15 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Киристе ци дессӕгтӕ кодта, уонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
«Йесо зилдӕй ӕгас горӕттӕбӕл ӕма гъӕутӕбӕл... ӕма дзӕбӕх кодта аллихузи незтӕй сӕйгити ӕма, нӕфӕразгӕ ка кодта, уони» (ГЪУД. 10:38).
13 ЗАР Киристе махӕн ӕй фӕнзуйнаг
РАЗДЗУРД a
1. Радзорӕ, Киристе ӕ фиццаг дессаг кӕми ӕма цӕхуӕн уавӕрти искодта.
ДӔ ЦӔСТИТӔБӔЛ рауайун кӕнӕ: цӕуй нӕ эри 29 анз, фӕззӕг. Киристе лӕггадӕ кӕнун райдӕдта. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма ин ӕхе, удта ӕ мадӕ Марийи ӕма ӕ ахуркӕнуйнӕгти киндзӕхсӕвӕрмӕ фӕххудтонцӕ. Е адтӕй горӕт Кани, Киристей райгурӕн горӕт Назаретмӕ хӕстӕг. Марийӕ фӕсмардта сиахси бийнонти дӕр ӕма киндзи бийнонти дӕр, ӕма, ӕвӕдзи, киндзӕхсӕвӕри зелӕнтӕ кӕнунмӕ ӕнхус кодта. Фал еу афони сӕ сӕнӕ фӕцӕй. Дӕ иуазгути цӕмӕй фӕххинцай, е дӕмӕ ма уа, е ба ходуйнаг адтӕй b. Уойбӕрцӕ адӕн сӕмӕ ке ӕрбацӕудзӕй, уой ӕнгъӕл, ӕвӕдзи, н’ адтӕнцӕ. Уӕд Марийӕ Киристемӕ бацудӕй ӕма ин загъта: «Сӕнӕ сӕмӕ нӕбал ес» (Иоан. 2:1–3). Цума Киристе ци искодта? Дессаги гъуддаг: донӕй «хуарз сӕнӕ» рауайун кодта (Иоан. 2:9, 10).
2, 3. а) Киристе цӕхуӕн дессӕгтӕ искодта? б) Киристе ци дессӕгтӕ искодта, уонӕбӕл радзубанди кӕнун пайда цӕмӕн ӕй?
2 Киристе зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд ма берӕ ӕндӕр дессӕгтӕ дӕр искодта c. Хуцауӕй ин ци хъаурӕ лӕвӕрд адтӕй, уой фӕрци мингай адӕнӕн банхус кӕнидӕ. Зӕгъӕн, еухатт бахуӕрун кодта 5 000 нӕлгоймагемӕн, фӕстӕдӕр ба ма никкидӕр 4 000 нӕлгоймагемӕн. Силгоймӕгтӕ ӕма сувӕллӕнттӕ нимад ку цудайуонцӕ, уӕдта си, ӕвӕдзи, адтайдӕ еу 27 000 адӕймаги (Матф. 14:15–21; 15:32–38). Уомӕй уӕлдай ма уӕд Киристе берӕ адӕни исдзӕбӕх кодта (Матф. 14:14; 15:30, 31). Расагъӕс кӕнӕ, адӕн ӕгас еци гъуддӕгтӕбӕл куд дес кодтайуонцӕ!
3 Киристе ци дессӕгтӕ искодта, уонӕй берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕн, удта нин нӕ нифс дӕр федар кӕнунцӕ. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, еци дессӕгтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ. Удта ма радзубанди кӕндзиан, нӕ бон куд ӕй Киристей хузӕн сӕрниллӕг ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ ун.
ЙЕГОВӔ ӔМА КИРИСТЕЙ ТУХХӔЙ НӔ БОН ЦИ ӔЙ БАЗОНУН?
4.Киристе ци дессӕгтӕ кодта, уонӕй Йегови туххӕй ци ес базонӕн?
