33 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Данелӕй ахур кӕнӕ
«Ду Хуцауӕн хъӕбӕр хъазар дӕ» (ДАН. 9:23).
73 ЗАР Банхус нин кӕнӕ, цӕмӕй нифсхаст уӕн
РАЗДЗУРД a
1. Вавилойнӕгтӕ Данелмӕ се ’ргом цӕмӕн раздахтонцӕ?
ДАНЕЛ ма хуӕрзӕригон ку адтӕй, уӕд ӕй ӕ райгурӕн горӕтӕй Вавилонмӕ цагъайради ракодтонцӕ. Вавилойнӕгтӕ ’й уидтонцӕ, Данелмӕ еу гъӕндзийнадӕ дӕр ке нӕййес, хуӕрзконд лӕхъуӕн ке ӕй, удта кадгин бийнонтӕй ке ӕй. Уомӕ гӕсгӕ ’й цӕттӕ кӕнун райдӕдтонцӕ, цӕмӕй ӕ бон адтайдӕ паддзахи галауани лӕггадӕ кӕнун (Дан. 1:3, 4, 6; 1 Сам. 16:7).
2. Йеговӕ Данелмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дардта? (Йезекил 14:14).
2 Йеговӕ Данели цӕмӕн уарзта? Е ’ндаг бакасти туххӕй, кенӕ устур бунат ке ахӕста, уой туххӕй? Йеговӕ Данели уарзта, ӕ зӕрдӕ ин ке рохс кодта, уой туххӕй. Расагъӕс кӕнӕ, Данелбӕл 20 анземӕй ӕндӕр нӕ цудӕй, Йеговӕ ба ’й рабарста, дӕсгай ӕнзти дӕргъи ин еузӕрдонӕй ка лӕггадӕ кодта, уони хӕццӕ – Ной ӕма Иови хӕццӕ (Райд. 5:32; 6:9, 10; Иов 42:16, 17; бакӕсӕ Йезекили 14:14). Йеговӕ Данели уарзта. Е берӕ фӕццардӕй ӕма ӕ царди берӕ дессаги хабӕрттӕ ӕрцудӕй (Дан. 10:11, 19).
3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
3 Аци статьяй радзубанди кӕндзиан, Данел Йегови цӕсти цӕхуӕн дууӕ менеуӕгей фӕрци иссӕй хъазар. Фиццагидӕр бал алли менеуӕгбӕл дӕр хецӕнӕй радзордзиан, удта ӕркӕсдзиан, Данел сӕ цӕхуӕн уавӕрти ӕвдиста, уомӕ. Уой фӕсте ба базондзиан, ци ин банхус кодта, еци менеугутӕ ӕ уодигъӕди ӕрфедар кӕнун. Фӕстагмӕ ба ӕркӕсдзиан, нӕ бон куд ӕй Данели фӕнзун. Аци статья фиццагидӕр ӕригӕнттӕмӕ хауй, фал не ’гасей бон дӕр ӕй Данели цӕветтонӕй ахур кӕнун.
ДАНЕЛИ ХУЗӔН НИФСХАСТ УО
4. Данел нифсхастдзийнадӕ куд бавдиста?
