АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 46
Уӕ бийнонти царди сӕйрагдӕр уӕд Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун
«Йеговӕ ӕй мӕ хъаурӕ... Мӕ зӕрдӕ уомӕй адтӕй нифсгун» (ПС. 28:7).
131 ЗАР «Хуцау ци байеу кодта, е»
РАЗДЗУРД *
1, 2. а) Бийнонтӕ ӕрӕги ка искодта, уони Йеговӕбӕл сӕ зӕрдӕ дарун цӕмӕн гъӕуй? (Псалом 37:3, 4). б) Аци статьяй цӕбӕл радзордзиан?
КӔД уӕ цард ӕрӕги байеу кодтайтӕ кенӕ байеу кӕнунмӕ гъаветӕ, уӕд уӕ куд нӕ фӕндуй, цӕмӕй амондгун цард кӕнайтӕ. Фал уӕддӕр царди аллихузи зиндзийнӕдтӕ фӕууй, ӕма уӕ гъӕудзӕй ӕхсидзгӕ унаффитӕ хӕссун. Цӕхуӕн унаффитӕ рахӕсдзиайтӕ, уомӕй кӕнгӕ уодзӕй, уӕ бийнонти цард амондгун уодзӕй ӕви нӕ. Уӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку дарайтӕ, уӕд уин банхус кӕндзӕй зундгин унаффитӕ хӕссун, ӕма уӕ бийнонти цард уодзӕй федар ӕма амондгун. Хуцауи унаффитӕмӕ ку нӕ игъосайтӕ, уӕдта, гӕнӕн ес, ӕма фенамонд уайтӕ. (Бакӕсӕ Псалом 37:3, 4.)
2 Аци статьяй фиццагидӕр дзурд цӕудзӕй, бийнонтӕ ӕрӕги ка искодта, уонӕбӕл, фал си ци унаффити кой цӕуа, етӕ ба бийнонтӕ кӕмӕн ес, уонӕн се ’гасемӕндӕр пайда уодзӕнцӕ. Мах радзубанди кӕндзиан, Хуцаубӕл еузӕрдон ка адтӕй, еци нӕлгоймӕгтӕ ӕма силгоймӕгти хабӕрттӕбӕл. Ӕма си ци базондзиан, е айдагъ бийнонти цардмӕ нӕ хауй, фал царди ӕндӕр фӕззелӕнтӕмӕ дӕр. Уомӕй уӕлдай ма ӕркӕсдзиан мах рӕстӕги цалдӕр бийнонти хабӕрттӕмӕ дӕр.
БИЙНОНТИ ЦАРДИ ЦӔХУӔН ЗИНДЗИЙНӔДТӔ ФӔУУЙ?
3, 4. Ӕрӕги бийнонтӕ ка искодта, етӕ цӕхуӕн зинтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ?
3 Фӕууй уотӕ, ӕма ӕрӕги бийнонтӕ ка искодта, уонӕн фӕззӕгъунцӕ, зӕгъгӕ, иннетӕ куд цӕрунцӕ, сумах дӕр уотӕ цӕретӕ. Зӕгъӕн, сӕ ниййергутӕ сӕ искарз кӕнунцӕ цӕуӕти
туххӕй. Еуӕй-еухатт ба син се ’мбӕлттӕ ӕма иннӕ хеуӕнттӕ сӕ хуарз зӕрдӕй фӕззӕгъунцӕ, цӕмӕй ӕнӕмӕнгӕй сӕхе хӕдзарӕ исамал кӕнонцӕ ӕма си зӕрдидзӕбӕхӕн цӕрӕн куд уа, уотӕ ’й исрӕвдзӕ кӕнонцӕ.4 Нӕуӕг бийнонтӕ унаффитӕ ӕнӕрасагъӕс кӕнгӕй ку хӕссонцӕ, уӕд ӕфстӕутти ниббурдзӕнцӕ. Ӕма цӕмӕй еци ӕфстӕуттӕ федонцӕ, уой туххӕй ба сӕ гъӕудзӕй берӕ косун. Уотемӕй син куст сабургай байесдзӕй, бийнонти ахурӕн ӕма сӕ лӕггадӕн ци рӕстӕг рахецӕн кодтонцӕ, уой. Ӕнӕ кустӕй байзайуни тӕссӕй кенӕ фулдӕр ӕхца бакосуни нифсӕй ба арази кӕндзӕнцӕ фӕскуст косунбӕл дӕр, ӕма уой туххӕй ӕмбурдтӕ дӕр цох кӕндзӕнцӕ. Уотемӕй лӕг ӕма уосӕ сӕхе фенӕхай кӕндзӕнцӕ, Йеговӕн фулдӕр ку лӕггадӕ кодтайуонцӕ, уӕд син е ци цийнӕ ӕрхастайдӕ, еци цийнӕй.
