16 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
«Де ’нсувӕр райгас уодзӕй»!
«Йесо... [Марфӕн] загъта: „Де ’нсувӕр райгас уодзӕй“» (ИОАН. 11:23).
151 ЗАР Е фӕдздзордзӕй
РАЗДЗУРД a
1. Еу биццеу куд бавдиста, райгасдзийнадӕбӕл федарӕй ке ӕууӕндуй?
ЕУ БИЦЦЕУ Метью уӕззау незӕй садӕй ӕма ин цалдӕр операций искодтонцӕ. Авд анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд ӕ ниййергути хӕццӕ кастӕнцӕ JW Broadcasting-и® программӕмӕ. Фӕстагмӕ си адтӕй зар, ӕма си ӕвдист цудӕй, ка рамардӕй, етӕ нӕуӕг дуйней куд райгас уодзӕнцӕ, е b. Программӕ ку фӕцӕй, уӕд Метью ӕ ниййергутӕмӕ бацудӕй, сӕ къохтӕ син райста ӕма загъта: «Мамӕ, папӕ, мӕнӕ ’й фӕууидтайтӕ: кӕд рамӕлон, уӕддӕр райгас уодзӕн. Алцидӕр хуарз уодзӕй. Ӕрмӕстдӕр мӕмӕ бангъӕлмӕ кӕсетӕ». Расагъӕс кӕнай, еци ниййергутӕн куд ӕхцӕуӕн адтӕй, сӕ фурт райгасдзийнадӕбӕл уотӕ федар ке ӕууӕндуй, уой ку фӕууидтонцӕ, уӕд!
2, 3. Ка рамардӕй, уони Хуцау ке райгас кӕндзӕй, уобӕл сагъӕс кӕнун хуарз цӕмӕн ӕй?
2 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ не ’гасемӕндӕр хуарз адтайдӕ сагъӕс кӕнун, Хуцау райгасдзийнадӕй зӕрдӕ ке байвардта, уобӕл (Иоан. 5:28, 29). Цӕмӕн? Уомӕн ӕма ни незтӕй хизт неке ӕй, удта, гӕнӕн ес, ӕма нӕ хеуӕнттӕй дӕр еске рамӕла (Еккл. 9:11; Иак. 4:13, 14). Райгасдзийнади нифс нин банхус кӕндзӕй, уӕхӕн фӕлварӕнбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд (1 Фес. 4:13). Библий финст ӕй, нӕ уӕларвон Фидӕ нӕ хуарз ке зонуй ӕма нӕ хъӕбӕр берӕ ке уарзуй (Лук. 12:7). Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ нӕ цӕйбӕрцӕбӕл хуарз гъӕуама зона, цӕмӕй нин не ’гас ӕнкъарӕнтӕ, менеугутӕ, удта сагъӕстӕ фӕстӕмӕ раздаха. Йеговӕ нӕ ке уарзуй, е ма бӕрӕг ӕй, ӕносмӕ цӕруни фадуат нин ке равардта, уомӕй. Ӕма ку рамӕлӕн, уӕд дӕр нӕ райгас кӕндзӕй.
3 Аци статьяй бал фиццаг радзордзиан, райгасдзийнадӕбӕл ӕууӕндӕн цӕмӕн ес, уобӕл. Уой фӕсте ба ӕркӕсдзиан, не ’ууӕндундзийнадӕ нин ка бафедар кӕндзӕй, уӕхӕн дзурдтӕмӕ Библийӕй. Еци дзурдтӕ финст ӕнцӕ нӕ статьяй сӕйраг стихи: «Де ’нсувӕр райгас уодзӕй» (Иоан. 11:23). Уой фӕсте ба ӕркӕсдзиан, нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин райгасдзийнадӕй ци нифс ес, е никки федардӕр кӕна.
РАЙГАСДЗИЙНАДӔБӔЛ НӔ БОН ЦӔМӔН ӔЙ ӔУУӔНДУН?
