38 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ӕууӕнки аккаг уо
«Фудкой кӕнун ка уарзуй, е иннети сосӕгдзийнӕдтӕ радзоруй, еузӕрдон ка ӕй, е ба сӕ нӕ рагъӕр кӕнуй» (ӔМБ. 11:13).
101 ЗАР Еумӕ лӕггадӕ кӕнӕн
РАЗДЗУРД a
1. Ӕууӕнки аккаг адӕймаг исхонӕн ке ес?
ӔУУӔНКӔ кӕбӕл ес, уӕхӕн адӕймаг алкӕддӕр фӕййархайуй, цӕмӕй ӕ дзурдӕн лӕг уа, удта ма алкӕддӕр фӕдздзоруй, раст ӕма ӕцӕг ци ӕй, уой (Пс. 15:4). Уӕхӕн адӕймагбӕл зӕрдӕ дарӕн фӕууй. Мах дӕр куд нӕ фӕндуй, цӕмӕй нин хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти астӕу уӕхӕн ном уа. Цума е нӕ къохи цӕй фӕрци бафтуйдзӕй?
2. Нӕ бон куд ӕй бавдесун, ӕууӕнки аккаг ке ан, уой?
2 Ӕууӕнки аккаг ке дӕ, уобӕл туххӕй неке баууӕндун кӕндзӕнӕ. Уой гъӕуама гъуддагӕй бавдесай. Хуарз ном ӕхцай хузӕн ӕй. Цӕмӕй ӕй бакосай, уой туххӕй дӕ берӕ бахъиамӕт кӕнун гъӕуй, цӕмӕй ӕй фесафай, уой туххӕй ба берӕ нӕ гъӕуй. Йегови хузӕн ӕууӕнки аккаг неке ӕй, уомӕн ӕма «ӕ алли гъуддагбӕл дӕр ес ӕууӕндӕн» (Пс. 33:4). Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй ӕй фӕнзӕн (Еф. 5:1). Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, Йегови еци гъуддаги ка фӕнзта, уони хабӕрттӕмӕ. Уой фӕсте ба ӕркӕсдзиан, цӕхуӕн фондз менеуӕги нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй ӕууӕнки аккаг исуӕн.
ЙЕГОВИ ЕУЗӔРДОН ЛӔГГАДГӔНГУТӔЙ АХУР КӔНӔ
3, 4. Пахампар Данел куд бавдиста, ӕууӕнки аккаг ке ӕй, уой ӕма нӕ цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуй расагъӕс кӕнун?
3 Ӕууӕнки аккаг адӕймаг цӕхуӕн гъӕуама уа, уой пахампар Данел хуарз бавдиста. Уой дӕр иннӕ дзиуиттӕгти хӕццӕ Вавилони уацармӕ фӕккодтонцӕ. Берӕ нӕ рацудӕй, ӕма ин фӕззиндтӕй, ӕууӕнки аккаг ка ӕй, уӕхӕн адӕймаги ном. Никки фулдӕр ӕууӕнкӕ ба ибӕл фӕззиндтӕй, Йегови фӕрци паддзах Навуходоносори фун ку балӕдӕрун кодта, уӕд. Еухатт ба ’й гъудӕй паддзахӕн зӕгъун, Йеговӕ си арази ке нӕй, уой. Уой туххӕй ӕй устур нифсхастдзийнадӕ гъудӕй, уомӕн ӕма уӕхӕн хабар паддзахӕн фегъосун ӕхцӕуӕн н’ адтайдӕ. Паддзах Навуходоносори ба ӕгасӕйдӕр зудтонцӕ карз ӕма ӕнахъӕл адӕймагӕй (Дан. 2:12; 4:20–22, 25). Берӕ ӕнзти фӕсте Данел нӕуӕгӕй бавдиста, ӕууӕнки аккаг ке ӕй, уой. Вавилони галауани фарсбӕл ци финст фӕззиндтӕй, уой гъуди раст балӕдӕрун кодта (Дан. 5:5, 25–29). Фӕстӕдӕр ба паддзах Дарий ӕма иннӕ хецӕуттӕ фӕууидтонцӕ, Данел иннетӕй хъӕбӕр ке хецӕн кӕнуй. Етӕ ’й уидтонцӕ: Данел «адтӕй ӕууӕнкгун, еу гъуддагмӕ дӕр кудфӕндий цӕстӕй нӕ кастӕй ӕма лӕгъузӕй неци кодта» (Дан. 6:3, 4). Мадта мӕнгӕ хуцӕуттӕн ка кувта, еци хецӕуттӕ дӕр ма ’й уидтонцӕ, Йегови лӕггадгӕнӕгбӕл зӕрдӕ дарӕн ке ес.
