Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

19 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Нӕуӕг дуйне ке уодзӕй, уобӕл нӕ бон куд ӕй никки федардӕр ӕууӕндун?

Нӕуӕг дуйне ке уодзӕй, уобӕл нӕ бон куд ӕй никки федардӕр ӕууӕндун?

«[Йеговӕ] зӕгъдзӕй, ӕма ’й не ’скӕндзӕй?» (НИМ. 23:19).

142 ЗАР Нӕ нифсбӕл федар хуӕцӕн

РАЗДЗУРД a

1, 2. Нӕуӕг дуйнемӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсгӕй нӕ бон ци ӕй кӕнун?

 МАХ Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, аци фуддуйне ке раййевдзӕй, рӕстдзийнадӕ кӕми уодзӕй, уӕхӕн дуйнейӕй (2 Пет. 3:13). Нӕуӕг дуйне кӕд ралӕудзӕй, уой кӕд бӕлвурдӕй нӕ зонӕн, уӕддӕр, нӕ алливарс цитӕ цӕуй, уомӕй бӕрӕг ӕй, берӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун ке нӕбал гъӕуй (Матф. 24:32–34, 36; Гъуд. 1:7).

2 Цалинмӕ еци рӕстӕгмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уӕдмӕ бал алкӕмӕндӕр ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй еци зӕрдӕвӕрдбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнда, ӕма си уӕлдай нӕййес, адӕймаг рӕстдзийнадӕ рагӕй зонуй ӕви ӕрӕги базудта. Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма, хатгай, федар ӕууӕндундзийдӕ дӕр ӕрлӕмӕгъ уй. Апостол Павел загъта, адӕймагмӕ фагӕ ӕууӕндундзийнадӕ ку нӕ уа, уӕд е ке ӕй, «ӕнцонтӕй ка ӕрахӕссуй, еци тӕрегъӕд» (Дзиуит. 12:1). Цӕмӕй не ’ууӕндундзийнадӕ ма ӕрлӕмӕгъ уа, уой туххӕй гъӕуама арӕхдӕр сагъӕс кӕнӕн, нӕуӕг дуйне ке уодзӕй, уомӕн ци бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес, уонӕбӕл (Дзиуит. 11:1).

3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

3 Аци статьяй ӕркӕсдзиан, нӕуӕг дуйне ке уодзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндунмӕ нин цӕхуӕн ӕртӕ гъуддаги банхус кӕндзӕнцӕ: 1) Киристей нивондбӕл сагъӕс кӕнун, 2) Йеговӕмӕ ци хъаурӕ ес, уой нӕ гъудий дарун ӕма 3) Йеговӕмӕ ке фӕрци фӕххӕстӕгдӕр уодзиан, еци гъуддӕгти архайун. Удта ма ӕркӕсдзиан, Йеговӕ Аввакумӕн ци дзурдтӕ загъта, етӕ нӕ куд бафедар кӕндзӕнцӕ, уомӕ. Фал бал райдайӕни ӕркӕсдзиан цардӕй цалдӕр гъуддагемӕ. Уонӕй фӕууиндзиан, нӕ бон куд ӕй никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндун, Йеговӕ нӕуӕг дуйне ке искӕндзӕй уобӕл.

ФЕДАР ӔУУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ЦӔХУӔН УАВӔРТИ ФӔГЪГЪӔУЙ?

4. Федар ӕууӕндундзийнадӕ нӕ цӕхуӕн уавӕрти фӕгъгъӕуй?

4 Алли бон дӕр нӕ фӕгъгъӕуй аллихузи унаффитӕ хӕссун. Ӕма цӕмӕй раст уонцӕ, уой туххӕй ба нӕ гъӕуй федар ӕууӕндундзийнадӕ. Еци унаффитӕ баст фӕуунцӕ ерхӕфсӕнти, уӕлдӕр ахуради, бийнонти царди, сувӕллӕнтти ӕма кусти хӕццӕ, удта ма нӕ рӕстӕг ке хӕццӕ ӕрветдзиан, уой хӕццӕ дӕр. Хуарз уайдӕ нӕхе ку бафӕрсианӕ: «Мӕ унаффитӕй бӕрӕг ӕй, ке ’й лӕдӕрун, аци дуйнейӕн ӕ кӕрон хӕстӕг ке ӕй ӕма ’й тагъд Хуцау нӕуӕг дуйнейӕй ке раййевдзӕй? Ӕви ӕз дӕр, федӕн кӕмӕн нӕййес ӕма еу бонӕй ка цӕруй, еци адӕни хузӕн гъуди кӕнун? (Матф. 6:19, 20; Лук. 12:16–21). Нӕуӕг дуйне къӕсӕрбӕл ке ӕй, уобӕл федарӕй ку ӕууӕндӕн, уӕд тӕккӕ хуӕздӕр унаффитӕ хӕсдзиан.

