Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

36 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ хӕссуйнаг хӕсгӕй дӕхецӕй уӕлдай уаргъ рагӕлдзӕ

Дӕ хӕссуйнаг хӕсгӕй дӕхецӕй уӕлдай уаргъ рагӕлдзӕ

«Нӕхецӕй рагӕлдзӕн, цидӕриддӕр нӕбӕл уӕзӕ кӕнуй, уой... ӕма нӕ размӕ ци над ес, уобӕл фӕразонӕй ледзӕн» (ДЗИУИТ. 12:1).

33 ЗАР Дӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвӕрӕ

РАЗДЗУРД a

1. Дзиуиттӕгтӕмӕ 12:1 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕ ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нӕ догъи кӕронмӕ баледзӕн ӕма хуӕрзеуӕгӕн ӕносон цард райсӕн?

 БИБЛИ киристӕнтти баруй, догъи ка ледзуй, уони хӕццӕ. Еци догъи кӕронмӕ ка бахъӕрта, етӕ хуӕрзеуӕгӕн райсдзӕнцӕ ӕносон цард (2 Тим. 4:7, 8). Гъӕуама не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй еци догъи ледзгӕй нӕ цуд ма фӕссабурдӕр кӕнӕн, уомӕн ӕма нади кӕрон нур куд хӕстӕг ӕй, уотӕ некӕдма. Апостол Павел ӕ надбӕл ледзгӕй кӕронмӕ бахъӕрдтӕй. Еци гъуддаги нин ци банхус кӕндзӕй, уой туххӕй загъта: «Нӕхецӕй рагӕлдзӕн, цидӕриддӕр нӕбӕл уӕзӕ кӕнуй, уой... ӕма нӕ размӕ ци над ес, уобӕл фӕразонӕй ледзӕн». (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 12:1.)

2. Ци нисан кӕнунцӕ дзурдтӕ «нӕхецӕй рагӕлдзӕн, цидӕриддӕр нӕбӕл уӕзӕ кӕнуй, уой»?

2 Цума Павели ци зӕгъун фӕндадтӕй, уотӕ ку загъта: «Нӕхецӕй рагӕлдзӕн, цидӕриддӕр нӕбӕл уӕзӕ кӕнуй, уой»? Е нӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй нӕхецӕй рагӕлдзӕн уӕлдай уаргъ, кенӕ ба нӕ еци уаргъ ледзунмӕ хъор кӕндзӕй ӕма нин нӕ хъауритӕ хуӕрдзӕй. Мадта нӕ ци хъор кӕнуй, уой гъӕуама исбӕрӕг кӕнӕн. Ӕма уой куд тагъддӕр бакӕнӕн, уотӕ хуӕздӕр. Фал иннердиги ба нӕ ихӕс ӕй, ци хӕссуйнаг нин ес, уой хӕссун, кенӕ ба нӕ хуӕрзеуӕг нӕ райсдзиан (2 Тим. 2:5). Цума еци хӕссуйнагмӕ ци хауй?

3. а) Галатӕгтӕмӕ 6:5 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕ хӕссун ци гъӕуй? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан ӕма цӕмӕн?

3 Бакӕсӕ Галатӕгтӕмӕ 6:5. Павел загъта, ӕхе хӕссуйнаг алкедӕр ӕхуӕдӕг ке хӕсдзӕй. Ами дзурд цӕуй, Хуцауи рази нӕбӕл ци ихӕстӕ ес, уони туххӕй. Еци ихӕстӕ нӕ бӕсти ӕхемӕ неке райсдзӕй. Аци статьяй мах радзубанди кӕндзиан, нӕ «хӕссуйнагмӕ» ци хауй ӕма ’й нӕ бон куд ӕй хӕссун. Уомӕй уӕлдай ма базондзиан, цӕхуӕн уӕлдай уаргъ нӕ гъӕуй нӕхецӕй рагӕлдзун. Нӕ хӕссуйнаг ку хӕссӕн ӕма нӕ ци хъор кӕнуй, уой нӕхецӕй ку рагӕлдзӕн, уӕд нӕ бон исуодзӕй нӕ нади кӕронмӕ бахъӕртун.

