Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

БИОГРАФИ

Йеговӕмӕ ӕма Йегови туххӕй ахур кӕнун мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй

Йеговӕмӕ ӕма Йегови туххӕй ахур кӕнун мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй

ӔЗ ИСГЪОМБӔЛ дӕн Истони, штат Пенсильвани (АЕШ). Минкъийӕй фӕстӕмӕ мӕ нисан адтӕй университети ахур кӕнун. Фӕндадтӕй мӕ, цӕмӕй мин царди еститӕ бантӕстайдӕ. Ахур кӕнун мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй. Хуарз арӕхстӕн математикӕ, физикӕ ӕма химимӕ. 1956 анзи, адӕни бартӕбӕл ка тох кодта, еу уӕхӕн организаци мин равардта преми 25 доллӕри, уомӕн ӕма иннӕ сауцъарӕ ахурдзаутӕй дзӕвгарӕ хуӕздӕр ахур кодтон. Фал фӕстӕдӕр мӕ нисӕнттӕ раййивтон. Фӕндуй уӕ базонун цӕмӕн?

ЙЕГОВИ ТУХХӔЙ КУД БАЗУДТОН

1940 анзи райдайӕни мӕ ниййергутӕ Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдӕдтонцӕ. Кӕд фӕстӕдӕр сӕ ахур ниууагътонцӕ, уӕддӕр ма нӕ мадӕн журналтӕ «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг» ӕма «Ӕригъал уотӕ!» ӕрбахӕссиуонцӕ. 1950 анзи ба Нью-Йорки ӕхсӕнадӕмон конгресс адтӕй, ӕма имӕ мах дӕр ӕгас бийнонтӕй фӕццудан.

Уомӕй минкъий фӕстӕдӕр нӕмӕ арӕх ӕрбацӕуидӕ ӕнсувӕр Лоренс Джеффрис. Хъӕбӕр ӕй фӕндадтӕй, цӕмӕй мин ме ’ргом рӕстдзийнадӕмӕ раздахтайдӕ. Фал ин фиццӕгти неци уотӕ уадӕй, уомӕн ӕма мӕ зӕрдӕмӕ нӕ цудӕй, Йегови Ӕвдесӕнтӕ политики ке нӕ архайунцӕ ӕма ӕфсадмӕ ке нӕ цӕунцӕ. Еухатт ӕй уотӕ бафарстон: «Америки еу дӕр тугъдмӕ цӕун ку нӕбал кома, уӕд ма нин нӕ бӕстӕ ба ка гъӕуай кӕндзӕй?» Ӕнсувӕр Джеффрис мин фӕразонӕй лӕдӕрун кӕнун райдӕдта: «Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнай, цума Америки еугур адӕн дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунцӕ. Куд дӕмӕ кӕсуй, Хуцау куд бакӕндзӕй, знаг ку ӕрбампурса, уӕд?» Аци ӕма ма мин ӕндӕр фарстати фӕдбӕл ци бӕлвурдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссидӕ, уой фӕрци ’й балӕдӕрдтӕн, ӕз куд гъуди кӕнун, е раст ке н’ адтӕй. Гъема мӕ бафӕндадтӕй, цӕмӕй Библий туххӕй фулдӕр базонон.

Донаргъуд ку истон, уӕд

Журналтӕ «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг» ӕма «Ӕригъал уотӕ!» кӕсунбӕл фӕдтӕн. Еци журналти зӕронд номертӕ нӕмӕ берӕ адтӕй, нӕ мадӕ сӕ пъадвали дардта. Рӕстӕг рацудӕй, ӕма ’й балӕдӕрдтӕн, рӕстдзийнадӕ ке иссирдтон. Ӕма мӕ ӕнсувӕр Джеффрис ку бафарста, Библи ахур кӕнун дӕ нӕ фӕндуй, зӕгъгӕ, уӕд ин исарази дӕн. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕмбурдтӕ некӕд цох кодтон. Рӕстдзийнадӕ мӕхуӕдӕг ку бауарзтон, уӕдта мӕ бафӕндадтӕй хуарз хабар иннетӕн дӕр игъосун кӕнун. Ӕма ’й ку балӕдӕрдтӕн, «Йегови устур бон» хӕстӕг ке ӕй, уӕдта мӕ нисӕнттӕ дӕр раййивтон (Соф. 1:14). Университетмӕ бацӕун мӕ нисан нӕбал адтӕй. Нур мӕ фӕндадтӕй иннетӕн Библий рӕстдзийнадӕ амонун.

