Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 1

«Йегови ка агоруй, етӕ... хуарздзийнӕдтӕй цох нӕ уодзӕнцӕ»

«Йегови ка агоруй, етӕ... хуарздзийнӕдтӕй цох нӕ уодзӕнцӕ»

2022 АНЗИ СТИХ: «Йегови ка агоруй, етӕ... хуарздзийнӕдтӕй цох нӕ уодзӕнцӕ» (ПС. 34:10).

4 ЗАР «Йеговӕ мӕ Фиййау ӕй»

РАЗДЗУРД *

Зин уавӕрти дӕр Давидмӕ уотӕ нӕ кастӕй, ӕма ’й Йеговӕ хуарздзийнӕдтӕй цох кӕнуй (кӕсӕ 1–3 абзацтӕ) *

1. Давид цӕхуӕн уавӕри бахаудтӕй?

 ДАВИД ледзӕги фӕцӕй. Израили хъаурӕгин паддзах Саул ӕй марунмӕ гъавта. Давидӕн, ци бахуӕра, е дӕр н’ адтӕй. Горӕт Номвӕмӕ ӕрцудӕй ӕма саугинӕй фондз дзоли ракурдта (1 Сам. 21:1, 3). Уой фӕсте Давид ӕма ӕ адӕн сӕхе лӕгӕти баримахстонцӕ (1 Сам. 22:1). Цума Давид уӕхӕн уавӕри куд бахаудтӕй?

2. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма Саул ӕхе тӕссаг уавӕри багӕлста? (1 Самуили 23:16, 17).

2 Йеговӕ Давиди паддзахӕй исӕвӕрунмӕ гъавта. Адӕн ӕй берӕ уарзтонцӕ, удта хуарз ӕфсӕддон адтӕй. Уой туххӕй имӕ Саул соцъа кӕнун райдӕдта, уой фӕсте ба ма си е ’сӕфт дӕр фӕууидта. Саул ӕй зудта, Йегови хуарзӕнхӕй ӕхе сӕри фудӕй ке фенӕхай ӕй. (Бакӕсӕ 1 Самуили 23:16, 17.) Фал ма уӕддӕр паддзах адтӕй ӕма ӕ фарс берӕ адӕн адтӕй. Гъема исфӕндӕ кодта Давиди рамарун. Цума Саул ӕцӕгӕйдӕр Йегови бахъор кӕнунмӕ гъавта? (Ис. 55:11). Библий уой туххӕй неци финст ес, фал Саул ӕхемӕ ӕгӕр берӕ есун райдӕдта ӕма уомӕй ӕхе тӕссаг уавӕри багӕлста. Йегови нихмӕ ка рацӕуй, е алкӕддӕр фӕммулд уй!

3. Давид ӕ уавӕртӕмӕ ци цӕстӕй кастӕй?

3 Давид кадӕуарзагӕ некӕд адтӕй. Паддзах ке исуодзӕй, уой дӕр Йеговӕ ӕхуӕдӕг ниллух кодта (1 Сам. 16:1, 12, 13). Фал имӕ уӕддӕр Саул знаги цӕстӕй кастӕй. Давид уой туххӕй берӕ зинтӕ бавзурста: ледзун ӕй багъудӕй, уӕд еу лӕгӕти уӕд иннеми ӕхе раримӕхсӕ-баримӕхсӕ кодта, удта ин арӕх хуӕруйнаг дӕр нӕ хъӕрдтӕй. Фал уӕддӕр Йеговӕбӕл некӕд хъур-хъур кодта. Хъур-хъур нӕ, фал ма ин кади зар дӕр ниффинста, ӕма еци зарӕй ист ӕй нӕ статьяй сӕйраг стих дӕр: «Йегови ка агоруй, етӕ... хуарздзийнӕдтӕй цох нӕ уодзӕнцӕ» (Пс. 34:10).

4. Цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан ӕма цӕмӕн?

