Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 47

Де ’ууӕндундзийнадӕ федар разиндзӕй?

Де ’ууӕндундзийнадӕ федар разиндзӕй?

«Ма тухсетӕ. Ӕууӕндетӕ Хуцаубӕл, ӕма мӕнбӕл дӕр ӕууӕндетӕ» (ИОАН. 14:1).

119 ЗАР Гъӕуама нӕмӕ уа ӕууӕндундзийнадӕ

РАЗДЗУРД *

1. Хатгай цӕбӕл фӕттухсӕн?

МАХ ӕй зонӕн, федӕни ци хабӕрттӕ цӕудзӕй, уони – мӕнгӕ динтӕ исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ, Магоги зӕнхӕй Гог ӕхе Хуцауи адӕнбӕл ниццӕвдзӕй, удта Армагеддон райдайдзӕй. Еци хабӕрттӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй, ка ’й зонуй, фӕттухсис, дӕ бон исуодзӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун ӕви нӕ. Кӕд дӕмӕ ескӕд уӕхӕн сагъӕстӕ фӕууй, уӕд аци статья дӕуӕн ӕй. Мах лӕмбунӕг расагъӕс кӕндзиан Киристей дзурдтӕбӕл: «Ма тухсетӕ. Ӕууӕндетӕ Хуцаубӕл, ӕма мӕнбӕл дӕр ӕууӕндетӕ» (Иоан. 14:1). Федар ӕууӕндундзийнадӕ нӕмӕ ку уа, уӕд нецӕмӕй тӕрсдзиан.

2. Нӕ бон куд ӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун ӕма аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

2 Цӕмӕй не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнӕн ӕма федӕни фӕлварӕнтӕмӕ цӕттӕ уӕн, уой туххӕй хуарз уайдӕ, абони зин уавӕрти нӕхе куд фӕддарӕн, уобӕл расагъӕс кӕнун. Уой фӕрци ’й фӕууиндзиан, ӕууӕндундзийнадӕ нин кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уой. Алли фӕлварӕни фӕсте дӕр не ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр фӕккӕнуй ӕма федӕни хабӕрттӕмӕ никки хуӕздӕр цӕттӕ фӕууӕн. Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ уӕхӕн уавӕрти бахауиуонцӕ, ӕма рабӕрӕг уидӕ, ӕууӕндундзийнадӕ син ке нӕ фагӕ кодта. Аци статьяй ӕркӕсдзиан цуппар фӕйнӕхузи хабаремӕ ӕма базондзиан, уӕхӕн уавӕрти мах бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй федӕни хабӕрттӕмӕ нӕхе бацӕттӕ кӕнӕн.

ЙЕГОВӔ УӔБӔЛ КЕ БАТУХСДЗӔЙ, УОБӔЛ ӔУУӔНДЕТӔ?

Ӕууӕндундзийнади фӕрци тухст уавӕрти дӕр Паддзахади гъуддаг нӕ царди фиццаг бунати ӕвӕрдзиан (кӕсӕ 3–6 абзацтӕ)

3. Киристей дзурдтӕмӕ гӕсгӕ федар ӕууӕндундзийнадӕ цӕмӕй бӕрӕг фӕууй? (Матфеййи 6:30, 33).

3 Алли бийнонти хестӕри дӕр фӕндуй, цӕмӕй ӕ бийнойнаг ӕма ӕ сувӕллӕнттӕн хуӕруйнаг, уӕледарӕс ӕма цӕрӕнбунат уа. Фал нӕ рӕстӕги бийнонтӕ дарун ӕнцон нӕй. Еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕнӕ кустӕй байзадӕнцӕ, нӕуӕг куст иссерун ба син не ’нтӕсуй. Иннетӕ ба сӕ куст ниууагътонцӕ, уомӕн ӕма Библий уагӕвӕрдти нихмӕ адтӕй. Уӕхӕн уавӕрти уогӕй федарӕй ӕууӕндун гъӕуй, Йеговӕ нин нӕ бийнонтӕбӕл ке батухсдзӕй, уобӕл. Йесо дӕр еци гъуддагбӕл дзурдта. (Бакӕсӕ Матфеййи 6:30, 33.) Йеговӕ нӕ ке нӕ ниууадздзӕй, уобӕл федарӕй ку ӕууӕндӕн, уӕд тухсдзиан, ӕцӕгӕй тухсун цӕбӕл гъӕуй, уобӕл – Хуцауи Паддзахади гъуддагбӕл. Йеговӕ ба нин нӕ царди гъуддӕгти куд ӕнхус кӕнуй, уой ку уинӕн, уӕд имӕ никки хӕстӕгдӕр исуодзиан ӕма не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уодзӕй.