4. Цӕмӕй еске зӕрдӕвӕрдбӕл баууӕндӕн, уой туххӕй ци гъӕуама зонӕн? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
4 Цӕмӕй нӕ бон уа, зӕрдӕ нин ка байвардта, уобӕл ӕууӕндун, уой туххӕй гъӕуама зонӕн, ӕ дзурд исӕнхӕст кӕнун ӕй ке фӕндуй ӕма имӕ еци хъаурӕ дӕр ке ес. Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Зӕгъӕн, кӕми цӕрис, уоми ӕрдзон бӕллӕх ӕрцудӕй ӕма нур дӕ хӕдзарӕ рӕвдзӕ кӕнуйнаг ӕй. Де ’мбал уой ку базудта, уӕд дӕмӕ фӕккӕсунмӕ иссудӕй ӕма дин зӕгъуй: «Ма тухсӕ, ӕз дӕмӕ фӕккӕсдзӕн». Уинис ӕй, зӕрдӕй ке дзоруй ӕма ’й хъӕбӕр ке фӕндуй, цӕмӕй дин банхус кӕна. Кӕд ма арӕхстгун амайӕг ӕй ӕма имӕ косӕндзаумӕуттӕ дӕр ес, уӕд ибӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕндзӕнӕ, ӕ бон дӕмӕ ке ӕй фӕккӕсун. Мадта нин Хуцау райгасдзийнадӕй зӕрдӕ ке байвардта, уомӕй ба нӕ бон ци ӕй зӕгъун? Еци зӕрдӕвӕрд исӕнхӕст кӕнун ӕй фӕндуй? Хъаурӕ ба имӕ ес?
5, 6. Ка рамардӕй, уони райгас кӕнун Йегови ке фӕндуй, уобӕл цӕмӕннӕ гурусхӕ кӕнӕн?
5 Цума Йегови фӕндуй, ка рамардӕй уони райгас кӕнун? Уобӕл дзубанди дӕр нӕййес! Е цалдӕр адӕймагей баразӕнгард кодта, цӕмӕй еци зӕрдӕвӕрд Библий ниффинстайуонцӕ (Ис. 26:19; Оси 13:14; Рарг. 20:11–13). Йеговӕ ба естӕмӕй зӕрдӕ ку байвӕруй, уӕд ӕй алкӕддӕр исӕнхӕст кӕнуй (Йес. Н. 23:14). Уой хъӕбӕр фӕндуй, цӕмӕй, ка рамардӕй, уони фӕстӕмӕ райгас кӕна. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес?
6 Ӕргъуди кӕнӕн Иови дзурдтӕ. Е зудта, ку рамӕла, уӕд ибӕл Йеговӕ ке ӕрхун кӕндзӕй ӕма ’й ке бафӕнддзӕй, цӕмӕй ӕй цардмӕ нӕуӕгӕй раздаха (Иов 14:14, 15). Уотӕ абони дӕр Йегови фӕндуй, ӕ лӕггадгӕнгутӕй ка рамардӕй, уони райгас кӕнун, цӕмӕй цӕронцӕ ӕнӕнезӕй ӕма амондгунӕй. Фал Йегови базонунмӕ фадуат кӕмӕн нӕ фӕцӕй ӕма уотемӕй ка рамардӕй, еци миллиардгай адӕнӕй ба ци ес зӕгъӕн? Нӕ уарзӕгой Фиди фӕндуй уони дӕр райгас кӕнун (Гъуд. 24:15). Йегови фӕндуй, цӕмӕй уонӕн дӕр фӕззинна фадуат е ’мбӕлттӕ исунмӕ ӕма зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цӕрунмӕ (Иоан. 3:16). Мадта бӕрӕг ӕй, Йегови ке фӕндуй, ка рамардӕй, уони райгас кӕнун.
7, 8. Ка рамардӕй, уони райгас кӕнунмӕ Йеговӕмӕ хъаурӕ ке ес, уобӕл цӕмӕннӕ гурусхӕ кӕнӕн?