5, 6. Уӕззау фӕлварӕнти нӕ федар ӕууӕндундзийнадӕ цӕмӕн фӕгъгъӕуй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

5 Федар ӕууӕндундзийнадӕ ма фӕгъгъӕуй фӕлварӕнтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд дӕр. Зӕгъӕн, нӕ фӕдбӕл ку фӕззелунцӕ, уӕззау незӕй ку фӕссӕйгӕ уӕн кенӕ ӕндӕр гъуддӕгти туххӕй нӕ нифс ку басӕттуй. Фӕлварӕнбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд фиццӕгти нӕ нифс федар фӕууй, фал ӕгӕр ку ниддаргъ уй, уӕдта, хатгай, нӕ нифс басӕттуй. Уӕхӕн уавӕри ку бахауӕн, уӕд нӕ фӕгъгъӕуй федар ӕууӕндундзийнадӕ, цӕмӕй идарддӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнӕн ӕма нӕ цийнӕ ма исафӕн (Ром. 12:12; 1 Пет. 1:6, 7).

6 Фӕлварӕнтӕ ӕгӕр ку ниддаргъ унцӕ, уӕд нӕмӕ уотӕ кӕсун райдайуй, цума нӕуӕг дуйне некӕд ралӕудзӕй. Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма не ’ууӕндундзийнадӕ ӕрлӕмӕгъ ӕй. Ӕрхӕссӕн еу цӕветтон. Зумӕги, сах уазал бони адӕймаг къӕс-къӕсгӕнгӕ метбӕл ку фӕццӕуй, уӕд имӕ еуӕй-еухатт уотӕ фӕккӕсуй, ӕма сӕрдӕ некӕдбал ралӕудзӕй. Фал ӕй мах зонӕн, сӕрдӕ алкӕддӕр ке ралӕууй. Гъе уотӕ фӕууй, цардӕй нӕ зӕрдӕ ку нӕбал фӕррохс кӕнуй, уӕд дӕр. Уӕд нӕмӕ уотӕ кӕсун райдайуй, цума нӕуӕг дуйне некӕд ралӕудзӕй. Фал не ’ууӕндундзийнадӕ федар ку уа, уӕд ӕй зондзиан, Йегови зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр ке исӕнхӕст унцӕ (Пс. 94:3, 14, 15; Дзиуит. 6:17–19). Уобӕл федарӕй ку ӕууӕндӕн, уӕд Йегови нӕ царди фиццаг бунати ӕвӕрдзиан.

7. Нӕхе цӕхуӕн зундахастӕй гъӕуама хезӕн?

7 Федар ӕууӕндундзийнадӕ мӕ нӕ фӕгъгъӕуй игъосун кӕнуни гъуддаги дӕр. Ци адӕнӕн фегъосун кӕнӕн, уонӕмӕ Хуцауи хуарз хабар аргъауи хузӕн фӕккӕсуй, уомӕн ӕма, дан, зӕнхӕбӕл гъе уӕхӕн хуарз цард уа, уомӕн гӕнӕн нӕййес (Матф. 24:14; Йез. 33:32). Ӕма гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, цӕмӕй аци дуйней адӕни хузӕн Йегови зӕрдӕвӕрдтӕбӕл гурусхӕ кӕнун ма райдайӕн. Уой туххӕй ба нӕ гъӕуй алли бон дӕр не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, еци гъуддаги нин цӕхуӕн ӕртӕ мадзали банхус кӕндзӕнцӕ, уомӕ.

КИРИСТЕЙ НИВОНДБӔЛ САГЪӔС КӔНӔ

8, 9. Киристей нивондбӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ куд бафедар уй?

