Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 2

Йесой кӕстӕр ӕнсувӕрӕй ахур кӕнтӕ

Йесой кӕстӕр ӕнсувӕрӕй ахур кӕнтӕ

«Иаков, Хуцауи ӕма нӕ Хецау Йесо Киристей цагъар» (ИАК. 1:1).

88 ЗАР Байамонӕ мин дӕ нӕдтӕ

РАЗДЗУРД *

1. Иаков цӕхуӕн бийнонти исирӕзтӕй?

 ИАКОВ исирӕзтӕй, Йеговӕбӕл еузӕрдон ка адтӕй, уӕхӕн бийнонти. Ӕ ниййергутӕ, Иосиф ӕма Марийӕ, Йегови берӕ уарзтонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма ӕ хестӕр ӕнсувӕр гъӕуама Мессийӕ иссайдӕ. Расагъӕс кӕнӕ, Иаковмӕ цӕхуӕн кадӕ ӕрхаудтӕй!

Иаков Киристей хӕццӕ ирӕзтӕй ӕма ’й хуарз зудта (кӕсӕ 2 абзац)

2. Иаковӕн ӕ хестӕр ӕнсувӕр фӕнзуйнаг цӕмӕй адтайдӕ?

2 Иаковӕн ӕ хестӕр ӕнсувӕр берӕ цӕмӕйдӕрти адтӕй фӕнзуйнаг (Матф. 13:55). Зӕгъӕн, Йесобӕл дууадӕс анзи ку цудӕй, уӕд Финстадӕ гъе уотӕ хуарз зудта, ӕма Закъон ка ӕртаста, еци ахургӕнгути дӕр ма деси бафтудта (Лук. 2:46, 47). Ка ’й зонуй, Иаков ӕма Йесо гъӕдиндзаумӕуттӕ еумӕ кодтонцӕ. Кӕд е ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й, уӕд Иаков е ’нсувӕри никки хуӕздӕр базудта. Ӕнсувӕр Нейтан Норр * уотӕ фӕззӕгъидӕ: «Фӕндуй дӕ адӕймаги хуӕздӕр базонун – уӕд ӕ хӕццӕ ракосӕ». Удта Лукай 2:52 финст ӕй: «Йесо ба зундгинӕй-зундгиндӕр кодта ӕма ирӕзтӕй Хуцауӕн ӕма адӕнӕн уарзонӕй». Уой Иаков дӕр уидта. Кадӕр зӕгъдзӕй: «Ӕвӕдзи, Иаков Йесой ахуркӕнуйнӕгтӕй сӕ фиццаг иссӕй». Фал, гъигагӕн, е уотӕ н’ адтӕй.

3. Йесо ма зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд имӕ Иаков цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй?

3 Йесо ма зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд ибӕл Иаков не ’ууӕндтӕй (Иоан. 7:3–5). Ӕвӕдзи, Иаковмӕ дӕр уотӕ кастӕй, ӕма Йесой сӕризунд фӕццудӕй (Мар. 3:21). Удта уотӕ финст дӕр некӕми ӕй, ӕма Иаков ӕ мадӕ Марийи фарсмӕ адтӕй, Йесой гъӕдӕбӕл ку ниййауигътонцӕ, уӕд (Иоан. 19:25–27).

4. Аци статьяйӕй ци базондзиан?

4 Фӕстӕдӕр Иаков Йесобӕл баууӕндтӕй ӕма ма киристон ӕмбурди хестӕр нӕлгоймаг дӕр иссӕй. Аци статьяй базондзиан, Иаков нин цӕхуӕн дууӕ гъуддагеми ӕй фӕнзуйнаг. Ӕркӕсдзиан, сӕрниллӕг цӕмӕн гъӕуама уӕн ӕма нӕ бон куд ӕй арӕхстгун ахургӕнгутӕ ун.

ИАКОВИ ХУЗӔН СӔРНИЛЛӔГ УО

Киристе Иаковмӕ ку фӕззиндтӕй, уӕд Иаков сӕрниллӕгӕй басастӕй, раст ке н’ адтӕй, уобӕл, ӕма уой фӕсте иссӕй Киристей ахуркӕнуйнаг (кӕсӕ 5–7 абзацтӕ)

5. Иакови цард куд феййивта, Йесо имӕ ку фӕззиндтӕй, уой фӕсте?