5. Клаус ӕма Мариси хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
5 Цард куд ӕвдесуй, уотемӕй адӕймаг ӕ хъауритӕ мулк ӕмбурд кӕнунмӕ ку исараза, уӕд амондгун нӕ уодзӕй. Уой сӕхебӕл бавзурстонцӕ Клаус ӕма Марисӕ *. Сӕ киндзӕхсӕвӕри фӕсте гъӕздуг цард кӕнуни туххӕй сӕ дууӕ дӕр ӕгас бон кустонцӕ. Фал син уӕддӕр цидӕр нӕ фагӕ кодта. Клаус зӕгъуй: «Берӕ аллихузи дзаумӕуттӕ балхӕдтан, фал Йегови гъуддӕгти ба размӕ нӕ цудан. Раст зӕгъгӕй, нӕхуӕдтӕ нӕхецӕн сӕринез искодтан». Ду дӕр ӕй, ӕвӕдзи, балӕдӕрдтӕ, нӕуӕг дзаумӕуттӕ адӕймаги амондгундӕр ке нӕ кӕнунцӕ. Кӕд ду дӕр, Клаус цӕй кой кӕнуй, уой дӕхецӕй зонис, уӕд дӕ нифс ма сӕттӕд. Аци статьяй ци унаффитӕ ес, етӕ дин банхус кӕндзӕнцӕ гъӕугӕ ӕййивддзийнӕдтӕ искӕнунмӕ. Фиццаг бал ӕркӕсӕн, лӕгтӕ паддзах Иосафати хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ, уомӕ.
ПАДДЗАХ ИОСАФАТИ ХУЗӔН УӔ ЗӔРДӔ ЙЕГОВӔБӔЛ ДАРЕТӔ
6. Зин уавӕрти Иосафат Ӕмбесӕндти 3:5, 6 финст унаффӕмӕ гӕсгӕ куд архайдта?
6 Хатгай лӕгтӕн ӕнцон нӕ фӕууй, сӕ бийнонти рази сӕбӕл ци ихӕстӕ фӕууй, уони ӕнхӕст кӕнун. Кӕд дӕуӕн дӕр еци гъуддаг ӕнцон нӕй, уӕд дин паддзах Иосафати хабар банхус кӕндзӕй. Паддзах Иосафатӕн ӕ бӕрагӕ адтӕй ӕнӕгъӕнӕ адӕнихатт. Цума ин еци устур уаргъ хӕссун куд ӕнтӕстӕй? Ӕ адӕни багъӕуай кӕнунмӕ, ӕхецӕй кӕнгӕ ци адтӕй, уой кодта. Иудейӕ бафедар кодта, удта ӕрӕмбурд кодта, 1 160 000 ӕфсӕддони кӕми адтӕй, уӕхӕн ӕфсад (2 Анз. 17:12–19). Фӕстӕдӕр Иосафат, ӕ бийнонтӕ ӕма ӕ адӕн тӕссаг уавӕри бахаудтӕнцӕ: амонӕгтӕ, моавӕгтӕ ӕма Сеири хонхи цӕргутӕ байеу ӕнцӕ ӕма сӕ нихмӕ рацудӕнцӕ (2 Анз. 20:1, 2). Цума Иосафат куд бакодта? Йеговӕй ӕнхус ракурдта. Ӕмбесӕндти 3:5, 6 финст дзурдтӕ дӕр нӕ уомӕ разӕнгард кӕнунцӕ. (Ба сӕ кӕсӕ.) 2 Анзфинстити 20:5–12 стихти финст ӕй Иосафати сӕрниллӕг кувд. Еци кувдӕй бӕрӕг ӕй, ӕ зӕрдӕ ӕрмӕстдӕр ӕ уӕларвон Фидӕбӕл ке дардта. Цума ин Йеговӕ цӕхуӕн дзуапп равардта?