4 Мах рӕстӕги Йегови лӕггадгӕнгутӕй еуӕй-еуетӕн цардамӕлттӕ кӕнун зин фӕууй *. Коронавируси пандемийи туххӕй ба сӕ уавӕр никки фуддӕр фӕцӕй. Ӕма «устур бӕллӕх» дӕр куд хӕстӕгдӕргӕнгӕ цӕуй, уотӕ цард никки зиндӕр кӕндзӕй (Матф. 24:21). Уомӕ гӕсгӕ нин хуарз уайдӕ ӕркӕсун уӕхӕн фарстатӕмӕ: 1) Давиди бон цӕмӕн адтӕй федарӕй зӕгъун: «Йегови ка агоруй, етӕ... хуарздзийнӕдтӕй цох нӕ уодзӕнцӕ»? 2) Ци нӕмӕ ес, уой фагӕбӕл нимайун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? 3) Йеговӕ нӕбӕл ке батухсдзӕй, уобӕл нӕ бон федарӕй ӕууӕндун цӕмӕн ӕй? 4) Нӕ бон куд ӕй нӕхе федӕни зиндзийнӕдтӕмӕ бацӕттӕ кӕнун?

«ӔЗ НЕЦИ ГЪӔУАГӔ УОДЗӔН»

5, 6. Псалом 23 нин куд ӕнхус кӕнуй Давиди дзурдтӕ, «Йегови ка агоруй, етӕ... хуарздзийнӕдтӕй цох нӕ уодзӕнцӕ», зӕгъгӕ, хуӕздӕр балӕдӕрун?

5 Давид уотӕ ку загъта, «Йегови ка агоруй, етӕ... хуарздзийнӕдтӕй цох нӕ уодзӕнцӕ», зӕгъгӕ, уӕд ӕй ци зӕгъун фӕндадтӕй? Аци дзурдтӕ балӕдӕрунмӕ нин банхус кӕндзӕй 23 псалом. (Бакӕсӕ Псалом 23:1–6.) Еци псалом идайуй уӕхӕн дзурдтӕй: «Йеговӕ ӕй мӕ Фиййау. Ӕз неци гъӕуагӕ уодзӕн». Дзиуиттаг ӕвзагбӕл дзурдтӕ, «ӕз неци гъӕуагӕ уодзӕн», зӕгъгӕ, ӕмхузӕн ӕнцӕ Псалом 34:10 финст дзурдти хӕццӕ. 23 псаломи Давид ӕхсидзгӕ гъуддӕгти туххӕй финста. Зӕгъӕн, Йегови ӕ фиййаубӕл ке банимадта, уой фӕрци ци хуарздзийнӕдтӕй исхайгин ӕй, уони туххӕй. Давид зӕгъуй, Йеговӕ ’й рӕстдзийнади надбӕл ке кӕнуй, ӕма хуарз рӕстӕгути дӕр, удта зин рӕстӕгути дӕр ӕ хӕццӕ ке ӕй. Давид ӕй лӕдӕрдтӕй, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй айдагъ «кӕрдӕггун хезнити» ке нӕ уолӕфдзӕй, фал ма ’й «сау талингӕ коми» дӕр цӕун ке гъӕудзӕй, гъома, царди зинтӕ дӕр ке ӕвзардзӕй, кадӕртӕ ба ма ’й знагбӕл дӕр ке нимайдзӕнцӕ. Фал Давид Йегови ӕ фиййаубӕл ке нимадта, уой фӕрци ӕ бон адтӕй зӕгъун: «Ӕз нецӕмӕй фӕттӕрсдзӕн».