8 Не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ еу мадзал ӕй Киристей нивондбӕл сагъӕс кӕнун. Хуцау ӕ Фурти нивондӕн ке равардта, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ еугурӕйдӕр исӕнхӕст кӕндзӕй. Фӕгъгъӕуй расагъӕс кӕнун, Йеговӕ еци нивонд цӕмӕн ӕрхаста ӕма ин е куд хъазар ислӕудтӕй, уобӕл. Уой фӕрци ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕндзиан, Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрд ке исӕнхӕст кӕндзӕй ӕма нин ӕнӕкӕрон цард ке балӕвар кӕндзӕй, уобӕл. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн?

9 Расагъӕс кӕнӕн, Йеговӕ цӕхуӕн устур аргъ бафиста, уобӕл. Ӕ фиццагигурд Фурти, тӕккӕ хӕстӕгдӕр ин ка адтӕй, уой зӕнхӕмӕ рарвиста, цӕмӕй адӕймагӕй райгурдайдӕ. Киристе зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд аллихузи зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕй. Хъӕбӕр ӕй бафхуардтонцӕ ӕма гъезӕмайраг мӕлӕт бавзурста. Ӕцӕгӕйдӕр, Йеговӕ ци хъӕбӕр устур аргъ бафиста! Цума нӕ уарзӕгой Хуцау ӕ Фурти гъезӕмайраг мардӕй рамӕлун бауагътайдӕ, адӕнӕн хуӕздӕр цард ӕрмӕстдӕр цубур рӕстӕгмӕ балӕвар кӕнунмӕ ку гъавтайдӕ, уӕд? (Иоан. 3:16; 1 Пет. 1:18, 19). Мадта кӕд Йеговӕ уӕхӕн устур аргъ бафиста, уӕд уотӕ дӕр бакӕндзӕй, цӕмӕй адӕн ӕносмӕ цӕронцӕ.

ЙЕГОВӔМӔ ЦИ ХЪАУРӔ ЕС, УОБӔЛ САГЪӔС КӔНӔ

10. Ефесӕгтӕмӕ 3:20 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Йегови бон ци ӕй искӕнун?

10 Не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ дуккаг мадзал ӕй, Йеговӕмӕ ци хъаурӕ ес уобӕл сагъӕс кӕнун. Йеговӕмӕ гъе уӕхӕн хъаурӕ ес, ӕма ӕ бон ӕй ӕ еугур зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр исӕнхӕст кӕнун. Мах ӕй лӕдӕрӕн, беретӕмӕ аргъауи хузӕн кӕсуй нӕуӕг дуйне ке уодзӕй ӕма адӕн ӕносмӕ ке цӕрдзӕнцӕ. Фал Йеговӕ арӕх зӕрдӕ байвӕруй, адӕймаги цӕстӕй ракӕсгӕй гӕнӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн цӕмӕйдӕрти. Алцигъон Хуцау дзӕгъӕли нӕ хуннуй! (Иов 42:2; Мар. 10:27). Уомӕ гӕсгӕ, цӕмӕйфӕнди зӕрдӕ ма байвӕра, уӕддӕр нӕмӕ дессаг нӕ фӕккӕсуй. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 3:20.)

11. Йегови зӕрдӕвӕрдтӕй зин баууӕндӕн кӕбӕл адтӕй, уонӕй еуей туххӕй радзорӕ. (Кӕсӕ рамкӕ « Йегови зӕрдӕвӕрдтӕй зин баууӕндӕн кӕбӕл адтӕй, уонӕй еуӕй-еуетӕ».)

11 Ӕркӕсӕн, адӕймаги цӕстӕй гӕнӕн кӕмӕн н’ адтӕй, уӕхӕн зӕрдӕвӕрдтӕй цалдӕремӕ. Зӕгъӕн, Йеговӕ Авраамӕн ӕма Саррӕн зӕрдӕ байвардта, зӕрӕрдӕмӕ син фурт ке райгурдзӕй (Райд. 17:15–17). Уомӕй уӕлдай ма Авраамӕн загъта, ӕ байзӕддӕгтӕ Ханаани зӕнхитӕ бунӕн ке райсдзӕнцӕ. Ӕнзти дӕргъи Авраами байзӕддӕгтӕ, гъома израилӕгтӕ, Египети цагъартӕ адтӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ кӕмӕдӕр уотӕ фӕккастайдӕ, цума еци зӕрдӕвӕрдӕн исӕнхӕст уӕн нӕййес. Фал исӕнхӕст ӕй. Фӕстӕдӕр ма Йеговӕ зӕрдӕ байвардта, каргун Елизаветӕн сувӕллон ке исӕнтӕсдзӕй. Ӕнӕвнӕлд кизгӕ Марийӕн ба загъта, биццеу ин ке райгурдзӕй, ӕма е ке уодзӕй Хуцауи Фурт. Еци Фуртӕй ба зӕрдӕ байвардта цалдӕр мин анзей размӕ, Едеми дзӕхӕрадони. Ӕма еци зӕрдӕвӕрд дӕр исӕнхӕст ӕй (Райд. 3:15).