1956 анзи 13 июни скъола фӕдтӕн ӕма ӕртӕ боней фӕсте районон конгресси донаргъуд райстон. Уӕд ӕй лӕдӕргӕ дӕр нӕма кодтон, цӕйбӕрцӕ арфӕдзийнӕдтӕ мӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уомӕн ӕма мӕ цард иснивонд кодтон, цӕмӕй Йеговӕй никки фулдӕр ахур кӕнон ӕма иннетӕн Йегови туххӕй базонунмӕ ӕнхус кӕнон.

АХУР КӔНУН ПИОНЕРӔЙ ЛӔГГАДӔ КӔНГӔЙ

Уобӕл ӕхсӕз мӕйи ку рацудӕй, уӕд ӕнхӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтон. 1956 анзи «Игъосун кӕнуни гъуддаг»-и сифи уӕхӕн статья адтӕй «Дӕ бон н’ адтайдӕ, ӕнхус кӕми гъӕуй, уоми лӕггадӕ кӕнун?». Мӕн бон адтӕй. Фӕндадтӕй мӕ, хуарз хабар игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уоми ӕнхус кӕнун (Матф. 24:14).

Ӕз рандӕ дӕн Эджфилдмӕ, Хонсар Каролинӕмӕ. Бунӕттон ӕмбурди адтӕй ӕдеугурӕй цуппар игъосунгӕнӕги. Ӕз ку нихъхъӕрдтӕн, уӕдта ӕнӕгъӕнӕ фондз иссан. Ӕмбурдтӕ рауадзианӕ еу бунӕттон ӕнсувӕри хӕдзари. Алли мӕйӕ дӕр еу 100 сахатти балӕггадӕ кӕнинӕ. Хъӕбӕр берӕ игъосун кодтон. Удта мин радзубандитӕ дӕр арӕх фӕууидӕ. Дессаг е адтӕй, ӕма ӕмбурди гъуддӕгти куд фулдӕр архайдтон, уотӕ Йегови никки хуӕздӕр базонинӕ.

Библи ке хӕццӕ ахур кодтон, еу уӕхӕн силгоймагмӕ адтӕй, зиани хабӕртти ка ӕнхус кӕнуй, уӕхӕн фирмӕ. Е адтӕй Джонстони, махӕй еу цалдӕр километри идарддӕр. Мӕн ба еци рӕстӕг куст хъӕбӕр гъудӕй. Гъема мин е дӕр загъта, цӕмӕй къуӕре еу цалдӕр бони уомӕ косон. Уомӕй уӕлдай ма нин еци зӕрдхӕлар силгоймаг еу минкъий хӕдзарӕ равардта, цӕмӕй нин Паддзахади зали бӕсти уа.

Уой фӕсте нӕмӕ Бруклинӕй иссудӕй еу ӕнсувӕр Джолли Джеффрис. Е адтӕй, мӕ хӕццӕ Библи ка ахур кодта, еци ӕнсувӕри биццеу. Пионертӕй еумӕ лӕггадӕ кӕнун райдӕдтан. Цӕргӕ ба кодтан еу ӕнсувӕри трейлери.

Уӕди рӕстӕги хонсар штатти кусти хъӕбӕр минкъий ӕхца фистонцӕ. Еу бони кустӕн кӕд еу дууӕ-ӕртӕ доллӕри бафедиуонцӕ, уӕд хуарз. Гъуди ма ’й кӕнун, еу хатт мӕ фӕстаг ӕхцатӕ куд бахарз кодтон, цӕмӕй хуӕруйнагтӕ балхӕдтайнӕ. Туканӕй куддӕр рацудтӕн, уотӕ ба мӕмӕ еу лӕг фӕгъгъӕр кодта: «Куст дӕ нӕ гъӕуй? Сахатмӕ доллӕр федун». Ӕртӕ бонемӕ мӕ байхуӕрста, цӕмӕй син арӕзтадон кустити фӕсте сӕ бугътӕ бафснайдтайнӕ. Еци хабари фӕсте ӕй балӕдӕрдтӕн: Йегови фӕндадтӕй, цӕмӕй Эджфилди байзадайнӕ. Кӕд мӕмӕ ӕхца, зӕгъӕн ес, ӕма н’ адтӕй, уӕддӕр 1958 анзи Нью-Йорки ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ рандӕ дӕн.