4 Адӕймаг цийфӕнди нифсхаст ма уа, уӕддӕр цӕхуӕндӕр уавӕрти фӕттӕрсуй. Фал нифсхаст адӕймаг нӕ бауадздзӕй, цӕмӕй фуртӕссӕй, раст ци ӕй, уой мабал кӕна. Данел дӕр нифсхаст адӕймаг адтӕй. Е бӕрӕг ӕй ӕ царди хабӕрттӕй. Еу хабар ӕрцудӕй, Йерусалим вавилойнӕгтӕ ку байахӕстонцӕ, уомӕй дууӕ анзи фӕстӕдӕр. Вавилони паддзах Навуходоносор ӕ фуни фӕууидта устур гумери, ӕма ’й еци фун тухсун кӕнун райдӕдта. Паддзах е ’гас зундгин адӕнӕн дӕр, уой хӕццӕ ба ма Данелӕн дӕр, загъта, ӕ фун ин ку нӕ радзоронцӕ ӕма ин ӕй ку нӕ балӕдӕрун кӕнонцӕ, уӕд сӕмӕ мӕлӕти тӕрхон ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй (Дан. 2:3–5). Данелӕн фӕстӕтӕрӕ кӕнӕн н’ адтӕй, уомӕн ӕма берети цард тӕссаг уавӕри адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ Данел паддзахмӕ бацудӕй ӕма ин ниллигъстӕ кодта, цӕмӕй ин ӕ фун райхалунмӕ рӕстӕг равардтайдӕ (Дан. 2:16). Уой туххӕй ӕй гъудӕй нифсхастдзийнадӕ ӕма ӕууӕндундзийнадӕ. Уотӕ финст некӕми ӕй, ӕма Данел раздӕр дӕр фунтӕ ихалдта. Данел ма е ’мбӕлттӕн, Вавилони Седрах, Мисах ӕма Авденаго ке худтонцӕ, уонӕн загъта, цӕмӕй етӕ дӕр «уӕларвон Хуцауӕй ӕ хуарзӕнхӕ курдтайуонцӕ, ӕма син еци сосӕгдзийнадӕ раргом кодтайдӕ» (Дан. 2:18). Гъема Йеговӕ еци кувдтитӕбӕл дзуапп равардта. Данел Навуходоносори фун балӕдӕрун кодта. Уотемӕй Данел ӕма е ’мбӕлттӕ мӕлӕтӕй фӕййервазтӕнцӕ.
5. Данели ма цӕхуӕн уавӕри багъудӕй нифсхастдзийнадӕ бавдесун?
5 Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте бабӕй Данели гъудӕй нифсхастӕй архайун. Навуходоносор еу ма фун фӕууидта, ӕма бабӕй ӕй е дӕр тухсун кӕнун райдӕдта. Аци хатт ӕ фуни фӕууидта хъӕбӕр устур бӕласӕ. Данел паддзахи рази нифсгунӕй ӕрлӕудтӕй ӕма ин ӕ фун балӕдӕрун кодта. Ӕргом ин загъта, цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕгмӕ ӕ сӕризунд ке фӕццӕудзӕй, удта паддзахи бартӕ дӕр ке фесафдзӕй (Дан. 4:25). Уӕхӕн дзурдти туххӕй паддзахи бон адтӕй Данели змӕнтӕгбӕл банимайун ӕма ’й рамарун. Фал Данел нӕ фӕттарстӕй ӕма паддзахи фун ци нисан кӕнуй, уой ӕргом радзурдта.
6. Данел нифсхаст цӕй фӕрци адтӕй?
6 Цума Данел алкӕддӕр уотӕ нифсхаст цӕмӕн адтӕй? Уомӕн ӕма ӕ мадӕ ӕма ӕ фиди цӕветтон некӕд иронх кодта. Етӕ игъустонцӕ, Йеговӕ ниййергутӕн ци бафӕдзахста, уомӕ, ӕма сӕ фурти Хуцауи закъонбӕл ахур кодтонцӕ (Дук. з. 6:6–9). Данел Хуцауи закъонӕн айдагъ ӕ сӕйраг амундтӕ нӕ зудта, зӕгъӕн, Дӕс фӕдзӕхсти, фал ма зудта листӕг хабӕрттӕ дӕр. Зӕгъӕн, зудта ӕй, израилӕгтӕн хуӕрӕн ци адтӕй ӕма ци н’ адтӕй, уой (Лев. 11:4–8; Дан. 1:8, 11–13) b. Данел ма хуарз зудта Хуцауи адӕни хабӕрттӕ ӕма ӕхе цӕститӕй фӕууидта, цӕхуӕн фӕстеугутӕмӕ ӕркодта, Йеговӕмӕ ке не ’гъустонцӕ, е (Дан. 9:10, 11). Данел берӕ фӕццардӕй ӕма Йегови, удта изӕдти ӕнхус ӕ царди еу ӕма дууӕ хатти нӕ фӕууидта. Уой фӕрци федарӕй ӕууӕндтӕй, Йеговӕ ’й ке некӕд ниууадздзӕй (Дан. 2:19–24; 10:12, 18, 19).