5 Мадта Иаков Киристей ахуркӕнуйнаг кӕд иссӕй? Йесо ку райгас ӕй, уӕд «фӕззиндтӕй Иаковмӕ, уой фӕсте ба апостолтӕмӕ се ’гасемӕдӕр» (1 Кор. 15:7). Еци фембӕлди фӕсте Иакови цард цӕхгӕрмӕ феййивта. Апостолтӕ Йерусалими еу хӕдзари уӕллаг уати ку ӕрӕмбурд ӕнцӕ ӕма ку ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, сугъдӕг хъаурӕй ке исхайгин уодзӕнцӕ, уомӕ, уӕд Иаков дӕр сӕ хӕццӕ адтӕй (Гъуд. 1:13, 14). Уой фӕсте ба Иаков разамонӕг совети дӕр лӕггадӕ кодта (Гъуд. 15:6, 13–22; Гал. 2:9). Нӕ эри 62 анзи ба ’й сугъдӕг хъаурӕ баразӕнгард кодта исӕрст киристӕнттӕмӕ финстӕг ниффинсун. Ӕ финстӕг махӕн дӕр пайда уодзӕй, фӕнди нин уӕлӕрвти цӕруни нифс уа, фӕнди зӕнхӕбӕл (Иак. 1:1). Историк Иосиф Флавиййи дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Иакови рамардтонцӕ хестӕр саугин Ананий бардзурдмӕ гӕсгӕ (ӕ фидӕ Аннӕ дӕр хестӕр саугин адтӕй). Иаков ӕ мӕлӕти уӕнгӕ дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзадӕй.

6. Иаков фиццаг ӕноси дини разамонгутӕй цӕмӕй хецӕн кодта?

6 Иаков адтӕй сӕрниллӕг. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Иаков иссӕй Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг, ӕма уомӕй хецӕн кодта берӕ дини разамонгутӕй. Йесо Хуцауи Фурт ке ӕй, уомӕн федар бӕлвурдгӕнӕнтӕ ку фӕууидта, уӕд ибӕл баууӕндтӕй. Хестӕр саугинтӕ ба уотӕ нӕ бакодтонцӕ. Зӕгъӕн, Йесо Лазӕри ку райгас кодта, уӕд уой нихмӕ сӕ бон неци адтӕй зӕгъун. Фал ӕй уӕддӕр Йеговӕй ӕрвист минӕварбӕл нӕ банимадтонцӕ, ӕма ма Йесой дӕр ӕма Лазӕри дӕр марунмӕ гъавтонцӕ (Иоан. 11:53; 12:9–11). Йесо ке райгас ӕй, еци хабар ба адӕнӕй баримӕхсунмӕ гъавтонцӕ (Матф. 28:11–15). Еци дини разамонгутӕ адтӕнцӕ сӕрбӕрзонд, ӕма уой туххӕй Мессийӕбӕл нӕ баууӕндтӕнцӕ.

7. Нӕхе сӕрбӕрзонддзийнадӕй цӕмӕн гъӕуама хезӕн?

7 Уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн: дӕхе хезӕ сӕрбӕрзонддзийнадӕй ӕма цӕттӕ уо ахур кӕнунмӕ. Еуӕй-еухатт адӕймагӕн цӕхуӕндӕр нези туххӕй ӕ зӕрди тогдадзинттӕ нихъхъӕбӕр унцӕ, ӕма зӕрдӕ, куд гъӕуй, уотӕ нӕбал фӕккосуй. Раст гъе уотӕ, гӕнӕн ес, ӕма нӕ зӕрдӕ дӕр рахӕсгӕ хузи нихъхъӕбӕр уа. Ӕма нин уӕд зин уодзӕй Йегови разамундмӕ игъосун. Фарисейтӕ сӕ зӕрдитӕ ниддор кодтонцӕ. Ӕма кӕд, Йесо Хуцауи Фурт ке ӕй ӕма сугъдӕг хъаурӕй хайгин ке ӕй, уомӕн берӕ бӕлвурдгӕнӕнтӕ адтӕй, уӕддӕр сӕ нӕ бафӕндадтӕй уобӕл басӕттун (Иоан. 12:37–40). Сӕ сӕрбӕрзонддзийнади туххӕй ӕносон цардӕй фенӕхай ӕнцӕ (Матф. 23:13, 33). Мадта бӕрӕг ӕй, хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ке ӕй Хуцауи Дзурдӕн ӕма сугъдӕг хъаурӕн барӕ дӕттун, цӕмӕй нин нӕ уодигъӕдӕ ӕма нӕ зундахаст ӕййевонцӕ. Удта унаффитӕ дӕр гъӕуама хӕссӕн Хуцауи разамундмӕ гӕсгӕ (Иак. 3:17). Иаков адтӕй сӕрниллӕг адӕймаг ӕма Йеговӕн барӕ лӕвардта, цӕмӕй ӕй ахур кодтайдӕ. Ӕма ’й куд фӕууиндзиан, уотемӕй сӕрниллӕгдзийнади фӕрци иссӕй дӕсни ахургӕнӕг.