КЕ ГЪӔУАМА ХӔССӔН, ЕЦИ ХӔССУЙНАГ ЦИ ӔЙ?

Алкедӕр ӕ хӕссуйнаг ӕхуӕдӕг хӕссуй: Йеговӕн ци дзурд равардта, уомӕ гӕсгӕ цӕруй, ӕ бийнонти рази ин ци ихӕстӕ ес, уони ӕнхӕст кӕнуй ӕма, ци унаффитӕ рахӕссуй, уони туххӕй дзуапп дӕттуй (кӕсӕ 4–9 абзацтӕ)

4. Хуцауӕн ци дзурд равардтан, е нин уаргъи хузӕн цӕмӕн нӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

4 Йеговӕн ци дзурд равардтан, е. Нӕхе Йеговӕн ку иснивонд кодтан, уӕд ин дзурд равардтан, ӕносмӕ ин ке лӕггадӕ кӕндзиан ӕма ин ӕ фӕндон ке ӕнхӕст кӕндзиан. Ӕма еци дзурд гъӕуама ӕнхӕст кӕнӕн. Е устур ихӕс ӕй. Фал нин уаргъи хузӕн ба нӕй, уомӕн ӕма Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнун нӕ царди нисан ӕй (Рарг. 4:11). Йеговӕ нӕ ӕхемӕ гӕсгӕ сфӕлдиста. Мах уотӕ конд ан, ӕма нӕ фӕндуй не Сфӕлдесӕги фӕнзун ӕма ин лӕггадӕ кӕнун. Нӕ бон ӕй нӕ уӕларвон Фидӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнун, ӕма нин ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнун цийнӕ хӕссуй (Пс. 40:8). Уомӕй уӕлдай ма Хуцауи фӕндон ку фенхӕст кӕнӕн ӕма ӕ Фурти фӕдбӕл ку фӕццӕуӕн, уӕд нин е уодӕнцойнӕ фӕххӕссуй (Матф. 11:28–30).

(кӕсӕ 4 ӕма 5 абзацтӕ)

5. Йеговӕн ци дзурд равардтан, уой исӕнхӕст кӕнунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй? (1 Иоанни 5:3).

5 Аци хӕссуйнаг хӕссунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй? Фиццагидӕр гъӕуама архайӕн, цӕмӕй нӕ уарзондзийнадӕ Йеговӕмӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕна. Уой туххӕй ба гъӕуама сагъӕс кӕнӕн, Йеговӕ нин нури уӕнгӕ ци лӕвӕрттӕ искодта, уонӕбӕл, удта ма нин федӕни ци лӕвӕрттӕ искӕндзӕй, уонӕбӕл дӕр. Йегови куд фулдӕр уарзӕн, уотӕ нин имӕ игъосун дӕр ӕнцондӕр уодзӕй. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 5:3.) Дуккаги ба гъӕуама Киристей хузӕн архайӕн. Цума ин Хуцауи фӕндон исӕнхӕст кӕнун цӕй фӕрци бантӕстӕй? Е Йеговӕй ӕнхус курдта ӕма ӕ каст адтӕй, федӕни ци хуӕрзеуӕг райсдзӕй, уомӕ (Дзиуит. 5:7; 12:2). Мадта ду дӕр Киристей хузӕн Йеговӕй хъауритӕ корӕ ӕма макӕд иронх кӕнӕ, цӕхуӕн хуӕрзеуӕг дин ӕрцӕттӕ кодта, уой – ӕносон цард. Йегови фулдӕр уарзунбӕл ку архайай ӕма ӕ Фурти фӕдбӕл ку цӕуай, уӕд дин бантӕсдзӕй, Йеговӕн ци дзурд равардтай, уой исӕнхӕст кӕнун.