7. Данел ма нифсгун цӕй фӕрци адтӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
7 Данел Хуцауи пахампарти киунугутӕ ӕртаста, зӕгъӕн, пахампар Йеремий киунугӕ. Уой фӕрци исбӕлвурд кодта, Вавилони сӕ цагъайрадӕ тагъд ке фӕууодзӕй, уой (Дан. 9:2). Библий пахампарӕдтӕ куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой уингӕй Данел Йеговӕбӕл ӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр дарун райдӕдта. Адӕймаг ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку фӕддаруй, ӕцӕг нифсхаст дӕр гъе уӕд фӕууй. (Рабарӕ Ромӕгтӕмӕ 8:31, 32, 37–39.) Фал уомӕй ӕхсидзгӕдӕр ба е ӕй, ӕма Данел ӕ уӕларвон Фидӕмӕ арӕх кувта (Дан. 6:10). Ӕргом ин фӕдздзоридӕ ӕ рӕдудтити ӕма ӕ тухстити туххӕй, удта си ӕнхус дӕр фӕккоридӕ (Дан. 9:4, 5, 19). Данел дӕр мах хузӕн адӕймаг адтӕй. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нифсхастдзийнадӕ ӕ мади губунӕй нӕ рахаста. Еци менеуӕг имӕ фӕззиндтӕй, Хуцауи Дзурд ке ’ртаста, ке имӕ кувта ӕма ибӕл ӕ зӕрдӕ ке дардта, уой фӕрци.
8. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нифсхаст уӕн?
8 Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нифсхаст уай? Ниййергутӕ дӕ, ка ’й зонуй, разӕнгард кӕнунцӕ, цӕмӕй нифсхаст уай. Фал ниййергутӕ сувӕллӕнттӕн бунтӕ куд ниууадзунцӕ, уотӕ дин аци менеуӕг бунӕн ниууадзун сӕ бон нӕй. Уобӕл ахур кӕнун гъӕуй, нӕуӕг ести кустбӕл куд ахур кӕнай, уотӕ. Уомӕн ба хуарз мадзал ӕй, лӕмбунӕг кӕсун, ахургӕнӕг куд косуй, уомӕ. Цӕмӕй нифсхаст адӕймаг исуай, уой туххӕй ба гъӕуй кӕсун, иннетӕ еци менеуӕг куд ӕвдесунцӕ, уомӕ ӕма уотӕ архайун. Данелӕй ба цӕбӕл ахур кӕнӕн? Мах дӕр гъӕуй Хуцауи Дзурд дзӕбӕх ӕртасун, гъӕуй нӕ Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнун ӕма имӕ зӕрдиагӕй ковун. Удта ма нӕ гъӕуй Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун ӕма ӕппундӕр ма гурусхӕ кӕнун, алкӕддӕр нӕ фарсмӕ ке уодзӕй ӕма нин ке ӕнхус кӕндзӕй. Уой фӕрци фӕлварӕнти рӕстӕг нифсхаст уодзиан.
9. Нифсхастдзийнадӕ нӕ цӕмӕн гъӕуй?
9 Алкедӕр ни гъӕуй нифсхаст ун. Ӕркӕсӕн Бени хабармӕ, е цӕруй Германий. Бен ци скъолай ахур кодта, уоми ӕгасӕйдӕр эволюцибӕл ӕууӕндтӕнцӕ, Библий сфӕлдистади туххӕй ци финст ес, е ба сӕмӕ аргъауи хузӕн кастӕй. Еухатт ин фӕззиндтӕй фадуат, цӕмӕй ӕгас къласи рази дӕр радзора, Хуцаубӕл цӕмӕн ӕууӕндуй, уой. Бен дзурдта федарӕй. Цума ин ци бантӕстӕй? Бен зӕгъуй: «Ахургӕнӕг мӕмӕ лӕмбунӕг игъуста. Дзурд ку фӕддӕн, уӕд ци ӕрмӕг бацӕттӕ кодтон, уомӕй къопитӕ искодта ӕма сӕ къласи ӕгасемӕндӕр райурста». Е ’мкъласонтӕ ба имӕ цума ци цӕстӕй ракастӕнцӕ? Бен ма зӕгъуй: «Беретӕ мӕмӕ лӕмбунӕг игъустонцӕ ӕма мин фӕстӕдӕр загътонцӕ, сӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр ке фӕццудӕй». Бени хабарӕй бӕрӕг ӕй, нифсхаст адӕн иннети цӕсти кадгин ке фӕуунцӕ. Нифсхастдзийнади фӕрци нӕ бон ӕй кӕдзосзӕрдӕ адӕнӕн банхус кӕнун, цӕмӕй Йегови базононцӕ. Куд ӕй уинӕн, уотемӕй еци менеуӕгбӕл не ’гасейдӕр архайун гъӕуй.
