39 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Дӕ ном «царди киунуги» финст ӕй?
«Ӕ рази финст цудӕй зӕрдӕбӕлдарӕн киунугӕ» (МАЛ. 3:16).
61 ЗАР Размӕ, Ӕвдесӕнтӕ!
РАЗДЗУРД a
1. Малахий 3:16 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Йеговӕ цӕхуӕн киунугӕ финсуй, ӕма си ци финст ес?
МИНГАЙ ӕнзти дӕргъи Йеговӕ финсуй киунугӕ. Еци киунуги финст ӕнцӕ ӕ еузӕрдон Ӕвдесӕнти нӕмттӕ. Уонӕй сӕ фиццаг ӕй Авель (Лук. 11:50, 51) b. Ӕности дӕргъи Йеговӕ еци киунугӕмӕ нӕуӕг нӕмттӕ ӕфтудта. Ӕма си нӕ рӕстӕгмӕ милиуангай адӕни нӕмттӕ финст ӕрцудӕнцӕ. Еци киунугӕ Библи хонуй «зӕрдӕбӕлдарӕн киунугӕ», «царди киунугӕ» ӕма «царди тухтонӕ». Цӕмӕй нин ӕнцондӕр уа, уой туххӕй ӕй аци статьяй хондзиан «царди киунугӕ». (Бакӕсӕ Малахи 3:16; Рарг. 3:5; 17:8.)
2. Царди киунуги ке нӕмттӕ финст ес, ӕма ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй мах ном дӕр еци киунуги финст ӕрцӕуа?
2 Еци киунуги финст ӕнцӕ, Йеговӕй ка тӕрсуй ӕма ин ӕ ном ка уарзуй, ӕгас еци лӕггадгӕнгути нӕмттӕ. Уонӕн уодзӕй ӕносмӕ цӕруни фадуат. Цӕмӕй мах ном дӕр еци киунуги финст ӕрцӕуа, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй? Гъӕуама архайӕн, цӕмӕй Йеговӕмӕ бахӕстӕг уӕн. Уӕхӕн фадуат ба нин ес Киристей нивонди фӕрци (Иоан. 3:16, 36). Уӕлдай си нӕййес, уӕлӕрвти цӕруни нифс нин ес ӕви зӕнхӕбӕл, алкедӕр ни фӕндуй, цӕмӕй ӕ ном еци киунуги финст ӕрцӕуа.
3, 4. а) Кӕд нур нӕ ном царди киунуги финст ӕй, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ӕнӕмӕнгӕй ӕносмӕ цӕрдзиан? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ. б) Аци ӕма иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
3 Фал цума уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма еци киунуги ке нӕмттӕ финст ӕнцӕ, етӕ ӕнӕмӕнгӕй ӕносон цардӕй исхайгин уодзӕнцӕ? Дзуапп иссерӕн ес, Йеговӕ Моисеййӕн ци дзурдтӕ загъта, уоми. «Ӕз мӕ киунугӕй нийхалдзӕн, мӕ рази тӕрегъӕд ка искодта, уой ном» (Рац. 32:33). Мадта зӕгъӕн ес, ӕма еци киунуги ке нӕмттӕ ес, етӕ «къариндасӕй» финст ӕнцӕ, ӕма сӕ Йегови бон ӕй нийхалун (Рарг. 3:5). Фал цӕмӕй нӕ ном еци киунуги ӕносмӕ «ручкӕй» финст ӕрцӕуа, уой туххӕй гъӕуама не ’гас хъауритӕй архайӕн.
4 Уомӕ гӕсгӕ фӕззиннуй фарстатӕ. Зӕгъӕн: Библи ци зӕгъуй, царди киунуги финст ка ӕрцудӕй ӕма ка не ’рцудӕй, уони туххӕй? Еци киунуги финст ка ӕй, етӕ ӕносон цардӕй кӕд исхайгин уодзӕнцӕ? Йегови ка нӕ базудта, уотемӕй ка рамардӕй, етӕ ба ци бауодзӕнцӕ? Еци киунугӕмӕ бахауни фадуат син уодзӕй? Дзуӕппитӕ иссердзиан аци ӕма иннӕ статьяй.
ЦАРДИ КИУНУГИ КЕ НӔМТТӔ ФИНСТ ӔНЦӔ?