6. Нӕ бийнонти рази нӕбӕл ци ихӕстӕ ес, уонӕмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн цӕмӕннӕ ес? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

6 Нӕ бийнонти рази нӕбӕл ци ихӕстӕ ес, етӕ. Йегови фӕндуй, цӕмӕй уой ӕма Киристей нӕ бийнонтӕй дӕр фулдӕр уарзӕн (Матф. 10:37). Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нӕ бийнонтӕ гъӕуама иронхуати уонцӕ. Цӕмӕй ни Йеговӕ ӕма Киристе арази уонцӕ, уой туххӕй гъӕуама ӕнхӕст кӕнӕн, нӕ бийнонти рази нӕбӕл ци ихӕстӕ ес, уони (1 Тим. 5:4, 8). Уой фӕрци амондгун уодзиан. Йеговӕ загъта, бийнонти амонд цӕмӕй кӕнгӕ ’й, уой: лӕгтӕ ӕма уоститӕ гъӕуама кӕрӕдзей уарзонцӕ ӕма нимайонцӕ, ниййергутӕ гъӕуама сувӕллӕнтти уарзонцӕ ӕма сӕ ахур кӕнонцӕ, сувӕллӕнттӕ ба гъӕуама сӕ ниййергутӕмӕ игъосонцӕ (Еф. 5:33; 6:1, 4).

(кӕсӕ 6 ӕма 7 абзацтӕ)

7. Бийнонти рази дӕбӕл ци ихӕстӕ ес, уони ӕнхӕст кӕнунмӕ дин ци банхус кӕндзӕй?

7 Аци хӕссуйнаг хӕссунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй? Лӕгтӕ, уоститӕ ӕма сувӕллӕнттӕ, Библий унаффитӕ ӕцӕгӕйдӕр пайда ке ’нцӕ, уобӕл ӕууӕндетӕ. Уӕ зӕрдӕ ма даретӕ уӕхе зундбӕл, бунӕттон ӕгъдӕуттӕбӕл кенӕ, бийнонти цард ка ӕртасуй, еци ахургӕндтӕбӕл (Ӕмб. 24:3, 4). Нӕ организаци цидӕриддӕр ӕрмӕг уадзуй, уомӕй пайда кӕнтӕ. Уоми ес унаффитӕ, Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ архайӕн куд ес, уой фӕдбӕл. Зӕгъӕн, статьяти рубрикӕй «Помощь семье» ӕвзурст фӕццӕунцӕ, лӕгтӕ ӕма уоститӕ, удта ниййергутӕ ӕма сувӕллӕнттӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл фембӕлунцӕ, етӕ b. Библий унаффитӕй пайда кӕнӕ, кӕд дӕ бийнонти астӕу дӕуӕй уӕлдай уотӕ неке кӕнуй, уӕддӕр. Е де ’гас бийнонтӕбӕл дӕр фӕббӕрӕг уодзӕй, ӕма ’й дӕхуӕдӕг дӕр лӕдӕрдзӕнӕ, Йеговӕ ди арази ке ӕй, уой (1 Пет. 3:1, 2).

8. Ци унаффитӕ рахӕссӕн, етӕ нӕ цардбӕл куд рабӕрӕг унцӕ?

8 Нӕ унаффитӕ ци фӕстеугутӕмӕ ӕркӕнунцӕ, етӕ. Йеговӕ нин унаффитӕ хӕссунмӕ барӕ равардта, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй раст унаффитӕ хӕссӕн ӕма уобӕл цийнӕ кӕнӕн. Фал нӕ лӕгъуз унаффитӕ ци фӕстеугутӕмӕ ӕркӕнунцӕ, уонӕй ба нӕ Йеговӕ нӕ багъӕуай кӕнуй (Гал. 6:7, 8). Гӕнӕн ес, ӕма не ’нӕргъуди дзурдти кенӕ гъуддӕгти туххӕй цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн. Ка ’й зонуй ма нӕ уони туххӕй нӕ цӕсгон дӕр хуӕрдзӕй. Фал ӕй ку лӕдӕрӕн, нӕ унаффити туххӕй нӕ дзуапп дӕттун ке гъӕудзӕй, уӕд нӕ тӕрегъӕдтӕбӕл сӕтдзиан, нӕ рӕдудтитӕ раст кӕндзиан ӕма архайдзиан, цӕмӕй уӕхӕн рӕдуд мабал искӕнӕн. Е нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ надӕй ма райеуварс уӕн.