ИАКОВИ ХУЗӔН АРӔХСТГУН АХУРГӔНӔГ ИСУО

8. Хуарз ахургӕнгутӕ цӕй фӕрци исуодзиан?

8 Иаков ахургонд н’ адтӕй. Ӕма имӕ дини разамонгутӕ дӕр уӕхӕн зӕрдӕ, ӕвӕдзи, уомӕ гӕсгӕ дардтонцӕ: Петур ӕма Иоанни хузӕн Иаков дӕр сӕ цӕсти хумӕтӕг адӕймагӕй ӕндӕр н’ адтӕй (Гъуд. 4:13). Фал Иаков арӕхстгун ахургӕнӕг иссӕй. Е бӕрӕг ӕй, ци финстӕг ниффинста, уомӕй. Махӕй дӕр беретӕн уӕлдӕр ахурадӕ нӕййес, фал Йегови сугъдӕг хъаури фӕрци ӕма нӕ ӕ организаци ке ахур кӕнуй, уой фӕрци алке бон дӕр ӕй дӕсни ахургӕнӕг исун. Ӕркӕсӕн, Иаков нин, куд ахургӕнӕг, уотӕ, фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй, уомӕ.

9. Иаков иннети куд ахур кодта?

9 Иаковӕн ӕ дзурд адтӕй хумӕтӕг ӕма ӕнцонлӕдӕрӕн. Уомӕ гӕсгӕ ин ӕ финстӕг ка фӕккӕсуй, етӕ ’й бӕлвурдӕй фӕззонунцӕ, ци ӕма син куд кӕнгӕ ’й, уой. Иаков киристӕнттӕмӕ финста, цӕмӕй ӕнӕфудӕй ӕфхуӕрд ку ӕййафонцӕ, уӕд сӕ зӕрди маст ма даронцӕ. Еци гъуди хумӕтӕгӕй балӕдӕрун кодта: «Гъо, мах амондгун хонӕн, кӕронмӕ федар ка фӕллӕудтӕй, уони. Сумах фегъустайтӕ, Иов куд федар разиндтӕй, уой туххӕй, ӕма зонетӕ, Йеговӕ гъуддаг куд ниллух кодта, уой дӕр, ӕма уой фӕрци базудтайтӕ, Йеговӕ фӕлмӕн уарзтӕй ке уарзуй ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ ке ӕй» (Иак. 5:11). Иакови дзурдтӕн сӕ бундор адтӕй Хуцауи Дзурд. Иови хабари фӕрци ӕ кӕсгутӕн балӕдӕрун кодта, Йеговӕ ке арфӕ кӕнуй, еузӕрдон ибӕл ка ӕй, уонӕн. Иакови дзурдтӕ адтӕнцӕ хумӕтӕг ӕма ӕнцонлӕдӕрӕн. Ӕма уой фӕрци ӕ кӕсгути ӕргом ӕхемӕ нӕ, фал Йеговӕмӕ ӕздахта.

10. Нӕ бон куд ӕй Иакови хузӕн архайун?