7 Цума, ка рамардӕй, уони райгас кӕнунмӕ ба Йеговӕмӕ хъаурӕ ес? Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес! Е ӕй «Алцигъон Хуцау» (Рарг. 1:8). Ес имӕ хъаурӕ цийфӕнди знагбӕл дӕр фӕууӕлахез унмӕ, сауӕнгӕ ма мӕлӕтбӕл дӕр (1 Кор. 15:26). Уой ке зонӕн, е нин нӕ нифс куд нӕ федар кӕнуй. Ӕркӕсӕн нӕ хуӕрӕ Эммӕ Арнольди хабармӕ. Дуккаг дуйнеуон тугъди рӕстӕг ин ӕхе дӕр ӕма ӕ бийнонти дӕр хъӕбӕр ӕфхуардтонцӕ. Концлагерти сӕ хеуӕнттӕй беретӕ фӕммардӕнцӕ. Ӕма цӕмӕй ӕ кизги ӕрсабур кодтайдӕ, уомӕ гӕсгӕ ин загъта: «Адӕн ӕносмӕ дӕр мӕлгӕ ку кӕнонцӕ, уӕд уотӕ рауайдзӕй, ӕма мӕлӕт Хуцауӕй хъаурӕгиндӕр ӕй. Фал Йеговӕй хъаурӕгиндӕр неке ес! Е ӕй Алцигъон Хуцау. Цард ка равардта, уой бон ӕй фӕстӕмӕ цардмӕ раздахун дӕр!»
8 Райгасдзийнадӕбӕл ма ӕууӕндӕн еу ма гъуддагмӕ гӕсгӕ дӕр: Хуцауи зунд ӕй ӕнӕкӕрон. Е ӕгас стъалутӕ дӕр зонуй сӕ нӕмттӕй (Ис. 40:26). Удта ма кадӕриддӕр рамардӕй, уони еугурейдӕр гъуди кӕнуй (Иов 14:13; Лук. 20:37, 38). Уомӕн ӕнцон ӕй ӕргъуди кӕнун адӕймаг цӕхуӕн адтӕй, уой. Зӕгъӕн, ӕ уодигъӕдӕ, е ’ндаг бакаст, ӕ гъудитӕ, удта царди дӕсни цӕмӕ адтӕй, уой.
9. Ка рамардӕй, уони Йеговӕ ке райгас кӕндзӕй, уобӕл цӕмӕн ӕууӕндис?
9 Ӕцӕгӕйдӕр, нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ ке райгас кӕндзӕй, ка рамардӕй, уони, уомӕн ӕма ’й зонӕн, фӕндгӕ дӕр ӕй ке кӕнуй ӕма имӕ хъаурӕ дӕр ке ес. Уотӕ ке уодзӕй, уобӕл ма еу гъуддаги туххӕй дӕр ӕууӕндӕн. Йеговӕ раздӕр дӕр адӕни райгас кӕнидӕ. Рагидзаманти Йеговӕ цалдӕр еузӕрдон нӕлгоймагемӕн хъаурӕ равардта, цӕмӕй ка рамардӕй, уони райгас кӕнун сӕ бон адтайдӕ. Сӕ астӕу адтӕй Киристе дӕр. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн еу уӕхӕн хабармӕ. Е финст ӕй Иоанни 11 сӕри.
КИРИСТЕЙӔН Ӕ ХУАРЗ ӔМБАЛ РАМАРДӔЙ
10. Киристе Иордани иннӕ фарс ку игъосун кодта, уӕд Вифаний цӕхуӕн хабар ӕрцудӕй ӕма Киристе куд бакодта? (Иоанни 11:1–3).
10 Бакӕсӕ Иоанни 11:1–3. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, нӕ эри 32 анзи Вифаний ци хабӕрттӕ цудӕй, уони. Еци гъӕуи цардӕнцӕ Киристей ӕмбӕлттӕ – Лазӕр ӕма ӕ дууӕ хуӕри, Марийӕ ӕма Марфӕ (Лук. 10:38–42). Лазӕр фӕссӕйгӕ ’й ӕма ибӕл ӕ хуӕртӕ хъӕбӕр тухстӕнцӕ. Еци рӕстӕг Киристе адтӕй Иордани иннӕ фарс. Ӕма имӕ Лазӕри хуӕртӕ адӕймаги рарвистонцӕ, цӕмӕй ин хабар фегъосун кодтайуонцӕ. Киристе кӕми адтӕй, уордигӕй Вифанимӕ дууӕ боней цуд адтӕй (Иоан. 10:40). Гъигагӕн, цалинмӕ Йесойӕн фӕххабар кодтонцӕ, уӕдмӕ Лазӕр рамардӕй. Киристе ӕй зудта, е ’мбал ке рамардӕй, фал ма уӕддӕр, кӕми адтӕй, уоми дууӕ бони фӕцӕй, уой фӕсте ба Вифанимӕ рараст ӕй. Цалинмӕ уордӕмӕ исхъӕрдтӕй, уӕдмӕ Лазӕри зианбӕл цуппар бони рацудӕй. Киристе уой фӕсте ци искодта, уомӕй е ’мбӕлтти дӕр бафедар кодта ӕма Хуцауи дӕр искадгин кодта (Иоан. 11:4, 6, 11, 17).