4 Данели хабарбӕл сагъӕс кӕнгӕй, нӕ бон ӕй нӕхе бафӕрсун: «Мӕнӕн ба цӕхуӕн ном ес, Йегови Ӕвдесӕн ка нӕй, уони астӕу? Мӕ ихӕстӕ куд ӕнхӕст кӕнун? Зӕрдӕ дарӕн мӕбӕл ес?» Уӕхӕн фарстатӕбӕл сагъӕс кӕнун цӕмӕн гъӕуй? Уомӕн ӕма нӕбӕл ӕууӕнкӕ ку уа, уӕд уомӕй Йегови ном рохс кӕндзиан.
5. Ананиййӕн цӕй фӕрци фӕззиндтӕй, ӕууӕнкӕ кӕбӕл ес, уӕхӕн адӕймаги ном?
5 Нӕ эри размӕ 455 анзи хецау Нееми Йерусалими фӕрстӕ конд ку фӕцӕй, уӕд агорун райдӕдта, зӕрдӕ дарӕн кӕбӕл ес, уӕхӕн нӕлгоймӕгти, цӕмӕй горӕтмӕ сӕ цӕстӕ фӕддардтайуонцӕ. Ке равзурста, уонӕй сӕ еу адтӕй «Галауани хецау Ананий». Библий си уотӕ финст ес: «Хъӕбӕр ӕууӕнкгун адӕймаг адтӕй ӕма ӕцӕг Хуцауӕй беретӕй хъӕбӕрдӕр тарстӕй» (Неем. 7:2). Ананий еунӕг ихӕсмӕ дӕр уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кастӕй, уомӕн ӕма Йегови уарзта ӕма тарстӕй ӕ зӕрдихудти бацӕунӕй. Мах дӕр нӕ ихӕстӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй ку кӕсӕн, уӕд нӕбӕл Хуцауи гъуддаги зӕрдӕ дарӕн уодзӕй.
6. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма Тихик апостол Павелӕн адтӕй, зӕрдӕ дарӕн кӕбӕл ес, уӕхӕн ӕмбал?
6 Нур ба нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн Тихикки. Апостол Павел ӕй зудта, еци ӕнсувӕр ӕууӕнки аккаг ке ӕй. Павел Роми хӕдзари ахӕст ку адтӕй, уӕд ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кодта, Тихикбӕл ӕ бон ке ӕй ӕ зӕрдӕ дарун ӕма ’й исхудта «Хецауи гъуддаги ӕновуд косӕг» (Еф. 6:21, 22). Павел ин Ефесмӕ ӕма Колоссмӕ айдагъ финстӕгутӕ бахъӕртун кӕнун нӕ баихӕс кодта, фал ма ин загъта, цӕмӕй уоми хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нифс бафедар кодтайдӕ. Махӕн дӕр ес, Тихикки хузӕн ӕууӕнки аккаг ка ӕй, берӕ уӕхӕн ӕнсувӕртӕ, ӕма нин етӕ дӕр не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунбӕл архайунцӕ (Кол. 4:7–9).