10 Уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн: хумӕтӕг дзурдтӕй пайда кӕнӕ, иннети Хуцауи Дзурди фӕрци ахур кӕнӕ. Гъӕуама иннети деси бафтаунбӕл ма архайӕн, фал син се ’ргом ӕздахӕн Йегови ӕнӕкӕрон зундмӕ ӕма сӕбӕл куд хъӕбӕр тухсуй, уомӕ (Ром. 11:33). Е нин бантӕсдзӕй, нӕ дзурдтӕ алкӕддӕр Библибӕл арӕзт ку уонцӕ, уӕд. Зӕгъӕн, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнтӕ, еци адӕймаг уи унаффӕ ку кора, уӕд, сумах ӕ уавӕри куд бакодтаййайтӕ, уой дзоруни бӕсти ин банхус кӕнтӕ, цӕмӕй Библий цӕветтонтӕбӕл расагъӕс кӕна, ӕма ӕхуӕдӕг балӕдӕра, ӕ унаффӕ Йегови зӕрдӕмӕ фӕццӕудзӕй ӕви нӕ, уой. Уотемӕй, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнтӕ, уой Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун фӕнддзӕй, сумах зӕрдӕ нӕ, фал.

11. Фиццаг ӕноси хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ цӕхуӕн гъӕндзийнӕдтӕ адтӕй ӕма син Иаков цӕхуӕн унаффӕ равардта? (Иакови 5:13–15).

11 Иаков уидта, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ гъӕндзийнӕдтӕ ке ес. Ӕ финстӕги син ӕргом ниффинста, ци сӕ гъӕуй исраст кӕнун ӕма син е кутемӕй бантӕсдзӕй, уой. Зӕгъӕн, еуӕй-еуетӕ си ци базониуонцӕ, уой ӕнхӕст кӕнунмӕ нӕ тагъд кодтонцӕ (Иак. 1:22). Иннетӕ айдагъдӕр гъӕздугути хӕццӕ лимӕн кодтонцӕ (Иак. 2:1–3). Кадӕртӕ ба сӕ цъухтӕбӕл хуӕцун нӕ зудтонцӕ (Иак. 3:8–10). Иаков ӕй лӕдӕрдтӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ке рӕдудӕнцӕ, фал имӕ уотӕ нӕ кастӕй, ӕма си неци рауайдзӕй. Фӕлмӕнӕй, фал син комкоммӕ унаффӕ равардта, удта син загъта, цӕмӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕнхус агоронцӕ. (Бакӕсӕ Иакови 5:13–15.)

12. Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уонӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?

12 Уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн: адӕймагӕй ӕгӕр берӕ ма агорӕ, удта ма гурусхӕ кӕнӕ, ӕ бон раййевун ке ӕй, уобӕл. Библи ка ахур кӕнуй, уонӕй беретӕн зин фӕууй, ци базонунцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайун (Иак. 4:1–4). Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, рӕстӕг фӕгъгъӕуй, цӕмӕй адӕймаг ӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ ниууадза, удта ӕ зундахаст ӕма ӕ уодигъӕдӕ раййева. Мах дӕр гъӕуама Иакови хузӕн нифсхаст уӕн, цӕмӕй адӕймагӕн зӕгъӕн, исраст кӕнун ӕй ци гъӕуй, уой. Удта гъӕуама нӕ къохтӕ ма уадзӕн ӕма ма гурусхӕ кӕнӕн, Йеговӕ сӕрниллӕг адӕни ӕхемӕ ке ӕрбакӕндзӕй ӕма син сӕ уодигъӕдӕ раййевунмӕ хъауритӕ ке ратдзӕй (Иак. 4:10).

13. Иаков ци лӕдӕрдтӕй? (Иакови 3:2).

13 Иаков ӕхемӕ раст цӕстӕй кастӕй. Кӕд Киристей ӕнсувӕр адтӕй, удта ин ӕмбурди дӕр цӕхуӕндӕр ихӕстӕ адтӕй, уӕддӕр иннетӕмӕ сӕрӕй бунмӕ нӕ кастӕй. Фӕлмӕнӕй сӕ худта, «мӕ уарзон ӕнсувӕртӕ», зӕгъгӕ (Иак. 1:16, 19; 2:5). Иаков ӕхе ӕнхӕст адӕймагӕй бавдесунбӕл нӕ архайдта. Уотӕ ку загъта, «мах не ’гасдӕр арӕх рӕдуйӕн», зӕгъгӕ, уӕд ӕхе кой дӕр кодта. (Бакӕсӕ Иакови 3:2.)