6 Мадта иссирдтан дзуапп нӕ фиццаг фарстабӕл, Давиди бон цӕмӕн адтӕй федарӕй зӕгъун: «Йегови ка агоруй, етӕ... хуарздзийнӕдтӕй цох нӕ уодзӕнцӕ»? Цӕмӕй Йеговӕй ма раидард адтайдӕ, уой туххӕй имӕ алцидӕр адтӕй. Амондгун цардӕн ӕй берӕ цидӕртӕ нӕ гъудӕй. Йеговӕ ин ци лӕвардта, уой алкӕддӕр фагӕбӕл нимадта ӕма си боз адтӕй. Давидӕн ӕхсидзгӕдӕр адтӕй, цӕмӕй си Йеговӕ арази уа ӕма ’й гъӕуай кӕна.

7. Иудейи ка цардӕй, еци киристӕнттӕн се ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд куд ӕрцудӕй? (Лукай 21:20–24).

7 Давиди дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, мулкмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн, е. Мулк дӕмӕ уа, е лӕгъуз нӕй. Лӕгъуз ӕй, царди дин уомӕй ӕхсидзгӕдӕр ку неци уа, уӕд. Ӕма уой фиццаг ӕноси киристӕнттӕ дӕр балӕдӕрдтӕнцӕ. (Бакӕсӕ Лукай 21:20–24.) Киристе син загъта, Йерусалимбӕл ӕфсӕддонтӕ ку ӕртухсонцӕ, уӕд сӕ хонхмӕ ледзун ке гъӕудзӕй – уотемӕй фӕййервазтайуонцӕ. Фал сӕ берӕ цидӕртӕ ниууадзун гъудӕй. Цалдӕр анзей размӕ «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и финст адтӕй: «Сӕ хӕдзӕрттӕ ӕма сӕ хумтӕ ниууагътонцӕ. Сӕ хӕдзӕрттӕмӕ дӕр нӕбал бацудӕнцӕ, цӕмӕй сӕ дзаумӕуттӕ райстайуонцӕ. Зудтонцӕ ’й, Йеговӕ сӕбӕл ке батухсдзӕй ӕма, ӕхсидзгӕбӕл нимад ци адтӕй, уонӕй уӕлдӕр исӕвардтонцӕ, Йеговӕн ке лӕггадӕ кодтонцӕ, уой».

8. Фиццаг ӕноси Иудейӕй ка ралигъдӕй, еци киристӕнттӕ нин фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕнцӕ?

8 Фиццаг ӕноси киристӕнтти хабар махӕн дӕр зундзонӕн ӕй. Еци «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и ма финст адтӕй: «Федӕни цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлдзиан ӕма уӕд рабӕрӕг уодзӕй, мулкмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсӕн. Цин нин уодзӕй сӕйрагдӕр: нӕ мулк багъӕуай кӕнун ӕви Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун ӕма фӕййервӕзун? Ка ’й зонуй нӕ багъӕудзӕй нӕхе цӕмӕйдӕрти фӕццох кӕнун. Фал фиццаг ӕноси Иудейӕй ка ралигъдӕй, еци киристӕнтти хузӕн гъӕуама алци ниууадзунмӕ дӕр цӕттӕ уӕн» *.

9. Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:5, 6 финст дзурдтӕ нин нӕ нифс куд федар кӕнунцӕ?

9 Еци киристӕнттӕн зин куд н’ адтайдӕ, сӕ цӕттӕ хъиамӕттӕ ниууадзун ӕма нӕуӕг бунати сӕ цард аразун. Гъӕуама федарӕй ӕууӕндтайуонцӕ, Йеговӕ сӕбӕл ке батухсдзӕй. Фал сӕ Йеговӕ еци уавӕрмӕ рагацау бацӕттӕ кодта. Еци хабӕрттӕй фондз анзей размӕ сӕмӕ апостол Павел ниффинста: «Царди медӕг ӕхцауарзагӕ ма уотӕ, ци уин ес, уой фагӕбӕл нимайетӕ, уомӕн ӕма Хуцау ӕхуӕдӕг уотӕ загъта: „Некӕд дӕ ниууадздзӕн ӕма дӕ некӕд феронх кӕндзӕн“. Ӕма уомӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕй нифсгунӕй зӕгъун: „Йеговӕ ӕй ме ’нхусгӕнӕг, ӕз нецӕмӕй фӕттӕрсдзӕн. Ци мин бакӕндзӕй адӕймаг?“» (Дзиуит. 13:5, 6). Павели дзурдтӕмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ка нӕ кастӕй, еци киристӕнттӕн Переййи нӕуӕг уавӕртӕбӕл исахур ун ӕнцондӕр адтӕй. Етӕ нӕ гурусхӕ кодтонцӕ, цӕрунмӕ сӕ ка гъӕуй, еци гъуддӕгтӕбӕл Йеговӕ ке батухсдзӕй, ӕма мах дӕр уобӕл нӕ гурусхӕ кӕнӕн.

