40 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
«Берети рӕстдзийнадӕмӕ» ӕрбакӕндзӕнцӕ
«Берети рӕстдзийнадӕмӕ ка ӕрбакӕнуй, етӕ стъалути хузӕн ӕрттевдзӕнцӕ ӕносӕй-ӕносмӕ, муггагмӕ» (ДАН. 12:3).
151 ЗАР Е фӕдздзордзӕй
РАЗДЗУРД a
1. Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг нӕмӕ цӕхуӕн дессаги хабӕрттӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ?
КИРИСТЕЙ минанзон хецаудзийнади рӕстӕг адӕн куд игас кӕндзӕнцӕ, уобӕл, ӕвӕдзи, еу ӕма дууӕ хатти нӕ сагъӕс кодтай. Еци хабӕрттӕ ӕнхӕст кӕнун кӕд райдайдзӕнцӕ, уой ӕгасӕйдӕр хъӕбӕр хезӕн. Ӕ хеуӕнттӕй кадӕр кӕмӕн фӕззиан ӕй, етӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, нӕуӕгӕй сӕ кӕд фӕууиндзӕнцӕ, еци рӕстӕгмӕ. Удта Йегови дӕр хъӕбӕр фӕндуй еци адӕни нӕуӕгӕй фӕууинун (Иов 14:15). Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр адӕн куд цийнӕ кӕндзӕнцӕ, нӕуӕгӕй сӕ хеуӕнттӕбӕл ку исӕмбӕлонцӕ, уӕд. Айразиккон статьяй куд базудтан, уомӕ гӕсгӕ райгас уодзӕнцӕ, «царди киунуги» финст ка ӕй, еци «рӕстгӕнгутӕ». Етӕ райгас уодзӕнцӕ, цӕмӕй ӕносон цардӕй исхайгин уонцӕ (Гъуд. 24:15; Иоан. 5:29). Ӕвӕдзи бал фиццаг райгас уодзӕнцӕ, берӕ ке уарзтан, етӕ b. Уомӕй уӕлдай ма райгас уодзӕнцӕ «фудгӕнгутӕ» дӕр, гъома Йегови базонунмӕ ӕма ин лӕггадӕ кӕнунмӕ фадуат кӕмӕн н’ адтӕй, етӕ. Етӕ райгас уодзӕнцӕ тӕрхон баййафунмӕ.
2, 3. а) Исаййи 11:9, 10 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр цӕхуӕн дессаги ахургӕнӕн программӕ цӕудзӕй? б) Аци статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
2 Ка райгас уа, уони ӕгасейдӕр ахур кӕнун гъӕудзӕй (Ис. 26:9; 61:11). Е уодзӕй историй дӕргъи тӕккӕ устурдӕр ахургӕнӕн программӕ. (Бакӕсӕ Исаййи 11:9, 10.) Ка райгас уа, еци фудгӕнгути берӕ цидӕртӕ гъӕудзӕй базонун. Зӕгъӕн, гъӕудзӕй сӕ базонун Йесо Киристей туххӕй, Хуцауи Паддзахади туххӕй, нивонди туххӕй ӕма Йегови номи, удта ӕ хецаудзийнади хӕццӕ баст ка ӕй, еци дзурддаг фарстай туххӕй. Рӕстгӕнгути дӕр ма берӕ цидӕртӕ гъӕудзӕй базонун. Зӕгъӕн, Йеговӕ зӕнхи туххӕй сабургай ӕ фӕндон куд ӕргом кодта, уой. Кадӕртӕ си рамардӕнцӕ, Библи финст ку нӕма фӕцӕй, уомӕй дзӕвгарӕ раздӕр. Мадта рӕстгӕнгути дӕр ӕма фудгӕнгути дӕр берӕ нӕуӕг цидӕртӕ гъӕудзӕй базонун.