12. Йесо Навини 23:14 ӕма Исаййи 55:10, 11 финст дзурдтӕй куд зиннуй, Йеговӕмӕ фагӕ хъаурӕ ке ес ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ исӕнхӕст кӕнунмӕ?

12 Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куд исӕнхӕст кодта, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд ӕй фӕллӕдӕрӕн, ӕнӕкӕрон хъаурӕ имӕ ке ес. Уотемӕй никки хъӕбӕрдӕр феууӕндӕн, нӕуӕг дуйней туххӕй ци загъта, уой дӕр ке исӕнхӕст кӕндзӕй. (Бакӕсӕ Йесо Навин 23:14; Исаййи 55:10, 11.) Нӕ федар ӕууӕндундзийнади фӕрци нӕ бон ӕй иннетӕн дӕр лӕдӕрун кӕнун, нӕуӕг дуйней цард уотид рӕсугъд фун ке нӕй. Нӕуӕг арв ӕма нӕуӕг зӕнхи туххӕй Йеговӕ загъта: «Аци дзурдтӕ ӕнцӕ раст ӕма ӕцӕг» (Рарг. 21:1, 5).

ЙЕГОВӔМӔ КЕ ФӔРЦИ ХӔСТӔГДӔР КӔНДЗӔНӔ, ЕЦИ ГЪУДДӔГТИ АРХАЙӔ

ӔМБУРДТӔМӔ ЦӔУН

Аци гъуддаг нин куд банхус кӕндзӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ? (кӕсӕ 13 абзац)

13. Ӕмбурдтӕ нин не ’ууӕндундзийнадӕ куд федар кӕнунцӕ? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

13 Не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ ӕртиккаг мадзал ӕй, Йеговӕмӕ ке фӕрци хӕстӕг кӕнӕн, еци гъуддӕгтӕн рӕстӕг хецӕн кӕнун. Зӕгъӕн, радзубанди кӕнӕн, ӕмбурдтӕ нин ци пайда хӕссунцӕ, уобӕл. Дӕсгай ӕнзти дӕргъи ӕнхӕстрӕстӕгӕй аллихузи ка лӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн хуӕрӕ Аннӕ b зӕгъуй: «Ӕмбурдтӕ мин ӕнхус кӕнунцӕ ме ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ. Ӕнсувӕр уотӕ дзурдарӕхст ку нӕ фӕууй кенӕ нӕуӕгӕй ку неци фӕззӕгъуй, уӕддӕр мин ӕ дзурдтӕ фенхус кӕнунцӕ, цӕмӕй Библий рӕстдзийнадӕ хуӕздӕр лӕдӕрон, ӕма уой фӕрци ме ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уй». Уомӕй уӕлдай ма ӕмбурдти не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дзуӕппити фӕрци дӕр (Ром. 1:11, 12; 10:17).

ИГЪОСУН КӔНУНИ ГЪУДДАГИ АРХАЙУН

Аци гъуддаг нин куд банхус кӕндзӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ? (кӕсӕ 14 абзац)

14. Игъосун кӕнуни гъуддаги ке фӕййархайӕн, е нин не ’ууӕндундзийнадӕ куд бафедар кӕнуй?

14 Уомӕй уӕлдай ма не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уй, игъосун кӕнуни гъуддаги ку фӕййархайӕн, уӕд (Дзиуит. 10:23). Йеговӕн ӕвдай анземӕй фулдӕр ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн хуӕрӕ Барбарӕ зӕгъуй: «Игъосун кӕнуни гъуддаг мин ме ’ууӕндундзийнадӕ алкӕддӕр федар кодта. Йегови дессаги зӕрдӕвӕрдти туххӕй куд фулдӕр фӕдздзоринӕ, уотӕ сӕбӕл мӕхуӕдӕг дӕр хъӕбӕрдӕр ӕууӕндинӕ».

