Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Дӕ сӕрихецау порнографимӕ ку кӕса

Дӕ сӕрихецау порнографимӕ ку кӕса
  • «Уотӕ мӕмӕ кастӕй, цума мӕбӕл мӕ лӕг гадзирахаттӕй рацудӕй, ӕма еу хатт дӕр нӕ, фал цалдӕр хатти».

  • «Мӕхемӕ фудконд ӕма нецӕййаг силгоймаг кастӕн».

  • «Мӕ бон уой туххӕй некӕмӕн адтӕй радзорун ӕма мӕ хурфи ристӕн».

  • «Уотӕ мӕмӕ кастӕй, цума мӕ Йеговӕ нӕ уарзуй».

Аци дзурдтӕй куд зиннуй, уотемӕй, лӕг порнографимӕ ку фӕккӕсуй, уӕд уой туххӕй уосӕ устур маст бавзаруй. Кӕд еци гъуддаг мӕйгӕйттӕ кенӕ ба ма анзгӕйттӕ римӕхсгӕ фӕккодта, уӕд ибӕл ӕ уосӕн зин ӕууӕндӕн уодзӕй. Еу хуӕрӕ загъта: «Куд разиндтӕй, уотемӕй мӕ лӕги ӕппундӕр нӕ зонун. Цума ма ми никкидӕр цитӕ римӕхсуй?»

Аци статья финст ӕрцудӕй, сӕ лӕгтӕ порнографимӕ кӕсунбӕл кӕмӕн фӕййахур ӕнцӕ, уӕхӕн силгоймӕгтӕн a. Библийӕй си ци гъудитӕ финст ес, етӕ сӕ бафедар кӕндзӕнцӕ ӕма син сӕ зӕрдитӕ ӕрсабур кӕндзӕнцӕ. Удта ’й фӕууиндзӕнцӕ, Йеговӕ сӕ ке уарзуй ӕма сӕбӕл ке тухсуй. Уомӕй уӕлдай ма син банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй сӕ зӕрди фарнӕ уа ӕма Йеговӕй ма раидард уонцӕ b.

УОСИ БОН ЦИ ӔЙ КӔНУН?

Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, дӕ лӕги алли къахдзӕфмӕ дӕр дӕ цӕстӕ дарун дӕ бон не ’суодзӕй, фал дӕ бон ӕй архайун, цӕмӕй дӕ рист фӕмминкъийдӕр уа ӕма минкъийдӕр тухсай. Ӕркӕсӕн цалдӕр унаффемӕ.

Дӕхе ма фудгин кӕнӕ. Ка ’й зонуй, дӕ лӕг порнографимӕ ке кӕсуй, уой туххӕй дӕхе фудгин кӕнис. Алисӕмӕ c уотӕ кастӕй, цума куд силгоймаг, уотӕ ӕ лӕги зӕрдӕмӕ нӕбал цӕуй. Еци еу фарста ӕй тухсун кодта: «Мӕ лӕги зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуй, иннӕ силгоймӕгтӕмӕ кӕсун, мӕнмӕ нӕ, фал?» Кенӕ ба ма, ка ’й зонуй, дӕхе куд бадарис, уой туххӕй дӕр дӕхе хуӕрис, цума гъуддаг никки фуддӕр фӕккӕнис, уотӕ. Даниэлӕ зӕгъуй: «Мӕ маст уорамун мин хъӕбӕр зин адтӕй. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма мӕ бийнонти цард мӕхе къохтӕй ихалун».

Кӕд дӕумӕ дӕр уӕхӕн сагъӕстӕ фӕззиннуй, уӕд дӕ гъудий дарӕ: Йегови рази дӕ лӕги туххӕй дзуапп ду нӕ дӕтдзӕнӕ. Алкедӕр ӕхе туххӕй ратдзӕй дзуапп. Иакови 1:14 стихи финст ӕй: «Алкӕмӕндӕр фӕлварӕн фӕууй, ӕхе зӕрди фӕндӕ ’й ке ’сцирен кӕнуй ӕма ӕ фӕдбӕл ке рандӕ уй» (Ром. 14:12; Фил. 2:12). Йеговӕ дӕу нӕ фудгин кӕнуй. Е дин устур аргъ кӕнуй, уомӕн ӕма ибӕл еузӕрдон дӕ (2 Анз. 16:9).

Кӕд дӕ лӕг порнографимӕ кӕсуй, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма дӕуӕн, куд силгоймагӕн, уотӕ цидӕр нӕ хъӕртуй. Аци фарста ка ӕртасуй, еци ахургӕндти гъудимӕ гӕсгӕ, нӕлгоймагӕн порнографи ӕ монцтӕ гъе уотӕ ’сцирен кӕнуй, ӕма уой фӕсте еу силгоймагӕй дӕр райгонд нӕбал фӕууй.