3 Аци статьяй ӕркӕсдзиан уӕхӕн фарстатӕмӕ: 1) Нӕуӕг дуйней тӕккӕ устурдӕр ахургӕнӕн программӕ куд цӕудзӕй? 2) Еци программӕмӕ адӕн ци цӕстӕй ракӕсдзӕнцӕ, е куд рабӕрӕг уодзӕй, сӕ ном ӕносмӕ царди киунуги финст ӕрцӕудзӕй ӕви нӕ, уобӕл? Аци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ базонун хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й. Уомӕн нин устур ӕнхус уодзӕнцӕ Данели ӕма Раргомади киунугути финст пахампарӕдтӕ. Уони фӕрци никки хуӕздӕр балӕдӕрдзиан, ка рамардӕй, етӕ ку райгас уонцӕ, уӕд идарддӕр ци ’рцӕудзӕй, уой. Гъӕйдӕ бал мадта ӕркӕсӕн, Данели 12:1, 2 ци дессаги хабӕртти кой цӕуй, уонӕмӕ.
«СИКЪИТИ КА ФУНӔЙ КӔНУЙ, УОНӔЙ БЕРЕТӔ РАЙГЪАЛ УОДЗӔНЦӔ»
4, 5. Данели 12:1 кӕрони рӕстӕги туххӕй ци финст ес?
4 Бакӕсӕ Данели 12:1. Данели киунуги фӕрци хуӕздӕр лӕдӕрӕн, кӕрони рӕстӕг хабӕрттӕ фӕд-фӕди куд цӕудзӕнцӕ, уой. Зӕгъӕн, Данели 12:1 дзурд цӕуй, Михаил, гъома Йесо Киристе, Хуцауи адӕни сӕрбӕл ке хуӕцуй. Пахампарадӕн ӕ аци хай ӕнхӕст кӕнун райдӕдта 1914 анзи, Киристе Хуцауи Паддзахади Паддзах ку иссӕй, уӕд.
5 Данел ма ниффинста, Киристе кӕд «исистдзӕй», еци рӕстӕги туххӕй дӕр. Е загъта: «Уӕд искӕндзӕй хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг, адӕн ку фӕззиндтӕнцӕ, уӕдӕй сауӕнгӕ еци рӕстӕги уӕнгӕ ка некӕдма адтӕй, уӕхӕн» (Дан. 12:1). Еци «уӕззау рӕстӕг» Матфеййи 24:21 хунд ӕй «устур бӕллӕх». Киристе исистдзӕй, гъома Хуцауи адӕни сӕрбӕл рахуӕцдзӕй «уӕззау рӕстӕги» кӕрон, гъома Армагеддони рӕстӕг. Раргомади киунугӕ Хуцауи лӕггадгӕнгути хонуй «хъӕбӕр берӕ адӕн», «устур бӕллӕхи сӕрти ка рахизтӕй, еци адӕн» (Рарг. 7:9, 14).
6. Хъӕбӕр берӕ адӕн устур бӕллӕхи сӕрти ку рахезонцӕ, уӕд уой фӕсте ци уодзӕй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ. (Зӕнхӕбӕл ка райгас уодзӕй, уой туххӕй ма дӕ бон ӕй кӕсун аци журнали рубрики «Кӕсгути фарстатӕ».)
6 Бакӕсӕ Данели 12:2. Хъӕбӕр берӕ адӕн устур бӕллӕхи сӕрти ку рахезонцӕ, уӕд идарддӕр ци уодзӕй? Раздӕр нӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма аци стихи ци райгасдзийнади туххӕй дзурд цӕуй, е рахӕсгӕ хузи лӕдӕргӕ ’й. 1918 анзи нӕ нихмӕ ка адтӕй, етӕ, зӕгъӕн ес, ӕма игъосун кӕнуни гъуддаг ӕрлӕуун кодтонцӕ c. Ӕма фӕстӕдӕр, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ нӕуӕгӕй игъосун кӕнуни гъуддагмӕ ке равналдтонцӕ, уой нимадтан райгасдзийнадӕбӕл. Фал ӕй нур ба лӕдӕрӕн, аци дзурдтӕ ке амонунцӕ, нӕуӕг дуйней адӕн ке игас кӕндзӕнцӕ, уомӕ. Адӕн игас кӕнун райдайдзӕнцӕ, фӕстаг бӕнттӕ ӕма Армагеддон ку фӕууа, уӕд.
