Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 4

Имисӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуӕн?

Имисӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуӕн?

«Уотӕ кӕнтӕ мӕн имисуни туххӕй» (ЛУК. 22:19).

20 ЗАР Дӕ хъазар Фурти равардтай

РАЗДЗУРД *

1, 2. а) Ка нин рамардӕй, етӕ уӕлдай хъӕбӕрдӕр нӕ зӕрди кӕд фефтуйунцӕ? б) Ӕ мӕлӕти размӕ, еци изӕр, Киристе бундор цӕмӕн ӕрӕвардта?

 НӔ ХЕУӔНТТӔЙ еске ку рамӕлуй, уӕд ибӕл цӕйбӕрцӕфӕнди рӕстӕг ма рацӕуа, уӕддӕр ӕй нӕ байронх уӕн. Уӕлдайдӕр ба нӕ зӕрди фефтуйуй, ӕ мӕлӕти бон ку ралӕууй, уӕд.

2 Анзӕй-анзмӕ милиуангай хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ӕрӕмбурд уӕн, цӕмӕй Йесо Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнӕн. Ӕма уотӕ фӕккӕнӕн уарзгӕ ’й ке кӕнӕн, уой туххӕй (1 Пет. 1:8). Йесо ӕ цард равардта, цӕмӕй нин уа ӕносмӕ цӕруни нифс (Матф. 20:28). Киристей фӕндадтӕй, цӕмӕй ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ еци бон ма иронх кодтайуонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ, ӕ мӕлӕти размӕ, еци изӕр ӕ еузӕрдон апостолти хӕццӕ ӕхсӕвӕр ку кодта, уӕд Имисӕн изӕрӕн бундор ӕрӕвардта. Ӕма син бафӕдзахста: «Уотӕ кӕнтӕ мӕн имисуни туххӕй» (Лук. 22:19).

3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

3 Йесо Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнунмӕ ка ӕрбацӕуй, уонӕй ӕрмӕстдӕр сӕ минкъий къуарӕн фӕууй уӕлӕрвти цӕруни нифс. Фал ма уонӕй уӕлдай ци милиуангай адӕн ӕрбацӕунцӕ, уонӕн ба фӕууй ӕносмӕ зӕнхӕбӕл цӕруни нифс. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, сӕ еуетӕ дӕр ӕма иннетӕ дӕр алли анз дӕр еци хабар исбӕрӕг кӕнунмӕ цӕмӕн ӕрбацӕунцӕ, ӕма син е ци пайда хӕссуй, уомӕ. Мадта бал фиццагидӕр радзубанди кӕнӕн, исӕрст киристӕнттӕ Имисӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕунцӕ, уобӕл.

ИСӔРСТ КИРИСТӔНТТӔ ИМИСӔН ИЗӔРМӔ ЦӔМӔН ӔРБАЦӔУНЦӔ?

4. Имисӕн изӕри дзол ӕма сӕнӕй ӕрмӕстдӕр исӕрст киристӕнттӕ цӕмӕн исахуадунцӕ?

4 Алли анз дӕр исӕрст киристӕнттӕ Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕунцӕ ӕма дзол ӕма сӕнӕй исахуадунцӕ. Цӕмӕн? Гъӕйдӕ нӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕн, Йесой мӕлӕти размӕ, еци изӕр ци хабӕрттӕ цудӕй, уони. Йесо ӕ апостолти хӕццӕ Комуадзӕн исбӕрӕг кодтонцӕ ӕма нур ба Киристе бундор ӕрӕвардта Имисӕн изӕрӕн, фӕстӕдӕр ма ’й хондзӕнцӕ Хецауи ӕхсӕвӕр дӕр. Ӕ 11 апостолемӕн дзол ӕма сӕнӕй ралӕвардта ӕма син загъта, цӕмӕй хуӕронцӕ ӕма ниуазонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма син загъта, сӕ хӕццӕ нӕуӕг бадзурд, удта Паддзахади туххӕй бадзурд ке аразуй (Лук. 22:19, 20, 28–30) *. Ӕма еци дууӕ бадзурдей фӕрци апостолтӕн, удта ма иннӕ киристӕнтти минкъий къуарӕн дӕр фадуат фӕззиндтӕй, цӕмӕй Киристей хӕццӕ уӕлӕрвти саугинтӕ ӕма паддзӕхтӕ уонцӕ (Рарг. 5:10; 14:1). Уомӕ гӕсгӕ Имисӕн изӕри нисӕнттӕй исахуадунцӕ ӕрмӕстдӕр исӕрст киристӕнттӕ, уомӕн ӕма еци дууӕ бадзурди ӕрмӕстдӕр уони хӕццӕ ӕрцудӕнцӕ арӕзт.