14. Мах дӕр рӕдуйгӕ ке кӕнӕн, уобӕл сӕттун хуарз цӕмӕн ӕй?

14 Уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн: ӕгасӕйдӕр тӕрегъӕдгун ке ан, уой ма иронх кӕнӕ. Гъӕуама нӕмӕ уотӕ ма кӕса, цума Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уонӕй хуӕздӕр ан. Цӕмӕн? Расагъӕс кӕнӕ, адӕймагмӕ уотӕ ку кӕса, цума некӕд рӕдуйӕн, уӕд е цӕмӕ ӕркӕндзӕй? Уотӕ имӕ кӕсдзӕй, цума ӕ бон Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун некӕд исуодзӕй. Ӕргом ин дзорӕ, дӕуӕн дӕр е алкӕд ӕнцон ке нӕ фӕууй, удта дин Йеговӕ куд фенхус кӕнуй, уой дӕр. Уӕд ӕй адӕймаг лӕдӕрдзӕй, уой бон дӕр ке исуодзӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун.

Иаков ци цӕветтонтӕ хаста, етӕ адтӕнцӕ хумӕтӕг, бӕлвурд ӕма зӕрдӕмӕгъаргӕ (кӕсӕ 15 ӕма 16 абзацтӕ) *

15. Иаков цӕхуӕн цӕветтонтӕй пайда кодта? (Иакови 3:2–6, 10–12).

15 Иаков хаста, зӕрдӕмӕ ка гъардта, уӕхӕн цӕветтонтӕ. Еци гъуддаги ин сугъдӕг хъаурӕ ӕнхус кодта. Фал, ӕвӕдзи, ӕ хестӕр ӕнсувӕрӕй дӕр цӕбӕлдӕрти исахур ӕй. Киристе цӕветтонтӕй арӕхстгунӕй пайда кодта. Иаков дӕр ци цӕветтонтӕ хаста, етӕ адтӕнцӕ хумӕтӕг ӕма ӕнӕ уӕлдай фӕззелӕнтӕй. Уой фӕрци син сӕ гъуди балӕдӕрун ӕнцондӕр адтӕй. (Бакӕсӕ Иакови 3:2–6, 10–12.)

16. Хуарз цӕветтонтӕ хӕссун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

16 Уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн: хуарз цӕветтонтӕ хӕссӕ. Адӕймаг хуарз цӕветтон ку фегъосуй, уӕд ӕ гъостӕ цӕститӕ фестунцӕ, гъома ци фегъосуй, е ӕ цӕститӕбӕл рауайуй. Уӕхӕн цӕветтонти фӕрци адӕймаг сӕйраг гъуди багъуди кӕнуй. Киристе цӕветтонтӕ хӕссунмӕ дӕсни адтӕй, ӕма Иаковӕн дӕр е хуарз уадӕй. Гъӕйдӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн Иакови финстӕгӕй еу цӕветтонмӕ.

17. Иакови 1:22–25 ци цӕветтон ес, е хуарз цӕмӕй ӕй?

17 Бакӕсӕ Иакови 1:22–25. Иаков ци цӕветтон ӕрхаста, е хуарз ӕй цалдӕр гъуддагемӕй. Ӕ нисан цӕй медӕг адтӕй, уой Иаков хуарз лӕдӕрдтӕй. Цӕмӕй Хуцауи Дзурд адӕймаги цардбӕл фӕззинна, уой туххӕй ӕй айдагъ кӕсун фагӕ нӕй. Гъӕуама, ци кӕсӕн, уой ӕнхӕст дӕр кӕнӕн. Иаков ӕ цӕветтони ци рабарстӕй испайда кодта, е алкӕмӕндӕр зонгӕ адтӕй, уомӕн ӕма айдӕнӕмӕ алкедӕр фӕккӕсуй. Еци цӕветтонӕн ӕ гъуди цӕй медӕг адтӕй? Адӕймаг ку фӕууина, ӕ сӕр пихцил ке ӕй ӕма ’й ку нӕ ниффаса, уӕд е зундбӕл дзорӕг нӕ уодзӕй. Уотӕ адӕймаг дӕр Библи кӕсгӕй ку балӕдӕра, цидӕртӕ ’й феййевун ке гъӕуй ӕма ӕхебӕл ку нӕ коса, уӕд е дӕр зундбӕл дзорӕг нӕ уодзӕй.