(кӕсӕ 8 ӕма 9 абзацтӕ)

9. Цӕхуӕндӕр рӕдуд ку искӕнай, уӕд дӕ бон ци ӕй кӕнун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

9 Аци хӕссуйнаг хӕссунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй? Рӕдудӕн исраст кӕнӕн ку нӕбал уа, уӕд дӕ бон ци ӕй кӕнун? Ци адтӕй, е адтӕй. Дӕ хъауритӕ ма харз кӕнӕ дӕхе рӕститӕ кӕнунбӕл. Кенӕ ба дӕхе кенӕ иннети фудгин кӕнунбӕл ма фӕууо. Уой бӕсти дӕ рӕдудбӕл басӕттӕ ӕма, нур дӕ бон ци ӕй, уой кӕнӕ. Кӕд дӕхе хуӕрис, уӕд Йеговӕмӕ сӕрниллӕгӕй ковӕ, цӕмӕй дин ниххатир кӕна (Пс. 25:11; 51:3, 4). Ӕ зӕрдӕ кӕмӕн фӕрресун кодтай, уомӕй хатир ракорӕ. Ӕма ку гъӕуа, уӕд хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕнхус байагорӕ (Иак. 5:14, 15). Дӕ рӕдудтитӕбӕл ахур кӕнӕ ӕма архайӕ, цӕмӕй сӕ мабал кӕнай. Уӕд дӕ бон уодзӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ дин ке ниххатир кӕндзӕй ӕма дин ке ӕнхус кӕндзӕй (Пс. 103:8–13).

НӔХЕЦӔЙ НӔ ЦӔХУӔН УАРГЪ ГЪӔУЙ РАГӔЛДЗУН?

10. Нӕ бон ци нӕй, уой нӕхецӕй ку агорӕн, уӕд нин е уаргъи хузӕн цӕмӕн исуодзӕй? (Галатӕгтӕмӕ 6:4).

10 Дӕ бон ци нӕй, уой дӕхецӕй ку агорай. Нӕхе иннети хӕццӕ барун ку райдайӕн кенӕ нӕхецӕй ӕгӕр берӕ ку агорӕн, уӕд нӕ рагъи уӕззау уаргъ бакӕндзиан. (Бакӕсӕ Галатӕгтӕмӕ 6:4.) Иннетӕн ци ӕнтӕсуй, уобӕл ӕгӕр арӕх ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма сӕмӕ соцъа кӕнун райдайдзиан. Кенӕ ба ма, ка ’й зонуй, сӕ хӕццӕ ерис кӕнун дӕр райдайдзиан (Гал. 5:26). Нӕ хъауритӕ ӕма нӕ уавӕртӕ ӕмхузӕн ке нӕ ’нцӕ, уой ку иронх кӕнӕн ӕма сӕ уотемӕй баййафунбӕл ку архайӕн, уӕд е нӕхецӕн зиан ӕрхӕсдзӕй. Ӕма кӕд «берӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун адӕймагӕн зӕрдинез ӕй», уӕд цӕйбӕрцӕбӕл зиндӕр уодзӕй, нӕ къохи ка некӕд бафтуйдзӕй, уӕхӕн цӕмӕдӕрти ку тундзӕн! (Ӕмб. 13:12). Уӕхӕн цӕйдӕрти туххӕй нӕ хъауритӕ исӕфдзӕнцӕ ӕма нӕ цуд сабурдӕр кӕндзӕй (Ӕмб. 24:10).

11. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ бон ци нӕй, уой нӕхецӕй ма агорӕн?