4, 5. Еу бийнонтӕн ци банхус кодта, тухст уавӕри ку бахаудтӕнцӕ, уӕд?

4 Йеговӕ Венесуэлӕй еу бийнонтӕн банхус кодта, тухст уавӕри ку бахаудтӕнцӕ, уӕд. Раздӕр Мигель Кастрой * бийнонтӕ цардӕнцӕ, фермӕ сӕмӕ ке адтӕй, уомӕй. Фал сӕмӕ уой фӕсте фудгӕнгутӕ балӕбурдтонцӕ ӕма сӕ ӕмбурд бийнонтӕй сӕ хӕдзарӕй ратардтонцӕ, сӕ зӕнхӕ ба син байстонцӕ. Мигель зӕгъуй: «Нур еу минкъий зӕнхи гӕппӕл байхуӕрстан ӕма ибӕл ци ниййаразӕн, уомӕй цӕрӕн. Алли сӕумӕ дӕр Йеговӕй фӕккорун, цӕмӕй нин бони фагӕ къӕбӕр ратта». Еци бийнонти цард ӕнцонтӕй нӕй, фал уӕддӕр се ’гас зӕрдӕ дӕр дарунцӕ сӕ уӕларвон Фидӕбӕл ӕма ’й федарӕй зонунцӕ, ӕнӕ къӕбӕрӕй сӕ ке нӕ ниууадздзӕй. Кастрой бийнонтӕ ӕмбурдтӕ нӕ цох кӕнунцӕ, удта игъосун кӕнуни гъуддаги дӕр архайунцӕ, Хуцауи Паддзахади гъуддаг син фиццаг бунати ӕй ӕма син Йеговӕ дӕттуй, царди сӕ ӕнӕмӕнгӕ ци гъӕуй, уой.

5 Уӕхӕн зин рӕстӕг дӕр Мигель ӕма ӕ бийнойнаг Юрай архайунцӕ, цӕмӕй ӕй уинонцӕ, Йеговӕ сӕбӕл куд тухсуй, уой. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕмӕ естӕмӕйти фӕккӕсунцӕ, удта ма Мигелӕн куст иссерунмӕ дӕр банхус кӕнунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма сӕмӕ филиалӕй дӕр гуманитарон ӕнхус ӕрбацӕуй. Еци гъуддӕгтӕ еугурӕйдӕр Йегови ӕнхусбӕл нимайунцӕ. Йеговӕ алкӕддӕр сӕ фарсмӕ ке ӕй, уой лӕдӕрунцӕ ӕма уой фӕрци се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнуй. Сӕ хестӕр кизгӕ Йоселин радзурдта, Йеговӕ син куд банхус кодта, уой ӕма загъта: «Йеговӕ нӕбӕл хъӕбӕр тухсуй. Ӕз ӕй ме ’мбалбӕл нимайун ӕма ибӕл мӕ зӕрдӕ хъӕбӕр дарун. Нӕ бийнонтӕ ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ, еци зиндзийнӕдтӕ нӕ бацӕттӕ кодтонцӕ федӕни фӕлварӕнтӕмӕ».

6. Тухст уавӕри ку уайтӕ, уӕд уӕ бон куд ӕй уе ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун?

6 Бийнонтӕн цардамӕлттӕ кӕнун ӕнцон ку нӕ фӕууй, уӕд уомӕй хатгай нифс дӕр басӕттуй. Фал уӕ уавӕртӕ кудфӕнди зин ма уонцӕ, уӕддӕр уӕ бон ӕй уе ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун. Йеговӕй коретӕ, цӕмӕй уин банхус кӕна Киристей дзурдтӕбӕл расагъӕс кӕнун. Финст ӕнцӕ Матфеййи 6:25–34. Удта ма расагъӕс кӕнтӕ, Паддзахади гъуддаги зингзӕрдӕй ка архайуй, уонӕбӕл Йеговӕ куд тухсуй (1 Кор. 15:58). Кӕд нӕ уӕларвон Фидӕ уонӕн ӕнхус кӕнуй, уӕд сумахӕн дӕр ӕнӕмӕнгӕй банхус кӕндзӕй. Е уин уӕ уавӕр уинуй ӕма уин банхус кӕнун куд гъӕуй, уой дӕр зонуй. Йеговӕ уин куд ӕнхус, уой ку уинайтӕ, уӕд уе ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕндзӕй ӕма федӕни фӕлварӕнтӕмӕ хуӕздӕр цӕттӕ уодзиайтӕ (Авв. 3:17, 18).