Ӕгӕр ма тухсӕ. Кэтрин куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, ӕ лӕг порнографимӕ ке кӕсуй, еци гъуди ӕппундӕр ӕ сӕрӕй нӕ цудӕй. Фрэнсис ба зӕгъуй: «Мӕ лӕг кӕми ӕй, уой ку нӕ фӕззонун, уӕд мӕ зӕрдӕ дзорун райдайуй. Уомӕ гӕсгӕ хъӕбӕр тухст фӕуун». Еуӕй-еу хуӕртӕ ба ӕфсӕрми фӕккӕнунцӕ, ӕ лӕг порнографимӕ ке кӕсуй, уой туххӕй ка зонуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти астӕу ку фӕуунцӕ, уӕд. Иннетӕ ба сӕхемӕ еунӕг фӕккӕсунцӕ, сӕ уавӕр син ке неке зонуй, уой туххӕй ӕма сӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, цума сӕ неке балӕдӕрдзӕй.

Адӕймаг уӕхӕн цӕбӕлдӕрти ке фӕссагъӕс кӕнуй, е дессаг нӕй. Фал сӕбӕл ӕгӕр берӕ ку сагъӕс кӕнай, уӕд никки хъӕбӕрдӕр тухсун райдайдзӕнӕ. Байархайӕ, цӕмӕй фулдӕр ӕргом ӕздахай, Йегови хӕццӕ дин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕ, ӕма дин е хъауритӕ дӕтдзӕй (Пс. 62:2; Еф. 6:10).

Зин уавӕри ка адтӕй, фал Йеговӕмӕ ка кувта ӕма уодӕнцойнӕ уомӕй ка агурдта, уӕхӕн силгоймӕгти хабӕрттӕмӕ Библий ӕркӕсӕ. Хуцау сӕ сӕ зиндзийнӕдтӕй алкӕд нӕ фӕййервӕзун кӕнидӕ, фал син зӕрди фарнӕ раттидӕ. Цӕветтонӕн ӕрхӕссӕн Анни. Хъӕбӕр зӕрдӕрист ку адтӕй, уӕд Йеговӕмӕ берӕ рӕстӕг фӕккувта ӕма кӕд гъуддаг куд ниллух уодзӕй, уой нӕ зудта, уӕддӕр ибӕл нӕбал мӕтӕ кодта (1 Сам. 1:10, 12, 18; 2 Кор. 1:3, 4).

Лӕги дӕр ӕма уоси дӕр, ка ’й зонуй, гъӕудзӕй хестӕр нӕлгоймӕгти ӕнхус

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕнхус ракорӕ. Етӕ уодзӕнцӕ, «дунгӕй кӕми баримӕхсай, сӕх-сӕх уаруни дӕхе кӕми байаууон кӕнай, уӕхӕн бунати хузӕн» (Ис. 32:2). Кенӕ ба дин, ка ’й зонуй, дӕ бон ӕргом радзорун ке хӕццӕ уодзӕй ӕма дӕ ка бафедар кӕндзӕй, уӕхӕн хуӕри байамондзӕнцӕ (Ӕмб. 17:17).

ДӔ БОН ЕСКУД ӔЙ ДӔ ЛӔГӔН БАНХУС КӔНУН?

Цума дӕ бон ӕй дӕ лӕгӕн банхус кӕнун, цӕмӕй порнографимӕ мабал кӕса? Гъо, ӕй. Библийӕй куд зиннуй, уотемӕй знаги нихмӕ тох кӕнун дууемӕй ӕнцондӕр ӕй (Еккл. 4:9–12). Бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ еци гъуддаги ӕнтӕстгундӕр фӕуунцӕ, дууемӕй еумӕ ка фӕййархайуй, еци бийнонтӕ. Уотемӕй нӕуӕгӕй кӕрӕдзебӕл ӕууӕндун райдайунцӕ.

Лӕги ӕхе еци гъуддаг ниууадзун куд хъӕбӕр фӕндуй, уомӕй берӕ кӕнгӕ ’й. Зӕгъӕн, Йеговӕй ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕнхус курдта? (2 Кор. 4:7; Иак. 5:14, 15). Куд архайдзӕй, уомӕн ести пълан искодта? Электронон дзаумӕуттӕй цӕйбӕрцӕ пайда кӕндзӕй, уомӕн арӕнтӕ искодта? Архайуй, цӕмӕй ӕхе хеза, фӕррӕдуйунӕй ин тӕссаг кӕми уодзӕй, уӕхӕн уавӕртӕй? (Ӕмб. 27:12). Де ’нхусбӕл дин арази кӕнуй ӕма ди неци сосӕг кӕнуй? Кӕд гъо, уӕд ин дӕ бон исуодзӕй банхус кӕнун.