5. Исӕрст киристӕнттӕ федарӕй ци зонунцӕ?

5 Уомӕй уӕлдай ма исӕрст киристӕнттӕ Имисӕн изӕрмӕ ку ӕрбацӕунцӕ, уӕд фӕссагъӕс кӕнунцӕ, Йеговӕ син цӕхуӕн федӕн ӕрцӕттӕ кодта, уобӕл. Йеговӕ 144 000 исӕрст киристонӕн ратдзӕй, ӕмбуйгӕ ка нӕ кӕнуй, уӕхӕн бауӕртӕ, удта син ӕнӕмӕлгӕ цард балӕвар кӕндзӕй. Фал алцӕмӕй дессагдӕр ба е ӕй, ӕма еци киристӕнттӕ Йегови сӕхе цӕститӕй фӕууиндзӕнцӕ! Исӕрст киристӕнттӕ ’й федарӕй зонунцӕ, уӕхӕн дессаги нифс син ке ес, уой (1 Кор. 15:51–53; 1 Иоан. 3:2). Фал ма ’й лӕдӕрунцӕ, цӕмӕй еци нифсӕй исхайгин уонцӕ, уой туххӕй ба гъӕуама сӕ мӕлӕти уӕнгӕ дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайонцӕ (2 Тим. 4:7, 8). Исӕрст киристӕнттӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй ци нифс син ес, уобӕл сагъӕс кӕнун (Тит. 2:13). Гъӕйдӕ нур ба ӕркӕсӕн, Имисӕн изӕрмӕ ӕндӕр фустӕ цӕмӕн ӕрбацӕунцӕ, уомӕ (Иоан. 10:16).

ӔНДӔР ФУСТӔ ИМИСӔН ИЗӔРМӔ ЦӔМӔН ӔРБАЦӔУНЦӔ?

6. Ӕндӕр фустӕ Имисӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕунцӕ?

6 Ӕндӕр фустӕ дӕр Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕунцӕ, фал дзол ӕма сӕнӕй ба нӕ исахуадунцӕ. Зӕнхӕбӕл цӕруни нифс кӕмӕн ес, уони фиццаг хатт Имисӕн изӕрмӕ фӕххудтонцӕ 1938 анзи. Еци анзи 1 мартъий «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и финст адтӕй: «Ӕндӕр фустӕн дӕр сӕ бон ӕй Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕун... Уонӕн дӕр е устур цийни хабар ӕй». Уой хуӕздӕр балӕдӕрунмӕ нин банхус кӕндзӕй еу цӕветтон. Киндзӕхсӕвӕрмӕ иуазгутӕ куд ӕрбацӕунцӕ, цӕмӕй лӕхъуӕн ӕма кизги цийнӕбӕл бацийнӕ кӕнонцӕ, гъе уотӕ ӕндӕр фустӕн дӕр Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕун устур цийни хабар фӕууй.

7. Ӕндӕр фустӕ Имисӕн изӕри радзубандимӕ цӕмӕн фенгъӕлмӕ кӕсунцӕ?