Нӕ киндзӕхсӕвӕри бон

Конгресси дуккаг бон мӕбӕл ӕрцудӕй еу хуарз хабар. Ӕз фембалдтӕн еу хуӕрӕ Руби Уодлингтонбӕл. Руби ӕнхӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггадӕ кодта Галлатини, штат Теннессий. Уой дӕр мӕн хузӕн фӕндадтӕй миссионерӕй лӕггадӕ кӕнун. Уомӕ гӕсгӕ нӕ дууӕ дӕр бабӕрӕг кодтан, Галаади скъолай ахур кӕнун ке фӕндуй, уонӕн конгресси ци фембӕлд фӕууй, уой. Кӕрӕдземӕ финстӕгутӕ финсун райдӕдтан. Фӕстӕдӕр ба мӕ Галлатини ӕмбурдмӕ радзубандий хӕццӕ фӕххудтонцӕ. Гъема ӕз дӕр нӕбал салла-уалла кодтон, ӕма Рубийӕн загътон, цӕмӕй мӕмӕ ӕрцӕуа. Ӕз се ’мбурдмӕ рахизтӕн ӕма 1959 анзи нӕ цард байеу кодтан.

АХУР КӔНУН ӔМБУРДИ

23 анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд мӕ иснисан кодтонцӕ ӕмбурди лӕггадгӕнӕгӕй (нур хуннуй хестӕр нӕлгоймӕгти совети координатор). Еци рӕстӕг районон цӕстӕдарӕгӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдта Чарлз Томпсон, ӕма ӕ фиццаг ӕмбурд адтӕй мах ӕмбурд Галлатини. Кӕд еци ӕнсувӕр мӕнӕй берӕ фӕлтӕрдгундӕр адтӕй, уӕддӕр мӕ бафарста, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ци гъӕуагӕ ’нцӕ, уобӕл, удта иннӕ районон цӕстӕдаргутӕ ӕмбурд куд бӕрӕг кодтонцӕ, уобӕл дӕр. Еци ӕнсувӕрӕй еу ӕхсидзгӕ цӕбӕлдӕр исахур дӕн: унаффӕ рахӕссуни размӕ бал гъӕуй алцӕбӕлти рафӕрсун ӕма гъуддаги фӕдбӕл алцидӕр бӕлвурдӕй базонун.

1964 анзи мӕ еу мӕйӕмӕ фӕххудтонцӕ Бӕрнон ӕнсувӕрти скъолай ахур кӕнунмӕ. Еци скъола цудӕй горӕт Саут-Лансинги. Нӕ ахургӕнгути фӕрци мӕ никки хъӕбӕрдӕр бафӕндадтӕй Йеговӕй ахур кӕнун ӕма имӕ никки хӕстӕгдӕр кӕнун.

АХУР КӔНУН РАЙОНОН ӔМА ОБЛАСТОН ЦӔСТӔДАРӔГӔЙ ЛӔГГАДӔ КӔНГӔЙ

1965 анзи январӕй Рубий хӕццӕ районон лӕггадӕмӕ равналдтан. Кумӕ нӕ иснисан кодтонцӕ, еци район хъӕбӕр устур адтӕй: штат Теннессий горӕт Ноксвиллӕй сауӕнгӕ штат Виргиний горӕт Ричмонди уӕнгӕ. Нӕ районмӕ ма хаудтӕнцӕ ӕмбурдтӕ Цӕгаттаг Каролини, Кентуккий ӕма Хорнигулӕн Виргиний. Уӕди рӕстӕги хонсар штатти сауцъарӕ адӕнӕн уорсцъарӕ адӕни хӕццӕ еумӕ ӕмбурд кӕнӕн н’ адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ ци ӕмбурдтӕ фӕббӕрӕг кӕнианӕ, уоми ӕрмӕстдӕр сауцъарӕ Ӕвдесӕнтӕ адтӕй. Ӕнсувӕртӕ хъӕбӕр мӕгур цард кодтонцӕ, ӕма мах исахур ан гъӕуагӕ ка ӕй, уонӕн ӕнхус кӕнун. Еу фӕлтӕрдгун районон цӕстӕдарӕг мин еу ӕхсидзгӕ гъуди загъта: «Иннетӕн ӕнсувӕри хузӕн уо. Дӕхе хецауи дард ма кӕнӕ. Иннетӕн банхус кӕнун дӕ бон исуодзӕй, ӕрмӕстдӕр ӕй ку лӕдӕронцӕ, се ’нсувӕр ке дӕ, уой».