5, 6. а) Филиппӕгтӕмӕ 4:3 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ царди киунуги ке нӕмттӕ финст ӕнцӕ? б) Сӕ нӕмттӕ ӕносмӕ финст кӕд ӕрцӕунцӕ?
5 Цума царди киунуги ке нӕмттӕ финст ес? Цӕмӕй аци фарстабӕл дзуапп базонӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн, Библий цӕхуӕн фондз адӕни къуарей туххӕй дзурд цӕуй, уомӕ. Кедӕрти нӕмттӕ си царди киунуги финст ӕнцӕ, кедӕрти ба – нӕ.
6 Фиццаг къуармӕ хаунцӕ, Киристей хӕццӕ уӕлӕрвти Паддзӕхтӕ ка уодзӕй, етӕ. Цума нур сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст ӕнцӕ? Гъо. Апостол Павел Филиппти ӕмбурдмӕ ку финста, уӕд загъта, исӕрст киристӕнтти нӕмттӕ царди киунуги финст ке ’нцӕ. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:3.) Фал цӕмӕй сӕ нӕмттӕ еци киунугӕй ихӕлд ма ’рцӕуонцӕ, уой туххӕй идарддӕр дӕр гъӕуама Хуцаубӕл еузӕрдон уонцӕ. Уӕд сӕбӕл фӕстаг мухур ӕвӕрд ӕрцӕудзӕй кенӕ сӕ мӕлӕти хуӕдразмӕ, кенӕ ба устур бӕллӕхи хуӕдразмӕ. Ӕма еци мухур ӕвӕрд ку ’рцӕуа, уӕд сӕ нӕмттӕ царди киунугӕй ихӕлд некӕдбал ӕрцӕудзӕнцӕ (Рарг. 7:3).
7. Раргомади 7:16, 17 финст дзурдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ балӕдӕрун, хъӕбӕр берӕ адӕни нӕмттӕ ӕносмӕ царди киунуги финст кӕд ӕрцӕудзӕнцӕ, уой?
7 Дуккаг къуармӕ ба хаунцӕ хъӕбӕр берӕ адӕн. Цума уонӕн ба сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст ӕнцӕ? Гъо. Армагеддони фӕсте дӕр ма син финст уодзӕнцӕ? Гъо (Рарг. 7:14). Киристе еци адӕни рабарста фусти хӕццӕ ӕма загъта, ӕносмӕ ке цӕрдзӕнцӕ (Матф. 25:46). Фал Армагеддони сӕрти ка рахеза, етӕ еци фӕдбӕл ӕносон цардӕй не ’схайгин уодзӕнцӕ. Уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма ма сӕ нӕмттӕ царди киунуги «къариндасӕй» финст уодзӕнцӕ. Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг сӕ Киристе «хездзӕй ӕма сӕ кӕндзӕй царди сауӕдӕнттӕмӕ». Киристейӕн коммӕгӕс ка уа, ӕма Йеговӕ еузӕрдонбӕл ке банимайа, уони нӕмттӕ ӕносмӕ финст ӕрцӕудзӕнцӕ царди киунуги. (Бакӕсӕ Раргомадӕ 7:16, 17.)
8. Царди киунуги ке нӕмттӕ финст ӕнцӕ ӕма сӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
8 Ӕртиккаг къуармӕ хаунцӕ, Армагеддони исӕфт ка ’рцӕудзӕй, еци адӕн. Уони нӕмттӕ царди киунуги финст нӕ ’нцӕ. Киристе сӕ рабарста сӕгъти хӕццӕ ӕма загъта, ӕносмӕ ке фесӕфдзӕнцӕ (Матф. 25:46). Апостол Павел дӕр уони туххӕй ниффинста: «Еци адӕнӕн хаст ӕрцӕудзӕй ӕносмӕ фесафуни тӕрхон» (2 Фес. 1:9; 2 Пет. 2:9). Уотӕ ма зӕгъӕн ес, историй дӕргъи Хуцауи сугъдӕг хъаури нихмӕ зонгӕ-зонгӕй тӕрегъӕдтӕ ка кодта, уони туххӕй дӕр. Уонӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй ӕносон цард нӕ, фал ӕносон исӕфт. Федарӕй зӕгъӕн ес, етӕ ке нӕ райгас уодзӕнцӕ (Матф. 12:32; Мар. 3:28, 29; Дзиуит. 6:4–6). Гъӕйдӕ нур ба радзорӕн, зӕнхӕбӕл цӕрунмӕ ка райгас уодзӕй, еци дууӕ адӕни къуари туххӕй.