11. Библий аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
11 Аци хабарӕй бӕрӕг ӕй, ӕцӕг ӕмбӕлттӕ цӕхуӕн гъӕуама уонцӕ, е. Расагъӕс кӕнӕ, Марийӕ ӕма Марфӕ Киристей Вифанимӕ нӕ цӕун кодтонцӕ. Ӕнӕуой ин фегъосун кодтонцӕ, е ’мбал ке фӕссӕйгӕ ’й (Иоан. 11:3). Лазӕр ку рамардӕй, уӕд Киристей цӕун дӕр некумӕ гъудӕй. Кӕми адтӕй, уордигӕй дӕр ӕй ӕ бон адтӕй райгас кӕнун. Фал уӕддӕр Вифанимӕ рандӕй, цӕмӕй зин сахат Марфӕ ӕма Марийи фарсмӕ балӕудтайдӕ. Дӕуӕн ба ес уӕхӕн ӕмбал, тухст уавӕри дӕ фарсмӕ ка балӕууа, дӕхуӕдӕг ин ку неци зӕгъай, уӕд дӕр? Уӕхӕн ӕмбалбӕл «зин сахат» нифс бадарӕн фӕууй (Ӕмб. 17:17). Гъӕйдӕ мадта мах дӕр Киристей хузӕн иннетӕн хуарз ӕмбӕлттӕ уӕн! Гъӕйдӕ нур ба ӕркӕсӕн, Вифаний идарддӕр цӕхуӕн хабӕрттӕ цудӕй, уомӕ.
12. Киристе Марфӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта ӕма етӕ уотид дзубандитӕ цӕмӕннӕ адтӕнцӕ? (Иоанни 11:23–26).
12 Бакӕсӕ Иоанни 11:23–26. Марфӕн фегъосун кодтонцӕ, Йесо Вифанимӕ ке фӕххӕстӕг кӕнуй. Е дӕр еци фӕдбӕл ӕ размӕ рацудӕй ӕма ин загъта: «Хецау, ду ами ку адтайсӕ, уӕд ме ’нсувӕр нӕ рамардайдӕ» (Иоан. 11:21). Ӕма е ӕцӕгӕйдӕр уотӕ адтӕй. Киристей бон адтӕй Лазӕри исдзӕбӕх кӕнун. Фал ӕй фӕндадтӕй никки дессагдӕр гъуддаг искӕнун. Е ин загъта: «Де ’нсувӕр райгас уодзӕй». Марфӕ ма Киристей дзурдтӕбӕл еума гъуддагмӕ гӕсгӕ дӕр ӕууӕндтӕй. Киристе ин загъта: «Ӕз дӕн райгасдзийнадӕ ӕма цард». Хуцау ин еци хъаурӕ равардта, цӕмӕй ӕ барӕ цӕуа цардбӕл ӕма мӕлӕтбӕл. Раздӕр Киристе райгас кодта минкъий кизги, фал уой мӕлӕтбӕл берӕ рӕстӕг нӕ рацудӕй. Удта ма райгас кодта ӕригон биццеуи дӕр, ӕма е дӕр, ӕвӕдзи, адтӕй, ци бон рамардӕй, еци бон (Лук. 7:11–15; 8:49–55). Фал цума цуппар бони кӕбӕл рацудӕй ӕма ӕ бауӕр ӕмбуйун кӕмӕн райдӕдта, уӕхӕн адӕймаги ба ӕ бон исуодзӕй райгас кӕнун?