4 Киристе ци дессӕгтӕ кодта, уонӕй нӕ бон ӕй базонун, айдагъ Киристей туххӕй нӕ, фал ма ӕ Фиди туххӕй дӕр, уомӕн ӕма ин еци дессӕгтӕ кӕнуни хъаурӕ Йеговӕ лӕвардта. Гъуддӕгти 10:38 финст ӕй: «Хуцау ӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕй байсарста ӕма ’й хъаурӕй исхайгин кодта, ӕма е ӕгас бӕстӕбӕл зилдӕй ӕма адӕнӕн хуарздзийнӕдтӕ кодта, Сайтан гъезӕмарӕй ке мардта, уони ӕгасейдӕр дзӕбӕх кодта. Еци гъуддӕгтӕ ин ӕнтӕстӕнцӕ, Хуцау ӕ хӕццӕ ке адтӕй, уой фӕрци». Удта ма дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, Киристе цидӕриддӕр дзурдта ӕма цидӕриддӕр кодта, уомӕй ӕнхӕстӕй ке бавдиста, Йеговӕ куд сагъӕс кӕнуй ӕма адӕнмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ даруй, уой (Иоан. 14:9). Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, Киристе ци дессӕгтӕ кодта, уонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уӕхӕн ӕртӕ гъуддагемӕ.
5. Киристе дессӕгтӕ цӕмӕн кодта? (Матфеййи 20:30–34).
5 Фиццаг: Киристе ӕма нӕ ӕ Фидӕ хъӕбӕр берӕ уарзунцӕ. Йесомӕ дессаги хъаурӕ адтӕй. Ӕма еци хъаурӕй куд пайда кодта, уомӕй бӕрӕг адтӕй, адӕни ке уарзта. Е син сӕ уаргъ рӕуӕгдӕр кодта. Еу хатт ин дууӕ хъӕрӕу нӕлгоймаги ниллигъстӕ кодтонцӕ, цӕмӕй син банхус кодтайдӕ. (Бакӕсӕ Матфеййи 20:30–34.) Киристе син фӕттӕрегъӕд кодта ӕма сӕ исдзӕбӕх кодта. Дзурдбастӕй «фӕттӕрегъӕд кодта» ци грекъаг дзурд тӕлмацгонд ӕрцудӕй, е амонуй, ӕхе инней бунати ка ниввӕруй, уӕхӕн адӕймагмӕ. Инней рист имӕ уотӕ багъаруй, раст цума ӕхе бауӕр исресуй, уотӕ. Киристе уотӕ ке тӕрегъӕд кодта, уомӕй бӕрӕг адтӕй, адӕни ке уарзуй, ӕма син уой туххӕй бахуӕрун кӕнидӕ ӕма сӕ исдзӕбӕх кӕнидӕ (Матф. 15:32; Мар. 1:41). Мадта ’й федарӕй зонӕн, Йеговӕ хъӕбӕр тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау ке ӕй, удта нӕ ӕ Фурт дӕр берӕ ке уарзуй ӕма син нӕ гъезӕмӕрттӕмӕ кӕсун зин ке ӕй (Лук. 1:78; 1 Пет. 5:7). Етӕ дӕр хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, адӕни се ’гас бӕллӕхтӕй ӕма гъезӕмӕрттӕй кӕд исуӕгъдӕ кӕндзӕнцӕ, еци рӕстӕгмӕ!
6. Хуцау Киристейӕн цӕхуӕн хъаурӕ равардта?
6 Дуккаг: Хуцау Киристейӕн равардта еци хъаурӕ цӕмӕй адӕни гъезӕмӕрттӕй исуӕгъдӕ кӕна. Йесо дессӕгтӕ ку кодта, уӕд ӕй бавдиста, ӕ бон ке ӕй, мах бон ци нӕй, уой искӕнун. Зӕгъӕн, ӕ бон ӕй, нӕ тоги ке рахастан ӕма нин гъезӕмӕрттӕ ка хӕссуй, еци тӕрегъӕдӕй нӕ исуӕгъдӕ кӕнун. Удта ма фесафдзӕй незтӕ ӕма мӕлӕт дӕр (Матф. 9:1–6; Ром. 5:12, 18, 19). Ӕма имӕ уӕхӕн хъаурӕ ке ес, уой бавдиста, адӕни сӕ незтӕй ке дзӕбӕх кодта ӕма мӕрдти ке игас кодта, уомӕй (Матф. 4:23; Иоан. 11:43, 44). Уомӕй уӕлдай ма тухдунгитӕ дӕр ӕрсабур кӕнидӕ, удта адӕни сайтӕнттӕй исуӕгъдӕ кӕнидӕ (Мар. 4:37–39; Лук. 8:2). Йеговӕ ӕ Фурти уӕхӕн хъаурӕй ке исхайгин кодта, е нин ӕцӕгӕйдӕр устур нифс дӕттуй!