Еухатт бӕрӕг кодтан еу минкъий ӕмбурд, ӕма Руби Библи ахур кӕнун райдӕдта еу силгоймаги хӕццӕ. Еци силгоймагӕн ба адтӕй, анз кӕбӕл цудӕй, уӕхӕн кизгӕ. Еци ӕмбурди ӕ хӕццӕ Библи ка ахур кодтайдӕ, уӕхӕн неке адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ Руби ӕ хӕццӕ Библи ахур кодта финстӕгути фӕрци. Ӕма иннӕ хатт еци ӕмбурд ку бӕрӕг кодтан, уӕд еу фембӕлд дӕр нӕ фӕццох кодта. Фӕстӕдӕр уордӕмӕ дууӕ сӕрмагонд пионер-хуӕри ку иснисан кодтонцӕ, уӕд етӕ ахур кодтонцӕ ӕ хӕццӕ Библи. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма донаргъуд райста. 30 анзей фӕсте, 1995 анзи, Вефили Паттерсони Рубимӕ еу хуӕрӕ бацудӕй. Е адтӕй, Руби Библи ке хӕццӕ ахур кодта, уой кизгӕ. Е ӕ сӕрихецауи хӕццӕ ахур кодта Галаади скъолай 100-аг къласи.

Нӕ дуккаг район адтӕй Флориди. Уоми нӕ естӕбӕл цӕун гъудӕй, ӕма машинӕ хуарз аргъӕй ку иссирдтан, уӕд ӕй балхӕдтан. Фал си тӕккӕ фиццаг къуӕре цидӕр басастӕй, исрӕвдзӕ кӕнунмӕ ба нӕмӕ ӕхца н’ адтӕй. Гъема ӕз дӕр еу ӕнсувӕрмӕ бадзурдтон, цӕмӕй нин банхус кодтайдӕ. Е нӕмӕ ӕ косгутӕй еуей ӕрбарвиста, фал ни ӕхца райсун ба нӕ бакумдта. Уотӕ нин загъта: «Уобӕл уӕ сӕртӕ ма ресун кӕнтӕ. Неци ми даретӕ». Ӕхуӕдӕг ма нин еу минкъий ӕхца дӕр равардта. Еци хабарӕй фӕууидтан, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕбӕл алкӕддӕр ке фӕттухсуй, ӕма ’й балӕдӕрдтан, нӕхе дӕр рӕдау ун ке гъӕуй.

Ӕмбурдтӕ бӕрӕг кӕнгӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ баиуазӕг кӕниуонцӕ. Уой фӕрци нин берӕ хуарз ӕмбӕлттӕ фӕззиндтӕй. Еу уӕхӕни финстон отчет, ӕмбурд куд бабӕрӕг кодтон, уой туххӕй. Ӕма мин мухургӕнӕн машинки байзадӕй. Фӕстӕмӕ ку ӕрбаздахтӕн, уӕдта дин кӕсун, ӕма мин си кадӕр цидӕртӕ фӕкъкъиппитӕ кодта. Е адтӕй, кӕмӕ цардан, уони ӕртӕанздзуд фурт. Еци отчет «фӕуунмӕ» мин куд банхус кодта, уой ма ин уой фӕсте берӕ ӕнзти дӕргъи ӕ зӕрди ӕрӕфтауинӕ.