БИБЛИ ӔРТАСУН

Аци гъуддаг нин куд банхус кӕндзӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ? (кӕсӕ 15 абзац)

15. Библи ке фертасӕн, е нин не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ куд ӕнхус кӕнуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

15 Ӕууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ иннӕ мадзал ӕй Библи ӕртасун. Еу хуӕрӕ Сьюзан рагацау график искӕнуй, ци ӕма кӕд ӕртасдзӕй, уомӕн. Е зӕгъуй: «Хуцаубони мӕхе фӕццӕттӕ кӕнун нӕуӕг къуӕрей «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и ахурмӕ. Авдисӕр ӕма геуӕргибони ба мӕхе бацӕттӕ кӕнун, къуӕрей астӕу нин ци фембӕлд фӕууй, уомӕ. Иннӕ бӕнтти ба фертасун, уӕлдай дессаг мӕмӕ ка фӕккӕсуй, еци темитӕ». Сьюзан алкӕддӕр еци графикмӕ гӕсгӕ ке фӕййархайуй, е ин ӕнхус кӕнуй цӕмӕй е ’ууӕндундзийнадӕ федарӕй-федардӕр кӕна. Нӕ хуӕрӕ Айрин ба берӕ ӕнзти дӕргъи лӕггадӕ кӕнуй сӕйраг хайади. Уомӕн устур ӕнхус ӕнцӕ, Библий пахампарӕдтӕ ке фертасуй, е. Айрин зӕгъуй: «Йегови пахампарӕдтӕ листӕг хабӕртти уӕнгӕ ке исӕнхӕст унцӕ, уой ку фӕууинун, уӕд мӕ десӕн кӕрон нӕ фӕууй!» c

«ӔНӔМӔНГӔЙ ИСӔНХӔСТ УОДЗӔЙ»

16. Цӕмӕн ес зӕгъӕн, ӕма Йеговӕ Аввакумӕн ци дзурдтӕ загъта, етӕ махӕн дӕр пайда ’нцӕ? (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:36, 37).

16 Йегови лӕггадгӕнгутӕй беретӕ аци дуйней кӕронмӕ хъӕбӕр берӕ рӕстӕг ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ. Адӕймаги цӕстӕй ракӕсгӕй, ка ’й зонуй, уотӕ фӕккӕсдзӕй, ӕма еци бон ӕрӕгӕмӕ кӕнуй. Ӕма Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути хуарз ке лӕдӕруй, е бӕрӕг ӕй пахампар Аввакумӕн ци дзурдтӕ загъта уомӕй: «Аци цӕстӕбӕлуайӕн нурма гъӕуама ӕ рӕстӕги исӕнхӕст уа. Тагъд исӕнхӕст уодзӕй ӕма нӕ фӕссайдзӕй. Кӕд бафӕстеуат уа, уӕддӕр имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ, уомӕн ӕма ӕнӕмӕнгӕй исӕнхӕст уодзӕй. Нӕ байрӕги кӕндзӕй» (Ав. 2:3). Цума аци дзурдтӕ айдагъ Аввакуммӕ хаудтӕнцӕ ӕви махӕн дӕр пайда ’нцӕ? Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундӕй Павел еци дзурдтӕ рахаста, фиццаг ӕноси нӕуӕг дуйнемӕ хъӕбӕр ка ӕнгъӕлмӕ кастӕй, еци киристӕнттӕмӕ. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:36, 37.) Мадта нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун: уотӕ нӕмӕ ку кӕса, ӕма нӕ ервӕзундзийнадӕ ӕрӕгӕмӕ кӕнуй, уӕддӕр Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрд ӕнӕмӕнгӕй исӕнхӕст кӕндзӕй. «Нӕ байрӕги кӕндзӕй»!

17. Йеговӕ Аввакумӕн ци унаффӕ равардта, уомӕй еу хуӕрӕ куд испайда кодта?