7, 8. а) Киристе ци дессӕгтӕ кодта, етӕ нин цӕхуӕн нифс дӕттунцӕ? б) Ду ба нӕуӕг дуйней хъӕбӕрдӕр цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсис?
7 Ӕртиккаг: нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр байвардта, етӕ ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ. Йесо берӕ дессӕгтӕ искодта, ӕма уомӕй бавдиста, Хуцауи Паддзахади Паддзах ку исуа, уӕд дзӕвгарӕ фулдӕр дессӕгтӕ ке искӕндзӕй. Расагъӕс кӕнтӕ, цӕхуӕн цард нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Абони адӕн ци незтӕй гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, уонӕн сӕ кой дӕр нӕбал уодзӕй (Ис. 33:24; 35:5, 6; Рарг. 21:3, 4). Стонг ци ӕй, уой еу адӕймаг дӕр нӕбал зондзӕй, удта ӕрдзон бӕллӕхтӕ ци зиан ӕрхӕссунцӕ, уонӕй фӕд дӕр нӕбал байзайдзӕй (Ис. 25:6; Мар. 4:41). Нӕ цийнӕн кӕрон дӕр нӕ уодзӕй, ка нин рамардӕй, етӕ ку райгас уонцӕ, уӕд (Иоан. 5:28, 29). Ду ба нӕуӕг дуйней хъӕбӕрдӕр цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсис?
8 Киристе дессӕгтӕ ку кодта, уӕд адтӕй сӕрниллӕг ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ. Еци менеугутӕ ни алкӕмӕндӕр хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’нцӕ. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн дууӕ хабаремӕ. Фиццагидӕр бал радзубанди кӕнӕн, Кани ци киндзӕхсӕвӕр адтӕй, уобӕл.
ГЪӔУАМА УӔН СӔРНИЛЛӔГ
9. Киристе Кани дессаг цӕмӕн искодта? (Иоанни 2:6–10).
9 Бакӕсӕ Иоанни 2:6–10. Киндзӕхсӕвӕри сӕнӕ ке фӕцӕй, уобӕл Киристе гъӕуама тухстайдӕ? Библий уӕхӕн пахампарадӕ нӕййес, ӕма Йесо дессаги хузи донӕй сӕнӕ кӕндзӕй. Фал расагъӕс кӕнӕ, дӕу киндзӕхсӕвӕри, иуазгути цӕмӕй хинцай, е ку фӕцайдӕ, уӕд дин куд адтайдӕ? Ӕвӕдзи, Киристе сиахс ӕма киндзӕн фӕттӕрегъӕд кодта. Нӕ ’й фӕндадтӕй, цӕмӕй фефсӕрми адтайуонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ Киристе дессаг искодта ӕма донӕй рауайун кодта еу 390 литри дзӕбӕх сӕнӕ. Ӕвӕдзи, уойбӕрцӕ сӕнӕ уомӕн искодта, цӕмӕй ма си киндзӕхсӕвӕри фӕсте дӕр байзадайдӕ. Фӕстӕдӕр ӕй рауӕйӕ кӕнун ӕнгъизтӕй, цӕмӕй нӕуӕг бийнонтӕмӕ ӕхца адтайдӕ. Сиахс ӕма киндзӕ Киристейӕй кунӕг боз н’ адтӕнцӕ!
10. Иоанни 2 сӕри цӕхуӕн ӕхсидзгӕ листӕг хабӕрттӕ финст ес? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
10 Иоанни 2 сӕри ци листӕг хабӕрттӕ финст ес, уонӕмӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн. Дӕ гъос ӕрдарай, Киристе доринтӕ донӕй ӕхуӕдӕг ке нӕ байдзаг кодта. Лӕггадгӕнгутӕн загъта. Цӕмӕн? Киристей нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй адӕни ӕргом ӕхемӕ раздахтайдӕ (6 ӕма 7 стихтӕ). Ӕма уой туххӕй, донӕй сӕнӕ ку искодта, уӕд лӕггадгӕнгутӕн загъта, цӕмӕй ӕй къӕбеци хецаумӕ бахастайуонцӕ (8 стих). Киристе еци сӕнӕ нӕ райста ӕма ’й иуазгути рази не ’ривардта, мӕнӕ, зӕгъгӕ, ци дессаги сӕнӕ искодтон, уой равзарайтӕ.