7. Уе ’мбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕбӕл зӕрдӕ дарӕн ке ес, уомӕй сӕ дӕ бон куд ӕй фӕнзун?
7 Мах хъӕбӕр аргъ кӕнӕн нӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕн. Етӕ дӕр Данел, Ананий ӕма Тихикки хузӕн сӕ ихӕстӕмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ фӕккӕсунцӕ. Зӕгъӕн, къуӕрей астӕу нин ци фембӕлдтӕ фӕууй, уонӕмӕ ку ӕрбацӕуӕн, уӕд ибӕл некӕд фӕггурусхӕ кӕнӕн, ӕнсувӕртӕ программӕн ӕ кӕцидӕр хай ке нӕ фӕууадздзӕнцӕ, уобӕл. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ба хъӕбӕр фӕййаргъ кӕнунцӕ, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕ ихӕслӕвӕрдтӕ дзӕбӕх ке бацӕттӕ кӕнунцӕ, уомӕн. Кенӕ ба уолӕфгӕ бӕнтти ци ӕмбурд фӕууй, уомӕ еске ку фӕххонӕн, уӕд нӕ тухсун нӕ фӕгъгъӕуй, аци хатт радзубанди уодзӕй ӕви нӕ, уобӕл. Удта ’й федарӕй фӕззонӕн, игъосун кӕнунмӕ нин литературӕ алкӕддӕр ке уодзӕй. Махӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй, еци ӕууӕнкгун ӕнсувӕртӕ нӕбӕл дзӕбӕх ке тухсунцӕ, е. Уони туххӕй Йеговӕй хъӕбӕр боз ан! Мах туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Мах бон ба куд ӕй бавдесун, ӕууӕнки аккаг ке ан, уой?
ЕУЗӔРДОН АДӔЙМАГ СОСӔГДЗИЙНАДӔ НӔ РАГЪӔР КӔНУЙ
8. Иннети хӕццӕ ку дзубанди кӕнӕн, уӕд нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн? (Ӕмбесӕндтӕ 11:13).
8 Мах нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти уарзӕн, удта куд ӕнцӕ ӕма ци ’нцӕ, уомӕ цийфӕндий цӕстӕй нӕ кӕсӕн. Фал сӕ хӕццӕ дзоргӕй ба гъӕуама бӕрӕг уа, ке сӕ нимайӕн ӕма, махмӕ ка нӕ хауй, еци гъуддӕгти нӕхе ма тъунсӕн. Фиццаг ӕноси дӕр киристон ӕмбурди еуӕй-еуетӕ иннети кой кодтонцӕ, сӕхе адӕни гъуддӕгти тъунстонцӕ ӕма, ци не ’мбӕлуй, уой дзурдтонцӕ (1 Тим. 5:13). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй нин уӕхӕн адӕни ном уа. Фал дин еске ести ку радзора ӕма дин уотӕ ку зӕгъа, макӕмӕн ӕй зӕгъӕ, уӕдта? Зӕгъӕн, хуӕрӕ дин ӕ нези туххӕй кенӕ ӕндӕр естӕй туххӕй ку радзора, ӕма дин ку зӕгъа, цӕмӕй ӕй макӕмӕн иской кӕнай, уӕд ин гъӕуама ӕ фӕндон нимайай b. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 11:13.) Гъӕйдӕ ма никкидӕр ӕркӕсӕн, гъосӕй лӕуун кӕд фӕгъгъӕуй, уӕхӕн уавӕртӕмӕ.
9. Бийнонтӕй алке бон дӕр куд ӕй бавдесун, ӕууӕнкӕ ибӕл ке ес, уой?