КА РАЙГАС УОДЗӔЙ?
9. Зӕнхӕбӕл цӕрунмӕ цӕхуӕн дууӕ къуари райгас уодзӕнцӕ ӕма кӕрӕдземӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ? (Гъуддӕгтӕ 24:15).
9 Библий финст ӕй, ке «райгас уодзӕнцӕ рӕстгӕнгутӕ дӕр ӕма фудгӕнгутӕ дӕр» ӕма и дууӕ къуаремӕн дӕр ке уодзӕй зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цӕруни фадуат. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 24:15.) «Рӕстгӕнгутӕмӕ» хаунцӕ, цӕргӕ-цӕрӕнбонти Йеговӕн еузӕрдонӕй ка лӕггадӕ кодта, етӕ. «Фудгӕнгутӕмӕ» ба ӕнцӕ, Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кодта, етӕ. Ӕма син ӕцӕгӕйдӕр сӕ цард рӕстгӕнгути цард исхонӕн нӕййес. Фал кӕд дууӕ къуари дӕр райгас уодзӕнцӕ, уӕд уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст ӕнцӕ? Цӕмӕй аци фарстабӕл дзуапп раттӕн, уой туххӕй алли къуари туххӕй дӕр хецӕнӕй радзорӕн.
10. Рӕстгӕнгутӕ цӕмӕн райгас уодзӕнцӕ ӕма си еуӕй-еуетӕ цӕхуӕн кадӕй исхайгин уодзӕнцӕ? (Зӕнхӕбӕл ка райгас уодзӕй, уой туххӕй ма дӕ бон ӕй кӕсун аци журнали рубрики «Кӕсгути фарстатӕ».)
10 Цуппӕрӕймаг къуармӕ хаунцӕ «рӕстгӕнгутӕ». Уодӕгас ма ку адтӕнцӕ, уӕд сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст ӕрцудӕнцӕ. Фал ку рамардӕнцӕ, уӕдта син цума Йеговӕ сӕ нӕмттӕ нийхалдта? Нӕъ. Уомӕн ӕма Йеговӕн мард нӕ ’нцӕ. Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ «Хуцау мӕрдти Хуцау нӕй, фал уодӕгӕсти, уомӕн ӕма уомӕн ӕгасӕйдӕр уодӕгас ӕнцӕ» (Лук. 20:38). Мадта рӕстгӕнгутӕ зӕнхӕбӕл цӕрунмӕ ку райгас уонцӕ, уӕд дӕр ма сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст уодзӕнцӕ, фал «къариндасӕй» (Лук. 14:14). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, еци рӕстгӕнгутӕй еуӕй-еуетӕ уӕхӕн кадӕй исхайгин уодзӕнцӕ, ӕма уодзӕнцӕ кънйӕзтӕ ӕгас зӕнхӕбӕл (Пс. 45:16).
11. Фудгӕнгутӕ ци гъӕуама базононцӕ, цӕмӕй сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст ӕрцӕуонцӕ?
11 Фӕндзӕймаг къуармӕ ба хаунцӕ «фудгӕнгутӕ». Етӕ рӕстӕй нӕ цардӕнцӕ. Ӕвӕдзи, уой туххӕй, ӕма Йегови раст уагӕвӕрдтӕ нӕ зудтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст нӕ ’нцӕ. Фал сӕ Хуцау райгас кӕндзӕй, ӕма син уотемӕй фӕззиндзӕй фадуат, цӕмӕй сӕ нӕмттӕ еци киунуги финст ӕрцӕуонцӕ. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, фудгӕнгути устур ӕнхус гъӕудзӕй. Еуӕй-еуетӕ си раздӕр хъӕбӕр лӕгъуз гъуддӕгтӕ кодтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ сӕ исахур кӕнун гъӕудзӕй Йегови раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун. Ӕма уой туххӕй ба Хуцауи Паддзахадӕ искӕндзӕй, нурмӕти ка некӕд ма адтӕй, уӕхӕн ахургӕнӕн программӕ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр.
12. а) Фудгӕнгути ка ахур кӕндзӕй? б) Сӕхе ӕййевун ке нӕ бафӕндӕуа, етӕ ци бауодзӕнцӕ?