ДАНЕЛИ ХУЗӔН ЕУЗӔРДОН УОТӔ
10. Еузӕрдондзийнадӕ ци ӕй?
10 Дзурдтӕ «еузӕрдон» ӕма «ӕновуд уарзт» ци дзиуиттаг дзурдӕй тӕлмацгонд ӕрцудӕнцӕ, е амонуй, кадӕр кедӕр фӕлмӕн уарзтӕй ке уарзуй ӕма ибӕл хъӕбӕр ӕхцул ке ӕй. Уӕхӕн уарзтӕй Хуцау уарзуй е ’мбӕлтти. Аци дзурд ма амонуй, Йегови лӕггадгӕнгутӕ кӕрӕдзей ци уарзтӕй уарзунцӕ, уомӕ дӕр (2 Сам. 9:6, 7). Рӕстӕг куд цӕуй, уотӕ нӕ бон ӕй Йеговӕбӕл ӕновудӕй-ӕновуддӕр кӕнун. Е хуарз зиннуй Данели хабарӕй.
11. Данел каргун ку адтӕй, уӕд ӕ еузӕрдондзийнадӕ фӕлвӕрд куд ӕрцудӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
11 Данелӕн ӕ еузӕрдондзийнадӕ еу ӕма дууӕ хатти фӕлвӕрд не ’рцудӕй. Фал ӕ зиндӕр фӕлварӕн ба ӕрцудӕй, 90 анземӕй ибӕл фулдӕр ку цудӕй, уӕд. Уӕди рӕстӕг Вавилон байахӕстонцӕ мидийӕгтӕ ӕма персӕгтӕ, паддзах ба си адтӕй Дарий. Паддзахи фӕсдзӕуинттӕ Данелмӕ соцъа кодтонцӕ, удта ци Хуцауӕн лӕггадӕ кодта, уой дӕр нӕ нимадтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ исфӕндӕ кодтонцӕ Данели рамарун. Фиццаг бал паддзахмӕ бацудӕнцӕ, цӕмӕй нӕуӕг закъон ӕрфедар кодтайдӕ. Гъе уӕд рабӕрӕг адтайдӕ, Данел еузӕрдон кӕбӕл ӕй е – ӕ Хуцаубӕл ӕви паддзахбӕл. Еци закъонмӕ гӕсгӕ ’й уӕхӕн дессагӕй кӕнун неци гъудӕй. Ӕрмӕстдӕр гъӕуама 30 боней дӕргъи Йеговӕмӕ мабал кувтайдӕ. Уотемӕй бавдистайдӕ, паддзахбӕл еузӕрдон ке ӕй, ӕма мӕлӕти тӕрхонӕй фӕййервазтайдӕ. Фал Данел еци бардзурдмӕ ке нӕ байгъуста, уой туххӕй ӕй домбӕйтти къагъдмӕ ниггӕлстонцӕ. Фал ӕй Йеговӕ нӕ ниууагъта. Е ин ӕ еузӕрдондзийнади туххӕй райарфӕ кодта ӕма ин домбӕйттӕ неци зиан ӕрхастонцӕ (Дан. 6:12–15, 20–22). Мах бон ба ци ӕй кӕнун, цӕмӕй мах дӕр Йеговӕбӕл гъе уотӕ еузӕрдон уӕн?
12. Данел Йеговӕбӕл уотӕ еузӕрдон цӕй фӕрци адтӕй?