9 Нӕ хеуӕнтти хӕццӕ. Алли бийнонти дӕр фӕууй, иннетӕн дзоргӕ ка нӕй, уӕхӕн хабӕрттӕ. Зӕгъӕн, бийнонти астӕу ести ходӕг хабӕрттӕ дӕр рауайуй. Фал лӕг уой туххӕй иннети рази нӕ дзордзӕй, цӕмӕй ӕ бийнойнаг ма фефсӕрми уа, уомӕн ӕма ’й уарзуй, ӕма ’й нӕ фӕндуй, цӕмӕй ин ӕ зӕрдӕ естӕмӕй фӕрресун кӕна (Еф. 5:33). Ирӕзгӕ кари ка ӕй, уонӕн ба ӕхсидзгӕ фӕууй, цӕмӕй син сӕ гъуди нимайонцӕ. Ӕма хуарз ӕй, ниййергутӕ уой ку лӕдӕронцӕ. Фал син сӕ рӕдудтити туххӕй иннетӕн ку дзоронцӕ, удта сӕ уомӕй ӕгадӕ бунати ӕвӕрдзӕнцӕ (Кол. 3:21). Иннердиги ба ’й гъӕуама сувӕллӕнттӕ дӕр лӕдӕронцӕ, иннетӕн дзоргӕ ци ӕй ӕма ци нӕй, уой (Дук. з. 5:16). Мадта бийнонтӕй алкедӕр, ӕхецӕй кӕнгӕ ци ӕй, уой ку кӕна, уӕд бийнонтӕ ӕнгомдӕр кӕндзӕнцӕ.
10. Ӕцӕг ӕмбал цӕхуӕн фӕууй? (Ӕмбесӕндтӕ 17:17).
10 Не ’мбӕлтти хӕццӕ. Алкедӕр ни рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕффӕндуй ӕ тухститӕ ӕ хуарз ӕмбалӕн радзорун. Фал дӕ зӕрди ци ес, уой ескӕмӕн раргом кӕнун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Удта ма ’й ку базонай, де ’мбалӕн ци радзурдтай, уой кӕмӕндӕр ке фӕккой кодта, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма арви цӕфау фӕууай. Мадта ӕ цъухтӕбӕл хуӕцун ка зонуй, уӕхӕн ӕмбалӕн аргъ дӕр нӕййес. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 17:17.)
11. а) Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕма сӕ бийнойнӕгти бон куд ӕй ӕвдесун, ӕууӕнки аккаг ке ’нцӕ, уой? б) Ӕркӕсӕ хузӕмӕ. Цӕбӕл ахур кӕнӕн, дзоргӕ ка нӕй, еци хабӕрттӕ ӕ бийнонтӕн ка нӕ дзоруй, еци хестӕр нӕлгоймагӕй?
11 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ. Ӕ цъухтӕбӕл хуӕцун ка зонуй, уӕхӕн хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕнцӕ, «дунгӕй кӕми баримӕхсай, сӕх-сӕх уаруни дӕхе кӕми байаууон кӕнай, уӕхӕн бунати хузӕн» (Ис. 32:2). Цийфӕнди сосӕг хабар син ма ракӕнӕн, уӕддӕр ӕй фӕззонӕн, уонӕй идарддӕр ке нӕ рандӕ уодзӕй. Уомӕ гӕсгӕ сӕмӕ бацӕун ӕнцон фӕууй. Удта сӕ нӕ разӕй не ’скӕнӕн, цӕмӕй нин, дзоргӕ ка нӕй, уӕхӕн хабар радзоронцӕ. Мах хъӕбӕр фӕййаргъ кӕнӕн, хестӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ бийнойнӕгтӕн ку нӕ фӕдздзорунцӕ, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти сосӕг хабӕрттӕ. Еу хестӕр нӕлгоймаги бийнойнаг уотӕ загъта: «Мӕ сӕрихецауӕй хъӕбӕр боз дӕн, уомӕн ӕма имӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕнхус ракорунмӕ ку бацӕунцӕ, уӕд ин ци фӕззӕгъунцӕ, уой мин некӕд фӕдздзоруй. Сауӕнгӕ ма ке хӕццӕ фӕдздзоруй, уой дӕр нӕ фӕззонун. Хуарз ӕма мин еци хабӕрттӕ некӕд фӕккӕнуй, ӕма мӕ уой фӕрци уӕлдай хатт тухсун нецӕбӕл фӕгъгъӕуй. Уотемӕй мин ӕмбурди кефӕндий хӕццӕ дӕр ӕнцон фӕууй. Уомӕй уӕлдай ма ’й федарӕй зонун, мӕхе тухстити туххӕй ин ку радзорон, уӕд сӕ ӕхецӕй ӕндӕр ке неке зондзӕй». Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, алкедӕр ни фӕндуй, цӕмӕй ӕй иннетӕ ӕууӕнки аккагбӕл нимайонцӕ. Уомӕн ба нин цӕхуӕн менеугутӕ банхус кӕндзӕнцӕ? Гъӕйдӕ си фондземӕ ӕркӕсӕн.