7 Ӕндӕр фустӕ дӕр исӕрст киристӕнтти хузӕн Имисӕн изӕрмӕ ку ’рбацӕунцӕ, уӕд фӕссагъӕс кӕнунцӕ, Йеговӕ син цӕхуӕн федӕн ӕрцӕттӕ кодта, уобӕл. Зӕгъӕн, Имисӕн изӕри радзубандийӕн ӕ сӕйраг гъуди фӕууй, Киристе ӕма 144 000 исӕрст киристони минанзон хецаудзийнади рӕстӕг ӕндӕр фустӕн ци искӕндзӕнцӕ, уобӕл. Еци исӕрст киристӕнттӕ Паддзах Йесой разамунди фӕрци коммӕгӕс адӕнӕн ӕнхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй зӕнхӕй дзенет рауайун кӕнонцӕ ӕма ӕнхӕст адӕймӕгтӕ исуонцӕ. Мадта алли анз дӕр Имисӕн изӕрмӕ ци милиуангай адӕн ӕрбацӕуй, уонӕн дӕр хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй сӕ цӕститӕбӕл уайун кӕнун, Исаййи ӕма Раргомади ци пахампарӕдтӕ финст ес, етӕ ку исӕнхӕст уонцӕ, уӕд цӕхуӕн цард уодзӕй, уой (Ис. 35:5, 6; 65:21–23; Рарг. 21:3, 4). Ци дессаги федӕн сӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл ке фӕссагъӕс кӕнунцӕ, уой фӕрци сӕ нифс никки федардӕр фӕууй ӕма сӕ никки хъӕбӕрдӕр фӕффӕндуй Йеговӕн идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнун (Матф. 24:13; Гал. 6:9).

8. Ӕндӕр фустӕ ма Имисӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕунцӕ?

8 Ӕндӕр фустӕ ма Имисӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕунцӕ? Уотемӕй ӕй бавдесунцӕ, исӕрст киристӕнтти ке уарзунцӕ ӕма сӕ фарс ке ’нцӕ. Хуцауи Дзурди рагацау финст ӕрцудӕй, исӕрст киристӕнттӕ ӕма, ӕносмӕ зӕнхӕбӕл ка цӕрдзӕй, етӕ ӕмгуст ке кӕндзӕнцӕ. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, е финст кӕми адтӕй, цалдӕр уӕхӕн пахампарадемӕ.

9. Захарий 8:23 финст пахампарадӕмӕ гӕсгӕ ӕндӕр фустӕ исӕрст киристӕнттӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дардзӕнцӕ?

9 Бакӕсӕ Захари 8:23. Аци стихи ци пахампарадӕ ес, е амонуй, ӕндӕр фустӕ исӕрст киристӕнтти хӕццӕ куд ӕнгом баст уодзӕнцӕ, уомӕ. «Алли ӕвзӕгтӕбӕл дзорӕг адӕнтӕй дӕс адӕймаги» амонунцӕ ӕндӕр фустӕмӕ. «Дзиуиттаг лӕг» ба амонуй исӕрст киристӕнттӕмӕ (Ром. 2:28, 29). Пахампар Захари ма ниффинста, еци дӕс адӕймаги дзиуиттаг лӕгӕн ӕ дарӕси кӕронбӕл ке ниххуӕцдзӕнцӕ. Е ба амонуй, ӕндӕр фустӕ ӕма исӕрст киристӕнттӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ӕмгуст ке кӕнунцӕ, уомӕ. Ӕма ӕцӕгӕйдӕр еци дууӕ къуари кӕрӕдзей хӕццӕ хъӕбӕр баст ӕнцӕ. Мадта Имисӕн изӕри дӕр еумӕ ке ӕрӕмбурд унцӕ, е дессаг нӕй.

10. Йезекили 37:15–19, 24, 25 финст пахампарадӕ куд исӕнхӕст ӕй?