«ЛАЗӔР, ӔНДӔМӔ РАЦО!»
13. Иоанни 11:32–35 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Киристе ӕхе куд бадардта, Марийӕ ӕма иннетӕ куд кӕунцӕ, уой ку фӕууидта, уӕд? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
13 Бакӕсӕ Иоанни 11:32–35. Идарддӕр цума хабӕрттӕ куд цудӕнцӕ? Лазӕри иннӕ хуӕрӕ Марийӕ дӕр Киристемӕ ӕрбацудӕй. Ӕма е дӕр еци дзурдтӕ загъта: «Хецау, ду ами ку адтайсӕ, уӕд ме ’нсувӕр нӕ рамардайдӕ». Ӕхуӕдӕг дӕр ӕма ӕ хӕццӕ ка ӕрбацудӕй, етӕ дӕр хъӕбӕр маст кодтонцӕ. Киристе ку фӕууидта, е ’мбӕлттӕ куд кӕунцӕ, уой, уӕд син хъӕбӕр ӕртӕрегъӕд кодта ӕма ма ӕхецӕн дӕр ӕ цӕстисугтӕ ӕруадӕнцӕ. Е ӕй лӕдӕрдтӕй, адӕймагӕн куд зин фӕууй, берӕ ке уарзта, е ку рамӕлуй, уӕд. Йесой фӕндадтӕй, цӕмӕй адӕнӕн сӕ масти цӕстисугтӕ цийни цӕстисугтӕмӕ раййивтайуонцӕ!
14. Марийи цӕстисугтӕ уингӕй Киристей зӕрдӕ ке исхъурмӕ ’й, уомӕй Йегови туххӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
14 Марийи цӕстисугтӕмӕ кӕсгӕй Йесой зӕрдӕ дӕр ке исхъурмӕ ’й, уомӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ хъӕбӕр тӕрегъӕдгӕнагӕ ке ӕй. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес? Ай разӕй, еци статьяй куд фӕууидтан, уотемӕй Киристе алцӕмӕйдӕр ӕ Фиди хузӕн ӕй (Иоан. 12:45). Йесо е ’мбӕлтти кӕугӕй ку фӕууидта, уӕд син уотӕ ӕртӕрегъӕд кодта, ӕма ӕ цӕстисугтӕ ӕркалдӕнцӕ. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нин Йеговӕ нӕ цӕстисугтӕ ку фӕууинуй, уӕд уой зӕрдӕ дӕр фӕрресуй (Пс. 56:8). Уой ке зонис, уомӕ гӕсгӕ дӕ нӕ фӕндуй нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцаумӕ никки хӕстӕгдӕр кӕнун?
15. Радзорӕ, Лазӕри дзӕппази рази ци ’рцудӕй, уой (Иоанни 11:41–44). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
15 Бакӕсӕ Иоанни 11:41–44. Киристе дзӕппазӕмӕ бацудӕй ӕма загъта, цӕмӕй дор райеуварс кодтайуонцӕ. Фал ин Марфӕ ба уотӕ бакодта: «Айфонгӕмӕ исӕсмаг ӕй». Киристе ин загъта: «Нӕ дин загътон, ку ӕууӕндай, уӕд Хуцауи кадӕ фӕууиндзӕнӕ?» (Иоан. 11:39, 40). Уой фӕсте Киристе арвмӕ искастӕй ӕма гъӕрӕй искувта. Фӕндадтӕй ӕй, цӕмӕй идарддӕр ци искӕндзӕй, уой туххӕй ӕгас кадӕ дӕр Йегови адтайдӕ. Уой фӕсте ба гъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕндӕмӕ рацо!» Ӕма Лазӕр дзӕппазӕй рацудӕй. Киристе ци дессаг искодта, уомӕн адӕни цӕсти гӕнӕн н’ адтӕй c.
16. Иоанни 11 сӕри ци финст ес, уой фӕрци райгасдзийнадӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр цӕмӕн ӕууӕндӕн?