11. Киристе Кани ци дессаг искодта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
11 Киристе ци дессаг искодта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл. Йесо донӕй сӕнӕ ке искодта, уомӕй ӕхе не ’студта. Уогӕ е ӕхе ӕстаугӕ некӕд фӕккӕнидӕ. Е адтӕй сӕрниллӕг ӕма ӕ Фиди кадгин кӕнидӕ (Иоан. 5:19, 30; 8:28). Мах дӕр Киристей хузӕн Йеговӕн ку лӕггадӕ кӕнӕн, уӕд нин берӕ бантӕсдзӕй. Фал уомӕй нӕхе не ’стаудзиан. Мах сӕрустур уодзиан, ӕцӕг Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнуни кадӕй хайгин ке ан, уомӕй (Йер. 9:23, 24). Гъӕйдӕ мадта Йегови кадгин кӕнӕн, уомӕн ӕма ӕнӕ уой ӕнхусӕй нӕ бон неци иссайдӕ (1 Кор. 1:26–31).
12. Нӕ бон ма цӕхуӕн уавӕрти ӕй Киристей сӕрниллӕгдзийнадӕ фӕнзун? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
12 Нӕ бон ма цӕхуӕн уавӕрти ӕй Киристей сӕрниллӕгдзийнадӕ фӕнзун? Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ: хестӕр нӕлгоймаг берӕ рӕстӕг бахарз кодта, цӕмӕй кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕн банхус кодтайдӕ ӕ фиццаг радзубандимӕ ӕхе бацӕттӕ кӕнун. Ӕнсувӕр ӕ радзубанди дзӕбӕх радзурдта. Алке зӕрдӕмӕ дӕр хъӕбӕр фӕццудӕй. Ӕмбурди фӕсте еци хестӕр нӕлгоймагмӕ кадӕр бацудӕй ӕма ин зӕгъуй: «Аци ӕнсувӕрӕн ӕ радзубанди заманай адтӕй, уотӕ нӕй?» Цума хестӕр нӕлгоймаг уӕхӕн дзуапп ратдзӕй: «Гъо, цӕйбӕрцӕ рӕстӕг ибӕл бахарз кодтон, уой зонис?» Ӕви сӕрниллӕгӕй зӕгъдзӕй: «Арази дӕн дӕ хӕццӕ. Хъӕбӕр сӕрустур си дӕн»? Сӕрниллӕг ку уӕн, уӕд, иннетӕн ке ӕнхус кӕнӕн, уой туххӕй нӕхецӕн уӕлдай кадӕ нӕ агордзиан. Мах ӕй зонӕн, нӕ хуӕрзтӕ нин Йеговӕ ке уинуй ӕма син ке аргъ кӕнуй. (Рабарӕ Матфеййи 6:2–4; Дзиуит. 13:16.) Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Киристей сӕрниллӕгдзийнадӕ ке фӕнзӕн, уомӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнӕн (1 Пет. 5:6).
ГЪӔУАМА ТӔРЕГЪӔД КӔНУН ЗОНӔН
13. Киристе горӕт Наинмӕ хӕстӕг ци фӕууидта ӕма ци бакодта? (Лукай 7:11–15).
13 Бакӕсӕ Лукай 7:11–15. Гъӕйдӕ радзубанди кӕнӕн, нӕ эри 31 анзи ци хабар ӕрцудӕй, уобӕл. Киристе цудӕй галилейаг горӕт Наинмӕ. Е адтӕй Сунеммӕ хӕстӕг. Уоми еу 900 анзей размӕ пахампар Елисей райгас кодта еу седзӕргӕс силгоймаги фурти (2 Пад. 4:32–37). Горӕти колдуӕрттӕмӕ ку ӕрбахӕстӕг ӕнцӕ, уӕд фӕууидтонцӕ, зиан куд рахӕссунцӕ, уой. Седзӕргӕс силгоймагӕн ӕ еунӕг бӕдолӕ рамардӕй. Уой туххӕй адӕймаги зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр хъурмӕ кодта. Ӕ хӕццӕ горӕтӕй берӕ адӕн цудӕй. Киристе сӕ бауорӕдта, ӕма, еци силгоймагӕн ӕ гъудий кӕрон дӕр ка н’ адтӕй, уӕхӕн гъуддаг искодта: ӕ фурти ин райгас кодта. Евангелитӕй базонӕн ес, Киристе ӕртӕ адӕймагей ке райгас кодта, ӕма еци биццеу адтӕй сӕ фиццаг.