10 Бакӕсӕ Йезекили 37:15–19, 24, 25. Аци пахампарадӕ куд исӕнхӕст ӕй? Йегови фӕрци исӕрст киристӕнттӕ ӕма ӕндӕр фустӕ кӕрӕдзей хӕццӕ ӕмгуст кӕнунцӕ. Пахампаради финст ӕй дууӕ лӕдзӕгей туххӕй. «Иуди лӕдзӕг» амонуй, уӕлӕрвти Киристей хӕццӕ паддзӕхтӕ ка уодзӕй, еци киристӕнттӕмӕ, уомӕн ӕма рагон Израили паддзӕхтӕ еци муггагӕй ӕвзурст цудӕнцӕ. «Ефреми лӕдзӕг» ба амонуй, зӕнхӕбӕл цӕруни нифс кӕмӕн ес, уонӕмӕ. Йеговӕ загъта: «Ӕз си еу лӕдзӕг искӕндзӕн», гъома еци дууӕ къуари байеу кӕндзӕй, ӕма фӕрсӕй-фарсмӕ сӕ Паддзах Йесо Киристей дӕлбарӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ *. Ӕма уомӕ гӕсгӕ алли анз дӕр Имисӕн изӕрмӕ исӕрст киристӕнттӕ ӕма ӕндӕр фустӕ хецӕнтӕй не ’рӕмбурд унцӕ, фал еумӕ, еу фиййау кӕмӕн ес, уӕхӕн еу дзоги хузӕн (Иоан. 10:16).

11. Ӕндӕр фустӕ Киристей ӕнсувӕртӕн куд ӕнхус кӕнунцӕ? (Матфеййи 25:31–36, 40).

11 Бакӕсӕ Матфеййи 25:31–36, 40. Аци фӕсномуг хабари «фустӕ» кӕмӕ амонунцӕ? Зӕнхӕбӕл цӕруни нифс кӕмӕн ес ӕма фӕстаг бӕнтти ка цӕруй, еци рӕстгӕнӕг адӕнмӕ, гъома ӕндӕр фустӕмӕ. Етӕ Киристей исӕрст ӕнсувӕрти хӕццӕ ӕмгуст кӕнунцӕ. Кутемӕй? Ӕнхус син кӕнунцӕ нӕ рӕстӕги тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр куст ӕнхӕст кӕнунмӕ – ӕгас дуйнебӕл дӕр игъосун кӕнунцӕ ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнунцӕ (Матф. 24:14; 28:19, 20).

12, 13. Ӕндӕр фустӕ ма Киристей ӕнсувӕртӕн куд ӕнхус кӕнунцӕ?

12 Алли анз дӕр Имисӕн изӕрмӕ ма цалдӕр къуӕрей ку фӕгъгъӕуй, уӕд ӕгас дуйней дӕр фӕццӕуй сӕрмагонд зеу, цӕмӕй адӕни еци ӕхсидзгӕ хабар исбӕрӕг кӕнунмӕ фӕххонӕн. Ӕндӕр фустӕ еци зеуи зӕрдиагӕй фӕййархайунцӕ, ӕма уотемӕй Киристей исӕрст ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнунцӕ. (Кӕсӕ рамкӕ  «Имисӕн изӕрмӕ дӕхе цӕттӕ кӕнун райдӕдтай?».) Имисӕн изӕр кӕми фӕббӕрӕг кӕнунцӕ, уоми сӕ фулдӕр рауӕнти дзол ӕма сӕнӕй неке исахуадуй. Фал уӕддӕр ӕндӕр фустӕ алцидӕр, куд гъӕуй, уотӕ бацӕттӕ кӕнунцӕ, цӕмӕй Имисӕн изӕр, куд ӕмбӕлуй, уотӕ рацӕуа. Ӕма еци гъуддӕгтӕн сӕ хъауритӕ ке не ’вгъау кӕнунцӕ, уомӕй дӕр рабӕрӕг уй, исӕрст киристӕнттӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дарунцӕ, е. Ӕма Киристе ци дзурдтӕ загъта, етӕ ба си хъауритӕ бауадзунцӕ: «Мӕ минкъий ӕнсувӕртӕй сӕ еуемӕн ци искодтайдӕ, уой мӕнӕн искодтайдӕ» (Матф. 25:37–40).

13 Гъӕйдӕ ма никкидӕр ӕркӕсӕн, исӕрст киристӕнттӕ дӕр ӕма ӕндӕр фустӕ дӕр Имисӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕунцӕ, уомӕ.

НЕ ’ГАСДӔР ИМИСӔН ИЗӔРМӔ ЦӔМӔН ӔРБАЦӔУӔН?