12 Уӕлдӕр куд загъд адтӕй, уотемӕй, цӕмӕй Йеговӕбӕл еузӕрдон уӕн, уой туххӕй ӕй гъӕуама хъӕбӕр берӕ уарзӕн. Данел Йегови берӕ уарзта, ӕма уомӕ гӕсгӕ ӕ сӕри къуми дӕр некӕд адтӕй, цӕмӕй ӕ уӕларвон Фидӕбӕл гадзирахаттӕй рацудайдӕ. Цума Данел Йегови уотӕ хъӕбӕр куд бауарзта? Ӕвӕдзи, сагъӕс кодта Йегови менеугутӕбӕл, ӕма еци менеугутӕ е ’гас гъуддӕгтӕй дӕр куд зиннунцӕ, уобӕл (Дан. 9:4). Удта ма Данел хъӕбӕр боз адтӕй, Йеговӕ ин ӕхецӕн дӕр цӕйбӕрцӕ хуӕрзтӕ искодта ӕма ӕ адӕнбӕл дӕр куд тухстӕй, уой туххӕй (Дан. 2:20–23; 9:15, 16).
13. а) Ӕригӕнттӕ цӕхуӕн фӕлварӕнти бахаунцӕ? Ӕрхӕссӕ цӕветтон. (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.) б) Уотӕ дӕ ку бафӕрсонцӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕ гомосексуалиститӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ, уӕд цӕхуӕн дзуапп ратдзӕнӕ?
13 Данели рӕстӕгути куд адтӕй, уотӕ абони дӕр ӕригӕнттӕн хъӕбӕр зин ӕй, уомӕн ӕма цӕрунцӕ, Йегови дӕр ӕма ин ӕ закъӕнттӕ дӕр ка нецӕмӕ даруй, уӕхӕн адӕни астӕу. Уӕхӕн адӕн, Хуцауи ка уарзуй, уонӕмӕ сӕрӕй бунмӕ фӕккӕсунцӕ. Еуӕй-еуетӕ ба си фӕййархайунцӕ нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕттӕрсун кӕнунбӕл, цӕмӕй Йегови закъӕнтти сӕрти рахезонцӕ. Ӕркӕсӕн, Австралийӕй еу ӕригон биццеу Грейми хабармӕ. Хестӕр кълӕсти ма ку ахур кодта, уӕд сӕ сӕ ахургӕнӕг бафарста: «Де ’мбал дин ку зӕгъа, гомосексуалист ке ӕй, уӕд уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсдзӕнӕ?» Ахургӕнӕг загъта, цӕмӕй еу ӕрдиги ислӕууонцӕ, е ’мбали фарс ка адтайдӕ, етӕ, иннердиги ба – иннетӕ. Грейм зӕгъуй: «Ӕрмӕстдӕр ӕз ӕма ме ’мбал, е дӕр Йегови Ӕвдесӕн ӕй, ислӕудтан иннӕ фарс». Фӕстӕдӕр ци адтӕй, е Греймӕн устур фӕлварӕн иссӕй. Гъудӕй ӕй бавдесун, Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ӕй. Е зӕгъуй: «Урокки кӕронмӕ дӕр нӕбӕл еугурӕйдӕр, сауӕнгӕ ма ахургӕнӕг дӕр, гириз кодтонцӕ ӕма нин алли фудтӕ калдтонцӕ. Ӕз архайдтон, цӕмӕй мӕхе сабур дарон, ӕма уотӕ цӕмӕн гъуди кӕнун, уой син балӕдӕрун кӕнон. Фал мӕмӕ ӕппундӕр неке игъуста». Аци фӕлварӕн Греймбӕл куд рабӕрӕг ӕй? Идарддӕр зӕгъуй: «Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, гириз нӕбӕл ке кодтонцӕ, уоми ӕхцӕуӕнӕй неци адтӕй, фал цийнӕ кодтон, Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй ке байзадтӕн ӕма ме ’ууӕндундзийнади сӕрбӕл ке дзурдтон, уобӕл» c.
14. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй цийфӕнди уавӕрти дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдон уӕн?