11 Аци уаргъ нӕхецӕй куд рагӕлдзӕн? Йеговӕ ди цӕйбӕрцӕ агоруй, уомӕй фулдӕр дӕхецӕй ма агорӕ. Е ди некӕд байагордзӕй, ци дӕмӕ нӕййес, уой (2 Кор. 8:12). Удта ’й федарӕй зонӕ: Йеговӕ дӕ неке хӕццӕ баруй (Матф. 25:20–23). Е устур аргъ кӕнуй дӕу лӕггадӕн, дӕу еузӕрдондзийнадӕн ӕма дӕу федардзийнадӕн. Бонзонгӕ ку уӕн, уӕд ӕй лӕдӕрдзиан, нӕ карӕмӕ гӕсгӕ, не ’нӕнездзийнадӕмӕ гӕсгӕ кенӕ ӕндӕр уавӕртӕмӕ гӕсгӕ нӕ бон раздӕри хузӕн лӕггадӕ кӕнун ке нӕбал ӕй. Верзелиййи хузӕн «нӕъ» зӕгъунмӕ цӕттӕ уо, дӕ карӕмӕ кенӕ де ’нӕнездзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕхуӕндӕр ихӕс исӕнхӕст кӕнун дӕ бон ку нӕ уа, уӕд (2 Сам. 19:35, 36). Удта Моисеййи хузӕн иннети ӕнхусбӕл арази кӕнӕ ӕма, гӕнӕн ку уа, уӕд ихӕстӕ ескӕмӕнти бабарӕ кӕнисӕ (Рац. 18:21, 22). Бонзонгӕ ку уай, уӕд дӕ бон ци нӕй, уой дӕхецӕй нӕ агордзӕнӕ ӕма дӕ надбӕл ледзунмӕ ци хъауритӕ гъӕуй, уони багъӕуай кӕндзӕнӕ.

12. Цума иннети унаффити туххӕй нӕхе гъӕуама фудгин кӕнӕн? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

12 Еске унаффити туххӕй дӕхе ку фудгин кӕнай. Нӕ бон нӕй иннети бӕсти унаффитӕ хӕссун ӕма сӕ багъӕуай кӕнун, сӕ унаффитӕ ци фӕстеугутӕмӕ ӕркодтонцӕ, уонӕй. Зӕгъӕн, кӕмӕндӕр ӕ фурт кенӕ ӕ кизгӕ рӕстдзийнадӕ ниууагъта. Е ниййергутӕн устур маст ӕрхӕссуй. Ӕма уой туххӕй сӕхе фудгин кӕнун ку райдайонцӕ, уӕд сӕ рагъи устур уаргъ бакӕндзӕнцӕ. Фал Йегови нӕ фӕндуй, цӕмӕй сӕхебӕл еци уӕззау уаргъ хӕссонцӕ (Ром. 14:12).

13. Ниййергутӕн ци кӕнгӕ ’й, сӕ сувӕллон раст унаффӕ ку нӕ рахӕсса, уӕд?

13 Аци уаргъ нӕхецӕй куд рагӕлдзӕн? Йеговӕ алли адӕймагӕн дӕр сӕребарӕдзийнадӕ равардта. Гъома, алке бон дӕр ӕй унаффитӕ хӕссун. Уомӕ хауй унаффӕ, адӕймаг Йеговӕн лӕггадӕ кӕндзӕй ӕви нӕ, е дӕр. Ӕнхӕст ниййергутӕ нӕййес. Йеговӕ ’й зонуй, алкӕд уин ке нӕ уадӕй, алцидӕр куд ӕмбӕлуй, уотӕ кӕнун. Фал ӕй фӕндуй, цӕмӕй уӕ бон ци ӕй, уой кӕнайтӕ. Уӕ сувӕллон ци унаффӕ рахаста, уой туххӕй дзуапп ӕхуӕдӕг дӕтдзӕй, сумах нӕ, фал (Ӕмб. 20:11). Ка ’й зонуй, уӕ рӕдудтити туххӕй уӕхе хуӕретӕ. Кӕд уотӕ ’й, уӕд алцидӕр Йеговӕн радзоретӕ ӕма си хатир ракоретӕ. Йеговӕ ’й зонуй, рӕстӕг фӕстӕмӕ раздахун уӕ бон ке нӕй. Ӕма уи нӕ агоруй, цӕмӕй, уӕ сувӕллони унаффитӕ ци фӕстеугутӕмӕ ӕркодтонцӕ, уонӕй ӕй гъӕуай кӕнайтӕ. Федарӕй ибӕл ӕууӕндетӕ, уӕ сувӕллони ку бафӕндӕуа фӕстӕмӕ Йеговӕмӕ раздӕхун, уӕд ибӕл Йеговӕ хъӕбӕр ке бацийнӕ кӕндзӕй (Лук. 15:18–20).