7. а) Еуетӕ «ӕносмӕ цӕрунмӕ» ке райгас уодзӕнцӕ, е куд лӕдӕргӕ ’й? б) Еци райгасдзийнадӕ «хуӕздӕр» исхонӕн цӕмӕн ес?
7 Данели 12:2 финст ӕй, еуетӕ ке райгас уодзӕнцӕ «ӕносмӕ цӕрунмӕ». Е цӕбӕл дзорӕг ӕй? Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг Йегови ӕма Киристей хуӕздӕр базонунбӕл ка архайа ӕма сӕмӕ ка игъоса, етӕ фӕстагмӕ исхайгин уодзӕнцӕ ӕносон цардӕй (Иоан. 17:3). Уони хай уодзӕй «хуӕздӕр райгасдзийнадӕ» (Дзиуит. 11:35). Хуӕздӕр цӕмӕй ӕй? Уомӕн ӕма рагидзаманти ци адӕн райгас уиуонцӕ, етӕ еу афони уӕддӕр нӕуӕгӕй рамӕлиуонцӕ, уомӕн ӕма ӕнӕнхӕст адтӕнцӕ.
8. Иннетӕ «ӕносмӕ ӕгади ном хӕссунмӕ» ке райгас уодзӕнцӕ, е куд лӕдӕргӕ ’й?
8 Фал ка райгас уодзӕй, уонӕй кедӕрти нӕ бафӕнддзӕй, цӕмӕй сӕ Йеговӕ ахур кӕна. Данели пахампаради финст ӕй, иннетӕ ке райгас уодзӕнцӕ «ӕносмӕ ӕгади ном хӕссунмӕ». Йеговӕмӕ игъосун сӕ ке нӕ фӕнддзӕй, уомӕ гӕсгӕ сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст нӕ уодзӕнцӕ ӕма син цӕруни барӕ дӕр нӕбал уодзӕй. Етӕ ӕносмӕ «ӕгади ном хӕсдзӕнцӕ», гъома исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ. Мадта Данели 12:2 дзурд цӕуй, ка райгас уа, уонӕбӕл куд рабӕрӕг уодзӕнцӕ, райгасдзийнади фӕсте ци гъуддӕгтӕ кодтонцӕ, етӕ (Рарг. 20:12) d. Еуетӕ исхайгин уодзӕнцӕ ӕносон цардӕй, иннетӕ ба нӕ.
«БЕРЕТИ РӔСТДЗИЙНАДӔМӔ КА ӔРБАКӔНУЙ, ЕТӔ»
9, 10. Устур бӕллӕхи фӕсте ма ци ’рцӕудзӕй ӕма «арви рохси хузӕн» ка ӕрттевдзӕй?
9 Бакӕсӕ Данели 12:3. «Хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг» ку фӕууа, уӕд ма уой фӕсте никкидӕр ци уодзӕй? Уой балӕдӕрунмӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ Данели 12:3 финст дзурдтӕ. Еци дзурдтӕ хаунцӕ, устур бӕллӕхи фӕсте ка уодзӕй, еци рӕстӕгмӕ.
10 Мадта Данели дзурдтӕ, «етӕ арви рохси хузӕн ӕрттевдзӕнцӕ», зӕгъгӕ, кӕмӕ хаунцӕ? Уой балӕдӕрунмӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ, Киристе Матфеййи 13:43 ци дзурдтӕ загъта, етӕ: «Рӕстгӕнгутӕ хори хузӕн тӕмӕнтӕ калдзӕнцӕ сӕ Фиди Паддзахади». Аци дзурдтӕ зӕгъуни размӕ Киристе дзурдта, «Паддзахади фуртти» туххӕй, гъома ӕ хӕццӕ уӕлӕрвти паддзӕхтӕ ка уодзӕй, еци исӕрстити туххӕй (Матф. 13:38). Мадта, ӕвӕдзи, Данели 12:3 финст дзурдтӕ дӕр амонунцӕ исӕрст киристӕнттӕмӕ ӕма, Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг ци косдзӕнцӕ, уомӕ.