«ТУХДУНГӔ» КУ ИСИСТА, УӔД ФЕДАР ФӔЛЛӔУДЗИАЙТӔ?

Федар ӕууӕндундзийнадӕ нин банхус кӕндзӕй цийфӕнди «тухдунги» дӕр федар фӕллӕуунмӕ, ӕнӕуой тухдунгӕ уа ӕви, тухдунги хузӕн ка фӕууй, уӕхӕн зиндзийнӕдти (кӕсӕ 7–11абзацтӕ)

7. Тухдунги рӕстӕг куд рабӕрӕг ӕй, Йесой ахуркӕнуйнӕгтӕн ӕууӕндундзийнадӕ ке нӕ фагӕ кодта? (Матфеййи 8:23–26).

7 Еухатт Йесо ӕма ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ денгизи ку адтӕнцӕ, уӕд тухдунгӕ исистадӕй. Уӕд син Йесо бавдиста, ӕууӕндундзийнадӕ син кӕми нӕ фагӕ кодта, уой. (Бакӕсӕ Матфеййи 8:23–26.) Сӕ бӕлӕгъ донӕй идзаг кӕнун райдӕдта, Йесо ба ӕнӕмӕтӕй фунӕй кодта. Ахуркӕнуйнӕгтӕ хъӕбӕр фӕттарстӕнцӕ ӕма Йесойӕн лигъстӕ кодтонцӕ, цӕмӕй сӕ фӕййервӕзун кодтайдӕ. Йесо ба син фӕлмӕнӕй загъта: «Цӕмӕн фӕттарстайтӕ? Кӕми ӕй уе ’ууӕндундзийнадӕ?» Кӕд хъӕбӕр фӕттарстӕнцӕ, уӕддӕр ӕй гъӕуама лӕдӕрдтайуонцӕ: Йеговӕ ӕнцонтӕй фӕййервӕзун кодтайдӕ Йесой дӕр, удта ӕ хӕццӕ ка адтӕй, уони дӕр. Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Не ’ууӕндундзийнадӕ федар ку уа, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй федар фӕллӕуун ӕрдзон бӕллӕхи дӕр, удта, царди ци бӕллӕхтӕ ӕрцӕуй, уонӕми дӕр.

8, 9. Анель цӕхуӕн фӕлварӕнти бахаудтӕй ӕма ин федарӕй фӕллӕуунмӕ ци банхус кодта?

8 Пуэрто-Рикой еу хуӕрӕ Анели ӕууӕндундзийнадӕ дӕр фӕлвӕрд ӕрцудӕй. 2017 анзи, кӕми цӕруй, уоми тухдунгӕ «Марийӕ» рацудӕй ӕма ин ӕ хӕдзарӕ ниппурхӕ кодта. Уой фӕсте ба ма ӕнӕ кустӕй дӕр байзадӕй. Анель зӕгъуй: «Еци зин рӕстӕги хъӕбӕр тухстӕн. Фал исахур дӕн мӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун ӕма ме ’гас тухститӕ дӕр уомӕн дзорун. Уой фӕрци мӕ нифс нӕ басастӕй».

9 Анель радзурдта, еци зин рӕстӕги ма ин никкидӕр ци банхус кодта, уой туххӕй. Е зӕгъуй: «Организаций амундтӕмӕ гӕсгӕ ке архайдтон, уой фӕрци мӕ зӕрдӕ сабур адтӕй. Хуӕртӕ ӕма мӕбӕл ӕнсувӕртӕ аллирдиги дӕр куд тухстӕнцӕ, уомӕй Йегови къох уидтон. Ме ’ууӕндундзийнадӕ дӕр мин федар кодтонцӕ, удта мин ӕнӕуой дӕр ӕнхус кодтонцӕ. Йеговӕй ци курдтон, уомӕй мин берӕ фулдӕр лӕвардта, ӕма уой фӕрци ме ’ууӕндундзийнадӕ дзӕвгарӕ федардӕр иссӕй».

