Кӕсгути фарстатӕ
Зӕнхӕбӕл цӕрунмӕ ка райгас уодзӕй ӕма сӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Библи аци фарстатӕбӕл цӕхуӕн дзуапп дӕттуй, уомӕ.
Гъуддӕгти 24:15 финст ӕй: «Райгас уодзӕнцӕ рӕстгӕнгутӕ дӕр ӕма фудгӕнгутӕ дӕр». Рӕстгӕнгутӕ ӕнцӕ, сӕ мӕлӕти уӕнгӕ Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй ка байзадӕй, етӕ. Уомӕ гӕсгӕ сӕ нӕмттӕ финст ӕрцудӕнцӕ «зӕрдӕбӕлдарӕн киунуги» (Мал. 3:16). Фудгӕнгутӕмӕ ба хаунцӕ, Йегови базонунмӕ фадуат кӕмӕн нӕ фӕцӕй ӕма уотемӕй ка рамардӕй, етӕ. Уомӕ гӕсгӕ сӕ нӕмттӕ зӕрдӕбӕлдарӕн киунуги финст не ’рцудӕнцӕ.
Иоанни 5:28, 29 финст дзурдтӕ дӕр хаунцӕ, Гъуддӕгти 24:15 ци дууӕ къаурей туххӕй дзурд цудӕй, уонӕмӕ. Уой фӕдбӕл Киристе загъта: «Хуарз гъуддӕгтӕ ка кодта, етӕ райгас уодзӕнцӕ цӕрунмӕ, фудгъуддӕгтӕ ка кодта, етӕ ба – тӕрхон баййафунмӕ». Рӕстгӕнгутӕ сӕ мӕлӕти уӕнгӕ хуарз гъуддӕгтӕ кодтонцӕ. Етӕ райгас уодзӕнцӕ, цӕмӕй ӕносон цардӕй исхайгин уонцӕ, уомӕн ӕма еци рӕстӕг сӕ нӕмттӕ уодзӕнцӕ зӕрдӕбӕлдарӕн киунуги. Фудгӕнгутӕ ба сӕ мӕлӕти уӕнгӕ дӕр фудгъуддӕгтӕ кодтонцӕ ӕма сӕ нӕмттӕ зӕрдӕбӕлдарӕн киунуги финст нӕма ’нцӕ. Уомӕ гӕсгӕ, сӕхе куд дардзӕнцӕ, уомӕ лӕмбунӕг кӕсдзӕнцӕ уӕларвон тӕрхонгӕнгутӕ. Фудгӕнгутӕн уодзӕй фадуат, цӕмӕй Йегови базононцӕ ӕма сӕ нӕмттӕ зӕрдӕбӕлдарӕн киунуги финст ӕрцӕуонцӕ.
Раргомади 20:12, 13 куд финст ӕй, уотемӕй, ка райгас уа, етӕ ӕгасӕйдӕр гъӕуама ӕнхӕст кӕнонцӕ, тухтӕнтти ци финст уа, уой. Гъома, гъӕуама цӕронцӕ, Хуцау нӕуӕг дуйней ци закъӕнттӕ ратдзӕй, уонӕмӕ гӕсгӕ. Еци зӕкъӕнттӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ке нӕ бафӕндӕуа, етӕ ба исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ (Ис. 65:20).
Данели 12:2 финст ӕй: «Беретӕ райгъал уодзӕнцӕ – еуетӕ ӕносмӕ цӕрунмӕ, иннетӕ ба ӕносмӕ ӕгади ном хӕссунмӕ». Аци стихи дзурд цӕуй, ка райгас уа, уонӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой туххӕй: еуетӕ «ӕносмӕ цӕрдзӕнцӕ», иннетӕ ба «ӕносмӕ ӕгади ном хӕсдзӕнцӕ». Ӕндӕр дзурдтӕй, 1 000 анзей фӕсте еуетӕ ӕносон цардӕй исхайгин уодзӕнцӕ, иннетӕ ба ӕносмӕ исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ (Рарг. 20:15; 21:3, 4).
Ӕрхӕссӕн еу цӕветтон. Ци дууӕ къуари райгас уодзӕнцӕ, уони ӕнгъезуй рабарун, ӕндӕр бӕсти цӕрун ке фӕндуй, уони хӕццӕ. Рӕстгӕнгутӕ ӕнцӕ, берӕ рӕстӕгмӕ цӕруни барӕ кӕмӕн равардтонцӕ, уӕхӕн ӕндӕрбӕстӕгти хузӕн. Сӕ бон ӕй еци бӕсти косун ӕма аллихузи бартӕй пайда кӕнун. Фудгӕнгутӕ ба ӕнцӕ, рӕстӕгмӕ цӕруни барӕ кӕмӕн равардтонцӕ, уони хузӕн. Цӕмӕй сӕ бон уа еци бӕсти фулдӕр рӕстӕг байзайун, уой туххӕй сӕ гъӕуй хецауади рази сӕхецӕн хуарз ном искӕнун. Гъе уотӕ, ка райгас уа, еци фудгӕнгути дӕр гъӕудзӕй Йегови закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ӕма бавдесун, рӕстӕй цӕрун сӕ ке фӕндуй, уой, цӕмӕй сӕ бон уа идарддӕр дӕр дзенети цӕрун. Ӕндӕрбӕстӕгтӕн цийфӕнди рӕстӕгмӕ цӕруни барӕ ма уа, уӕддӕр си кедӕрти хецауади бон ӕй сӕхебӕстӕгтӕбӕл банимайун, кедӕрти ба сӕ бӕстӕй рарветун. Е кӕнгӕ уодзӕй, еци бӕсти сӕхе куд дарунцӕ, уомӕй. Гъе уотӕ, ка райгас уа, етӕ дӕр ӕносмӕ цӕрдзӕнцӕ ӕви нӕ, е кӕнгӕ уодзӕй, Хуцаубӕл куд еузӕрдон уодзӕнцӕ ӕма сӕхе куд дардзӕнцӕ, уомӕй.
Кӕд Йеговӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцау ӕй, уӕддӕр алкӕддӕр рӕстӕй фӕййархайуй (Дук. з. 32:4; Пс. 33:5). Адӕни ке уарзуй, уой бавдесдзӕй, рӕстгӕнгути дӕр ӕма фудгӕнгути дӕр ке райгас кӕндзӕй, уомӕй. Фал ӕ раст уагӕвӕрдтӕ ба дӕлӕмӕ нӕ кӕндзӕй. Нӕуӕг дуйней ӕносмӕ цӕруни барӕ уодзӕй, Йегови ка уарза ӕма ин ӕ закъӕнттӕ ка ӕнхӕст кӕна, ӕрмӕстдӕр уонӕн.