12 Фудгӕнгути ка ахур кӕндзӕй? Хъӕбӕр берӕ адӕн ӕма ка райгас уа, еци рӕстгӕнгутӕ. Цӕмӕй фудгӕнгутӕн сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст ӕрцӕуонцӕ, уой туххӕй гъӕуама Йегови ӕмбӕлттӕ исуонцӕ ӕма ин сӕ цард иснивонд кӕнонцӕ. Е син куд ӕнтӕсуй, уомӕ лӕмбунӕг кӕсдзӕнцӕ уӕларвон тӕрхонгӕнгутӕ – Киристе ӕма исӕрститӕ (Рарг. 20:4). Ӕхе раййевун ке нӕ бафӕндӕуа, уомӕн идарддӕр цӕруни барӕ нӕбал уодзӕй, сӕдӕ анзи ибӕл ку цӕуа, уӕддӕр (Ис. 65:20). Йеговӕ ӕма Киристе зӕрдитӕ уинунцӕ ӕма нӕ бауадздзӕнцӕ, цӕмӕй нӕуӕг дуйней еске ескӕмӕн зиан ӕрхӕсса (Ис. 11:9; 60:18; 65:25; Иоан. 2:25).
ЕУЕТӔ РАЙГАС УОДЗӔНЦӔ ЦӔРУНМӔ, ИННЕТӔ БА – ТӔРХОН БАЙЙАФУНМӔ
13, 14. а) Иоанни 5:29 финст Киристей дзурдтӕ раздӕр куд лӕдӕрдтан? б) Цӕмӕй Киристей дзурдтӕ раст балӕдӕрӕн, уой туххӕй нӕ гъудий ци гъӕуама дарӕн?
13 Зӕнхӕбӕл цӕрунмӕ ка райгас уодзӕй, еци адӕни туххӕй Киристе дӕр дзурдта: «Ӕрцӕуй еци рӕстӕг, ӕма, ингӕнти кадӕриддӕр ес, етӕ ин фегъосдзӕнцӕ ӕ дзурд, ӕма рацӕудзӕнцӕ: хуарз гъуддӕгтӕ ка кодта, етӕ райгас уодзӕнцӕ цӕрунмӕ, фудгъуддӕгтӕ ка кодта, етӕ ба – тӕрхон баййафунмӕ» (Иоан. 5:28, 29). Аци дзурдтӕй Киристей ци зӕгъун фӕндадтӕй?
14 Раздӕр нӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма Киристе дзурдта, нӕуӕг дуйней адӕн ци гъуддӕгтӕ кӕндзӕнцӕ, уой туххӕй. Фал дӕ гъос ӕрдарӕ: Киристе уотӕ нӕ загъта, «ка райгас уа етӕ кӕндзӕнцӕ хуарз гъуддӕгтӕ» кенӕ «кӕндзӕнцӕ фудгъуддӕгтӕ». Е евгъуд рӕстӕги кой кодта. Уотӕ загъта, «хуарз гъуддӕгтӕ ка кодта» ӕма «фудгъуддӕгтӕ ка кодта», зӕгъгӕ. Мадта Киристе дзурдта, адӕн сӕ мӕлӕти размӕ ци гъуддӕгтӕ кодтонцӕ, уой туххӕй. Ӕма ибӕл ку расагъӕс кӕнӕн, уӕд ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й. Уомӕн ӕма нӕуӕг дуйней фудгъуддӕгтӕ кӕнуни барӕ некӕмӕн уодзӕй. Уотӕ уайуй, ӕма фудгъуддӕгтӕ сӕ мӕлӕти размӕ кодтонцӕ. Мадта уӕд Киристей дзурдтӕ куд лӕдӕргӕ ’нцӕ? Ци зӕгъун ӕй фӕндадтӕй, аци дууӕ къуарей райгасдзийнади туххӕй ку дзурдта, уӕд?
15. Ӕносон цардмӕ ка райгас уодзӕй ӕма цӕмӕн?