10. Цӕмӕй «тухдунги» рӕстӕг федар фӕллӕууӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй?

10 «Тухдунгӕ» ни, гӕнӕн ес, ӕма кефӕнди царди дӕр ӕрцӕуа. Ка ’й зонуй, ӕцӕг тухдунги бахаудтӕ кенӕ ба дӕбӕл ӕндӕрхузи бӕллӕх ӕрцудӕй. Зӕгъӕн, уӕззау незӕй фӕссӕйгӕ дӕ ӕма уой туххӕй дӕхемӕ нийгъустай ӕма дин идарддӕр ци кӕнгӕ ’й, уой нӕ зонис. Кӕд рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ тухст уавӕри бахауӕн, уӕддӕр гъӕуама нӕ зӕрдӕ идарддӕр дӕр Йеговӕбӕл дарӕн. Гъӕуама имӕ ковӕн ӕма имӕ хӕстӕг кӕнӕн. Удта нин нурмӕти цӕхуӕн уавӕрти банхус кодта, уони дӕр гъӕуама ма иронх кӕнӕн (Пс. 77:11, 12). Уой фӕрци федарӕй ӕууӕнддзиан, ке нӕ некӕд ниууадздзӕй, уобӕл.

11. Разамунд ка дӕттуй, уонӕмӕ игъосун цӕмӕн гъӕуй?

11 Ци ма нин банхус кӕндзӕй фӕлварӕнти рӕстӕг федарӕй фӕллӕуун? Анель куд загъта, уомӕ гӕсгӕ коммӕгӕсдзийнадӕ. Йеговӕ ӕма Йесо кӕбӕл ӕууӕндунцӕ, сумах дӕр уонӕбӕл ӕууӕндетӕ. Фӕууй уотӕ, ӕма ӕнсувӕртӕ ци унаффитӕ рахӕссунцӕ, етӕ нӕмӕ ӕнахур фӕккӕсунцӕ. Фал Йеговӕ коммӕгӕс киристӕнттӕн арфӕ кӕнуй. Библий хабӕрттӕй, удта нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти цӕветтонтӕй бӕрӕг ӕй, коммӕгӕсдзийнадӕ цард ке ервӕзун кӕнуй (Рац. 14:1–4; 2 Анз. 20:17). Уӕхӕн хабӕрттӕбӕл сагъӕс кӕнтӕ. Уой фӕрци уӕ фӕнддзӕй идарддӕр дӕр Йегови организаций амундтӕмӕ гӕсгӕ архайун нур дӕр ӕма федӕни дӕр (Дзиуит. 13:17). Удта аци дуйнебӕл ци «тухдунгӕ» ӕрбацӕуй, уомӕй дӕр нӕ тӕрсдзиайтӕ (Ӕмб. 3:25).

ХУЦАУ ХӔРАН ГЪУДДӔГТӔН КӔРОН КЕ ИСКӔНДЗӔЙ, УОБӔЛ ӔУУӔНДИС?

Нӕ зӕрдиаг кувдтитӕ нин не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунцӕ (кӕсӕ 12 абзац)

12. Хӕрандзийнадӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нӕ не ’ууӕндундзийнадӕ цӕмӕ баразӕнгард кӕндзӕй? (Лукай 18:1–8).