11, 12. Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг 144 000 цӕхуӕн куст кӕндзӕнцӕ?
11 144 000 берети рӕстдзийнадӕмӕ куд ӕрбакӕндзӕнцӕ? Етӕ Киристей хӕццӕ мин анзей дӕргъи разамунд дӕтдзӕнцӕ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр ци ахургӕнӕн программӕ цӕудзӕй, уомӕн. Исӕрст киристӕнттӕ айдагъ паддзӕхтӕ нӕ уодзӕнцӕ, фал ма саугинтӕ дӕр (Рарг. 1:6; 5:10; 20:6). Етӕ адӕнӕн ӕнхус кӕндзӕнцӕ исдзӕбӕх унмӕ, гъома нӕуӕгӕй ӕнхӕст адӕймӕгтӕ исунмӕ (Рарг. 22:1, 2; Йез. 47:12). Зӕгъӕн дӕр ин нӕййес, исӕрститӕн еци куст цӕйбӕрцӕ цийнӕ ӕрхӕсдзӕй!
12 Рӕстдзийнадӕмӕ ке ӕрбакӕндзӕнцӕ, еци беретӕ ба ка ’нцӕ? Сӕ астӕу уодзӕнцӕ, ка райгас уа, етӕ, Армагеддони сӕрти ка рахеза, етӕ, удта ма, ӕвӕдзи, нӕуӕг дуйней ци сувӕллӕнттӕ райгурдзӕй, етӕ дӕр. Минанзон хецаудзийнади кӕронмӕ ӕгас адӕн дӕр ӕнхӕст исуодзӕнцӕ. Мадта уӕд уӕхӕн фарста ӕвзуруй: сӕ нӕмттӕ царди киунуги «къариндасӕй» нӕ, фал «ручкӕй» финст кӕд ӕрцӕудзӕнцӕ?
ФӔСТАГ ФӔЛВАРӔН
13, 14. Ӕгас ӕнхӕст адӕни дӕр ци гъӕудзӕй кӕнун, цӕмӕй ӕносмӕ цӕронцӕ?
13 Гъӕуама нӕ зӕрдӕбӕл еу гъуддаг дарӕн: ӕнхӕстдзийнадӕ уобӕл дзорӕг нӕма ’й, ӕма адӕймаг ӕнӕмӕнгӕй ӕносон цардӕй исхайгин уодзӕй. Зӕгъӕн, Адам ӕма Евӕ ӕнхӕст адтӕнцӕ, фал цӕмӕй ӕносмӕ цардайуонцӕ, уой туххӕй ба гъӕуама Йеговӕмӕ игъустайуонцӕ. Фал, гъигагӕн, хъӕбӕр хеваст разиндтӕнцӕ (Ром. 5:12).
14 Минанзон хецаудзийнади фӕсте, зӕнхӕбӕл ка цӕрдзӕй, еци адӕнӕй ба ци ес зӕгъӕн? Етӕ ӕгасӕйдӕр ӕнхӕст уодзӕнцӕ. Цума ӕносмӕ дӕр Йегови хецаудзийнади фарс уодзӕнцӕ ӕви Адам ӕма Еви хузӕн Хуцаубӕл гадзирахаттӕй рацӕудзӕнцӕ? Аци фарстабӕл гъӕуама дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕуа. Фал кутемӕй?
15, 16. а) Ӕгас адӕнӕн дӕр, Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ’нцӕ, уой бавдесунмӕ фадуат кӕд фӕззиндзӕй? б) Фӕстаг фӕлварӕн цӕбӕл ниллух уодзӕй?
15 Мин анзей дӕргъи Сайтан баст уодзӕй ӕма ӕ бон неке уодзӕй сайун. Фал мин анзей фӕсте уагъд ӕрцӕудзӕй. Уӕд ӕ нисан уодзӕй ӕнхӕст адӕни Йеговӕй раздахун. Еци фӕлварӕни рӕстӕг адӕнӕн фадуат уодзӕй, цӕмӕй ӕй бавдесонцӕ, Хуцауи номӕн ке кадӕ кӕнунцӕ ӕма ин ӕ хецаудзийнадӕ ке нимайунцӕ (Рарг. 20:7–10). Алли адӕймаг дӕр ӕхе куд бадара, уомӕй кӕнгӕ уодзӕй, ӕ ном ӕносмӕ дӕр царди киунуги финст ӕрцӕудзӕй ӕви нӕ.