15 Хуарз гъуддӕгтӕ ка кодта, етӕ райгас уодзӕнцӕ, цӕмӕй ӕносон цардӕй исхайгин уонцӕ, уомӕн ӕма сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст адтӕнцӕ. Иоанни 5:29 финст ӕй, «хуарз гъуддӕгтӕ ка кодта», етӕ ке райгас уодзӕнцӕ. Гъуддӕгти 24:15 ба финст ӕй, «рӕстгӕнгутӕ» ке райгас уодзӕнцӕ. Аци дууӕ стихеми еци еу адӕни къуари туххӕй дзурд цӕуй. Мадта кӕд «рӕстгӕнгутӕ» рамардӕнцӕ, уӕд уотӕ цӕмӕн дзорӕн, ӕма сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст ӕнцӕ? Ромӕгтӕмӕ 6:7 финст ӕй: «Ка рамардӕй, е ӕ тӕрегъӕди ихӕсӕй иссӕребарӕ ’й». Мадта рӕстгӕнгутӕ ку рамӕлунцӕ, уӕд син Йеговӕ сӕ тӕрегъӕдтӕ ниххатир кӕнуй. Фал син сӕ хуарз гъуддӕгтӕ ба нӕ феронх кӕнуй. Уомӕ гӕсгӕ сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст байзайунцӕ (Дзиуит. 6:10). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, еци рӕстгӕнгутӕ ку райгас уонцӕ, уӕд гъӕуама идарддӕр дӕр архайонцӕ, цӕмӕй Хуцаубӕл еузӕрдон уонцӕ, ӕндӕр ба сӕ нӕмттӕ царди киунугӕй ихӕлд ӕрцӕудзӕнцӕ.
16. «Тӕрхон баййафунмӕ» ка райгас уодзӕй?
16 Фудгъуддӕгтӕ ка кодта, уонӕй ба ци ес зӕгъӕн? Кӕд сӕ мӕлӕти фӕсте сӕ тӕрегъӕдтӕ хатиргонд ӕрцудӕнцӕ, уӕддӕр уодӕгасӕй ба Йеговӕн нӕ лӕггадӕ кодтонцӕ. Сӕ нӕмттӕ царди киунуги финст нӕ ’нцӕ. Мадта «фудгъуддӕгтӕ ка кодта», етӕ ӕнцӕ, Гъуддӕгти 24:15 ци «фудгӕнгути» туххӕй дзурд цӕуй, етӕ. Етӕ райгас уодзӕнцӕ «тӕрхон баййафунмӕ» c. Е куд лӕдӕргӕ ’й? Киристе син сӕ гъуддӕгтӕмӕ лӕмбунӕг кӕсдзӕй (Лук. 22:30). Цӕмӕй исбӕрӕг уа царди киунуги ниффинсуни аккаг ӕнцӕ ӕви нӕ, уомӕн ба гъӕудзӕй рӕстӕг. Фудгӕнгутӕ сӕ фудгъуддӕгтӕ ку ниууадзонцӕ ӕма сӕ цард Йеговӕн ку иснивонд кӕнонцӕ, уӕд син Йеговӕ сӕ нӕмттӕ царди киунуги ниффинсдзӕй.
17, 18. Ка райгас уа, уони ӕгасейдӕр ци гъӕудзӕй кӕнун ӕма Раргомади 20:12, 13 цӕхуӕн гъуддӕгти кой цӕуй?
17 Ка райгас уа, уони еугурейдӕр – рӕстгӕнгути дӕр ӕма фудгӕнгути дӕр – гъӕудзӕй цӕрун, нӕуӕг тухтӕнтти ци закъӕнттӕ уодзӕй, уонӕмӕ гӕсгӕ. Еци тухтӕнттӕ райгон уодзӕнцӕ Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг. Апостол Иоанн уотӕ ниффинста: «Фӕууидтон мӕрдти дӕр, номдзудти ӕма хумӕтӕгти, паддзахбадӕни рази лӕугӕ, ӕма тухтӕнттӕ байгон ӕнцӕ. Райгон ӕй ма ӕндӕр тухтонӕ дӕр – царди тухтонӕ. Ӕма мӕрдтӕ тӕрхонгонд цудӕнцӕ, тухтони си кӕмӕн ци гъуддӕгтӕ адтӕй финст, уонӕмӕ гӕсгӕ» (Рарг. 20:12, 13).