7. Йеговӕ Иосафати кувдбӕл дзуапп куд равардта?
2 Анз. 20:13–17). Уӕхӕн тӕссаг уавӕри сӕмӕ еци дзурдтӕ, ӕвӕдзи, ӕнахур фӕккастӕнцӕ. Фал еци дзурдтӕ Йеговӕй цудӕнцӕ. Гъема Иосафат дӕр, Йеговӕ куддӕриддӕр загъта, гъе уотӕ бакодта. Ӕ адӕни хӕццӕ знӕгти нихмӕ ку рацудӕй, уӕд е ’фсади фиццаг рӕнгъӕбӕл нифсхаст ӕфсӕддонти нӕ ниввардта, фал тохӕндзаума дӕр кӕмӕ н’ адтӕй, уӕхӕн заргути, цӕмӕй Йегови кадгин кодтайуонцӕ. Ӕма Хуцау ӕ дзурд исӕнхӕст кодта – се ’знӕгти син ниццагъта! (2 Анз. 20:18–23).
7 Йеговӕ Иосафатмӕ барвиста левит Иахазиили, ӕма ин е загъта: «Сумах уӕ бунӕтти ислӕууетӕ, ӕнцад лӕууетӕ ӕма кӕсетӕ, Йеговӕ уӕ куд фӕййервӕзун кӕндзӕй, уомӕ» (8. Лӕгтӕ Иосафати хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?
8 Лӕгтӕ Иосафати хабарӕй берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнунцӕ. Уонӕн сӕ ихӕс ӕй сӕ бийнонти гъӕуай кӕнун ӕма сӕбӕл тухсун, ӕма хъиамӕт дӕр уой туххӕй кӕнунцӕ. Ка ’й зонуй, зин уавӕри ку бахауай, уӕд расагъӕс кӕндзӕнӕ, мӕхуӕдӕг дӕр ести кӕндзӕн, зӕгъгӕ. Фал дӕ зӕрдӕ айдагъ дӕхебӕл ма дарӕ. Йеговӕмӕ ковӕ дӕхуӕдӕг дӕр ӕма дӕ бийнойнаги хӕццӕ дӕр. Корӕ си, цӕмӕй дин бавдеса, куд хуӕздӕр уодзӕй бакӕнун, уой. Библи ӕма нӕ публикацитӕ лӕмбунӕг ӕртасӕ. Уой фӕсте ба Хуцауи унаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕ. Ка ’й зонуй, ци унаффӕ рахӕссай, е алке зӕрдӕмӕ нӕ фӕццӕудзӕй. Ӕнӕзунд дӕр ма дин ӕй хондзӕнцӕ. Кадӕртӕ ба ма уотӕ дӕр дзордзӕнцӕ: «Цӕмӕй дӕ бийнонтӕ дзӕбӕх цӕронцӕ, уой туххӕй берӕ ӕхца косун гъӕуй». Фал Иосафати хабар ма иронх кӕнӕ. Иосафат ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардта, ӕма е ӕ гъуддӕгтӕй дӕр бӕрӕг адтӕй. Йеговӕ дӕр ӕй нӕ ниууагъта. Ӕма уой куд нӕ ниууагъта, уотӕ дӕу дӕр нӕ ниууадздзӕй (Пс. 37:28; Дзиуит. 13:5). Фал лӕг ӕма уоси бон ба ци ӕй кӕнун, цӕмӕй сӕ бийнонти цард амондгундӕр уа?
ЙЕГОВӔ УӔ ЦАРДИ ФИЦЦАГ БУНАТИ УӔД, ПАХАМПАР ИСАЙ ӔМА Ӕ БИЙНОЙНАГӔН КУД АДТӔЙ, УОТӔ
9. Пахампар Исай ӕма ӕ бийнойнаги туххӕй ци зонӕн?