17 Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ кӕд берӕ ӕнзти дӕргъи ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, уӕддӕр архайунцӕ аци дзурдтӕмӕ гӕсгӕ: «Уӕддӕр имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ». Зӕгъӕн, еу хуӕрӕ Луизӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун райдӕдта 1939 анзи ӕма зӕгъуй: «Уӕди рӕстӕг мӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма Армагеддон уотӕ хӕстӕг ӕй, ӕма аци дуйней скъола дӕр нӕбал фӕууодзӕн. Фал уотӕ нӕ рауадӕй. Ӕгас еци ӕнзти дӕргъи мин ӕнхус кодтонцӕ „ӕнгъӕлмӕ кӕсуни киунугутӕ“. Уотӕ хонун Ной, Авраам, Иосиф ӕма Хуцауи иннӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути хабӕрттӕ. Уони дӕр берӕ рӕстӕг фӕгъгъӕуидӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун, Йегови зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уомӕ. Йегови зӕрдӕвӕрдтӕмӕ хъӕбӕр ке ӕнгъӕлмӕ кӕсун, е мин ӕнхус кӕнуй, нӕуӕг дуйне тагъд ке ралӕудзӕй, уобӕл ӕууӕндун». Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕй дӕр беретӕ аци хуӕри дзурдти хӕццӕ исарази уодзӕнцӕ.

18. Йеговӕ ци сфӕлдиста, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин е куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕуӕг дуйнебӕл федарӕй ӕууӕндӕн?

18 Кӕд нӕуӕг дуйне нӕма ралӕудтӕй ӕма ’й нӕхе цӕститӕй нӕма уинӕн, уӕддӕр нӕ бон ӕй сагъӕс кӕнун, нур ци ес ӕма ци уинӕн, уобӕл, зӕгъӕн, стъалутӕбӕл, бӕлӕстӕбӕл, цӕрӕгойтӕбӕл ӕма адӕнбӕл. Кӕддӕр етӕ дӕр н’ адтӕнцӕ, фал абони ба ӕнцӕ, уомӕн ӕма сӕ Йеговӕ сфӕлдиста (Райд. 1:1, 26, 27). Уотӕ нин абони дӕр Йеговӕ зӕрдӕ ӕвӕруй, нӕуӕг дуйне ке уодзӕй ӕма ӕ дзурдтӕ ӕнӕмӕнгӕй ке исӕнхӕст кӕндзӕй. Уӕд ӕгас адӕн дӕр уодзӕнцӕ ӕнӕнез ӕма цӕрдзӕнцӕ ӕносмӕ. Хуцау ци рӕстӕг иснисан кодта, раст еци рӕстӕг нӕуӕг дуйне ралӕудзӕй (Ис. 65:17; Рарг. 21:3, 4).

19. Дӕ бон куд ӕй де ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун?

19 Мадта не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ ци мадзӕлттӕ ес, уонӕй пайда кӕнӕ. Киристей нивонди туххӕй боз уо. Сагъӕс кӕнӕ, Йеговӕмӕ ци хъаурӕ ес, уобӕл. Удта Йеговӕмӕ ке фӕрци хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ, еци гъуддӕгти архайӕ. Гъе уотемӕй ду дӕр уодзӕнӕ, «Хуцау се ’ууӕндундзийнадӕ ӕма сӕ фӕразондзийнади туххӕй хуарздзийнӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн байвардта», уони астӕу (Дзиуит. 6:11, 12; Ром. 5:5).

139 ЗАР Кӕсай, нӕуӕг дуйне!

a Библи нӕуӕг дуйнейӕй зӕрдӕ ке ӕвӕруй, уобӕл беретӕ не ’ууӕндунцӕ. Уотӕ сӕмӕ кӕсуй, ӕма етӕ аргъӕуттӕ ’нцӕ ӕма уомӕн гӕнӕн нӕййес. Фал мах федарӕй ӕууӕндӕн, Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой ӕнӕмӕнгӕй ке исӕнхӕст кӕндзӕй. Цӕмӕй еци зӕрдӕвӕрдбӕл идарддӕр дӕр ӕууӕндӕн, уой туххӕй нӕ гъӕуй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун. Уомӕн куд ес гӕнӕн? Гъӕйдӕ уобӕл радзубанди кӕнӕн.

b Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.

c Цӕмӕй Библий пахампарӕдти туххӕй фулдӕр статьятӕ иссерай, уой туххӕй кӕсӕ «Индекс публикаций Сторожевой башни», дӕлсӕргонд «Пророчества». Зӕгъӕн, кӕсӕ 2008 анзи 1 январи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 22–24 фӕрстӕ (урус.).