«ЦИ НИН ЕС, УОЙ ФАГӔБӔЛ НИМАЙӔН»

10. Павел нин цӕхуӕн «сосӕгдзийнадӕ» раргом кодта?

10 Уӕхӕн унаффӕ ма Павел Тимофеййӕн дӕр равардта ӕма, зӕгъӕн ес, махӕн не ’гасемӕндӕр: «Мадта нин, ци бахуӕрӕн, нӕ уӕле ци искӕнӕн ӕма кӕми цӕрӕн, е ку уа, уӕд уой фагӕбӕл нимайӕн» (1 Тим. 6:8). Павели уотӕ зӕгъун нӕ фӕндадтӕй, ӕма нӕ бон нӕй хуӕрзадӕ хуӕруйнӕгтӕ хуӕрун, хуарз хӕдзари цӕрун кенӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕуӕг хъӕппӕлтӕ ӕлхӕнун. Нӕ. Павели уотӕ зӕгъун фӕндадтӕй, ӕма гъӕуама ци нӕмӕ ес, уой фагӕбӕл нимайӕн. Павел еци «сосӕгдзийнадӕ» базудта ӕма ’й махӕн дӕр раргом кодта (Фил. 4:12). Цийфӕнди гъӕздуг ма уӕн, уӕддӕр не ’стурдӕр хӕзнабӕл ба нимайӕн, Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уой (Ав. 3:17, 18).

Израилӕгтӕ 40 анзей дӕргъи ӕдзӕрӕг будурбӕл ку рацо-бацо кодтонцӕ, уӕд неци гъӕуагӕ адтӕнцӕ. Мах ба, ци нӕмӕ ес, уой фагӕбӕл нимайӕн? (кӕсӕ 11 абзац) *

11. Моисеййи дзурдтӕ нин куд банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй, ци нӕмӕ ес, уой фагӕбӕл нимайӕн?

11 Еуӕй-еухатт нӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма нӕ цидӕр ӕнӕмӕнгӕй гъӕуй, фал, ӕцӕгӕй ци гъӕуагӕ ан, уой Йеговӕ хуӕздӕр зонуй. Расагъӕс кӕнтӕ, Моисей израилӕгтӕн ци загъта, 40 анзей дӕргъи ӕдзӕрӕг будурбӕл ку рацо-бацо кодтонцӕ, уой фӕсте: «Уӕ Хуцау Йеговӕ сумахӕн алли гъуддаги дӕр райарфӕ кодта. Е хуарз зонуй, аци устур ӕдзӕрӕг будури куд рацо-бацо кодтайтӕ, уой. Дууинсӕй анзей дӕргъи Йеговӕ, уӕ Хуцау, адтӕй уӕ хӕццӕ. Ӕма ӕппундӕр неци гъӕуагӕ ӕййафтайтӕ» (Дук. з. 2:7). Еци ӕнзти дӕргъи син Йеговӕ маннӕ лӕвардта. Удта уотӕ бакодта, цӕмӕй, Египетӕй ци хъӕппӕлти рацудӕнцӕ, етӕ син ма фехсудайуонцӕ (Дук. з. 8:3, 4). Кӕд израилӕгтӕй еуӕй-еуети фулдӕр цидӕртӕ гъудӕй, уӕддӕр син Моисей комкоммӕ загъта, сумах, дан, неци гъӕуагӕ адтайтӕ. Йеговӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн уодзӕй, ци нӕмӕ ес, уой фагӕбӕл нимайун ку исахур уӕн ӕма нин ци лӕвӕрттӕ кӕнуй, уони туххӕй си боз ку уӕн, цийфӕнди минкъий нӕмӕ ма кӕсонцӕ, уӕддӕр.