14. Лукай 7 сӕри цӕхуӕн ӕхсидзгӕ листӕг хабӕрттӕ финст ес? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
14 Лукай 7 сӕри ци листӕг хабӕрттӕ финст ес, уонӕмӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн. Дӕ гъос ӕрдардтай, Йесо идӕдзӕ уоси ку фӕууидта, уӕд «ӕ зӕрдӕ [ке] фӕрристӕй»? (13 стих). Ӕндӕр дзурдтӕй ин хъӕбӕр зин адтӕй кӕсун, мадӕ ӕ еунӕг бӕдолӕбӕл куд маст кӕнуй ӕма ӕхе ӕ цӕстисугтӕй куд ӕхснуй. Ӕ зӕрдӕ ибӕл ке ристӕй, уой гъуддагӕй бавдиста. Киристе ин фӕлмӕнӕй загъта: «Ма ко». Уой фӕсте ин ӕ биццеуи райгас кодта ӕма загъта, «мӕнӕ дӕ фурт», зӕгъгӕ (14 ӕма 15 стихтӕ).
15. Киристе горӕт Наини рази ци дессаг искодта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
15 Киристе ци дессаг искодта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Тӕрегъӕд кӕнунбӕл. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, мах бон Киристей хузӕн мӕрдтӕ игас кӕнун нӕй. Фал нӕ бон ӕй, зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уонӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ун, сӕ фарсмӕ балӕуун ӕма сӕ дзурдӕй барӕвдаун. Уой туххӕй ба гъӕуама иннетӕмӕ лӕмбунӕг уӕн ӕма ма ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, ӕнхус ни кӕд ракордзӕнцӕ, уомӕ (Ӕмб. 17:17; 2 Кор. 1:3, 4; 1 Пет. 3:8) d. Зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уой хумӕтӕг дзурдтӕй ку барӕвдауӕн ӕма сӕмӕ естӕмӕй ку фӕккӕсӕн, уӕд син, ка ’й зонуй, еу минкъий фенцондӕр уодзӕй.
16. Ӕ кизгӕ кӕмӕн рамардӕй, еци хуӕри дзурдтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (Кӕсӕ ма кӕнгӕ хузӕмӕ.)
16 Ӕркӕсӕн еу хабармӕ. Цалдӕр анзей размӕ ӕмбурди рӕстӕг еу хуӕрӕ заргӕ-заргӕй кӕугӕ кодта. Иннӕ хуӕрӕ ба ’й фӕууидта. Зар райгасдзийнади туххӕй адтӕй. Кӕугӕ ка кодта, еци хуӕрӕн ба ӕрӕги ӕ кизгӕ рамардӕй. Иннӕ хуӕрӕ уой зудта, ӕма имӕ уомӕ гӕсгӕ бацудӕй, ра ин хъури кодта ӕма зар еумӕ разардтонцӕ. Фӕстӕдӕр еци мадӕ загъта: «Ӕз ӕй балӕдӕрдтӕн, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти куд берӕ уарзун». Еци бон ӕмбурдмӕ ке ӕрбацудӕй, уобӕл хъӕбӕр цийнӕ кодта. Еци хуӕрӕ ма загъта: «Ӕнхус Паддзахади зали ес иссерӕн». Зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, нифссаст ӕма зӕрдӕсаст ка ӕй, уонӕн банхус кӕнунмӕ цӕттӕ ке ан, уой Йеговӕ уинуй ӕма ин аргъ кӕнуй (Пс. 34:18).
КИРИСТЕ ЦИ ДЕССӔГТӔ КОДТА, УОНИ ТУХХӔЙ ФУЛДӔР БАЗОНӔ
17. Аци статьяйӕй ци базудтан?