1971 анзи мӕ иснисан кодтонцӕ областон цӕстӕдарӕгӕй Нью-Йоркмӕ. Мӕ десӕн кӕрон дӕр н’ адтӕй. Уордӕмӕ ку иссудан, уӕд мӕбӕл ӕдеугурӕй 34 анзи цудӕй. Фал ӕнсувӕртӕ хъӕбӕр зӕрдиагӕй баиуазӕг кодтонцӕ сӕ фиццаг сауцъарӕ областон цӕстӕдарӕги.

Областон цӕстӕдарӕг ке адтӕн, уомӕ гӕсгӕ алли къуӕре дӕр районон конгрессти радзубандити хӕццӕ фӕууинӕ. Е мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй, уомӕн ӕма мӕ бон адтӕй Йегови туххӕй ахур кӕнун. Районон цӕстӕдаргутӕй беретӕ мӕнӕй берӕ фӕлтӕрдгундӕр адтӕнцӕ. Сӕ еуемӕн си донаргъуди фӕдбӕл радзубанди адтӕй, ӕз донаргъуд ку истон, уӕд. Иннӕ ӕнсувӕр ба, Теодор Ярач фӕстӕдӕр лӕггадӕ кодта Разамонӕг совети. Бруклини Вефилӕй ма си берӕ ӕндӕр ӕнсувӕртӕ дӕр адтӕй. Еци районон цӕстӕдаргутӕй ӕма вефилӕгтӕй хъӕбӕр боз дӕн, сӕ хӕццӕ ӕмгуст кӕнун мин уотӕ ӕнцон ке адтӕй, уой туххӕй. Мӕхе цӕститӕй ӕй уидтон, еци уарзӕгой фиййӕуттӕ алкӕддӕр разамунд Хуцауи Дзурдӕй ке агурдтонцӕ ӕма Хуцауи организацибӕл куд ӕновуд адтӕнцӕ, уой. Уӕхӕн сӕрниллӕг ӕнсувӕрти хӕццӕ лӕггадӕ кӕнун мин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй.

НӔУӔГӔЙ РАЙОНОН ЦӔСТӔДАРӔГӔЙ ЛӔГГАДӔ КӔНУН

1974 анзи Разамонӕг совет областон цӕстӕдаргутӕй иснисан кодта ӕндӕр районон цӕстӕдаргути. Гъема ӕз дӕр нӕуӕгӕй райдӕдтон районон цӕстӕдарӕги ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун. Аци хатт мӕ район адтӕй Хонсар Каролинӕ. Уӕди рӕстӕгмӕ сауцъарӕ ӕма уорсцъарӕ адӕнӕн еумӕ ӕмбурд кӕнуни барӕ адтӕй. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ уобӕл куд цийнӕ кодтонцӕ, уомӕн зӕгъӕн дӕр нӕййес.

1976 анзи кӕрон мӕ иснисан кодтонцӕ Джорджимӕ. Мӕ район адтӕй Атлантӕ ӕма Колумбуси астӕу. Еухатт мин зиани фӕдбӕл радзубанди адтӕй. Е ми некӕд феронх уодзӕй. Фондз сауцъарӕ сувӕллони фӕммардӕнцӕ, фудгӕнгутӕ син сӕ хӕдзарӕбӕл ке бандзарстонцӕ, уой фудӕй. Сӕ мадӕ ба хъӕбӕр лӕгъуз уавӕри сӕйгӕдонӕмӕ бахаудтӕй. Сауцъарӕ ӕма уорсцъарӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ еци цӕуӕги цудӕнцӕ сӕйгӕдонӕмӕ, цӕмӕй еци мӕгур ниййергути бафедар кодтайуонцӕ. Еци рӕстӕг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ци уарзт бавдистонцӕ, уомӕн зӕгъӕн дӕр нӕййес. Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ зин сахат гъе уотӕ кӕрӕдзей фарсмӕ ке ӕрбалӕуунцӕ, уой фӕрци цийфӕнди зиндзийнӕдти дӕр бафӕразун сӕ бон фӕууй.

АХУР КӔНУН ВЕФИЛИ

1977 анзи нӕ цалдӕр мӕйемӕ банхус кӕнунмӕ фӕххудтонцӕ Бруклини Вефилмӕ. Нӕ куст ку фӕцан, уӕдта Разамонӕг советӕй дууӕ ӕнсувӕрей хӕццӕ фембалдан, ӕма нӕ бафарстонцӕ: «Рубий хӕццӕ уӕ нӕ фӕндуй Вефили байзайун?» Гъема мах дӕр исарази ан.