ЙЕГОВӔ УӔБӔЛ КЕ БАТУХСДЗӔЙ, УОБӔЛ МА ГУРУСХӔ КӔНТӔ

12. Давид ӕ нифс ӕхебӕл нӕ, фал Йеговӕбӕл ке дардта, уой кӕцӕй зонӕн?

12 Давид ӕй зудта, Йеговӕ, ка ’й уарзуй, уонӕбӕл еузӕрдон ке ӕй, ӕма сӕбӕл зӕрдиагӕй ке тухсуй. 34 псалом ку финста, уӕд ӕ цард тӕссаг уавӕри адтӕй. Фал е ’ууӕндундзийнадӕ хъӕбӕр федар адтӕй ӕма ’й зудта, Йегови изӕд ӕй ке гъӕуай кӕнуй. Е ниффинста: «Йегови изӕд ӕрӕвӕруй цатуртӕ, Хуцауӕй ка тӕрсуй, уони алливарс» (Пс. 34:7, феп.). Ӕвӕдзи, Давид изӕди рабарста, ӕ цатур будури ка ӕрӕвардта ӕма знаги ӕрбабурстмӕ цӕттӕ ка ӕй, уӕхӕн ӕфсӕддони хӕццӕ. Давид ӕхуӕдӕг дӕр адтӕй хъаурӕгин ӕфсӕддон. Дорӕхсӕнӕй архайунмӕ, удта хъӕмайӕй тохунмӕ хуарз арӕхстӕй. Удта ин Йеговӕ зӕрдӕ байвардта, паддзахӕй ӕй ке исӕвӕрдзӕй (1 Сам. 16:13; 24:12). Фал уӕддӕр Давид ӕ нифс ӕхебӕл нӕ, фал Йеговӕбӕл дардта ӕма ’й зудта, «Йегови изӕд [ке] гъӕуай кӕнуй, Хуцауӕй ка тӕрсуй, уони». Абони нӕ Йеговӕ дессаги хузи нӕ гъӕуай кӕндзӕй, фал ӕй мах федарӕй зонӕн, ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ка даруй, етӕ ку рамӕлонцӕ, уӕддӕр сӕ Йеговӕ ӕносон цардмӕ ке райгас кӕндзӕй.

Устур бӕллӕхи рӕстӕг Магоги зӕнхӕй Гог ма нин сауӕнгӕ нӕ хӕдзӕрттӕмӕ дӕр лӕбордзӕй. Фал ӕй мах зондзиан, Йесо Киристе ӕма ӕ изӕдтӕ ӕнӕмӕнгӕй нӕ сӕрбӕл ке рахуӕцдзӕнцӕ (кӕсӕ 13 абзац)

13. Магоги зӕнхӕй Гог нӕбӕл ӕхе ку ниццӕва, уӕд имӕ уотӕ цӕмӕн кӕсдзӕй, ӕма нин сӕрбӕлдзорӕг нӕййес, фал нӕ тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