14 Мах бон дӕр уодзӕй Йеговӕбӕл Данели хузӕн еузӕрдонӕй байзайун, ку архайӕн, цӕмӕй имӕ нӕ уарзондзийнадӕ ирӕза. Уӕхӕн уарзондзийнадӕ нӕмӕ уодзӕй, Йегови менеугутӕ ку ӕртасӕн, уӕд. Уони ба фӕууинӕн ес е сфӕлдистадӕмӕ кӕсгӕй (Ром. 1:20). Еци гъуддаги нин банхус кӕндзӕнцӕ статьятӕ ӕма видеороликтӕ рубрикӕй «Случайность или замысел?». Уой фӕрци Йегови никки фулдӕр уарздзиан ӕма ’й никки фулдӕр нимайдзиан. Удта ма дӕ бон ӕй нӕуӕгӕй бакӕсун брошюритӕ «Была ли жизнь создана?» ӕма «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа». Еци брошюрити туххӕй Данийӕй еу ӕригон хуӕрӕ Эстер загъта: «Дессаги бӕлвурдгӕнӕнтӕ си ес. Еци брошюритӕ дин нӕ амонунцӕ, цӕбӕл гъӕуама ӕууӕндай. Уоми ӕрмӕстдӕр бӕлвурдгӕнӕнтӕ финст ес, цӕбӕл ӕууӕнддзӕнӕ, уой ба дӕхуӕдӕг скъуддзаг кӕнис». Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Бен ба зӕгъуй: «Еци брошюритӕ мин ме ’ууӕндундзийнадӕ хъӕбӕр бафедар кодтонцӕ. Цард Хуцау ке сфӕлдиста, уобӕл ӕппундӕр нӕбал гурусхӕ кӕнун». Еци брошюритӕмӕ лӕмбунӕгдӕр ку ӕркӕсай, уӕд, ӕвӕдзи, исарази уодзӕнӕ, Раргомади 4:11 финст дзурдти хӕццӕ: «О Йеговӕ, нӕ Хуцау, ду дӕ кадӕ ӕма намуси аккаг, уомӕн ӕма ду дӕ устур хъаури хецау, ӕма алцидӕр ду сфӕлдистай» d.
15. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр кӕнӕн?
15 Цӕмӕй Йегови никки фулдӕр бауарзӕн, уой туххӕй ма гъӕуй ӕ Фурт Йесо Киристей туххӕй фулдӕр базонун. Уотӕ бакодта Германийӕй нӕ ӕригон хуӕрӕ Самирӕ. Е зӕгъуй: «Йегови хуӕздӕр базудтон, Киристей туххӕй ку кастӕн, уӕд». Самирӕ ма минкъий ку адтӕй, уӕд ин зин балӕдӕрӕн адтӕй, Йеговӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ ке ес. Фал Киристе ци ӕнкъардта, уой балӕдӕрун ба ин ӕнцондӕр адтӕй. Идарддӕр Самирӕ зӕгъуй: «Киристе мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй, уомӕн ӕма адтӕй фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма сувӕллӕнтти берӕ уарзта». Киристей куд фулдӕр зонгӕ цудӕй, уотӕ Йегови дӕр фулдӕр уарзун райдӕдта. Цӕмӕн? Е зӕгъуй: «Рӕстӕг рацудӕй, ӕма ’й балӕдӕрдтӕн, Киристе алли гъуддаги дӕр ӕ Фиди хузӕн ке архайуй. Хъӕбӕр ӕмхузӕн ӕнцӕ. Ба ’й лӕдӕрдтӕн, Йесо зӕнхӕмӕ уой туххӕй ке ’рцудӕй, цӕмӕй адӕн Йегови хуӕздӕр базудтайуонцӕ» (Иоан. 14:9). Кӕд дӕ Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр исун фӕндуй, уӕд рӕстӕг ма бавгъау кӕнӕ, ӕма Киристей туххӕй фулдӕр базонӕ. Уӕд Йегови никки фулдӕр бауарздзӕнӕ ӕма ибӕл алли уавӕри дӕр еузӕрдон уодзӕнӕ.
16. Еузӕрдон цӕмӕн гъӕуама уӕн? (Псалом 18:25; Михей 6:8).
16 Нӕхуӕдтӕ еузӕрдон ку уӕн, уӕд нӕ фарсмӕ дӕр еузӕрдон ӕмбӕлттӕ уодзӕй (Руф 1:14–17). Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕбӕл еузӕрдон ка фӕууй, уони зӕрдити фӕууй фарнӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма Йеговӕ еузӕрдон ӕй, уобӕл еузӕрдон ка ӕй, уонӕбӕл. (Бакӕсӕ Псалом 18:25; Михеййи 6:8.) Расагъӕс кӕнӕ, Дун-дуйней Сфӕлдесӕг нин зӕрдӕ ӕвӕруй, алкӕддӕр нӕ ке уарздзӕй. Йеговӕ нӕ хуарз ӕмбал ку уа, уӕд нӕ нӕдӕр фӕлварӕнтӕ, нӕдӕр знӕгтӕ, нӕдӕр мӕлӕт Хуцауӕй нӕ фӕххецӕн кӕндзӕнцӕ (Дан. 12:13; Лук. 20:37, 38; Ром. 8:38, 39). Мадта хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй Данели фӕнзӕн ӕма алкӕддӕр Йеговӕбӕл еузӕрдон уӕн!