Дӕ бон ци ӕй кӕнун? Ӕркӕсӕн Фелисий хабармӕ. Ӕ лӕг Итон порнографимӕ кӕсун райдӕдта, сувӕллон ма ку адтӕй, уӕд. Фелиси ӕргом радзубанди кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй. Уомӕ гӕсгӕ, Итони порнографимӕ бакӕсун ку фӕффӕндуй, уӕд ин ӕнцон фӕууй уой туххӕй Фелисийӕн радзорун. Итон зӕгъуй: «Мӕ бийнойнаги хӕццӕ ӕргом фӕдздзорун. Е мин банхус кӕнуй, цӕмӕй интернети цӕйбӕрцӕ батдзӕн, уомӕн арӕнтӕ искӕнон. Удта мӕ рафӕрсуй, ести мин уайуй ӕви нӕ, уобӕл». Итон порнографибӕл ке фӕццӕфстӕй, е Фелисийӕн хъӕбӕр зин ӕй, фал уӕддӕр зӕгъуй: «Мӕ маст ибӕл ку калон, уӕд ин е неци фенхус уодзӕй. Ку ӕрбадӕн ӕма еумӕ ку радзубанди кӕнӕн, уӕд уомӕн дӕр ӕнцондӕр фӕууй мӕн бафедар кӕнун».

Лӕг ӕма уосӕ кӕрӕдзей хӕццӕ ӕргом ку дзоронцӕ, уӕд уосӕ ӕ лӕгӕн банхус кӕндзӕй ӕ лӕгъуз гъуддаг ниууадзунмӕ. Уомӕй уӕлдай ма е уосӕн дӕр пайда уодзӕй, уомӕн ӕма лӕг ӕргом ку дзора ӕ гъӕндзийнӕдти туххӕй, удта бони дӕргъи ци фӕккосуй, уой туххӕй, уӕд ибӕл уосӕн дӕр ӕнцондӕр уодзӕй ӕууӕндун.

Дӕу ба нӕ фӕндадтайдӕ аци унаффитӕй испайда кӕнун? Кӕд гъо, уӕд дӕ лӕгӕн зӕгъӕ, цӕмӕй аци статьямӕ еумӕ ӕркӕсайтӕ. Гъӕуама ӕ рази нисан исӕвӕра, цӕмӕй еци лӕгъуз гъуддаг ниууадза ӕма ӕ уоси цӕсти нӕуӕгӕй ӕууӕнки аккаг уа. Еци гъуддагбӕл дзорун ку райдаис, уӕд дӕмӕ гъӕуама мӕстгун ма кӕна, фал ӕй гъӕуама лӕдӕра, е цӕйбӕрцӕ рист ӕма маст ӕрхӕссуй, уой. Дӕ нисан ӕй дӕ лӕгӕн банхус кӕнун. Дӕ къохтӕ ма ’руадзӕ ӕма уотӕ ма сагъӕс кӕнӕ, цума ин еци гъуддаг ниууадзун некӕд бантӕсдзӕй. Уӕ дууӕ дӕр ӕй гъӕуама исбӕрӕг кӕнайтӕ, еци гъуддагбӕл адӕймаг цӕмӕн фӕццӕфсуй, уой ӕма, ӕ хӕццӕ куд тох кӕнгӕ ’й, уой дӕр d.

Кӕд тухсис ӕма дӕмӕ уотӕ кӕсуй, цума уӕ бон сабурбӕл радзорун не ’суодзӕй, уӕд, уӕ дууӕ дӕр уӕ зӕрдӕ кӕбӕл даретӕ, уӕхӕн хестӕр нӕлгоймагӕн зӕгъетӕ, цӕмӕй ку дзубанди кӕнайтӕ, уӕд уӕ хӕццӕ уа. Лӕг еци гъуддаг ку ниууадза, уӕддӕр ма, ка ’й зонуй, берӕ рӕстӕг багъӕудзӕй, цӕмӕй ибӕл нӕуӕгӕй ӕууӕндун райдайай. Фал дӕ къохтӕ ма ’руадзӕ. Де ’ргом ӕздахӕ, ци ин ӕнтӕсуй, уомӕ, кӕд минкъий гъуддӕгтӕ ’нцӕ, уӕддӕр. Фӕразон уо ӕма ибӕл ӕппундӕр ма дузӕрдуг кӕнӕ, уӕ бийнонтӕ бабӕй нӕуӕгӕй амондгун ке уодзӕнцӕ (Еккл. 7:8; 1 Кор. 13:4).