9 Пахампар Исайӕн ӕма ӕ бийнойнагӕн Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун сӕ царди фиццаг бунати адтӕй. Кӕцӕй ӕй зонӕн? Исай лӕггадӕ кодта пахампарӕй. Ӕ бийнойнаги ба ин Библи хонуй пахампар-уосӕ. Ӕвӕдзи, Йеговӕ уомӕн дӕр цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕ баихӕс кӕнидӕ (Ис. 8:1–4). Еци бийнонтӕ абони Йегови лӕггадгӕнгутӕн фӕнзуйнаг ӕнцӕ.
10. Цӕмӕн ес зӕгъӕн, ӕма лӕг ӕма уосӕ Библий пахампарӕдтӕ ку ӕртасонцӕ, уӕд сӕ Йеговӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнун никки хъӕбӕрдӕр фӕнддзӕй?
10 Мах бон дӕр ӕй Исай ӕма ӕ бийнойнаги фӕнзун ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй, нӕ бон ци ӕй, уой кӕнун. Лӕг ӕма уосӕ еумӕ Библий пахампарӕдтӕ ку ӕртасонцӕ, уӕд ӕй уиндзӕнцӕ, алкӕддӕр ке исӕнхӕст унцӕ, ӕма уотемӕй Йеговӕбӕл сӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр дардзӕнцӕ ӕма ибӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзӕнцӕ * (Тит. 1:2). Уомӕй уӕлдай ма син пайда ӕй сагъӕс кӕнун, Библий пахампарӕдтӕ абони куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уобӕл ӕма е уонӕмӕ куд хауй, уобӕл дӕр. Зӕгъӕн, Йесо Киристе загъта, цалинмӕ аци фуддуйнейӕн кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъустгонд ке ӕрцӕудзӕй (Матф. 24:14). Лӕг ӕма ’й уосӕ куд хуӕздӕр уинонцӕ, еци пахампарадӕ куд ӕнхӕст кӕнуй, уой, уотӕ сӕ никки хъӕбӕрдӕр фӕнддзӕй Йеговӕн никки фулдӕр лӕггадӕ кӕнун.
АКИЛӔ ӔМА ПРИСКИЛЛИ ХУЗӔН ДУ ДӔР ПАДДЗАХАДИ ГЪУДДАГ ДӔ ЦАРДИ ФИЦЦАГ БУНАТИ ӔВӔРӔ
11. Акилӕ ӕма Прискиллӕ куд лӕггадӕ кодтонцӕ ӕма цӕй фӕрци?
11 Ӕригон бийнонтӕн фӕнзуйнаг ӕнцӕ, фиццаг ӕноси Роми ка цардӕй, еци лӕг ӕма уосӕ, Акилӕ ӕма Прискиллӕ. Етӕ адтӕнцӕ дзиуиттӕгтӕ ӕма, Киристей туххӕй хуарз хабар ку фегъустонцӕ, уӕд киристӕнттӕ иссӕнцӕ. Сӕ царди нецӕбӕл тухстӕнцӕ, фал еухатт император Клавдий бардзурд равардта, цӕмӕй ӕгас дзиуиттӕгтӕ Ромӕй рандӕ уонцӕ. Расагъӕс кӕнӕ, Акилӕ ӕма Прискилли гъудӕй ниууадзун сӕ хӕдзарӕ, сӕ цатурти куст ӕма ӕндӕр горӕтмӕ раледзун ӕма уоми ба алцидӕр нӕуӕгӕй аразун. Цума син уой туххӕй Паддзахади гъуддаг кӕмидӕр фӕстегӕй байзадӕй? Нӕ байзадӕй. Сӕ нӕуӕг бунати, Коринфи, Акилӕ ӕма Прискиллӕ бунӕттон ӕмбурди хӕццӕ зӕрдиагӕй ӕмгуст кодтонцӕ, удта апостол Павели хӕццӕ дӕр ӕнсувӕрти федар кодтонцӕ. Фӕстӕдӕр, игъосунгӕнгутӕ кӕми фӕгъгъӕуидӕ, уӕхӕн горӕттӕмӕ дӕр сӕ цӕрӕнбунат раййевиуонцӕ (Гъуд. 18:18–21; Ром. 16:3–5). Бӕрӕг ӕй, сӕ бийнонти цард амондгун ке адтӕй.