14. Нӕхе ку хуӕрӕн, уӕд нин е уаргъи хузӕн куд исуодзӕй?

14 Дӕхе ӕгӕр ку хуӕрай. Тӕрегъӕд ку искӕнӕн, ӕма уой туххӕй нӕхе ку фудгин кӕнӕн, уӕд уоми дессагӕй неци фӕууй. Фал Йегови нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕхе ӕгӕр хуӕрӕн. Е ӕй, нӕ рагъӕй ке гъӕуама рагӕлдзӕн, уӕхӕн уаргъ. Куд ес балӕдӕрӕн, нӕхе дзӕгъӕли хуӕрӕн ӕви нӕ? Кӕд нӕ тӕрегъӕдбӕл басастан, ӕрфӕсмон кодтан ӕма ӕгас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй уотӕ мабал бакӕнӕн, уӕд нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нин ке ниххатир кодта (Гъуд. 3:19). Уой нӕ фӕндуй, цӕмӕй ма уой фӕсте дӕр нӕхе хуӕрӕн. Йеговӕ ’й зонуй, уӕхӕн сагъӕстӕ нифс куд хъӕбӕр сӕттунцӕ, уой (Пс. 31:10). Нӕхемӕ ку нийгъосӕн, уӕд нӕ надбӕл идарддӕр цӕун нӕ бон нӕбал уодзӕй (2 Кор. 2:7).

Йеговӕ ’й ку фӕууинуй, нӕ тӕрегъӕдбӕл ке ӕрфӕсмон кодтан, уӕд ӕй феронх кӕнуй, ӕма мах дӕр гъӕуама уотӕ кӕнӕн (кӕсӕ 15 абзац)

15. Ци дин банхус кӕндзӕй, дӕ тӕрегъӕдти туххӕй дӕхе ӕгӕр ку хуӕрай, уӕд? (1 Иоанни 3:19, 20). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

15 Аци уаргъ нӕхецӕй куд рагӕлдзӕн? Кӕд дӕ тӕрегъӕдти туххӕй дӕхе ӕгӕр хуӕрис, уӕд дӕ гъудий дарӕ, Йеговӕ хатиргӕнагӕ ке ӕй (Пс. 130:4) Зӕрдӕй ка ӕрфӕсмон кӕнуй, уонӕн зӕрдӕ ӕвӕруй: «Ӕз син... сӕ тӕрегъӕдтӕ нӕбал ӕргъуди кӕндзӕн» (Йер. 31:34). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нин Йеговӕ нӕ раздӕри тӕрегъӕдтӕ нӕ цӕстӕмӕ нӕ дардзӕй. Ӕма кӕд нӕ тӕрегъӕдти туххӕй цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нин Йеговӕ нӕ ниххатир кодта. Кӕд дӕ рӕдудтити туххӕй дӕ бон нӕбал ӕй ӕмбурди кадгин ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун, уӕддӕр дӕхе ма хуӕрӕ. Йеговӕ дин дӕ тӕрегъӕдтӕбӕл нӕбал сагъӕс кӕнуй, ӕма сӕбӕл ду дӕр мабал сагъӕс кӕнӕ. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 3:19, 20.)

УОТӔ ЛЕДЗЕТӔ, ЦӔМӔЙ ХУӔРЗЕУӔГ РАЙСАЙТӔ

16. Ци гъӕуй кӕнун, цӕмӕй нӕ догъи кӕронмӕ раледзӕн?