16 Еуӕй-еу адӕн Адам ӕма Еви хузӕн Йегови хецаудзийнади нихмӕ рацӕудзӕнцӕ. Еци адӕни нимӕдзӕ бӕлвурдӕй бӕрӕг нӕй. Цума сӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? Дзуапп иссерӕн ес Раргомади 20:15: «Царди киунуги финст ка н’ адтӕй, етӕ дӕр гӕлст ӕрцудӕнцӕ содзгӕ цади». Ӕндӕр дзурдтӕй змӕнтгутӕ ӕносмӕ исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ. Фал ӕнхӕст адӕнӕн сӕ фулдӕр сӕ ном нӕ фегадӕ кӕндзӕнцӕ ӕма фӕстаг фӕлварӕни Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзайдзӕнцӕ. Ӕма гъе уӕд сӕ нӕмттӕ ӕносмӕ дӕр царди киунуги финст ӕрцӕудзӕнцӕ
КӔРОНИ РӔСТӔГ
17. Нӕ рӕстӕги туххӕй изӕд Данелӕн ци фегъосун кодта? (Данел 12:4, 8–10).
17 Федӕни хабӕрттӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй адӕймаги бауӕр ниббизирдтӕ уй. Фал ма изӕд Данелӕн фегъосун кодта еу ӕхсидзгӕ хабар кӕрони рӕстӕги туххӕй, гъома мах ци рӕстӕг цӕрӕн, уой туххӕй. (Бакӕсӕ Данели 12:4, 8–10; 2 Тим. 3:1–5.) Е загъта: «Раст зонундзийнӕдтӕ исберӕ уодзӕнцӕ». Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Хуцауи адӕн хуӕздӕр балӕдӕрдзӕнцӕ Данели киунуги финст пахампарӕдтӕ. Еци рӕстӕги туххӕй ма изӕд уотӕ дӕр загъта: «Фудгӕнгутӕ фудгъуддӕгтӕ кӕндзӕнцӕ, ӕма аци дзурдтӕ еунӕг фудгӕнӕг дӕр нӕ балӕдӕрдзӕй».
18. Фудгӕнгутӕмӕ тагъд рӕстӕги ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
18 Хатгай нӕмӕ, ӕвӕдзи, уотӕ фӕккӕсуй, ӕма фудгӕнгутӕ сӕ фудгъуддӕгти туххӕй ӕфхуӕрд нӕ баййафунцӕ (Мал. 3:14, 15). Фал тагъд рӕстӕги Киристе фудгӕнгутӕн тӕрхон кӕндзӕй. Е сӕ рӕстгӕнгутӕй рахецӕн кӕндзӕй, фиййау фусти сӕгътӕй куд рахецӕн кӕнуй, уотӕ (Матф. 25:31–33). Фудгӕнгутӕ устур бӕллӕхи сӕрти нӕ рахездзӕнцӕ ӕма нӕуӕг дуйней дӕр нӕ райгас уодзӕнцӕ. Мадта Малахий 3:16 ци зӕрдӕбӕлдарӕн киунуги туххӕй дзурд цӕуй, уоми сӕ нӕмттӕ финст нӕ уодзӕнцӕ.
19. Абони нӕ ци гъӕуй кӕнун ӕма цӕмӕн? (Малахи 3:16–18).
19 Нур уой рӕстӕг ӕй, цӕмӕй ӕй нӕ гъуддӕгтӕй ӕвдесӕн, фудгӕнгути хӕццӕ нин еумӕйагӕй ке неци ес. (Бакӕсӕ Малахи 3:16–18.) Йеговӕ ӕмбурд кӕнуй, «уӕлдай хъазар ин ка ӕй, уӕхӕн бунтӕ», гъома аргъ кӕмӕн кӕнуй, уӕхӕн адӕни. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, мах дӕр фӕндуй уони астӕу ун!