ЦӔХУӔН МЕНЕУГУТӔ ДИН БАНХУС КӔНДЗӔНЦӔ, ЦӔМӔЙ ӔУУӔНКИ АККАГ УАЙ?
12. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма ӕнӕ уарзондзийнадӕй нӕдӕр нӕхуӕдтӕ некӕбӕл ӕууӕнддзиан, нӕдӕр махбӕл ӕууӕнкӕ уодзӕй?
12 Ӕнӕ уарзондзийнадӕй нӕдӕр махбӕл ӕууӕнкӕ уодзӕй, нӕдӕр нӕхуӕдтӕ некӕбӕл ӕууӕнддзиан. Киристе загъта, дууӕ сӕйраг фӕдзӕхсти ке ’нцӕ Йегови уарзун ӕма иннети уарзун (Матф. 22:37–39). Йегови ке уарзӕн, е нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй уой хузӕн ӕууӕнки аккаг уӕн. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзӕн, уой фӕрци ба син сӕ сосӕг хабӕрттӕ некӕмӕн фӕдздзорӕн. Мах нӕ фӕндуй нӕ дзурдтӕй ескӕмӕн зиан ӕрхӕссун, еске фефсӕрми кӕнун кенӕ ба еске зӕрдӕ ракъахун (Иоан. 15:12).
13. Сӕрниллӕг ку уӕн, уӕд нин е куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕбӕл фулдӕр ӕууӕнкӕ уа?
13 Сӕрниллӕг ку уӕн, уӕд нин е дӕр банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕбӕл фулдӕр ӕууӕнкӕ уа. Адӕймаг сӕрниллӕг ку уа, уӕд нӕ архайдзӕй, цӕмӕй аллихатт дӕр хабӕрттӕ фиццаг е радзора, ӕма уомӕй адӕни деси ’фтауа (Фил. 2:3). Удта ма ӕхе уотӕ нӕ дардзӕй, цума цидӕр ӕхсидзгӕ кенӕ сосӕг хабар зонуй, фал ӕй ӕ бон радзорун нӕй, цӕмӕй ин иннети цӕсти фулдӕр кадӕ уа. Уотӕ дӕр ма фӕууй, ӕма нӕхуӕдтӕ цӕхуӕндӕр гъудимӕ ӕрцудан, фал уой туххӕй Библий ӕма Библибӕл арӕзт публикацити ба бӕлвурдӕй неци финст ес. Ӕма уӕд сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл дзорӕг адтайдӕ, уӕхӕн гъудитӕ ку нӕ парахат кӕнианӕ, уӕд.
14. Лӕдӕргӕдзийнадӕ нин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕбӕл ӕууӕнкӕ уа?