18 Ка райгас уа, уонӕн цӕхуӕн гъуддӕгтӕмӕ гӕсгӕ тӕрхонгонд цӕудзӕй? Цума сӕ мӕлӕти размӕ ци гъуддӕгтӕ кодтонцӕ, уонӕмӕ гӕсгӕ? Нӕъ! Гъӕуама ни иронх ма уа, ку рамардӕнцӕ, уӕд се ’гас тӕрегъӕдтӕ дӕр хатиргонд ке ’рцудӕнцӕ. Мадта син сӕ раздӕри гъуддӕгтӕмӕ гӕсгӕ нӕ тӕрхон кӕндзӕнцӕ. Ами, ӕвӕдзи, дзурд цӕуй, нӕуӕг дуйней сӕ ахур ке кӕндзӕнцӕ, уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсдзӕнцӕ, уобӕл. Сауӕнгӕ ма Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгути, зӕгъӕн, Ной, Самуил, Давид ӕма Данели дӕр гъӕудзӕй Йесо Киристей туххӕй базонун ӕма ин ӕ нивондбӕл баууӕндун. Кӕд ма уони дӕр ахур кӕнун гъӕудзӕй, уӕд ма фудгӕнгутӕй ба ци ес зӕгъӕн?
19. Ке нӕ бафӕндӕуа, цӕмӕй ӕ ном царди киунуги финст ӕрцӕуа, етӕ ци бауодзӕнцӕ?
19 Фал еске ку нӕ бафӕндӕуа, цӕмӕй ӕ ном ӕносмӕ царди киунуги финст ӕрцӕуа, уӕдта? Раргомади 20:15 финст ӕй: «Царди киунуги финст ка н’ адтӕй, етӕ дӕр гӕлст ӕрцудӕнцӕ содзгӕ цади». Мадта уӕхӕн адӕн ӕносмӕ исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ. Ӕцӕгӕйдӕр, хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й не ’гас хъауритӕй архайун, цӕмӕй нӕ ном царди киунуги финст уа ӕма си ихӕлд макӕд ӕрцӕуа.
20. Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг цӕхуӕн дессаги куст цӕудзӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
20 Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг нӕхе цӕститӕй хъӕбӕр берӕ дессаги хабӕрттӕ уиндзиан. Сӕ еу уодзӕй, историй дӕргъи ка некӕдма адтӕй, уӕхӕн ахургӕнӕн программӕ. Еци рӕстӕг уӕларвон тӕрхонгӕнгутӕ лӕмбунӕг кӕсдзӕнцӕ, «рӕстгӕнгути» ӕма «фудгӕнгути» гъуддӕгтӕмӕ (Ис. 26:9; Гъуд. 17:31). Цума Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг ахургӕнӕн программӕ куд цӕудзӕй? Уой туххӕй фулдӕр базондзиан иннӕ статьяй ӕма еци программӕн никки фулдӕр аргъ кӕндзиан.
147 ЗАР Хуцауи зӕрдӕвӕрд – ӕносон цард
a Иоанни 5:28, 29 финст ӕнцӕ Киристей дзурдтӕ райгасдзийнади туххӕй. Е загъта, еуетӕ ке «райгас уодзӕнцӕ цӕрунмӕ», иннетӕ ба – «тӕрхон баййафунмӕ». Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, аци стихтӕ куд лӕдӕрдтан, е куд раййивта, уомӕ.
b Еци киунугӕ финст цӕуй «дуйней фӕззиндӕй фӕстӕмӕ». Дуйнемӕ хаунцӕ, Хуцау Киристей нивонди аккагбӕл ке нимайуй, еци адӕн (Матф. 25:34; Рарг. 17:8). Мадта зӕгъӕн ес, ӕма еци киунуги ке нӕмттӕ финст ӕрцудӕнцӕ, уонӕй фиццаг ӕй рӕстгӕнӕг Авели ном.
c Раздӕр уотӕ лӕдӕрун кодтан, ӕма Иоанни 5:29 дзурд «тӕрхон» нисан кӕнуй «истӕрхон кӕнун» кенӕ «фудгӕнӕгбӕл банимайун». Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, аци дзурдӕн уӕхӕн нисан дӕр фӕууй. Фал ӕй куд фӕууидтан, уотемӕй ами Киристе тӕрхон рахӕссуни кой нӕ кодта. Еуӕй-еу дзурдуӕттӕмӕ гӕсгӕ аци дзурдӕн ӕ нисан фӕууй «гъуддаг ӕвзарун» кенӕ «кадӕр ӕхе куд даруй, уомӕ лӕмбунӕг кӕсун».