20. Йеговӕ Данелӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта ӕма, еци зӕрдӕвӕрд кӕд исӕнхӕст уодзӕй, уомӕ хъӕбӕр цӕмӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсис?
20 Мадта, ӕцӕгӕйдӕр, хъӕбӕр дессаги рӕстӕг цӕрӕн. Фал нӕмӕ федӕни ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой ба рабарӕн дӕр нецӕй хӕццӕ ес. Тагъд рӕстӕги фуддзийнадӕн ӕ кой дӕр нӕбал уодзӕй. Уой фӕсте ба ’й нӕхе цӕститӕй фӕууиндзиан, Йеговӕ Данелӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, еци дзурдтӕ куд исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уой: «Ду уолӕфдзӕнӕ, фал бонти кӕрон райистдзӕнӕ, цӕмӕй дӕ халӕ райсай» (Дан. 12:13). Мах не ’гасдӕр хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, Данел ӕма, берӕ ке уарзтан, еци адӕн нӕуӕгӕй цардмӕ ку раздӕхонцӕ, уомӕ. Гъӕйдӕ мадта нӕ бон цидӕрриддӕр ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй Йеговӕбӕл еузӕрдон уӕн. Гъе уӕд нин нӕ ном ӕ царди киунугӕй некӕд раханхӕ кӕндзӕй!
80 ЗАР «Бафӕлварӕ ӕма базонӕ, Йеговӕ куд хуарз ӕй, уой»
a Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Данели 12:2, 3 финст дзурдтӕ нур куд лӕдӕрӕн, уомӕ. Дзурд си цӕуй, нӕуӕг дуйней ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр ци ахургӕнӕн программӕ цӕудзӕй, уобӕл. Мах ӕркӕсдзиан, еци куст кӕд райдайдзӕй, ӕма си ка архайдзӕй, уомӕ. Уомӕй уӕлдай ма базондзиан, еци куст зӕнхӕбӕл цӕрӕг адӕни куд бацӕттӕ кӕндзӕй фӕстаг фӕлварӕнмӕ, Киристей минанзон хецаудзийнади рӕстӕг кӕронмӕ ку ӕрцӕуа, уӕд.
b Ӕвӕдзи, фиццаг райгас уодзӕнцӕ, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй фӕстаг бӕнтти рӕстӕг ка рамардӕй, етӕ. Уой фӕсте ба сӕ размӕ ци фӕлтӕр адтӕй, е ӕма уотӕ идарддӕр. Кӕд ӕцӕгӕйдӕр уотӕ уа, уӕд алли фӕлтӕрӕн дӕр сӕ бон уодзӕй, хуарз ке зудтонцӕ, уонӕн ӕгассо зӕгъун. Исӕрст киристӕнтти туххӕй Библий финст ӕй, алкедӕр си «ӕхе афони» ке райгас уодзӕй (1 Кор. 14:33; 15:23). Уомӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ес, ӕма зӕнхӕбӕл дӕр адӕн цӕхуӕндӕр ӕгъдаумӕ гӕсгӕ игас кӕндзӕнцӕ.
c Аци пахампарадӕ раздӕр куд лӕдӕрун кодтан, уой туххӕй кӕсӕ киунуги «Внимайте пророчеству Даниила!», 17 сӕр, удта 1987 анзи 1 декабри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 17–21 фӕрстӕ (урус.).
d Е хецӕн кӕнуй Гъуддӕгти 24:15 ӕма Иоанни 5:29 ци финст ес, уомӕй. Аци стихти дзурдтӕ «рӕстгӕнгутӕ» ӕма «фудгӕнгутӕ», удта «хуарз гъуддӕгтӕ ка кодта, етӕ» ӕма «фудгъуддӕгтӕ ка кодта, етӕ», амонунцӕ, ка райгас ӕй, етӕ сӕ мӕлӕти размӕ ци гъуддӕгтӕ кодтонцӕ, уомӕ.