕст уодзӕй уӕхӕн зӕрдӕвӕрд: «Мӕнмӕ ка игъосуй, е ба цӕрдзӕй ӕдасӕй ӕма фидбилизӕй нӕ тӕрсдзӕй» (Ӕмб. 1:33).

ӔЦӔГ ЗУНД НИН ЦИ ПАЙДА ХӔССУЙ?

Не ’мбурдти ку фӕййархайӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уй (кӕсӕ 15 абзац)

14, 15. Ӕмбесӕндти 4:23 финст дзурдтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

14 Хуцау ци зунд дӕттуй, е алкӕддӕр нӕ пайдайӕн фӕууй. Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй Йеговӕ батухстӕй, цӕмӕй ӕ зундгин унаффитӕ алли адӕймагӕн дӕр ӕнцон иссерӕн уонцӕ. Зӕгъӕн, Ӕмбесӕндти киунуги ес, нӕ цард фӕххуӕздӕр кӕнунмӕ нин ка банхус кӕндзӕй, берӕ уӕхӕн унаффитӕ. Гъӕйдӕ си цуппаремӕ ӕркӕсӕн.

15 Гъӕуай кӕнӕ дӕ зӕрдӕ. Библий финст ӕй: «Гъӕуайкӕнуйнаг ци ӕй, уонӕй тӕккӕ хъӕбӕрдӕр гъӕуай кӕнӕ дӕ зӕрдӕ, уомӕн ӕма уоми игурунцӕ царди сауӕдӕнттӕ» (Ӕмб. 4:23). Цӕмӕй ӕнӕуой зӕрдӕ ӕнӕнез уа, уой туххӕй гъӕуй пайда хуӕруйнӕгтӕ хуӕрун, иуӕнгтӕ змӕлун кӕнун ӕма ӕнӕнездзийнадӕн зӕран ци хӕссуй, уомӕй хе гъӕуай кӕнун. Гъе уотӕ нӕ гъӕуй гъӕуай кӕнун нӕ зӕрдӕ рахӕсгӕ хузи дӕр. Мах алли бон дӕр Хуцауи Дзурд кӕсӕн. Уомӕй уӕлдай ма ӕмбурдтӕмӕ нӕхе фӕццӕттӕ кӕнӕн ӕма си архайгӕ дӕр фӕккӕнӕн, удта ма игъосун кӕнуни гъуддагӕн нӕ хъауритӕ не ’вгъау кӕнӕн. Нӕ зундахастбӕл лӕгъузӕрдӕмӕ цидӕриддӕр рабӕрӕг уа, уомӕй ба нӕхе хезӕн. Зӕгъӕн, хуарз гъуддӕгтӕмӕ ка нӕ разӕнгард кӕнуй, уӕхӕн адӕни хӕццӕ нӕ рӕстӕг не ’рветӕн ӕма ӕнӕгъдау ерхӕфсӕнтӕй нӕхе нӕ ерхӕфсӕн.

Ӕхцабӕл ӕгӕр ку нӕ мӕтӕ кӕнӕн, уӕд нӕмӕ ци ес, уой фагӕбӕл нимайун ӕнцондӕр уодзӕй (кӕсӕ 16 абзац)

16. Ӕмбесӕндти 23:4, 5 финст унаффӕ нин пайда цӕмӕй ӕй?

16 Ци уӕмӕ ес, уой фагӕбӕл нимайетӕ. Библий дессаги унаффӕ финст ес: «Гъӕздугдзийнадӕ искӕнуни туххӕй ма хъиамӕт кӕнӕ... Гъӕздугдзийнадӕ ку неци ӕй, уӕд имӕ ци кӕсис? Е ӕхецӕн цӕргӕси базуртӕ ракӕндзӕй ӕма арви бӕрзӕндтӕмӕ фӕттӕхдзӕй» (Ӕмб. 23:4, 5). Мулкитӕ фесафунмӕ берӕ нӕ гъӕуй. Фал уӕддӕр гъӕздугутӕ дӕр ӕма мӕгуртӕ дӕр фулдӕр ӕхца бакосунбӕл ӕгӕр мӕтӕ кӕнунцӕ. Уой туххӕй беретӕ сӕ хуарз ном фесафунцӕ, иннети хӕццӕ нӕбал фӕффедаунцӕ ӕма ма се ’нӕнездзийнадӕ дӕр фӕффуддӕр уй (Ӕмб. 28:20; 1 Тим. 6:9, 10). Фал Йеговӕ ци зунд дӕттуй, уой фӕрци ба ӕхцабӕл ӕгӕр нӕ мӕтӕ кӕндзиан. Удта ма нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕмӕ ци ес, уой фагӕбӕл нимайӕн ӕма зудӕ ма кӕнӕн (Еккл. 7:12).

Ести зӕгъуни размӕ ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ дзурдтӕй иннети зӕрдӕ нӕ ракъахдзиан (кӕсӕ 17 абзац)

17. Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нин «зундгини ӕвзаг» уа? (Ӕмбесӕндтӕ 12:18).