13 Тагъд рӕстӕги не ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд ӕрцӕудзӕй. Йегови бон ке ӕй ӕ адӕни фӕййервӕзун кӕнун, уобӕл федарӕй ӕууӕндӕн? Магоги зӕнхӕй Гог, гъома хецауӕдти цӕдес нӕбӕл ӕхе ку ниццӕва, уӕд нӕмӕ уотӕ кӕсдзӕй, цума нӕ цардӕн тӕссаг ӕй. Еци уавӕри нӕ гъӕудзӕй федарӕй ӕууӕндун, Йегови бон ке ӕй ӕ адӕни фӕййервӕзун кӕнун ӕма кӕнгӕ дӕр уотӕ ке бакӕндзӕй. Не знӕгтӕмӕ уотӕ кӕсдзӕй, цума нӕ сау сикъундмӕ ӕрбайсафдзӕнцӕ (Йез. 38:10–12). Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, нӕдӕр нӕмӕ тохӕндзаумӕуттӕ ес, нӕдӕр тохун зонӕн. Нӕ нихмӕ ка рацӕудзӕй, уонӕмӕ уотӕ кӕсдзӕй, ӕма нин сӕрбӕлдзорӕг нӕййес. Фал етӕ нӕ зондзӕнцӕ, мах не ’ууӕндундзийнади фӕрци ци зонӕн, уой: уӕларвон ӕфсад нӕ алливарс ӕ цатуртӕ ӕрӕвардта ӕма истохунмӕ цӕттӕй лӕууй. Сӕ сӕри къуми дӕр нӕ уодзӕй, нӕ сӕрбӕл хъӕбӕр устур уӕларвон ӕфсад ке тохдзӕй (Рарг. 19:11, 14, 15).

ФЕДӔНИ ХАБӔРТТӔМӔ ДӔХЕ АБОНИ ЦӔТТӔ КӔНӔ

14. Цӕмӕй федӕни зиндзийнӕдтӕмӕ цӕттӕ уӕн, уой туххӕй абони ци гъӕуама кӕнӕн?

14 Нӕ бон куд ӕй нӕхе федӕни зиндзийнӕдтӕмӕ бацӕттӕ кӕнун? Фиццагидӕр гъӕуама нӕ мулкбӕл ӕгӕр ӕхцул ма уӕн, уомӕн ӕма нӕ еу уӕхӕни багъӕудзӕй алцидӕр ниууадзун. Удта гъӕуама, ци нӕмӕ ес, уой фагӕбӕл нимайӕн ӕма алцӕмӕй хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнӕн, Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн. Йегови куд хуӕздӕр базонӕн, уотӕ хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзиан, ӕ бон нӕ ке исуодзӕй багъӕуай кӕнун, Магоги зӕнхӕй Гог нӕбӕл ӕхе ку ниццӕва, уӕд.

15. Йеговӕбӕл зӕрдӕ дарӕн ке ес, уой Давид кӕцӕй зудта?

15 Ци ма нин банхус кӕндзӕй нӕхе федӕни зиндзийнӕдтӕмӕ бацӕттӕ кӕнун? Давид загъта: «Ба ’й ӕвзаретӕ ӕма ’й фӕууинетӕ, Йеговӕ куд хуарз ӕй, уой. Амондгун ӕй еци адӕймаг, ӕхе е ’уазӕг ка бакодта» (Пс. 34:8). Давид ӕй ӕхецӕй зудта, Йеговӕбӕл зӕрдӕ дарӕн ке ес. Кӕцӕй ӕй зудта? Зӕгъӕн, ӕригон уогӕй Давид филистимаг Голиафи нихмӕ рацудӕй. Кӕд Голиафӕн айдагъ е ’ндаг бакаст дӕр таси ӕфтудта, уӕддӕр ин Давид загъта: «Абони дӕ Йеговӕ ратдзӕй мӕ къохмӕ» (1 Сам. 17:46). Фӕстӕдӕр Давид лӕггадӕ кодта паддзах Саулӕн, е ба ’й цалдӕр хатти марунмӕ гъавта. Фал «Йеговӕ адтӕй ӕ хӕццӕ» (1 Сам. 18:12). Йеговӕ Давидӕн аллихузи уавӕрти ке ӕнхус кодта, уой фӕрци Давид зиндзийнӕдти уогӕй нӕ гурусхӕ кодта, Йеговӕ ’й ке нӕ ниууадздзӕй.