УАВӔР КУ НЕ ’ЙЙЕВА

Кӕд дӕ лӕг цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг ӕхебӕл хуӕстӕй, фал бабӕй удта нӕуӕгӕй фӕррӕдудӕй, уӕд цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма не ’рфӕсмон кодта, удта ин еци гъуддаг ниууадзун некӕд бантӕсдзӕй? Алкӕд нӕ. Фал кӕд еци гъуддагбӕл хъӕбӕр фӕййахур ӕй, уӕд ин, ка ’й зонуй, уой хӕццӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонти тох кӕнгӕ уодзӕй. Кӕд си исуӕгъдӕ ӕй, уӕддӕр ма, ка ’й зонуй, цалдӕр анзей фӕсте нӕуӕгӕй фӕррӕдуйа. Цӕмӕй уотӕ ма рауайа, уой туххӕй ӕй гъӕудзӕй ӕхецӕн никки карздӕр арӕнтӕ искӕнун, сауӕнгӕ ма имӕ уотӕ ку кӕса, ӕма еци гъуддаг ниууагъта, уӕддӕр (Ӕмб. 28:14; Матф. 5:29; 1 Кор. 10:12). Дӕ лӕг гъӕуама ӕ зунд нӕуӕг кӕна ӕма ӕхе исахур кӕна, аллихузи фуддзийнадӕй е ’сӕфт уинун, зӕгъӕн, порнографийӕй ӕма ӕндӕрхузи ӕнӕгъдау гъуддӕгтӕй, зӕгъӕн, мастурбацийӕй (Еф. 4:23; Пс. 97:10; Ром. 12:9). Цӕттӕ ӕй тох кӕнунмӕ? Кӕд гъо, уӕд ин е ӕнӕмӕнгӕйдӕр бантӕсдзӕй e.

Де ’ргом раздахӕ, Йегови хӕццӕ дин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕ

Фал зӕгъӕн, дӕ лӕг неци уотӕ архайуй еци гъуддаг ниууадзунбӕл. Уой туххӕй дӕ, гӕнӕн ес, дӕ къохтӕ ӕруадзун фӕнддзӕй. Мӕстгун дӕр кӕндзӕнӕ, удта ма дӕмӕ уотӕ дӕр кӕсдзӕй, цума дӕбӕл ӕ зӕрдӕ исӕййивта ӕма дӕбӕл гадзирахаттӕй цӕуй. Уӕхӕн уавӕри ӕнхус Йеговӕй агорӕ. Де ’гас тухститӕ дӕр уой барӕ бакӕнӕ. Уой фӕрци дӕ зӕрди уодзӕй фарнӕ (1 Пет. 5:7). Йеговӕмӕ ковӕ ӕма ин ӕ Дзурд ӕртасӕ. Уотемӕй имӕ хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ. Ӕма ибӕл федарӕй ӕууӕндӕ, е дӕр дӕмӕ ке ӕрбахӕстӕг уодзӕй. Исаййи 57:15 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Хуцау цӕруй, «нифссаст ӕма сӕрниллӕг ка ӕй, уони хӕццӕ», ӕма син хъауритӕ дӕттуй. Киристон менеугутӕбӕл косӕ ӕма дӕмӕ хуӕздӕрӕй ци ес, уой Йеговӕн дӕттӕ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕнхус корӕ ӕма дӕ нифс дарӕ, еу афони дӕ сӕрихецауи ке бафӕнддзӕй ӕхе раййевун (Ром. 2:4; 2 Пет. 3:9).

a Кӕд аци статьяй унаффитӕ финст ӕнцӕ, ӕ лӕг порнографибӕл кӕмӕн фӕййахур ӕй, уонӕн, уӕддӕр си ци уагӕвӕрдтӕ финст ес, етӕ пайда уодзӕнцӕ, ӕ уосӕ порнографимӕ кӕмӕн кӕсуй, уонӕн дӕр.

b Кӕд дӕ цардӕмбал порнографимӕ кӕсуй, уӕд дӕр Библимӕ гӕсгӕ уой туххӕй рахецӕн уӕн нӕййес (Матф. 19:9).

c Нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.

d Хуарз унаффитӕ иссерӕн ес сайти jw.org ӕма нӕ публикацити. Зӕгъӕн, сайти jw.org кӕсӕ статья «Порнография – угроза браку», удта 2014 анзи 1 апрели «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» статья «Вы можете устоять перед искушением!», 10–12 фӕрстӕ ӕма 2013 анзи 1 августи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» статья «Порнография: безобидное развлечение или отрава?», 3–7 фӕрстӕ.

e Порнографимӕ ка фӕккӕсуй, уонӕн сӕхе еци гъуддагӕй хъӕбӕр зин ратонун ке фӕууй, уомӕ гӕсгӕ ма еуӕй-еу бийнонтӕ хестӕр нӕлгоймӕгти ӕнхусӕй уӕлдай байагорунцӕ дохтурти ӕнхус дӕр.