12 Йесо ӕй зудта, ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ хӕрандзийнадӕбӕл ке ӕмбӕлдзӕнцӕ. Ӕма уомӕ гӕсгӕ радзурдта, ӕнӕраст тӕрхонгӕнӕгӕн ка лигъстӕ кодта, еци идӕдзӕ силгоймаги хабар. Еци силгоймаг ӕй зудта, федар ку фӕллӕууа ӕма ӕ къохтӕ ку не ’руадза, уӕд еци тӕрхонгӕнӕгӕн раст унаффӕ ке рахӕссун кӕндзӕй. Ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ рауадӕй. Аци хабар нин цӕбӕл дзорӕг ӕй? Йеговӕ еци ӕнӕраст тӕрхонгӕнӕги хузӕн нӕй. Ӕма Йесо дӕр уомӕ гӕсгӕ загъта: «Гӕрр, мадта уӕд Хуцау е ’взурстити туххӕй, ӕхсӕвӕй-бонӕй имӕ ка дзиназуй, уони туххӕй, раст ӕма хӕран ка ӕй, уой нӕ равзардзӕй?» (Бакӕсӕ Лукай 18:1–8.) Удта ма уотӕ дӕр загъта: «Фал Адӕймаги Фурт ку ’рцӕуа, уӕд зӕнхӕбӕл ӕууӕндундзийнадӕ иссердзӕй?» Мадта хӕрандзийнадӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нин нӕ федар ӕууӕндундзийнадӕ банхус кӕндзӕй, цӕмӕй еци идӕдзӕ силгоймаги хузӕн фӕразон уӕн ӕма нӕ къохтӕ ма ’руадзӕн. Удта ’й зондзиан, ци хӕрандзийнадӕбӕл исӕмбалдан, уомӕн Йеговӕ еу уӕхӕни кӕрон ке искӕндзӕй. Кувдӕн ци хъаурӕ ес, уобӕл дӕр гъӕуама ӕууӕндӕн. Еуӕй-еухатт нин Йеговӕ нӕ кувдбӕл, ӕнгъӕл дӕр куд нӕ фӕууӕн, уотӕ исдзуапп кӕнуй.

13. Кувд еу бийнонти куд фӕййервӕзун кодта?

13 Ӕркӕсӕн Конгой еу хуӕрӕ Вероники хабармӕ. Сӕ бӕсти змӕнститӕ ку райдӕдтонцӕ, уӕд ӕй ӕ сӕрихецау ӕма ӕ 15 анздзуд кизги хӕццӕ сӕ гъӕуӕй ледзун багъудӕй (ӕ сӕрихецау Ӕвдесӕн нӕй). Фал сӕ еу пости ба ӕфсӕддонтӕ бауорӕдтонцӕ ӕма сӕмӕ ӕвзедун райдӕдтонцӕ, тӕккӕ уӕ рамардзиан, зӕгъгӕ. Вероникӕ уотӕ фӕттарстӕй, ӕма богъ-богъӕй кӕун райдӕдта. Ӕ кизгӕ ба гъӕрӕй Йеговӕмӕ ковун райдӕдта, цӕмӕй ӕ мади ӕрсабур кодтайдӕ ӕма Йегови ном цалдӕр хатти исдзурдта. Уӕд ӕй ӕфсӕддонти хестӕр бафарста: «Кизгӕ, ка дӕ исахур кодта ковун?» Е ба ин уотӕ: «Мӕ мадӕ». Удта ин балӕдӕрун кодта, Йесо дӕр уотӕ ке кувта, ӕма уой туххӕй Матфеййи 6:9–13 финст ке ӕй. Ӕма ин уӕд ӕфсӕддонти хестӕр загъта: «Цотӕ. Ӕма дӕ дӕ Хуцау Йеговӕ гъӕуай кӕнӕд!»

14. Не ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд кӕд ӕрцӕуй ӕма дин ци банхус кӕндзӕй федар фӕллӕуун?

14 Уӕхӕн хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, кувдӕн цӕхуӕн устур хъаурӕ ес, е. Фал, зӕгъӕн, Йеговӕ дӕ кувдбӕл уотӕ тагъд, удта уотӕ ӕргом дзуапп ку нӕ ратта, уӕдта? Йесо ци идӕдзӕ силгоймаги хабар ракодта, уой хузӕн ду дӕр дӕ къохтӕ ма уадзӕ. Идарддӕр дӕр Йеговӕмӕ ковӕ ӕма ма гурусхӕ кӕнӕ, дӕ хӕццӕ ке ӕй ӕма ’й е хуӕздӕр ке зонуй, дӕ кувдбӕл дин дзуапп раттун кӕд гъӕуй, уой. Идарддӕр дӕр си сугъдӕг хъаурӕ корӕ (Фил. 4:13). Удта ди иронх ма уӕд: тагъд рӕстӕги дин Йеговӕ уотӕ райарфӕ кӕндзӕй, ӕма нури зиндзийнӕдтӕ гъуди дӕр некӕдбал ӕркӕндзӕнӕ. Нур ку исахур уай зин уавӕрти дӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун, уӕд федӕни фӕлварӕнтӕмӕ дӕр цӕттӕ уодзӕнӕ (1 Пет. 1:6, 7).