Иннӕ 24 анзи лӕггадӕ кодтон игъосун кӕнунбӕл дзуапдӕттӕг хайади. Еци хайадӕмӕ арӕх аллихузи зин фарстатӕ ӕрбарветунцӕ, ӕма сӕ ӕнсувӕрти фӕгъгъӕуй ниллух кӕнун. Уомӕн син устур ӕнхус фӕууй, Разамонӕг совет Библий уагӕвӕрдтӕбӕл арӕзт амундтӕ ке раттуй, е. Уой фӕрци, игъосун кӕнунбӕл дзуапдӕттӕг хайади ка лӕггадӕ кӕнуй, еци ӕнсувӕрти бон фӕууй аллихузи фарстатӕбӕл дзуапп дӕттун. Еци амундтӕ ма устур пайда фӕуунцӕ районон цӕстӕдаргутӕн, хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕма пионертӕн. Уой фӕрци беретӕ фӕлтӕрдгундӕр кӕнунцӕ ӕма уотемӕй Йегови организаци федарӕй-федардӕр кӕнуй.

1995 анзӕй 2018 анзи уӕнгӕ лӕггадӕ кодтон сӕйраг хайади минӕварӕй (раздӕр хундтӕнцӕ зоналон цӕстӕдаргутӕ) ӕма аллихузи филиалтӕ бӕрӕг кодтон. Ӕз фембӕлинӕ филиалти комитетти ка лӕггадӕ кодта, уони хӕццӕ, удта вефилӕгтӕ ӕма миссионерти хӕццӕ, цӕмӕй сӕ бафедар кодтайнӕ ӕма аллихузи зиндзийнӕдтӕбӕл ка ӕмбӕлуй, уонӕн банхус кодтайнӕ. Мӕн ӕма Рубий ба аллихатт дӕр бафедар кӕниуонцӕ, ци хабӕрттӕ нин радзориуонцӕ, етӕ. Зӕгъӕн, 2000 анзи бабӕрӕг кодтан Руандӕ. Еци бӕсти 1994 анзи геноцид адтӕй. Уой туххӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, удта Вефили бийнонтӕ дӕр берӕ мӕститӕ бавзурстонцӕ. Сӕ хабӕрттӕ нин ку радзурдтонцӕ, уӕд нӕ зӕрдитӕ ’скъудтӕ кодтонцӕ. Беретӕн си сӕ хеуӕнттӕ фӕммардӕнцӕ. Фал еци лӕгъуз хабӕртти рӕстӕг дӕр се ’ууӕндундзийнадӕ, сӕ нифс ӕма сӕ цийнӕ нӕ фесафтонцӕ.

Нӕ киндзӕхсӕвӕрбӕл 50 анзи ку рацудӕй, еци бон

Нур нӕ дууебӕл дӕр 80 анземӕй фулдӕр цӕуй. Фӕстаг 20 анзей дӕргъи лӕггадӕ кӕнун Еугонд Штатти филиали комитетти. Кӕд университетмӕ уогӕ дӕр нӕбал бацудтӕн, уӕддӕр мин Йеговӕ ӕма ӕ организаци тӕккӕ хуӕздӕр ахурадӕ равардтонцӕ. Уой фӕрци мӕ бон адтӕй иннетӕн Библий рӕстдзийнадӕ амонун, цӕмӕй уонӕн дӕр ӕносмӕ цӕруни фадуат фӕззинна (2 Кор. 3:5; 2 Тим. 2:2). Мӕхе цӕститӕй ӕй уидтон, Библи адӕнӕн куд ӕнхус кӕнуй сӕ цард хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййевун ӕма Сфӕлдесӕгмӕ хӕстӕгдӕр кӕнун (Иак. 4:8). Ӕз дӕр ӕма Руби дӕр иннетӕн нӕ фӕллайӕн дзорун, куд устур кадӕ ӕй Йеговӕмӕ ӕма Йегови туххӕй ахур кӕнун. Йегови лӕггадгӕнгутӕн уомӕй фулдӕр цийнӕ неци хӕссуй!