12. Лӕг ӕма уосӕ Йегови гъуддӕгти нисӕнттӕ цӕмӕн гъӕуама ӕвӕронцӕ?
12 Мах бон дӕр ӕй Акилӕ ӕма Прискилли фӕнзун ӕма Паддзахади гъуддаг царди фиццаг бунати ӕвӕрун. Хуарз уайдӕ, ӕ цард байеу кӕнунмӕ ка фӕгъгъавуй, еци лӕхъуӕн ӕма кизгӕ сӕ ниссӕнттӕбӕл рагацау ку радзубанди кӕниуонцӕ. Еумӕйаг нисӕнттӕ син ку уа ӕма еци нисӕнттӕмӕ ку тундзонцӕ, уӕд Йеговӕн барӕ дӕтдзӕнцӕ, цӕмӕй син ӕ сугъдӕг хъаурӕй сӕ цард араза (Еккл. 4:9, 12). Рассел ӕма Элизабетӕн дӕр сӕ хабар уотӕ рауадӕй. Рассел зӕгъуй: «Нӕ нисӕнттӕбӕл радзубанди кодтан, нӕ цард ку нӕма байеу кодтан, уӕд». Элизабет ба зӕгъуй: «Е нин хъӕбӕр фенхус ӕй. Ести унаффӕ рахӕссун нӕ ку фӕгъгъӕуй, уӕд нӕ нисӕнттӕ нӕ зӕрдӕбӕл фӕддарӕн ӕма нӕ ка бакъулумпи кӕндзӕй, уӕхӕн унаффитӕ нӕ фӕххӕссӕн». Рассел ӕма Элизабетӕн сӕ нисан сӕ къохи бафтудӕй – игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уоми лӕггадӕ кӕнунцӕ.
13. Псаломи 28:7 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ бийнонтӕ сӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку даронцӕ, уӕд сӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
13 Бийнонтӕй беретӕ Рассел ӕма Элизабети хузӕн хумӕтӕг цард кӕнунцӕ ӕма сӕхебӕл уӕлдай уӕргътӕ не ’вӕрунцӕ. Гъе уой фӕрци сӕ бон ӕй игъосун кӕнуни гъуддаги ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги фулдӕр архайун. Лӕг ӕма уосӕ Йегови гъуддаги нисӕнттӕ ку исӕвӕрунцӕ ӕма еци нисӕнттӕ сӕ къохи ку бафтуйунцӕ, уӕд син е хуарзӕй ӕндӕр неци ’рхӕссуй. Етӕ ӕнӕмӕнгӕй фӕууиндзӕнцӕ, Йеговӕ сӕбӕл куд тухсуй, уой ӕма ибӕл сӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр дардзӕнцӕ. Уой фӕрци сӕ бийнонти цард амондгундӕр уодзӕй. (БакӕсӕАПОСТОЛ ПЕТУР ӔМА Ӕ БИЙНОЙНАГИ ХУЗӔН, ЙЕГОВИ ЗӔРДӔВӔРДТӔБӔЛ ӔУУӔНДЕТӔ
14. Апостол Петур ӕма ӕ бийнойнаг куд бавдистонцӕ, Матфеййи 6:25, 31–34 финст дзурдтӕбӕл ке ӕууӕндунцӕ, уой?
14 Бийнонтӕ берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнунцӕ апостол Петур ӕма ӕ бийнойнаги хабарӕй. Киристе апостол Петурӕн ку загъта, цӕмӕй ӕ фӕдбӕл рацӕуа, уӕд Петури гъудӕй лӕмбунӕг расагъӕс кӕнун, уомӕн ӕма ин бийнонтӕ адтӕй ӕма сӕ дарун гъудӕй, Петур ба кӕсалгахӕссӕги куст кодта. Фал уӕддӕр Киристей фӕдбӕл рацудӕй, ӕма е раст унаффӕ адтӕй (Лук. 5:1–11). Ӕ бийнойнаг дӕр ин, ӕвӕдзи, еци унаффӕбӕл исарази ӕй. Библийӕй бӕрӕг ӕй, Петур игъосун кӕнуни балцити ку фӕууидӕ, уӕд ӕ бийнойнаг дӕр еуӕй-еухатт ӕ хӕццӕ ке рацӕуидӕ (1 Кор. 9:5). Ӕ бийнойнаг хуарз адӕймаг ке адтӕй, удта Петурӕн ке ӕнхус кодта, уомӕ гӕсгӕ ӕ бон адтӕй, бийнонти цардмӕ ка хауй, уӕхӕн унаффитӕ дӕттун (1 Пет. 3:1–7). Бӕрӕг ӕй, Петур дӕр ӕма ӕ бийнойнаг дӕр федарӕй ке ӕууӕндтӕнцӕ, Паддзахади гъуддаг царди фиццаг бунати ка ӕвӕруй, уобӕл Йеговӕ ке батухсдзӕй. (Бакӕсӕ Матфеййи 6:25, 31–34.)