ЦИЙФӔНДИ ЗИНДЗИЙНӔДТИ СӔРТИ ДӔР ДӔ БОН КЕ ӔЙ РАХЕЗУН, УОБӔЛ ӔУУӔНДИС?

15. Матфеййи 17:19, 20 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йесой ахуркӕнуйнӕгтӕн сӕ бон ци не ’ссӕй?

15 Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн дзурдта, ӕууӕндундзийнади фӕрци цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти дӕр ке рахездзӕнцӕ. (Бакӕсӕ Матфеййи 17:19, 20.) Еухатт сӕ бон не ’ссӕй еу биццеуӕй лӕгъуз изӕди расорун, кӕд син раздӕр е берӕ хӕттити рауаидӕ, уӕддӕр. Цума цӕмӕн? Ӕууӕндундзийнадӕ син ке нӕ фагӕ кодта, уой туххӕй. Йесо син куд загъта, уотемӕй сӕмӕ федар ӕууӕндундзийнадӕ ку адтайдӕ, уӕд хуӕнхтӕ дӕр базмӕлун кодтайуонцӕ. Махӕн дӕр, гӕнӕн ес, ӕма нӕ зиндзийнӕдтӕ нӕ рази хуӕнхти хузӕн фестонцӕ.

Зиан нӕбӕл ку ’рцӕуа, уӕддӕр нӕ бон уодзӕй Йеговӕн идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнун, федар ӕууӕндундзийнадӕ нӕмӕ ку уа, уӕд (кӕсӕ 16 абзац)

16. Ӕууӕндундзийнадӕ хуӕрӕ Хейдийӕн куд банхус кодта?

16 Ӕркӕсӕн, Гватемалӕй еу хуӕрӕ Хейдибӕл ци хабар ӕрцудӕй, уомӕ. Ӕ лӕги ин рамардтонцӕ, ӕмбурдӕй сӕхемӕ ку цудӕнцӕ, уӕд. Цума Хейдийӕн еци рӕстӕг е ’ууӕндундзийнадӕ куд банхус кодта? Хейди зӕгъуй: «Кувди фӕрци мӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвардтон ӕма мӕ зӕрдӕ ӕрсабур ӕй. Уомӕй уӕлдай ма Йегови къох фӕууинун, мӕ хеуӕнттӕ ӕма мин ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ку банхус кӕнунцӕ, уӕд. Удта архайун, цӕмӕй фулдӕр лӕггадӕ кӕнон. Уой фӕрци мӕ рист уотӕ карз нӕбал ӕй ӕма, исон ци уодзӕй, уобӕл дӕр ӕгӕр нӕ тухсун. Еци хабӕртти фӕсте ӕй балӕдӕрдтӕн: федӕни нӕмӕ цийфӕнди зиндзийнӕдтӕ ма ’нгъӕлмӕ кӕсонцӕ, уӕддӕр Йеговӕ, ӕ организаци ӕма Киристей фӕрци алцидӕр исфӕраздзӕн».

17. Уотӕ нӕмӕ ку кӕса, ӕма нӕ зиндзийнӕдтӕ нӕ сӕрӕй уӕлдӕр ӕнцӕ, уӕд нӕ бон ци ӕй кӕнун?