14. Йеговӕ ӕма нӕ Йесо ке уарзунцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

14 Йеговӕ ӕма Йесойӕй сӕ уарзондзийнади туххӕй боз ан. Йеговӕ нӕ ке уарзуй уомӕн берӕ бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес. Фал еу гъуддагӕй ба е уӕлдай хъӕбӕрдӕр рабӕрӕг ӕй. Ӕ уарзон Фурти гъезӕмайраг мӕлӕтмӕ равардта, цӕмӕй нин ӕносон цардӕй нифс фӕззинна (Иоан. 3:16). Ӕма Йесо дӕр уобӕл ке исарази ӕй, уомӕй бавдиста, е дӕр нӕ берӕ ке уарзуй (Иоан. 15:13). Мах ӕй лӕдӕрӕн, сӕ хуӕрзтӕ бафедун син нӕ бон ке некӕд исуодзӕй. Фал си боз ке ан, е ба бӕрӕг уодзӕй, алли бон ци унаффитӕ рахӕссӕн, уонӕй (Кол. 3:15). Ӕма Имисӕн изӕрмӕ ку ’рбацӕуӕн, уӕд бавдесӕн, Йеговӕ ӕма Йесой уарзондзийнадӕ ни иронх ке нӕй ӕма сӕ мах дӕр берӕ ке уарзӕн.

15. Исӕрст киристӕнттӕ дӕр ӕма ӕндӕр фустӕ дӕр Киристей нивонди туххӕй боз цӕмӕн ӕнцӕ?

15 Киристей нивонди туххӕй боз ан (Матф. 20:28). Исӕрст киристӕнттӕ Киристей нивонди туххӕй хъӕбӕр боз ӕнцӕ, уомӕн ӕма син еци нивонди фӕрци Йеговӕ балӕвар кодта дессаги нифс, ӕма еци лӕварӕн устур аргъ кӕнунцӕ. Еци нивондбӕл ке ӕууӕндунцӕ, уой фӕрци сӕ Йеговӕ нимайуй рӕстгӕнгутӕбӕл ӕма ӕ фурттӕбӕл (Ром. 5:1; 8:15–17, 23). Киристе ӕ цард ке равардта, уой туххӕй ӕндӕр фустӕ дӕр хъӕбӕр боз ӕнцӕ, уомӕн ӕма уой фӕрци сӕ бон ӕй Хуцауи ӕмбӕлттӕ ун, лӕггадӕ ин кӕнун ӕма устур бӕллӕхи ке фӕййервӕздзӕнцӕ, уобӕл сӕ нифс дарун (Рарг. 7:13–15). Мадта исӕрст киристӕнттӕ дӕр ӕма ӕндӕр фустӕ дӕр алли анз дӕр Имисӕн изӕрмӕ ке ӕрбацӕунцӕ, уомӕй бавдесунцӕ, еци нивондӕн аргъ ке кӕнунцӕ ӕма си боз ке ’нцӕ.

16. Имисӕн изӕрмӕ ма цӕмӕн ӕрбацӕуӕн?

16 Уомӕй уӕлдай ма Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуӕн, Киристемӕ игъосун нӕ ке фӕндуй, уой туххӕй. Йесо Имисӕн изӕрӕн бундор ку ӕрӕвардта, уӕд ӕ апостолтӕн загъта: «Уотӕ кӕнтӕ мӕн имисуни туххӕй» (1 Кор. 11:23, 24). Мадта нин фӕнди уӕлӕрвти цӕруни нифс уа, фӕнди ба зӕнхӕбӕл, уӕддӕр ни алкедӕр фӕндуй аци фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнун.

ИМИСӔН ИЗӔРМӔ КЕ ӔРБАЦӔУӔН, Е НИН ЦИ ПАЙДА ХӔССУЙ?

17. Имисӕн изӕр нин куд ӕнхус кӕнуй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнун?

17 Имисӕн изӕри фӕрци Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн (Иак. 4:8). Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй Имисӕн изӕри фӕрци, Йеговӕ нин ци нифс балӕвар кодта ӕма нӕ ӕновуд уарзтӕй ке уарзуй, уобӕл никки фулдӕр фӕссагъӕс кӕнӕн (Йер. 29:11; 1 Иоан. 4:8–10). Уой фӕрци ба нӕхуӕдтӕ дӕр Йегови никки фулдӕр фӕууарзӕн ӕма имӕ никки хӕстӕгдӕр исуӕн (Ром. 8:38, 39).