17 Ести зӕгъуни размӕ бал расагъӕс кӕнисӕ. Лӕмбунӕг ку нӕ уӕн, уӕд нӕ дзурдтӕй ескӕмӕн ӕ зӕрдӕ ракъахдзиан. Библий финст ӕй: «Ӕнӕргъуди адӕймагӕн ӕ дзурдтӕ ӕнцӕ карди цӕфи хузӕн, зундгини ӕвзаг ба ӕй ӕвдадзи хуасӕ» (Ӕмб. 12:18). Иннети хӕццӕ нин фӕрнӕй цӕрун ӕнцондӕр уодзӕй, ку неке кой кӕнӕн, уӕд (Ӕмб. 20:19). Цӕмӕй нӕ дзурдтӕ карди цӕфи хузӕн нӕ, фал ӕвдадзи хуаси хузӕн уонцӕ, уой туххӕй нӕ зӕрдӕ гъӕуама идзаг уа, Хуцауи Дзурди финст ка ӕй, еци зонундзийнӕдтӕй (Лук. 6:45). Библий ци финст ес, уобӕл лӕмбунӕг ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ дзурдтӕ уодзӕнцӕ, иннетӕн уодӕнцойнӕ ка хӕссуй, уӕхӕн «зунди сауӕдони» хузӕн (Ӕмб. 18:4).

Йегови организаци ци амундтӕ дӕттуй, уонӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд игъосун кӕнгӕй ӕнтӕстгундӕр уодзиан (кӕсӕ 18 абзац)

18. Ӕмбесӕндти 24:6 финст уагӕвӕрд нин игъосун кӕнгӕй куд ӕнхус кӕнуй?

18 Хуцауи организаций амундтӕмӕ игъосӕ. Библи нӕ разӕнгард кӕнуй: «Мадта еске хӕццӕ ку тох кӕнай, уӕд агорӕ хуарз разамунд. Берӕ унаффӕгӕнгутӕ ку уа, уӕд е ӕй ервӕзундзийнадӕ» (Ӕмб. 24:6). Аци уагӕвӕрд нин куд банхус кӕндзӕй игъосун кӕнуни ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги ӕнтӕстгундӕр кӕнун? Хуӕздӕр уайдӕ игъосун кӕнгӕй ӕма еске хӕццӕ Библий ахур уадзгӕй, нӕхемӕ растдӕр куд кӕсуй, уотӕ ку нӕ архайианӕ, фал нин ци амундтӕ раттунцӕ, уонӕй ку пайда кӕнианӕ. Уой туххӕй хуарз унаффитӕ фегъосӕн не ’мбурдти, фӕлтӕрдгун игъосунгӕнгутӕн Библибӕл арӕзт радзубандитӕ ӕма ихӕслӕвӕрдтӕ ку фӕууй, уӕд. Уомӕй уӕлдай ма нин Йегови организаци раттуй, пайда ка ӕй, уӕхӕн косӕндзаумӕуттӕ, зӕгъӕн, адӕнӕн Библи лӕдӕрунмӕ ка ӕнхус кӕнуй, уӕхӕн публикацитӕ ӕма видеороликтӕ. Ду ба архайис, цӕмӕй еци косӕндзаумӕуттӕй ӕнтӕстгундӕрӕй пайда кӕнай?

19. Йеговӕ ци зунд дӕттуй, уомӕ ци цӕстӕй кӕсис? (Ӕмбесӕндтӕ 3:13–18).

19 Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 3:13–18. Мах ӕцӕгӕйдӕр Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, ӕ Дзурд Библий нин ци унаффитӕ равардта, уони туххӕй. Етӕ нин ку н’ адтайуонцӕ, уӕд кудтитӕ кодтайанӕ? Аци статьяй Ӕмбесӕндти киунугӕй еци унаффитӕй цалдӕремӕ ӕркастан. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Библий ма хъӕбӕр берӕ ес Йегови зундгин унаффитӕ. Гъӕйдӕ мадта ин алкӕддӕр ӕ амундтӕмӕ гӕсгӕ архайӕн. Аци дуйней адӕн ӕцӕг зундӕн аргъ дӕр нӕ кӕнунцӕ. Фал ӕй мах ба федарӕй зонӕн: «Федар [ибӕл] ка хуӕцуй, уони исхондзӕнцӕ амондгун»!

36 ЗАР Нӕ зӕрдитӕ гъӕуай кӕнӕн

a Йеговӕ ци зунд дӕттуй, е берӕ хуӕздӕр ӕй, аци дуйне ци зунд дӕттуй, уомӕй. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Ӕмбесӕндти киунуги зунди туххӕй ци финст ес, уомӕ. Уоми фӕсномуг дзурдтӕй финст ӕй, зунд, дан, гъӕр кӕнуй гъӕунги. Мах ӕркӕсдзиан, нӕ бон куд ӕй ӕцӕг зунд иссерун, удта ма берети цӕмӕннӕ фӕндуй, еци зундмӕ гӕсгӕ архайун. Ӕма базондзиан, ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, Хуцау ци зунд дӕттуй, уомӕ игъосун.