18. Цӕветтонтӕ хӕсгӕй нӕ гъудий цӕхуӕн ӕртӕ фӕззелӕни гъӕуама дарӕн?

18 Цӕмӕй хуарз цӕветтонтӕ хӕссай, уой туххӕй дӕ гъудий дарӕ ӕртӕ фӕззелӕни: 1) цӕветтон гъӕуама сӕйраг гъудий хӕццӕ федауа, 2) гъӕуама уа ӕнцонлӕдӕрӕн ӕма 3) гъӕуй балӕдӕрун кӕнун, куд си ес испайда кӕнӕн, уой. Кӕд дин цӕветтон ӕргъуди кӕнун зин фӕууй, уӕд дӕ бон ӕй публикацити индексмӕ ӕркӕсун («Индекс публикаций Сторожевой башни»). Ес си дӕлсӕргонд «Наглядные примеры». Уоми ес берӕ хуарз цӕветтонтӕ ӕма си дӕ зӕрдӕмӕ ка фӕццӕуа, уони дӕхецӕн рафинсисӕ. Гъӕуама нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн еу гъуддаг: цӕветтонтӕ ӕнцӕ микрофони хузӕн. Микрофони фӕрци дзурдтӕ хуӕздӕр игъусунцӕ, ӕма цӕветтонти фӕрци гъудитӕн дӕр фулдӕр хъаурӕ фӕууй. Уомӕ гӕсгӕ цӕветтонтӕ гъӕуй хӕссун ӕрмӕстдӕр сӕйраг гъуди балӕдӕрун кӕнунмӕ. Мах архайӕн, цӕмӕй арӕхстгун ахургӕнгутӕ исуӕн. Фал нӕ нисан иннети деси бафтаун нӕй. Мах фӕндуй фулдӕр адӕнӕн банхус кӕнун, цӕмӕй Йегови амондгун бийнонтӕмӕ ӕрбайеу уонцӕ.

19. Нӕ киристон бийнонтӕн ке аргъ кӕнӕн, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

19 Иакови хузӕн махӕн ӕнхӕст хестӕр ӕнсувӕр некӕмӕн ес. Фал мах нӕ киристон бийнонтӕ берӕ уарзӕн, ӕма уомӕ гӕсгӕ сӕ хӕццӕ нӕ рӕстӕг ӕрветӕн, игъосун кӕнуни ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги еумӕ архайӕн ӕма кӕрӕдземӕй ахур кӕнӕн. Иаков ӕхемӕ, удта иннетӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй, удта куд архайдта ӕма иннети куд ахур кодта, уомӕй нин фӕнзуйнаг ӕй. Кӕд Иакови хузӕн архайӕн, уӕд Йегови кадгин кӕндзиан. Ӕма уотемӕй кӕдзосзӕрдӕ адӕнӕн банхус кӕндзиан, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фидӕмӕ ӕрбахӕстӕг уонцӕ.

114 ЗАР «Фӕразон уотӕ»

^ Иаков Киристей хӕццӕ еу бийнонти исирӕзтӕй. Ӕма Хуцауи ӕнхӕст Фурти, ӕ рӕстӕги ка цардӕй, уонӕй берӕ хуӕздӕр зудта. Фӕстӕдӕр Иаков иссӕй, фиццаг ӕноси ӕмбурдтӕн разамунд ка лӕвардта, еци ӕнсувӕртӕй сӕ еу. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Киристей кӕстӕр ӕнсувӕр куд цардӕй, цӕбӕл ахур кодта ӕма си мах цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.

^ Нейтан Норр лӕггадӕ кодта Разамонӕг совети. 1977 анзи ӕ зӕнхон цард фӕцӕй.

^ ХУЗӔ. Иаков ӕвзаг рабарста минкъий зинги хӕццӕ ӕма балӕдӕрун кодта, куд тӕссаг ӕй, адӕймаг ӕ цъухтӕбӕл хуӕцун ку нӕ зона, е. Ӕма е адтӕй ӕнцонлӕдӕрӕн цӕстуингӕ цӕветтон.