17 Кӕд дӕубӕл дӕр зиан ӕрцудӕй, уӕд Библий кӕсӕ, Йеговӕ адӕни куд райгас кӕнидӕ, еци хабӕрттӕ. Уой фӕрци райгасдзийнадӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзӕнӕ. Кӕд дӕ хеуӕнттӕй еске ӕмбурдӕй рацох кодтонцӕ, уӕдта Библи лӕмбунӕг ӕртасӕ, цӕмӕй ӕппундӕр ма гурусхӕ кӕнай, Йегови зундамунд алкӕддӕр пайда ке хӕссуй. Цийфӕнди уавӕри ма бахауай, уӕддӕр имӕ уотӕ кӕсӕ, цума дин фадуат фӕззиндтӕй де ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнунмӕ. Йеговӕн дӕ риститӕ дзорӕ, рӕстӕг ӕрветӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ӕма си дӕхе макӕд еуварс кӕнӕ (Ӕмб. 18:1). Кӕд дӕ цӕстисуг дӕ бон бауорамун нӕй, уӕддӕр архайӕ, цӕмӕй ӕмбурдтӕ ма цох кӕнай, игъосун кӕнай ӕма Библи кӕсай (Пс. 126:5, 6). Уой фӕрци дӕ бон уодзӕй уӕззау сагъӕсти хӕццӕ тох кӕнун. Удта дӕ зӕрдӕбӕл алкӕддӕр дарӕ, Йеговӕ дин ци дессаги федӕн ӕрцӕттӕ кодта, уой. Йеговӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, уой ку уинӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ бонӕй-бонмӕ федардӕр кӕндзӕй.

«БАФТАУӔ НИН НЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДӔБӔЛ»

18. Ӕууӕндундзийнадӕ нин кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уой ку балӕдӕрӕн, уӕд нӕ ци кӕнун гъӕуй?

18 Кӕд цӕхуӕндӕр фӕлварӕнти рӕстӕг фӕууидтайтӕ, ӕууӕндундзийнадӕ уин ке нӕ фагӕ кӕнуй, уӕд уӕ къохтӕ ма уадзетӕ. Нур ӕй зонетӕ, цӕбӕл уӕ гъӕуй архайун, уой. Уӕ бон ӕй Йесой апостолти фӕнзун. Етӕ Йесойӕй курдтонцӕ: «Бафтауӕ нин не ’ууӕндундзийнадӕбӕл» (Лук. 17:5). Удта ма уӕ бон ӕй сагъӕс кӕнун, аци статьяй ке кой цудӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хабӕрттӕбӕл. Мигель ӕма Юраййи хузӕн ма иронх кӕнтӕ, Йеговӕ уин раздӕр куд ӕнхус кодта, уой. Вероники кизгӕ ӕма Анели хузӕн Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй коветӕ, уӕлдайдӕр ба, куд бакӕнайтӕ, уой ку нӕ зонайтӕ, уӕд. Ӕма Хейдий хузӕн уӕ зӕрдӕбӕл даретӕ, Йеговӕ уин уе ’мбӕлттӕ ӕма уӕ хеуӕнтти фӕрци ке банхус кӕндзӕй. Йеговӕбӕл уӕ зӕрдӕ дарун абони ку исахур уайтӕ, уӕд ӕй федарӕй зондзиайтӕ, федӕни уин цийфӕнди фӕлварӕни дӕр федар фӕллӕуунмӕ ке банхус кӕндзӕй.

19. Йесо цӕбӕл нӕ гурусхӕ кодта ӕма дӕу бон цӕбӕл ӕй федарӕй ӕууӕндун?

19 Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн банхус кодта фӕууинун, ӕуӕндундзийнадӕ син кӕми нӕ фагӕ кодта, уой. Фал ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кодта, Йегови фӕрци се ’гас фӕлварӕнти рӕстӕг дӕр федар ке фӕллӕудзӕнцӕ (Иоан. 14:1; 16:33). Йесо ’й зудта, хъӕбӕр берӕ адӕнмӕ федар ӕууӕндундзийнадӕ ке разиндзӕй ӕма устур бӕллӕхи сӕрти ке рахездзӕнцӕ (Рарг. 7:9, 14). Ду ба еци адӕни астӕу уодзӕнӕ? Хуцауи устур хуарзӕнхи фӕрци уодзӕнӕ! Фал дӕ уой туххӕй гъӕуй ӕгас хъауритӕй архайун, цӕмӕй де ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнай (Дзиут. 10:39).

118 ЗАР «Бафтауӕ нин не ’ууӕндундзийнадӕбӕл»

^ 5 абз. Аци фуддуйнейӕн ӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕй, уомӕ ни алкедӕр хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Фал уӕддӕр еуӕй-еухатт фӕттухсӕн, еци рӕстӕг нӕмӕ фагӕ ӕууӕндундзийнадӕ ку нӕ разинна, уобӕл. Аци статьяй цалдӕр хабаремӕ ӕркӕсдзиан ӕма базондзиан, не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун нӕ бон куд ӕй, уой.

^ 4 абз. Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.