16. Нӕ бон цӕхуӕн уавӕрти ӕй «бавзарун ӕма фӕууинун, Йеговӕ куд хуарз ӕй», уой?

16 Абони алли гъуддаги дӕр нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун ку исахур уӕн, уӕд нӕ гурусхӕ кӕндзиан, федӕни нӕ ке фӕййервӕзун кӕндзӕй, уобӕл. Зӕгъӕн, гъӕуй нӕ нӕхе кустӕй ракорун, цӕмӕй конгресмӕ бахауӕн кенӕ хецауӕн зӕгъун, цӕмӕй минкъийдӕр косӕн, ӕма нӕ бон уа алли ӕмбурдмӕ дӕр цӕун, удта нин фулдӕр рӕстӕг уа игъосун кӕнунмӕ. Уӕд нӕ гъӕудзӕй нӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл дарун. Фал кусти хецау ку нӕ арази кӕна ӕма нӕ нӕуӕг куст агорун ку багъӕуа, уӕдта? Федарӕй ӕууӕнддзиан, Йеговӕ нӕбӕл ке батухсдзӕй ӕма нӕ ке нӕ ниууадздзӕй? (Дзиуит. 13:5). Ӕнхӕст рӕстӕг ка лӕггадӕ кӕнуй, уони рафӕрсетӕ, ӕма уин етӕ берӕ цаутӕ радзордзӕнцӕ, Йеговӕ син хъӕбӕр зин уавӕрти куд ӕнхус кодта, уой туххӕй. Йеговӕ нӕ некӕд фӕффудӕнгъӕл кӕндзӕй!

17. 2022 анзӕн цӕхуӕн стих ӕвзурст ӕрцудӕй ӕма цӕмӕн?

17 Йеговӕ нӕ хӕццӕ ӕй. Мадта федӕни ци уодзӕй, уомӕй нӕ тӕрсун нӕ гъӕуй. Йегови нӕ царди фиццаг бунати ку ӕвӕрӕн, уӕд нӕ неци хузи ниууадздзӕй. Цӕмӕй уой ма иронх кӕнӕн ӕма нӕхе федӕни зиндзийнӕдтӕмӕ бацӕттӕ кӕнӕн, уой туххӕй Разамонӕг совет 2022 анзи стихӕн равзурста Псалом 34:10: «Йегови ка агоруй, етӕ... хуарздзийнӕдтӕй цох нӕ уодзӕнцӕ».

38 ЗАР Хуцау дӕ бафедар кӕндзӕй

^ 2022 анзи стих ист ӕрцудӕй Псалом 34:10: «Йегови ка агоруй, етӕ... хуарздзийнӕдтӕй цох нӕ уодзӕнцӕ». Фал Йегови лӕггадгӕнгутӕй беретӕ мӕгур цард кӕнунцӕ. Мадта уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма хуарздзийнӕдтӕй цох нӕ ’нцӕ? Удта нин 2022 анзи стих куд банхус кӕндзӕй федӕни зиндзийнӕдти федар фӕллӕуун?

^ Кӕсӕ 2014 анзи 15 сентябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», рубрикӕ «Кӕсгути фарстатӕ» (урус.).

^ ХУЗӔ. Давид ӕхе Саулӕй лӕгӕти ку римахста, уӕд дӕр Йеговӕй боз адтӕй, ци ин лӕвардта, уой туххӕй.

^ ХУЗӔ. Израилӕгтӕ Египетӕй ку рацудӕнцӕ, уӕд син Йеговӕ маннӕ лӕвардта, удта уотӕ бакодта, цӕмӕй сӕ хъӕппӕлтӕ ма фехсудайуонцӕ.