15. Тьягу ӕма Эстери хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
15 Кӕд уӕ цард рагӕй байеу кодтайтӕ, уӕд уин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй уӕ идарддӕр дӕр фӕндӕуа Йеговӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнун? Уӕ бон ӕй фӕлтӕрдгун бийнонти хӕццӕ радзорун. Уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти туххӕй ма уӕ бон ӕй бакӕсун рубрики «Они с готовностью предоставили себя для служения» *. Еци статьяти фӕрци Бразилий еу бийнонти Тьягу ӕма Эстери бафӕндадтӕй, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уӕхӕн рауӕнмӕ рандӕ ун. Тьягу зӕгъуй: «Нӕ рӕстӕги Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн куд ӕнхус кӕнуй, уӕхӕн хабӕрттӕ кӕсун берӕ уарзтан. Ӕма мах дӕр бафӕндадтӕй нӕхебӕл бавзарун, Йеговӕ нин нӕ цард куд араздзӕй ӕма нӕбӕл куд тухсдзӕй, уой». Фӕстӕдӕр еци бийнонтӕ Парагваймӕ ралигъдӕнцӕ ӕма 2014 анзӕй фӕстӕмӕ игъосун кӕнунцӕ, португайлаг ӕвзагбӕл си ка дзоруй, уонӕн. Эстер зӕгъуй: «Нӕ дууей зӕрдӕмӕ дӕр хъӕбӕр цӕунцӕ Ефесӕгтӕмӕ 3:20 стихи финст дзурдтӕ. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ӕй еу хаттӕй иннӕ хатмӕ фӕууинӕн, еци дзурдтӕ ӕцӕгӕйдӕр раст ке ӕнцӕ». Еци стихи Павел зӕгъуй, Йегови бон ке ӕй, «ци си корӕн кенӕ ба ӕрмӕстдӕр гъуди цӕбӕл ракӕнӕн, уомӕй берӕ фулдӕр искӕнун». Ӕма уомӕн ес берӕ бӕлвурдгӕнӕнтӕ.
16. Бийнонтӕ ӕрӕги ка искодта, уони бон ке хӕццӕ ӕй раунаффӕ кӕнун?
16 Бийнонтӕ ӕрӕги ка искодта, уони бон ӕй радзорун, ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун ка исахур ӕй, уӕхӕн фӕлтӕрдгун бийнонти хӕццӕ. Зӕгъӕн, еуӕй-еу бийнонтӕ дӕсгай Ӕмб. 22:17, 19). Уомӕй уӕлдай ма хестӕр нӕлгоймӕгти бон дӕр ӕй уӕхӕн бийнонтӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Йегови гъуддаги нисӕнттӕ ӕвӕронцӕ.
ӕнзти дӕргъи ӕнхӕст рӕстӕг лӕггадӕ кӕнунцӕ. Ӕма кӕд сумах дӕр сагъӕс кӕнтӕ, уӕ цард кӕцирдӕмӕ исаразайтӕ, уобӕл, уӕд бал уӕ бон ӕй сӕ хӕццӕ раунаффӕ кӕнун. Уотемӕй бавдесдзиайтӕ, уӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ке даретӕ (17. Клаус ӕма Мариси цард куд рауадӕй ӕма си цӕбӕл ахур кӕнӕн?