16 Иоанни 11 сӕри ци финст ес, уой фӕрци райгасдзийнадӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндӕн. Цӕмӕн? Гъуди ма ’й кӕнис, Киристе Марфӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта? «Де ’нсувӕр райгас уодзӕй» (Иоан. 11:23). Киристей дӕр Йегови хузӕн хъӕбӕр фӕндуй еци зӕрдӕвӕрд исӕнхӕст кӕнун. Ӕма имӕ уомӕн хъаурӕ дӕр ес. Ӕ зӕрдӕ ке исхъурмӕ ’й, уомӕй ба бӕрӕг ӕй, хъӕбӕр ӕй ке фӕндуй мӕлӕт ӕма гъезӕмӕрттӕ фесафун, ӕма адӕни еци ристӕй исуӕгъдӕ кӕнун. Ӕма Лазӕр дзӕппазӕй ку рацудӕй, уӕд ма Киристе еу хатт дӕр бавдиста, мӕрдтӕ игас кӕнунмӕ имӕ хъаурӕ ке ес. Уомӕй уӕлдай ма расагъӕс кӕнӕ, Киристе Марфӕн ӕ зӕрдӕбӕл ци ӕрлӕуун кодта, уой. Е загъта: «Нӕ дин загътон, ку ӕууӕндай, уӕд Хуцауи кадӕ фӕууиндзӕнӕ?» (Иоан. 11:40). Мах ӕууӕндӕн, райгасдзийнадӕ ке уодзӕй, уобӕл, уомӕн ӕма нин ес федар бӕлвурдгӕнӕнтӕ. Фал нин цума райгасдзийнадӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндунмӕ ци банхус кӕндзӕй?
НӔ БОН КУД ӔЙ РАЙГАСДЗИЙНАДӔБӔЛ НИККИ ХЪӔБӔРДӔР ӔУУӔНДУН?
17. Библий райгасдзийнади хабӕрттӕ кӕсгӕй хуарз цӕбӕл уайдӕ сагъӕс кӕнун?
17 Рагидзаманти ка райгас ӕй, уони хабӕрттӕ кӕсӕ ӕма сӕбӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕ? Библий финст ӕй аст адӕймагей райгасдзийнади туххӕй d. Хуарз уайдӕ, алли хабармӕ дӕр си лӕмбунӕгдӕр ку ӕркӕсисӕ. Еци хабӕрттӕ кӕсгӕй дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, етӕ ӕцӕг адӕн ке адтӕнцӕ: нӕлгоймӕгтӕ, силгоймӕгтӕ, сувӕллӕнттӕ. Дӕхецӕн си ести пайда гъудитӕ иссерӕ. Ӕма сагъӕс кӕнӕ, алли хабар дӕр куд ӕвдесуй, Хуцауи хъӕбӕр ке фӕндуй ӕма имӕ хъаурӕ дӕр ке ес, ка рамардӕй, уони райгас кӕнун. Фиццагидӕр ба сагъӕс кӕнтӕ тӕккӕ сӕйрагдӕр райгасдзийнадӕбӕл – Киристей райгасдзийнадӕбӕл. Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, уой сӕдӕгай адӕн ке фӕууидтонцӕ. Ӕма е махӕн хъӕбӕр устур бӕлвурдгӕнӕн ӕй, цӕмӕй ӕууӕндӕн, исонбон миллиардгай адӕн ке райгас уодзӕнцӕ, уобӕл (1 Кор. 15:3–6, 20–22).
18. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин райгасдзийнади туххӕй зартӕ нӕ нифс федар кӕнонцӕ? (Кӕсӕ ма феппайуйнаг.)
18 Райгасдзийнади туххӕй нӕмӕ ци зартӕ ес, уонӕмӕ игъосетӕ ӕма сӕ заретӕ (Еф. 5:19) e. Еци зарти фӕрци нӕ нифс бафедар уй ӕма райгасдзийнадӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр феууӕндӕн. Игъосетӕ сӕмӕ, удта сӕ уӕхуӕдтӕ дӕр заретӕ. Бийнонти ахури рӕстӕг син сӕ дзурдтӕмӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсиайтӕ. Исахур сӕ кӕнтӕ, цӕмӕй уӕ сӕр ӕма уӕ зӕрди байзайонцӕ. Уотемӕй, ести фӕлварӕнбӕл ку исӕмбӕлай кенӕ дӕ хеуӕнттӕй еске ку рамӕла, уӕд дин Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ банхус кӕндзӕй, цӕмӕй еци зари дзурдтӕ ӕргъуди кӕнай. Дӕ нифс дин бафедар кӕндзӕнцӕ ӕма ди хъауритӕ бауадздзӕнцӕ.
19. Райгасдзийнадӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй дӕ бон ци ӕй дӕ цӕститӕбӕл уайун кӕнун? (Кӕсӕ рамкӕ « Цӕбӕл сӕ бафарстайсӕ?».)
19 Ка рамардӕй, етӕ куд игас кӕндзӕнцӕ, уой дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнисӕ. Йеговӕ нӕ уӕхӕн искурдиадӕй исхайгин кодта, ӕма нӕ бон ӕй нӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнун, нӕуӕг дуйней куд уодзиан, уой. Еу хуӕрӕ зӕгъуй: «Нӕуӕг дуйне мӕ цӕститӕбӕл гъе уотӕ арӕх фӕууайуй, ӕма ’й цума фӕллӕдӕрун, дидингутӕ куд ӕсмаг кӕнунцӕ». Дӕ цӕститӕбӕл уайӕд, Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгути хӕццӕ куд фембӕлдзӕнӕ, е. Хъӕбӕрдӕр дӕр ке фӕндадтайдӕ фӕууинун? Цӕбӕл ӕй бафарстайсӕ? Уомӕй уӕлдай ма гъуди кӕнӕ, дӕ хеуӕнттӕй ка нӕбал ӕй, уонӕбӕл куд фембӕлдзӕнӕ, уобӕл дӕр. Листӕг хабӕртти уӕнгӕ ’й дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнисӕ: куд ин нихъхъури кӕндзӕнӕ, цӕбӕлти дзордзиайтӕ ӕма фур цийнӕй уӕ цӕстисугтӕ куд уайдзӕнцӕ.
20. Нӕ федар фӕндӕ ци гъӕуама уа?
20 Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, ка нин рамардӕй, уони райгас кӕнуни нифс нин ке равардта! Еци зӕрдӕвӕрд ке исӕнхӕст уодзӕй, уобӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнӕн, уомӕн ӕма Йегови фӕндгӕ дӕр кӕнуй ӕма имӕ хъаурӕ дӕр ес. Гъӕйдӕ мадта архайӕн, цӕмӕй райгасдзийнадӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндӕн. Уой фӕрци Хуцаумӕ никки хӕстӕгдӕр кӕндзиан, уомӕн ӕма ни е алкӕмӕндӕр зӕрдӕ ӕвӕруй: «Дӕ хеуӕнттӕ райгас уодзӕнцӕ!»
147 ЗАР Хуцауи зӕрдӕвӕрд – ӕносон цард
a Кӕд дӕ хеуӕнттӕй еске рамардӕй, уӕд дин нифси хуасӕ куд нӕй Йеговӕ зӕрдӕвӕрд. Е загъта, ка рамардӕй, уони нӕуӕгӕй цардмӕ ке раздахдзӕй. Фал иннетӕн ба куд балӕдӕрун кӕнисӕ, еци зӕрдӕвӕрдбӕл цӕмӕн ӕууӕндис, уой? Удта дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин райгасдзийнадӕй ци нифс ес, е никки федардӕр кӕна? Аци статья нин банхус кӕндзӕй Хуцауи зӕрдӕвӕрдбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндун.
b Еци зар хундтӕй «Этот день очень близко!». Ӕвдист адтӕй 2016 анзи ноябри JW Broadcasting-и программи.
c Кӕсӕ 2008 анзи 1 январи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 31 фарс (урус.).
d Кӕсӕ 2015 анзи 1 августи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 4 фарс, рамкӕ (урус.).
e Зарти киунуги «Радостно пойте Иегове» кӕсӕ аци зартӕмӕ: «Представь себя в новом мире» (139 зар), «Держи взор на награде!» (144 зар) ӕма «Он позовет» (151 зар). Удта ма сайти jw.org кӕсӕ зартӕмӕ «Этот день очень близко!», «Мы ждём новый мир» ӕма «Мир любви и гармонии».