16 Гъӕуама уотӕ ледзӕн, цӕмӕй нӕ хуӕрзеуӕг райсӕн (1 Кор. 9:24). Е нин бантӕсдзӕй, ку ’й лӕдӕрӕн, ке гъӕуама хӕссӕн, еци хӕссуйнагмӕ ци хауй ӕма ке гъӕуама рагӕлдзӕн, еци уаргъмӕ ци хауй, уой. Аци статьяй ӕркастан ӕрмӕстдӕр цалдӕр цӕветтонемӕ. Фал ма ес ӕндӕр гъуддӕгтӕ дӕр. Зӕгъӕн, Киристе нин фӕдзахста, цӕмӕй нӕ «зӕрдитӕ фурхуӕрд, фурниуӕзт ӕма царди сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уонцӕ» (Лук. 21:34). Аци ӕма ӕндӕр уӕхӕн Библий скъуддзӕгтӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ фӕууинун, ци нӕ гъӕуй феййевун, цӕмӕй нӕ догъи кӕронмӕ раледзӕн.

17. Нӕ разӕй ци над ес, уобӕл кӕронмӕ раледзун нӕ бон ке исуодзӕй, уобӕл федарӕй цӕмӕн ӕууӕндӕн?

17 Мах ӕй федарӕй зонӕн, нӕ надбӕл кӕронмӕ раледзун нӕ бон ке исуодзӕй, уомӕн ӕма нин Йеговӕ хъауритӕ дӕтдзӕй (Ис. 40:29–31). Мадта нӕ разӕй ци над ес, уобӕл ледзгӕй ма ӕрлӕууӕн! Еци гъуддаги нин апостол Павел фӕнзуйнаг уӕд. Е е ’гас хъауритӕй архайдта, цӕмӕй кӕронмӕ бахъӕрта ӕма ӕ хуӕрзеуӕг райса (Фил. 3:13, 14). Еци надбӕл нӕ бӕсти неке раледздзӕй. Фал нин Йегови фӕрци алцидӕр бантӕсдзӕй. Е нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ хӕссуйнаг хӕссӕн ӕма нӕ цидӕриддӕр хъор кӕнуй, уой нӕ рагъӕй рагӕлдзӕн (Пс. 68:19). Йеговӕ дӕ хӕццӕ ’й. Е дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕ надбӕл кӕронмӕ раледзай ӕма дӕ хуӕрзеуӕг райсай!

65 ЗАР Размӕ цо!

a Мах еугурӕйдӕр надбӕл ледзӕн. Еци нади кӕрон нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй хуӕрзеуӕг – ӕносон цард. Ӕнӕуой догъи ка фӕлледзуй, етӕ ӕнӕ нецӕмӕй фӕлледзунцӕ. Фал уонӕй уӕлдай, махӕй алкӕмӕндӕр ес хӕссуйнаг. Еци хӕссуйнагмӕ хаунцӕ: Йеговӕн ци дзурд равардтан, е, нӕ бийнонти рази нӕбӕл ци ихӕстӕ ес, етӕ ӕма, нӕ унаффитӕ ци фӕстеугутӕмӕ ӕркӕнунцӕ, етӕ. Фал гъӕуама нӕхецӕй рагӕлдзӕн, ледзунмӕ нӕ ка хъор кӕнуй, еци уӕлдай уаргъ. Уомӕ ци хауй? Аци фарстабӕл дзуапп базондзиан аци статьяй.

b Статьятӕ рубрикӕй «Помощь семье» дӕ бон ӕй иссерун сайти jw.org. Иссерӕн си ес статьятӕ аллихузи фарстати фӕдбӕл. Зӕгъӕн, лӕгтӕн ӕма уоститӕн: «Как проявлять уважение» ӕма «Как проявлять благодарность»; ниййергутӕн: «Как научить ребёнка грамотно пользоваться смартфоном» ӕма «Как наладить общение со своим ребёнком-подростком?»; ирӕзгӕ кари ка ’й, уонӕн: «Как справляться с давлением сверстников» ӕма «Как побороть одиночество».