14 Лӕдӕргӕ адӕймаг ӕй фӕззонуй, ке ес «рӕстӕг гъосӕй лӕуунмӕ ӕма рӕстӕг дзорунмӕ» (Еккл. 3:7). Уӕхӕн ӕмбесонд дӕр ма ес: «Мадзора лӕг амондгун фӕууй». Ӕма дессаг нӕй, Ӕмбесӕндти 11:12 дӕр уотӕ финст ке ӕй: «Арфуинӕг адӕймаг ба некӕмӕн неци радзоруй». Ӕркӕсӕн еу фӕлтӕрдгун хестӕр нӕлгоймаги хабармӕ. Иннӕ ӕмбурдти хестӕр нӕлгоймӕгтӕ си ӕнхус арӕх ракорунцӕ, ести зин фарста сӕ ниллух кӕнун ку фӕгъгъӕуй, уӕд. Ӕ хӕццӕ еу ӕмбурди ка лӕггадӕ кӕнуй, еци хестӕр нӕлгоймаг ба си уотӕ загъта: «Иннӕ ӕмбурди ци гъуддӕгтӕ февзарунцӕ, уой нин некӕд фӕдздзоруй». Мадта еци хестӕр нӕлгоймаг уӕхӕн лӕдӕргӕ ке ӕй, уой фӕрци ’й е ’мбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хъӕбӕр нимайунцӕ ӕма ибӕл нӕ гурусхӕ кӕнунцӕ, сӕхе ӕмбурди ести фарстатӕ ку ӕртасонцӕ, уӕд е сӕхецӕй идарддӕр ке нӕ рандӕ уодзӕй.
15. Раст ӕма ӕцӕг ци ӕй, уой ку дзорӕн, уӕд нӕбӕл фулдӕр ӕууӕнкӕ ке уодзӕй, е цӕхуӕн цӕветтонӕй бӕрӕг ӕй?
15 Цӕмӕй ма адӕймагбӕл ӕууӕнкӕ уа, уой туххӕй гъӕуама дзора, раст ӕма ӕцӕг ци ӕй, уой. Уӕхӕн адӕймагбӕл некӕд гурусхӕ кӕндзӕнӕ, уомӕн ӕма ’й зонис, сайгӕ ке некӕд фӕккӕнуй (Еф. 4:25; Дзиуит. 13:18). Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ: ӕмбурди дин ихӕслӕвӕрд равардтонцӕ ӕма кӕмӕндӕр зӕгъис, цӕмӕй дӕмӕ байгъоса ӕма фӕххуӕздӕр кӕнун ци гъӕуй, уой дин зӕгъа. Цума уӕхӕн ӕнхус ракорунмӕ кӕмӕ бацӕудзӕнӕ? Алкӕддӕр дӕ ӕстаугӕ ка фӕккӕнуй, уомӕ, ӕви дин фӕлмӕнӕй ка байамона, бараст кӕнун ци гъӕуй, уомӕ? Дзуапп бӕрӕг ӕй. Библий уотӕ финст ес: «Сосӕг уарзтӕй ӕргом уайдзӕф хуӕздӕр ӕй. Ка дӕ уарзуй, уомӕн ӕ цӕфтӕ ӕнцӕ е ’новуд зӕрдӕй» (Ӕмб. 27:5, 6). Не ’мбал нӕ ку бараст кӕна, уӕд нин, ка ’й зонуй, фиццаг ӕхцӕуӕн нӕ уодзӕй, фал ӕй фӕстӕдӕр ба балӕдӕрдзиан, е нӕхе пайдайӕн ке адтӕй.
16. Ӕмбесӕндти 10:19 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕ хебӕлхуӕцундзийнадӕ цӕмӕн гъӕуй?