ИДАРДДӔР ДӔР ДАНЕЛӔЙ АХУР КӔНТӔ
17, 18. Иннӕ статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
17 Аци статьяй ӕркастан Данели дууӕ менеуӕгемӕ. Ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй нӕ уодигъӕди еци менеугутӕ ирӕзун кӕнӕн. Еци пахампарӕй нӕ бон ӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ун. Зӕгъӕн, Йеговӕ Данелӕн равардта цалдӕр цӕстӕбӕлуайӕни ӕма фуни, удта искурдиадӕ, цӕмӕй сӕ ӕ бон иссайдӕ райхалун. Еци пахампарӕдтӕй беретӕ исӕнхӕст ӕнцӕ. Иннӕ пахампарӕдти ба дзурд цӕуй, федӕни нӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй ӕма алли адӕймаги цардбӕл дӕр ка рабӕрӕг уодзӕй, уӕхӕн хабӕртти туххӕй.
18 Иннӕ статьяй ӕркӕсдзиан, Данел ке ниффинста, еци пахампарӕдтӕй дууемӕ. Гъӕуама ни алкедӕр еци пахампарӕдтӕ лӕдӕра, цийфӕнди кари ма уа, уӕддӕр. Уой фӕрци нӕ бон уодзӕй абони дӕр раст унаффитӕ хӕссун. Удта ма нин еци пахампарӕдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй нифсхастдӕр уӕн ӕма идарддӕр дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдон уӕн. Уотемӕй нӕхе бацӕттӕ кӕндзиан, федӕни ци хабӕрттӕ цӕудзӕй, уонӕмӕ.
119 ЗАР Гъӕуама нӕмӕ уа ӕууӕндундзийнадӕ
a Йегови ӕригон лӕггадгӕнгутӕ арӕх исӕмбӕлунцӕ, нифсхастдзийнадӕ ӕма сӕ еузӕрдондзийнадӕ бавдесун кӕми фӕгъгъӕуй, уӕхӕн уавӕртӕбӕл. Скъолай сӕбӕл арӕх фӕхходунцӕ, Хуцау нӕ ке сфӕлдиста, уобӕл ке ӕууӕндунцӕ, уой туххӕй. Фӕззӕгъунцӕ син, Хуцауӕн ковун ӕма ӕ закъӕнттӕ ӕнхӕст кӕнун абони зундбӕл дзорӕг ке нӕй. Фал аци статьяй фӕууиндзиан, пахампар Данели хузӕн ка архайуй ӕма Йеговӕн нифсгунӕй ӕма еузӕрдонӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ ӕцӕг зундӕй ке архайунцӕ.
b Данел вавилойнӕгти хуӕруйнӕгтӕ кӕдзосбӕл нӕ нимадтайдӕ ӕртӕ гъуддагей туххӕй: 1) ци фид хуардтонцӕ, е адтӕй, Закъонмӕ гӕсгӕ хуӕрӕн ке н’ адтӕй, еци цӕрӕгойти фид (Дук. з. 14:7, 8); 2) фидӕн ӕ тог дзӕбӕх нӕ рауадзиуонцӕ (Лев. 17:10–12); 3) еци хуӕруйнӕгтӕ ку хуардтайуонцӕ, уӕд уотӕ уадайдӕ, цума мӕнгӕ хуцауӕн ковунцӕ. (Рабарӕ Левит 7:15 ӕма 1 Коринфӕгтӕмӕ 10:18, 21, 22.)
c Сайти jw.org кӕсӕ видеороликмӕ «Ӕцӕг рӕстдзийнадӕ ӕрхӕсдзӕй фарнӕ».
d Кӕсӕ ма киунугӕ «Приближайся к Иегове». Уомӕй фулдӕр базондзӕнӕ Йегови ӕма ӕ менеугути туххӕй. Е ба дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕй никки фулдӕр бауарзай.