17 Фал еуӕй-еухатт нӕ нисӕнттӕ, мах куд ӕнгъӕл адтан, уотӕ нӕ къохи нӕ бафтуйунцӕ. Статьяй райдайӕни ке кой кодтан, еци Клаус ӕма Марисӕн дӕр сӕ хабар уотӕ рауадӕй. Сӕ киндзӕхсӕвӕрӕй 3 анзи ку рацудӕй, уӕд Финляндимӕ рандӕ ’нцӕ, цӕмӕй си арӕзтадон гъуддӕгти ӕнхус кодтайуонцӕ. Фал ӕй минкъий фӕстӕдӕр базудтонцӕ, сӕ лӕггадӕ уоми 6 мӕйемӕй ӕндӕр ке нӕ рахӕсдзӕй. Фиццӕгти син еци хабар хъӕбӕр зин адтӕй. Фал син фӕстӕдӕр ба загътонцӕ, сӕ бон ке ӕй араббаг ӕвзаги курситӕ рацӕун. Гъема етӕ дӕр исарази ’нцӕ ӕма нур ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ ӕндӕр бӕсти ӕма игъосун кӕнунцӕ, араббагау ка дзоруй, уонӕн. Фӕстӕмӕ ракӕсгӕй Марисӕ зӕгъуй: «Ахур кӕбӕл адтӕн, еци цард ниууадзун ӕма мӕхе Йегови бӕрагӕ бакӕнун ӕнцон н’ адтӕй. Фал ӕй алкӕддӕр уидтон, Йеговӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, уой ба ма, ӕнгъӕл дӕр куд н’ адтан, уотӕ. Еци хабӕртти фӕсте ибӕл мӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр дарун райдӕдтон». Клаус ӕма Мариси хабарӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй ке райарфӕ кӕндзӕй, ӕ зӕрдӕ ибӕл ӕгасӕйдӕр ка даруй, уонӕн.
18. Бийнонтӕн ци банхус кӕндзӕй сӕ зӕрдӕ алкӕддӕр Йеговӕбӕл дарун?
18 Бийнонти цард Йегови лӕвар ӕй, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй еци цард лӕгӕн дӕр ӕма уосӕн дӕр цийнӕ хӕсса (Матф. 19:5, 6). Мадта кӕд уӕ цард ӕрӕги байеу кодтайтӕ, уӕд расагъӕс кӕнтӕ, уӕ цард цӕбӕл харз кӕнтӕ, уобӕл (Ӕмб. 5:18). Уӕ бон ци ӕй, уой кӕнтӕ, цӕмӕй ӕй бавдесайтӕ, Йегови лӕвӕрттӕй боз ке айтӕ, уой. Йеговӕмӕ коветӕ, ӕ Дзурд ин ӕртасетӕ, цӕмӕй си уӕ уавӕрмӕ ка хауй, уӕхӕн уагӕвӕрдтӕ иссерайтӕ, ӕма ин ӕ унаффитӕмӕ гӕсгӕ уӕ цард аразетӕ. Ӕппундӕр ибӕл ма гурусхӕ кӕнтӕ, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун уӕ царди фиццаг бунати ку уа, гъе уӕд уодзиайтӕ ӕцӕг амондгун ӕма зӕрдӕрохс.
132 ЗАР «Нур дууемӕй ан еу»
^ 5 абз. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ нин цӕйбӕрцӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ уодзӕй, е арӕх кӕнгӕ фӕууй, царди ци унаффитӕ рахӕссӕн, уомӕй. Кӕцидӕр унаффитӕ ба рабӕрӕг унцӕ, нӕ цард идарддӕр куд цӕудзӕй, уобӕл дӕр. Уой зӕрдӕбӕл дарун уӕлдай ӕхсидзгӕ ’й, бийнонтӕ ӕрӕги ка искодта, уонӕн. Аци статья син банхус кӕндзӕй царди зундгин унаффитӕ хӕссун, ӕма уой фӕрци сӕ бийнонти цард дӕр уодзӕй амондгун.
^ 5 абз. Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.
^ 10 абз. Зӕгъӕн, уӕ бон ӕй рартасун киунугӕй «Чистое поклонение Иегове восстановлено!», 6, 7 ӕма 19 сӕртӕ.
^ 15 абз. Раздӕр еци статьятӕ мухургонд цудӕнцӕ «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и, нур ба сӕ иссерӕн ес сайти jw.org, рубрики «Случаи из жизни».