18. Киристей цардбӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ е цӕмӕ фӕрразӕнгард кӕнуй?

18 Имисӕн изӕри фӕрци нӕ хъӕбӕрдӕр фӕффӕндуй Киристей къахвӕдтӕбӕл цӕун (1 Пет. 2:21). Имисӕн изӕри размӕ Библи ку фӕккӕсӕн, уӕд Киристей фӕстаг царди бонтӕбӕл, ӕ мӕлӕтбӕл ӕма куд райгас ӕй, уобӕл никки фулдӕр фӕссагъӕс кӕнӕн. Имисӕн изӕри радзубандий ба дзурд фӕццӕуй ӕ уарзондзийнадӕ ӕма ӕ уодуӕлдайдзийнади туххӕй (Еф. 5:2; 1 Иоан. 3:16). Анзӕй-анзмӕ Имисӕн изӕри фӕсте нӕ никки хъӕбӕрдӕр фӕффӕндуй, Йесо куд цардӕй, уотӕ цӕрун (1 Иоан. 2:6).

19. Цӕмӕй Йегови уарзти аккаг уӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй?

19 Имисӕн изӕри фӕрци нӕ никки хъӕбӕрдӕр фӕффӕндуй нӕ цард уотӕ аразун, цӕмӕй Хуцауи уарзтӕй ма фенӕхай уӕн (Иуд. 20, 21). Уой туххӕй ба ин гъӕуама ӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕн, ӕ ном ин кадгин кӕнӕн ӕма имӕ игъосӕн (Ӕмб. 27:11; Матф. 6:9; 1 Иоан. 5:3). Гъема нӕ Имисӕн изӕри фӕрци ба никки хъӕбӕрдӕр фӕффӕндуй, цӕмӕй нӕ царди алли бонӕй дӕр Йеговӕн дзорӕн: «Ӕносмӕ дӕр мӕ фӕндуй дӕ уарзти аккаг ун».

20. Имисӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуӕн?

20 Мадта аци статьяй ӕркастан, исӕрст киристӕнттӕ дӕр ӕма ӕндӕр фустӕ дӕр Имисӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕунцӕ, уомӕ. Алли анз дӕр еумӕ ӕрӕмбурд уӕн, цӕмӕй, нӕ хъазар Паддзах Йесо Киристе мах туххӕй ци искодта, уой нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн. Фал фиццагидӕр ба не ’ргом раздахӕн, Йеговӕ нӕмӕ ӕ уарзондзийнадӕ куд бавдиста ӕма мах туххӕй ӕ хъазар Фурти цард нивондӕн ке равардта, уомӕ. 2022 анзи Имисӕн изӕр бӕрӕг кӕндзиан 15 апрели, майрӕнбони. Мах Йегови ӕма ӕ Фурти ӕцӕгӕйдӕр берӕ уарзӕн, ӕма уомӕ гӕсгӕ еци бон нӕ еугур гъуддӕгтӕ дӕр райеуварс кӕндзиан, цӕмӕй Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуӕн.

16 ЗАР Йеговӕн искадӕ кӕнӕ е ’вӕрд Паддзахи туххӕй

^ Имисӕн изӕрмӕ алли анз дӕр хъӕбӕр фенгъӕлмӕ кӕсӕн, фӕнди нин уӕлӕрвти цӕруни нифс уӕ, фӕнди ба зӕнхӕбӕл. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, еци хабар бӕрӕг кӕнун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, уой туххӕй Библий ци финст ес. Ӕма радзордзиан, уотӕ ку кӕнӕн, уӕд нин е ци пайда хӕсдзӕй, уобӕл.

^ Аци дууӕ бадзурдей туххӕй базонӕн ес 2014 анзи 15 октябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и, 15–17 фӕрстӕ (урус.).

^ Йезекили 37 сӕри финст пахампаради туххӕй фулдӕр базонӕн ес киунугӕй «Чистое поклонение Иегове восстановлено!», 130–135 фӕрстӕ, 3–17 абзацтӕ.