16 Цӕмӕй нӕбӕл фулдӕр ӕууӕнкӕ уа, уой туххӕй ма нӕ гъӕуй хебӕлхуӕцундзийнадӕ дӕр. Уой фӕрци не ’взаги рохтӕбӕл хуӕцун зондзиан, еске сосӕг хабар нӕ хъӕбӕр радзорун ку фӕндӕуа, уӕд дӕр. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 10:19.) Хебӕл хуӕцун уӕлдай зиндӕр фӕууй социалон сетьтӕй пайда кӕнгӕй. Лӕмбунӕг ку нӕ уӕн, уӕд, дзоргӕ ка нӕй, еци хабар ӕнай-ӕнойти берӕ адӕнӕн фӕккой кӕндзиан. Цӕхуӕндӕр хабар интернетмӕ ку бахауа, уӕд си куд испайда кӕндзӕнцӕ, е махӕй кӕнгӕ нӕбал уодзӕй, ӕма ма, ка ’й зонуй, ескӕмӕн зӕран дӕр ӕрхӕсдзӕй. Гъосӕй лӕуун ма никкидӕр кӕд фӕгъгъӕуй? Нӕ нихмӕ ка ӕй, етӕ нӕ естӕбӕл ку фӕрсонцӕ ӕма ’й ку зонӕн, е хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн зӕран ке ӕрхӕсдзӕй, уӕд. Зӕгъӕн, нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми ӕй кенӕ нин сӕребарӕй игъосун кӕнуни барӕ кӕми нӕййес, уӕхӕн бӕсти ку цӕрӕн ӕма нӕ полиций косгутӕ ку фӕрсонцӕ, уӕд нӕ бон ӕй псаломзаргӕнӕги дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ӕрхайун. Е загъта: «Мӕ цъухбӕл рохтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй ӕй уорамон» (Пс. 39:1). Мадта нӕ бийнонти, не ’мбӕлтти, нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕма ӕнӕуой алке хӕццӕ дӕр гъӕуама нӕхе уотӕ дарӕн, цӕмӕй бӕрӕг уа, ӕууӕнки аккаг ке ан, е. Ӕууӕнки аккаг ба уодзиан, хебӕл хуӕцун ку зонӕн, уӕд.
17. Алке бон дӕр ни ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ӕмбурди кӕрӕдзебӕл ӕууӕндӕн?
17 Зӕгъӕн дӕр ин нӕййес, Йеговӕй куд хъӕбӕр боз ан, ӕ лӕггадгӕнгути бийнонтӕмӕ нӕ ке ӕрбакодта, уой туххӕй. Мах кӕрӕдзей уарзӕн ӕма кӕрӕдзебӕл ӕууӕндӕн. Ӕма ни алкедӕр гъӕуй архайун, цӕмӕй ин ӕууӕнки аккаг адӕймаги ном уа. Мадта ни алкедӕр ку архайа, цӕмӕй иннети уарза, сӕрниллӕг уа, лӕдӕргӕй архайа, алкӕддӕр раст ӕма ӕцӕг ци ӕй, уой дзора ӕма хебӕл хуӕцун зона, уӕд уой фӕрци ӕмбурди ӕгасӕйдӕр кӕрӕдзебӕл ӕууӕнддзӕнцӕ. Гъӕйдӕ мадта нӕ уӕларвон Фидӕ Йегови фӕнзӕн ӕма нӕ цардӕй ӕвдесӕн, ӕууӕнки аккаг ке ан, уой.
123 ЗАР Хуцауи ӕвӕрд уагӕ ӕма ӕгъдаубӕл федар хуӕцӕн
a Ӕууӕнки аккаг ке ан, уой гъӕуама гъуддӕгтӕй бавдесӕн. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, уомӕ. Уомӕй уӕлдай ма базондзиан, цӕхуӕн менеугутӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй ӕууӕнки аккаг уӕн.
b Ку ’й базонӕн, ӕма ӕмбурди кадӕр уӕззау тӕрегъӕд ракодта, уӕд ин гъӕуама зӕгъӕн, цӕмӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕнхус ракора. Уотӕ ку нӕ бакӕна, уӕд Йеговӕбӕл ӕма киристон ӕмбурдбӕл еузӕрдон ке ан, е нӕ баразӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй уой туххӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕххабар кӕнӕн.
c ХУЗӔ. Хестӕр нӕлгоймаг ӕ бийнонтӕн нӕ дзоруй, дзоргӕ ка нӕй, еци хабар.