17 Киристе ци дессӕгтӕ искодта, уони туххӕй ку фӕккӕсӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уй. Еци дессӕгтӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ ӕма нӕ Киристе берӕ ке уарзунцӕ, удта Киристемӕ уӕхӕн хъаурӕ ке ес, цӕмӕй нӕ нӕ зиндзийнӕдтӕй фӕййервӕзун кӕна. Етӕ ма нин уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма Йегови зӕрдӕвӕрдтӕ тагъд исӕнхӕст уодзӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай ма расагъӕс кӕнӕ, дӕ бон куд адтайдӕ Киристей менеугутӕ фӕнзун. Хуарз нӕ уайдӕ Библи ӕртасгӕй кенӕ бийнонти ахури рӕстӕг, Киристе ци дессӕгтӕ кодта, уонӕбӕл лӕмбунӕгдӕр радзубанди кӕнун? Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, берӕ хӕзнатӕ иссердзӕнӕ. Ӕма сӕ иннетӕн дӕр ма бавгъау кӕнӕ. Расагъӕс кӕнай, дӕу нифс дӕр ӕма иннети нифс дӕр куд бафедар уодзӕй (Ром. 1:11, 12).
18. Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
18 Библий финст ӕй, Киристе ӕртӕ адӕймагей ке райгас кодта. Ӕртиккаги райгас кодта ӕ зӕнхон лӕггади кӕрон. Аци хабар иннӕ дууӕ хабаремӕй хецӕн кӕнуй, уомӕн ӕма Киристе райгас кодта, цуппар бони мард ка адтӕй, уой. Е адтӕй ӕ хуарз ӕмбал. Еци дессагӕй ба цӕбӕл ахур кӕнӕн? Е нин куд банхус кӕндзӕй райгасдзийнадӕбӕл никки федардӕр ӕууӕндун? Аци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ базондзиан иннӕ статьяй.
20 ЗАР Дӕ хъазар Фурти равардтай
a Киристей бон иссӕй тухдунгӕ ӕрсабур кӕнун. Е сӕйгити дзӕбӕх кодта, удта мӕрдти игас кодта. Ци дессӕгтӕ искодта, уони туххӕй ку фӕккӕсӕн, уӕд нӕ десӕн кӕрон нӕ фӕууй. Фал еци хабӕрттӕ Библий уой туххӕй финст не ’рцудӕнцӕ, цӕмӕй нӕ деси бафтауонцӕ, фал цӕмӕй цӕбӕлдӕрти исахур уӕн. Гъӕйдӕ си цалдӕремӕ ӕркӕсӕн. Йеговӕ ӕма си Киристей туххӕй берӕ алцитӕ базондзиан, удта ма фӕууиндзиан, цӕхуӕн менеугутӕбӕл нӕ гъӕуй байархайун, уой.
b Еу библиртасӕг зӕгъуй: «Искӕсӕн бӕстити иуазӕгуарзондзийнадӕ хъӕбӕр кадгин гъуддаг адтӕй. Фингӕбӕл фагӕ хуӕруйнаг ку ӕрӕвардтайсӕ, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕма адтӕй ӕма иуазӕгуарзон дӕ. Фингӕ гъӕуама бӕркадгун адтайдӕ, уӕлдайдӕр ба киндзӕхсӕвӕри рӕстӕг».
c Киристе ци дессӕгтӕ искодта, уонӕй Евангелити финст ӕнцӕ еу 30. Фал си алкӕбӕл хецӕнӕй дзурд нӕ цӕуй. Еухатт имӕ ӕгас горӕти адӕн ӕрӕмбурд ӕнцӕ, ӕма «Йесо исдзӕбӕх кодта берӕ адӕни, аллихузи незтӕй сӕйгити» (Мар. 1:32–34).
d Зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уомӕн куд ес банхус кӕнӕн, уой туххӕй хуарз унаффитӕ дӕ бон ӕй иссерун 2010 анзи 1 ноябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и, 9–11 фӕрстӕ (урус.).
e ХУЗӔ. Сиахс ӕма киндзӕ сӕ иуазгути хӕццӕ хуарз сӕнӕбӕл цийнӕ кӕнунцӕ, Киристе ба фӕстегӕй лӕууй.